Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w16 ноябрь 19–20 фф.
  • «Стыр хъуыддаг»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Стыр хъуыддаг»
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕйы рӕдаудзинадӕн кӕй аргъ кӕныс, уый хъуыддагӕй ӕвдис
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Йегъовӕ рӕдауӕй арфӕ кӕны, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уыдонӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Хъуаг чи ӕййӕфта, уыдонмӕ фӕкастысты
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Хъуаг чи ӕййафы, уыдонӕн нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
w16 ноябрь 19–20 фф.
Паддзах Давид кувӕндоны нывтӕ нӕлгоймагӕн ӕвдисы; ӕфсымӕр арӕзтады пъланмӕ кӕсы

«Стыр хъуыддаг»

ИЕРУСАЛИМЫ уыди тынг ахсджиаг ӕмбырд. Паддзах Давид фӕдзырдта йӕ кънйӕзтӕм, йӕ фӕсдзӕуинтӕм ӕмӕ йӕ тыхджын лӕгтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Уыдон тынг зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты ног хабар фехъусынмӕ. Йегъовӕ Давиды фырт Соломонӕн бахӕс кодта, адӕм ын кӕм куывтаиккой, ахӕм стыр агъуыст саразын. Израилы ацӕргӕ паддзахӕн Хуыцауы тыхы фӕрцы раргом, уыцы кувӕндон цыхуызӕн хъуамӕ уыдаид, уый ӕмӕ уыцы нывтӕ Соломонмӕ радта. «Уый... стыр хъуыддаг у,– загъта Давид,– уымӕн ӕмӕ ацы галуан адӕймагӕн нӕу, фӕлӕ Йегъовӕ Хуыцауӕн» (1 Аз. 28:1, 2, 6, 11, 12; 29:1).

Уый фӕстӕ Давид бафарста: «Мыййаг ма искӕй фӕнды абон Йегъовӕйӕн лӕвӕрттӕ ӕрбахӕссын?» (1 Аз. 29:5). Ды уым куы уыдаис, уӕд куыд бакодтаис? Бафӕндыдаид дӕ уыцы стыр хъуыддагӕн баххуыс кӕнын? Израилӕгтӕ уайтагъд лӕвӕрттӕ хӕссынмӕ фесты. «Адӕм цин кодтой, Йегъовӕйӕн лӕвӕрттӕ кӕй хастой, ууыл, уымӕн ӕмӕ сӕ хастой зӕрдиагӕй» (1 Аз. 29:9).

Ӕнусты фӕстӕ Йегъовӕ скодта, уыцы кувӕндонӕй стырдӕр кувӕндон – ӕнӕуынгӕ кувӕндон, цӕмӕй адӕмӕн сӕ бон уыдаид Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Ӕмӕ уымӕн та гӕнӕн ис Чырыстийы нывонды фӕрцы (Дзут. 9:11, 12). Цымӕ абон Йегъовӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йемӕ бафидауой? Мах ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй цӕттӕ кӕнӕм, уый фӕрцы (Матф. 28:19, 20). Уыцы куысты руаджы алы аз дӕр милуантӕ Библи фӕахуыр кӕнынц, мингӕйттӕ донаргъуыд райсынц ӕмӕ сӕдӕгай ног ӕмбырды фӕзыны.

Йегъовӕйӕн афтӕ бирӕ адӕм кӕй райдайы лӕггад кӕнын, уый тыххӕй хъӕуы фылдӕр литературӕ мыхуыр кӕнын, Паддзахады залтӕ аразын ӕмӕ сӕм зилын, конгресстӕ кӕм цӕуой, ахӕм агъуыстытӕ ӕлхӕнын кӕнӕ ӕххуырсын. Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый стыр ӕмӕ арфӕйаг хъуыддаг кӕй у, уыимӕ разы дӕ? (Матф. 24:14).

Йегъовӕйы адӕм Хуыцауы ӕмӕ иннӕты кӕй уарзынц, стӕй хъусын кӕныны хъуыддаг ӕвӕстиатӕй аразын кӕй хъӕуы, уымӕ гӕсгӕ сӕ фӕнды «Йегъовӕйӕн лӕвӕрттӕ ӕрбахӕссын». Уыцы лӕвӕрттӕ сты сӕ мысайнӕгтӕ. Куыд ӕхсызгон нын у «кад кӕнын Йегъовӕйӕн – дӕттын ын, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый» ӕмӕ зонын, уыцы мысайнӕгтӕ иууылдӕр кӕй цӕуынц, чи никуыма уыди, уыцы стыр хъуыддагыл (Ӕмб. 3:9).

Иуӕй-иутӕ ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ куыд дӕттынц

Абон дӕр бирӕтӕ се ’хцайӕ иуцасдӕр «хицӕнӕй сӕвӕрынц», цӕмӕй сӕ ныппарой ӕмбырды мысайнӕгты асыччы, «Мысайнӕгтӕ ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн», зӕгъгӕ (1 Кор. 16:2). Ӕмбырдтӕ уыцы мысайнӕгтӕ алы мӕй дӕр арвитынц сӕ бӕстӕйы филиалмӕ. Дӕ бон у, ӕмӕ дӕ мысайнаг дӕхӕдӕг дӕр арвитай, дӕ бӕстӕйӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы филиалмӕ. Дӕ хорзӕхӕй, мысайнагимӕ ма-иу арвит цыбыр писмо дӕр, ныффысс-иу дзы, уыцы ӕхца мысайнаг кӕй у. Кӕцыдӕр бӕстӕты ахӕм мысайнагӕй ист ӕрцӕуы хъалон.

ИСБОН. Филиалӕн ис балӕвар кӕнӕн, ауӕй кӕнӕн кӕй ис, ахӕм хӕдзар кӕнӕ ӕндӕр исты. Хӕдзар афтӕ балӕвар кӕнӕн дӕр ис, ӕмӕ йӕ чи лӕвар кӕны, уымӕн дзы йӕ бон уа цӕрын, цалынмӕ удӕгас уа, уӕдмӕ. Дӕ хорзӕхӕй, дӕ хӕдзар филиалӕн куы лӕвар кӕнай, уӕд уал гӕххӕттытӕ аразыны размӕ фӕдзур кӕнӕ ныффысс филиалмӕ.

ЗАВЕЩАНИ. Ӕхца кӕнӕ мулк филиалӕн раттӕн ис завещанимӕ гӕсгӕ. Уыцы гӕххӕтт саразын фӕхъӕуы, закъон куыд домы, афтӕ. Дӕ хорзӕхӕй, завещанийы къопи-иу филиалмӕ арвит.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын