Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w13 1/11 16 ф.
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Цымӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр уӕлӕрвтӕм ацӕудзысты?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
w13 1/11 16 ф.

БИБЛИ: ФАРСТАТӔ ӔМӔ ДЗУАППЫТӔ

Уӕлӕрвтӕм чи ацӕудзӕн ӕмӕ цӕмӕн?

Бирӕты ныфс ис, мӕлӕты фӕстӕ уӕлӕрвтӕм кӕй ацӕудзысты. Йесо Чырысти загъта, йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты. Йӕ мӕлӕты размӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ уӕларвон Фыдмӕ кӕй цӕуы, цӕмӕй сын уым бынат ӕрцӕттӕ кӕна. (Бакӕс Иоанны 14:2.)

Цымӕ зӕххон адӕмӕй уӕлӕрвты цӕрынӕн цӕмӕн райгас уыдзысты? Уым цы кусдзысты? Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты. Уыдон зӕххӕн разамынд дӕтдзысты. (Бакӕс Лукайы 22:28–30; Раргомад 5:10.)

Цымӕ хорз адӕм иууылдӕр уӕлӕрвтӕм ацӕуынц?

Бирӕ бӕстӕтӕн сӕ хицауады цалдӕр адӕймаджы йеддӕмӕ нӕ вӕййы. Уӕдӕ Чырысти уӕлӕрвтӕм цӕрынӕн кӕй райгас кӕндзӕн, цӕмӕй йемӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн разамынд дӕттой, уыдонӕн дӕр сӕ нымӕц бирӕ нӕ уыдзӕн (Лукайы 12:32). Библийы фыст ис, цал уыдзысты, уый. (Бакӕс Раргомад 14:1.)

Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕй иуӕй-иутӕн уӕлӕрвты бынат ӕрцӕттӕ кодта. Зоныс ӕй, уым цы кусдзысты?

Фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхӕй, уӕлӕрвтӕм чи ацӕудзӕн, ӕрмӕст уыдон нӕ уыдзысты хайджын. Чырыстийы Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕнӕкӕрон цард дзӕнӕты зӕххыл (Иоанны 3:16). Дзӕнӕты чи цӕрдзӕн, уыдонӕй иуӕй-иутӕ уыдзысты, ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд дзы удӕгасӕй чи баззайа, уыдон. Иннӕтӕ та – мӕрдтӕй чи райгас уыдзӕн, уыдон. (Бакӕс Псалом 37:29; Иоанны 5:28, 29.)

Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс ацы чиныг, «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 8 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Рафыссӕн ӕй ис сайтӕй www.jw.org/os.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын