Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w13 1/10 16 ф.
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Библи мӕрдты тыххӕй цы дзуры?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Чи амард, уыдонмӕ цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
    Хорз хабар Хуыцауӕй
  • Райгасдзинады тыххӕй Библийы цы фыст ис?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
w13 1/10 16 ф.

БИБЛИ: ФАРСТАТӔ ӔМӔ ДЗУАППЫТӔ

Библи мӕрдты тыххӕй цы дзуры?

Мӕлӕт абарӕн ис, адӕймаг фынӕй куыд кӕна, уыимӕ, уымӕн ӕмӕ ницы фембары ӕмӕ йӕ бон ницы вӕййы аразын. Фӕлӕ не Сфӕлдисӕгӕн йӕ бон у мӕрдты райгас кӕнын. Хабар ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй уыдзӕн, уый равдисыны тыххӕй Хуыцау йӕ Фыртӕн радта ахӕм тых, цӕмӕй-иу мӕрдты райгас кодтаид. (Бакӕс Екклесиаст 9:5; Иоанны 11:11, 43, 44.)

Марды цӕмӕн ис абарӕн, адӕймаг фынӕй куыд кӕна, уыимӕ?

Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, чи амард, фӕлӕ йӕ хъуыдыйы чи ис, уыдоны кӕй райгас кӕндзӕн ӕмӕ зӕххыл дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты. Райгас сӕ кӕндзӕн, рӕстӕг куыддӕр ӕрцӕуа, афтӕ. Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау бӕллы мӕрдты райгас кӕнынмӕ. (Бакӕс Иов 14:14, 15.)

Мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд сӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

Хуыцау кӕй райгас кӕндзӕн, уыдон хъуыды кӕндзысты сӕ раздӕры царды хабӕрттӕ иууылдӕр, зондзысты сӕ бинонты дӕр ӕмӕ се ’мбӕлтты дӕр. Адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ буар бамбийы. Фӕлӕ Хуыцау кӕй райгас кӕндзӕн, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр уыдзӕн ног буар. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:35, 38.)

Библийы фыст ис, иутӕ уӕлӕрвты цӕрынӕн кӕй райгас уыдзысты, иннӕтӕ та – зӕххыл цӕрынӕн (Раргомад 20:6). Фӕлӕ, чи райгас уыдзӕн, уыдонӕн сӕ фылдӕр цӕрдзысты зӕххыл дзӕнӕты. Уыцы адӕмӕн уыдзӕн фадат, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрой. (Бакӕс Псалом 37:29; Хъуыддӕгтӕ 24:15.)

Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс ацы чиныг, «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 6 ӕмӕ 7 сӕртӕ. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Ссарӕн ӕй ис сайты www.jw.org/os.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын