Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w15 1/4 3–4 фф.
  • Библи ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библи ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Библи зонын цӕмӕн хъӕуы?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Алкӕмӕн дӕр йӕ бон у Библи ахуыр кӕнын
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Библи цы у?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Цы у ацы чиныджы мидис
    Чиныг алкӕмӕндӕр
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
w15 1/4 3–4 фф.
Нӕлгоймаг библиотекӕйы Библи иртасы

СӔЙРАГ ТЕМӔ | НӔ ДӔ ФӔНДЫ БИБЛИ АХУЫР КӔНЫН?

Библи ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

  • Адӕймаг цӕмӕн цӕры?

  • Адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц ӕмӕ цӕмӕн мӕлынц?

  • Адӕммӕ фидӕны цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

  • Цымӕ мӕ Хуыцау уарзы?

Ацы фарстатыл искуы хъуыды кодтай? Кӕд о, уӕд дӕу хуызӕн адӕм бирӕ ис. Адон сты царды сӕйрагдӕр фарстатӕ ӕмӕ сыл адӕм ӕгас дунейы дӕр хъуыды кӕнынц. Цымӕ сын дзуапп ссарӕн ис?

Милуантӕ зӕгъдзысты, зӕгъгӕ, ис. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕ фарстатӕн бӕлвырд дзуаппытӕ ссардтой Библийы. Библи цы дзуры, уый базонын дӕ нӕ фӕнды? Уӕд дӕ, ӕвӕццӕгӕн, бафӕнддзӕн Библи лӕвар ахуыр кӕнын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕa.

Ӕцӕгдӕр, бирӕтӕн Библийы кой куы скӕнай, уӕд фӕзӕгъынц: «Уымӕ мӕ не ’вдӕлы», «Зынӕмбарӕн чиныг у», «Уӕд хъуамӕ сымахмӕ бацӕуон». Фӕлӕ адӕм се ’ппӕт афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц. Бирӕтӕ сразы сты, цӕмӕй семӕ Библи ахуыр кӕной. Мӕнӕ дзы цалдӕры ныхӕстӕ:

  • «Ӕз цыдтӕн католикон ӕмӕ протестантон аргъуантӕм, уыдтӕн сикхты кувӕндоны ӕмӕ буддистты моладзандоны, университеты ахуыр кодтон теологи. Фӕлӕ мӕм Хуыцауы тыххӕй цы фарстатӕ уыд, уыдонӕн дзуапп никуы ссардтон. Стӕй мӕм иухатт иу сылгоймаг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, хӕдзармӕ ӕрбацыд. Мӕ фарстатӕн мын Библийӕ цы дзуаппытӕ лӕвӕрдта, уыдон мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыдысты, ӕмӕ Библи ахуыр кӕныныл сразы дӕн» (Джилл, Англи).

  • «Царды фӕдыл мӕм бирӕ фарстатӕ уыд, фӕлӕ-иу мӕ аргъуаны сауджыны дзуаппытӕй разыйӕ нӕ баззадтӕн. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй та мын иу мӕ фарстатӕн дзуапп радта ӕрмӕст Библийы фӕрцы. Куы мӕ бафарста, фылдӕр базонын дӕ нӕ фӕнды, зӕгъгӕ, уӕд уайтагъд сразы дӕн» (Коффи, Бенин).

  • «Цӕрӕнбонты хъуыды кодтон, цымӕ мӕрдты исты ис ӕви нӕ. Уырныдта мӕ, мӕрдтӕн сӕ бон кӕй у удӕгӕстыл фыдаудӕн кӕнын, фӕлӕ мӕ фӕндыд базонын, Библийы та уый тыххӕй цы фыст ис. Уымӕ гӕсгӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтон ме ’мбалимӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнимӕ» (Жозе, Бразили).

  • «Библи-иу бӕргӕ кастӕн, фӕлӕ йӕ не ’мбӕрстон. Стӕй мӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ мын Библийӕ цалдӕр пехуымпарады бӕлвырд бамбарын кодтой. Уӕд мӕ бафӕндыд ноджыдӕр истытӕ базонын» (Денниз, Мексикӕ).

  • «Арӕх-иу хъуыды кодтон, цымӕ мӕ Хуыцау уарзы. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мӕхицӕн загътон, Библи кӕй кой кӕны, уыцы Хуыцаумӕ кӕй кувдзынӕн. Дыккаг бон мын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мӕ дуар ӕрбахостой ӕмӕ семӕ Библи ахуыр кӕныныл сразы дӕн» (Анжу, Непал).

Ацы хабӕрттӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц Йесо Чырыстийы ныхӕстӕ: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон» (Матфейы 5:3). Ӕцӕгдӕр, адӕм афтӕ конд сты, ӕмӕ хъуамӕ Хуыцауы зоной. Ӕмӕ сын уыцы хъуыддаджы ӕрмӕстдӕр Хуыцауы бон у баххуыс кӕнын, ӕмӕ сын ӕххуыс дӕр кӕны – йӕ Ныхасы уылты.

Уӕдӕ Библи куыд фӕахуыр кӕнынц? Библи ахуыр кӕнын дын цы пайда ӕрхӕсдзӕн? Ацы фарстатӕн дзуапп ссардзынӕ иннӕ статьяйы.

a Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном.

БИБЛИЙЫ ТЫХХӔЙ ЦЫ ХЪӔУЫ ЗОНЫН

Гом Библи
  • ЙӔ НОМ: равзӕрд грекъаг дзырд библи́а-йӕ, нысан кӕны «гыццыл чингуытӕ».

  • ИС ДЗЫ: 39 чиныджы дзуттаг ӕвзагыл (иуӕй-иу хӕйттӕ дзы сты арамейаг ӕвзагыл) ӕмӕ 27 чиныджы грекъаг ӕвзагыл.

  • НЫФФЫСТОЙ ЙӔ: 40 адӕймаджы бӕрц, фыстой йӕ 1600 азы дӕргъы, нӕ эрӕйы размӕ 1513 азӕй нӕ эрӕйы 98 азы онг.

  • ЦАЛ ӔВЗАГЫЛ ИС: ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ кӕцыдӕр хӕйттӕ тӕлмацгонд сты 2 500 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ.

  • ЙӔ ТИРАЖ: йӕ иумӕйаг тираж у 5 миллиардӕй фылдӕр, зӕххыл уымӕй парахатдӕр чиныг нӕй.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын