Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w13 1/10 3 ф.
  • Библи зонын цӕмӕн хъӕуы?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библи зонын цӕмӕн хъӕуы?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Библи ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Бамбарӕн кӕй ис, ахӕм чиныг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Стыр зонды ӕвидигӕ суадон
    Адӕймаг цӕмӕн цӕры? Куыд ӕй ис базонӕн?
  • Библи у Хуыцауы Ныхас
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
w13 1/10 3 ф.

СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИЙӔ ЦЫ ИС БАЗОНӔН?

Библи зонын цӕмӕн хъӕуы?

Библи у ӕппӕты зындгонддӕр чиныг зӕххы цъарыл. Цӕмӕн? Иу уымӕн, ӕмӕ дзы цы хъуыдытӕ ис, уыдон сты ӕнцонӕмбарӕн. Библийы фыст ис, ӕцӕгдӕр чи цард, уыцы адӕймӕгты тыххӕй: сӕ царды хабӕрттӕ, Хуыцауы зӕрдӕ рухс кодтой ӕви нӕ ӕмӕ сӕм Хуыцау цы цӕстӕй каст. Уыдӕттӕй бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм. Фыст сты хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн ӕвзагӕй. Уымӕ гӕсгӕ сӕ адӕм алы ран дӕр ӕмӕ алы рӕстӕджыты дӕр хорз ӕмбӕрстой. Библи тӕлмацгонд ӕрцыд сӕдӕгай ӕвзӕгтӕм ӕмӕ йӕ бирӕтӕн сӕ бон у сӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕсын. Уымӕй уӕлдай, Библийы уынаффӕтӕ алкӕддӕр стыр ӕххуыс уыдысты, йӕ царды сӕ чи пайда кодта, уыдонӕн.

Уымӕй ахсджиагдӕр та у, Библийы Хуыцауы тыххӕй фыст кӕй ис, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй лӕвӕрд кӕй у. Библи нын ӕргом кӕны Хуыцауы ном, цавӕр миниуджытӕ йӕм ис ӕмӕ, зӕхх ӕмӕ адӕмы цӕй тыххӕй сфӕлдыста, уыцы фӕнд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Дзырд ма дзы цӕуы, ӕнӕхъӕн дунемӕ дӕр чи хауы, уыцы фарстайыл – хорздзинад ӕмӕ фыддзинады ’хсӕн тох кӕй цӕуы ӕмӕ хорздзинад кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн. Иннӕтӕ Библийӕ цы мӕнг ныхӕстӕ фӕкӕнынц, адӕймаг уыдонмӕ куы нӕ фӕхъусы, афтӕмӕй йӕ куы фӕкӕсы, уӕд Хуыцауыл баууӕнды ӕмӕ йын фидӕнӕй ныфс фӕзыны.

Библийы бакӕсӕн ис, ӕндӕр чингуыты кӕй нӕй ссарӕн, ахӕм хабӕртты тыххӕй. Зӕгъӕм, базонӕн дзы ис раст дзуапп ахӕм фарстатӕн:

  • адӕм куыд фӕзындысты ӕмӕ цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц?

  • Хуыцау адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй цы сарӕзта?

  • Чырысти мах тыххӕй цы сарӕзта?

  • Зӕхмӕ ӕмӕ адӕммӕ цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

Цӕй уӕдӕ, дарддӕр цы статьятӕ ис, уыдонмӕ ӕркӕсӕм ӕмӕ базонӕм, ацы фарстатӕн Библийы цавӕр дзуапп ис, уый.

ЦЫБЫРТӔЙ БИБЛИЙЫ ТЫХХӔЙ

  • Йӕ сӕйраг хъуыды: Хуыцауы уӕларвон Паддзахад зӕххыл рӕстдзинад ӕмӕ фарн куыд ӕрфидар кӕндзӕн

  • Ис дзы: 39 чиныджы дзуттаг ӕвзагыл (иуӕй-иу хӕйттӕ дзы сты арамейаг ӕвзагыл) ӕмӕ 27 чиныджы грекъаг ӕвзагыл

  • Ныффыстой йӕ: 40 адӕймаджы бӕрц, фыстой йӕ 1600 азы дӕргъы (нӕ эрӕйы размӕ 1513 азӕй нӕ эрӕйы 98 азы онг)

  • Цал ӕвзагыл ис: Библи ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ кӕцыдӕр хӕйттӕ тӕлмацгонд сты 2 500 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын