Хъуаг чи ӕййафы, уыдонӕн нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын?
«НӔ БӔСТӔЙЫ ӕвзӕрстыты чи фӕхӕрд, уыдон разы нӕ уыдысты, уыцы хъуыддаг куыд ацыд, уыимӕ, ӕмӕ уый аххосӕй бӕстӕйы змӕстытӕ райдыдтой ӕмӕ фыдракӕндтӕ сарӕх сты,– дзуры Франсуа, хистӕр нӕлгоймаг иу мӕгуыр бӕстӕйӕ.– Уыцы хабӕртты тыххӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, цалдӕр мин адӕймаджы, сӕ хӕдзӕрттӕй лидзинаг фесты. Хӕринаг ӕмӕ хостӕ никуыуал уыд ссарӕн, ӕмӕ ма кӕд искуы исты баззад, уӕддӕр уыди тынг зынаргъ. Банктӕ иууылдӕр уыдысты ӕхгӕд, банкоматты дӕр ӕхца нал баззад, кӕцыдӕртӕ та дзы ӕппындӕр нал куыстой».
Филиалы ӕфсымӕртӕ уайтагъд райдыдтой, бӕстӕйы алы рӕтты Паддзахады залты чи ӕрӕмбырд, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн ӕххуыс кӕнын – ӕрвыстой сын ӕхца ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕугӕ дзауматӕ. Ӕвзӕрстыты чи фӕхӕрд, уыдон дӕр ӕмӕ, чи рамбылдта, уыдон дӕр фӕндӕгтӕ сӕхгӕдтой. Фӕлӕ-иу филиалы машинӕтӕ фылдӕр хатт ауагътой, уымӕн ӕмӕ сӕ иутӕ дӕр ӕмӕ сӕ иннӕтӕ дӕр хорз зыдтой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ политикӕйӕ дард кӕй лӕууынц.
«Паддзахады залтӕй иумӕ куы фӕцӕйцыдыстӕм, уӕд нын ӕфсӕддонтӕ нӕ машинӕ автоматтӕй ӕхсын райдыдтой,– дзуры Франсуа.– Фӕлӕ махыл иу нӕмыг дӕр нӕ сӕмбӕлд. Стӕй уый куы федтам, ӕмӕ ӕфсӕддонтӕй сӕ иу ӕдхӕцӕнгарз махырдӕм ӕрбалидзы, уӕд нӕ машинӕ цӕхгӕр фӕзылдтам ӕмӕ фӕстӕмӕ филиалмӕ нӕ ных сарӕзтам. Йегъовӕйӕ тынг бузныг уыдыстӕм, удӕгасӕй кӕй баззадыстӕм, уый тыххӕй. Уыцы Паддзахады залы уыди 130 ӕфсымӕр ӕмӕ хойы, ӕмӕ дыккаг бон се ’ппӕт дӕр уырдыгӕй ӕдасдӕр ранмӕ алыгъдысты. Чидӕртӕ дзы ӕрбацыдысты филиалмӕ, ӕмӕ цалынмӕ змӕстытӕ нӕ фесты, уӕдмӕ сын ӕххуыс кодтам сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн, стӕй сӕ ӕнӕмӕнг цы хъуыди, уыдӕттӕй дӕр сӕм фӕкастыстӕм».
Франсуа ма ноджыдӕр загъта: «Фӕстӕдӕр бӕстӕйы алы рӕттӕй ӕфсымӕртӕ филиалмӕ ӕрбарвыстой бирӕ писмотӕ арфӕйы ныхӕстимӕ. Алы рӕттӕй сӕм се ’фсымӕртӕ се ’ххуысы къух кӕй бадардтой, уый фӕрцы Йегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр дарын райдыдтой».
Ӕрдзон бӕллӕхтӕ йе та, адӕймаджы аххосӕй чи ’рцӕуы, уыцы бӕллӕхтӕ не ’фсымӕртӕн зиан куы ’рхӕссынц, уӕд сын ӕнӕуи нӕ фӕдзурӕм, «дӕхи хъарм дар ӕмӕ дӕхи хӕрдцух ма уадз», зӕгъгӕ (Иак. 2:15, 16). Фӕлӕ фадӕттӕ фӕагурӕм, цӕмӕй-иу сын баххуыс кӕнӕм. Афтӕ бакодтой Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ фыццаг ӕнусы дӕр. Ӕххормаг заман кӕй скӕндзӕн, уый тыххӕй куы базыдтой, уӕд «бауынаффӕ кодтой, алчидӕр сӕ, йӕ бон цас у, уыйас кӕй ратдзӕн, цӕмӕй Иудейӕйы цӕрӕг ӕфсымӕртӕн баххуыс кӕной» (Хъуыд. 11:28–30).
Абон мах дӕр фӕнды, хъуаг чи ӕййафы, уыдонӕн, нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй ӕххуыс кӕнын. Фӕлӕ ма адӕмы хъӕуы, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый ӕмбарын дӕр (Матф. 5:3). Цӕмӕй уый бамбарой ӕмӕ бӕлвырд къахдзӕфтӕ аразын райдайой, уый тыххӕй Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бахӕс кодта ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын (Матф. 28:19, 20). Ӕмӕ махӕй алкӕмӕй дӕр ис зӕгъӕн, уыцы хъуыддагӕн кӕй не ’вгъау кӕны нӕдӕр йӕ рӕстӕг, нӕдӕр йӕ хъарутӕ ӕмӕ нӕдӕр йӕ исбон. Нӕ организаци та, цы мысайнӕгтӕ йӕм ӕрӕмбырд вӕййы, уыдонӕй рахицӕн кӕны, тыхст уавӕры чи бахауы, уыдонӕн баххуыс кӕнынӕн. Фӕлӕ нӕ мысайнӕгтӕ сӕйраджыдӕр хардз кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг размӕ кӕнынӕн. Афтӕмӕй ӕвдисӕм, Хуыцауы дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр кӕй уарзӕм (Матф. 22:37–39).
Ӕгас дунейы дӕр хъусын кӕныны хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ чи ратты, уыдоны дызӕрдыг кӕнын нӕ хъӕуы, нӕ организаци уыцы мысайнӕгтӕ кӕй бахардз кӕны, кӕм хъӕуы, уым, стӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ. Де ’фсымӕртӕй хъуаг чи ӕййафы, уыдонмӕ дӕ бон у истӕмӕй фӕкӕсын? Фӕнды дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы ӕххуыс кӕнын? Кӕд о, уӕд ӕнхъӕлмӕ ма кӕс – «дӕ къух куы амона, уӕд тыхст адӕймагӕн хорздзинад ма бавгъау кӕн» (Ӕмб. 3:27).