БИБЛИ: ФАРСТАТӔ ӔМӔ ДЗУАППЫТӔ
Чи амард, уыдон ма цӕрдзысты?
Адӕймагӕн цард чи радта, уый йӕ ӕгас дӕр ракӕндзӕн
Алкӕмӕн дӕр цард радта Йегъовӕ Хуыцау (Псалом 36:9). Ӕмӕ нӕм уӕд диссаг куыд хъуамӕ кӕса, уыцы Хуыцауӕн йӕ бон кӕй у, чи амард, уыдоны фӕстӕмӕ цардмӕ раздахын? Библи фидарӕй зӕгъы, Хуыцау мӕрдты ӕцӕгдӕр кӕй райгас кӕндзӕн, ӕрмӕст фидӕны. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 24:15.) Фӕлӕ цӕмӕн?
Не Сфӕлдисӕджы фӕндыд, цӕмӕй адӕймаг зӕххыл ӕнустӕм цардаид (Райдиан 1:31; 2:15–17). Ӕмӕ йӕ абон дӕр уый фӕнды. Нӕ цард йедзаг у фыдӕбӕттӕй ӕмӕ ӕгӕр тагъд аскъуыйы. Уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ Хуыцауӕн йӕ зӕрдӕ риссы. (Бакӕс Иов 14:1, 14, 15.)
Чи райгас уыдзӕн, уыдон кӕм цӕрдзысты?
Цымӕ Хуыцау адӕймаджы уӕлӕрвты цӕрынӕн сфӕлдыста? Нӕ. Уӕлӕрвты цӕрынӕн сфӕлдыста зӕдты. Адӕм та хъуамӕ цӕрой зӕххыл (Райдиан 1:28; Иов 38:4, 7). Уӕдӕ уый нӕ зӕрдыл дарӕм, ӕмӕ афтӕмӕй ахъуыды кӕнӕм, Йесо Чырысти кӕй райгас кодта, уыцы адӕмыл. Кӕй-иу райгас кодта, уыдон-иу цардысты ам, зӕххыл. Уӕдӕ фидӕны чи райгас уыдзӕн, уыдонӕн дӕр сӕ фылдӕр цӕрдзысты зӕххыл. (Бакӕс Иоанны 5:28, 29; 11:44.)
Фӕлӕ Хуыцау адӕмӕй кӕйдӕрты равзӕрста, цӕмӕй цӕрой уӕлӕрвты. Уыдонӕн уыдзӕн, зӕдтӕн цавӕр буӕрттӕ ис, ахӕм буӕрттӕ (Лукайы 12:32; 1 Коринфӕгтӕм 15:49, 50). Уыцы адӕм Чырыстиимӕ зӕххӕн паддзӕхтӕ уыдзысты. (Бакӕс Раргомад 5:9, 10.)