Нӕ бон куыд у фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын?
«Цас хъӕуа, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн» (МИХ. 7:7).
1. Кӕмӕндӕрты Йегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын зын цӕмӕн у?
ЙЕСО ЧЫРЫСТИ 1914 азы уӕлӕрвты Паддзах куы сси, уӕд Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ фӕстаг бонтӕ райдыдтой. Уыцы аз Чырысти уӕлӕрвты схӕцыд Хӕйрӕгимӕ ӕмӕ йӕ дӕлимонтимӕ, ӕмӕ сӕ зӕхмӕ ӕрӕппӕрста. (Бакӕс Раргомад 12:7–9.) Хӕйрӕг зоны, «рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад» (Рарг. 12:12). Фӕлӕ уыцы «рӕстӕг» ахаста сӕдӕ азы бӕрц, ӕмӕ, чи зоны, кӕмӕдӕрты афтӕ кӕсын райдыдта, ӕмӕ уый ӕгӕр бирӕ у. Мыййаг, дӕуӕн дӕр зын у, Йегъовӕ архайын кӕд райдайдзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын?
2. Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?
2 Адӕймаг ӕнхъӕлмӕ кӕсын куы нӕ зона, уӕд тӕссаг у, истӕуыл куы фӕтагъд кӕна ӕмӕ куы фӕрӕдийа. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, цас хъӕуа, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Уый тыххӕй ӕркӕсдзыстӕм ӕртӕ фарстамӕ: 1) Пехуымпар Михей фӕразон кӕй уыд, уымӕй нын фӕзминаг куыд у? 2) Кӕрон хӕстӕг кӕй у, уый цавӕр хабӕрттӕй уыдзӕн бӕрӕг? 3) Йегъовӕйы фӕразондзинадӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?
МИХЕЙ НЫН ФӔЗМИНАГ ЦӔМӔЙ У?
3. Михейы рӕстӕджы израилӕгты хабар куыд уыд?
3 Бакӕс Михейы 7:2–6. Пехуымпар Михей уыдта, израилӕгтӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй нал уыдысты. Паддзах Ахазы рӕстӕджы та уавӕр ноджы фыддӕр фӕци. Михей мӕнгард израилӕгты абарста «сындзы къутӕртимӕ» ӕмӕ «сындзытӕй быд каутимӕ». Адӕймаг сындзы къутӕрты ’хсӕн кӕнӕ сындзытӕй быд кауты цур куы ацӕуы, уӕд ӕй сындзытӕ ныттонынц. Раст ахӕм уыдысты уыцы фыдзӕрдӕ израилӕгтӕ дӕр – зӕгъгӕ сӕм исты хъуыддаджы фӕдыл бацыдтӕ, уӕд дын зиан цы ракодтаиккой, ӕндӕр ницы. Суанг бинонтӕ дӕр кӕрӕдзийыл ӕнувыд нал уыдысты. Михей ӕмбӕрста, уыцы уавӕр йӕхи бон кӕй нӕу фӕивын, ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ Йегъовӕйӕн раргом кодта. Ӕмӕ стӕй фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст, Хуыцау архайын кӕд райдайдзӕн, уымӕ. Михей нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ хъуыддӕгтӕ йӕ рӕстӕджы кӕй сраст кӕндзӕн, ууыл.
4. Цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм?
4 Михейау мах дӕр цӕрӕм хиуарзон адӕмы ’хсӕн. Абон бирӕтӕ «хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зонынц, сты мӕнгард, бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал ис» (2 Тим. 3:2, 3). Ӕрмӕст йӕхи мӕт чи кӕны, ахӕм адӕмимӕ кусын, ахуыр кӕнын ӕмӕ цӕрын ӕнцон нӕу. Чидӕртӕ та нӕ ноджы фыддӕр уавӕры сты. Йесо загъта, хорз хабары тыххӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕн сӕ бинонтӕ сӕ ныхмӕ кӕй рацӕудзысты. Ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ сты, Михейы 7:6 чи ис, уыцы ныхӕсты хуызӕн. Йесо загъта: «Ӕз ӕрцыдтӕн, цӕмӕй фырты скӕнон йӕ фыды ныхмӕ, чызджы йӕ мады ныхмӕ, ӕмӕ чындзы та йе ’фсины ныхмӕ. О, адӕймагӕн йе знӕгтӕ уыдзысты йӕхи бинонтӕ» (Матф. 10:35, 36). Куыд зын вӕййы, нӕ бинонтӕ ныл нӕ уырнындзинады тыххӕй куы фӕхудынц кӕнӕ нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд! Кӕд ахӕм фӕлварӕнтыл ӕмбӕлӕм, уӕддӕр хъуамӕ нӕ бинонты ма бауадзӕм, цӕмӕй нын нӕ дин ныууадзын кӕной. Хъуамӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм ӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, нӕ уавӕрмӕ нын кӕд ӕркӕсдзӕн, уымӕ. Ӕппынӕдзух дзы ӕххуыс куы курӕм, уӕд нын дӕтдзӕн хъарутӕ ӕмӕ зонд, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм.
5, 6. Йегъовӕ Михейӕн куыд раарфӕ кодта? Михейы рӕстӕджы цавӕр пехуымпарад нӕ сӕххӕст?
5 Йегъовӕ Михейӕн йӕ фӕразондзинады тыххӕй раарфӕ кодта. Михей федта, паддзах Ахазӕн ӕмӕ йе ’взӕр хицаудзинадӕн кӕрон куыд ӕрцыд, стӕй, Ахазы фырт Езеки паддзах куыд сси ӕмӕ раст дин йӕ къахыл куыд слӕууын кодта, уый дӕр. Уымӕй уӕлдай ма Михей федта, Самарийы тыххӕй цы пехуымпарад ныффыста, уый куыд сӕххӕст – ассириӕгтӕ цӕгат паддзахад Израилмӕ бабырстой ӕмӕ йӕ ныппырх кодтой (Мих. 1:6).
6 Фӕлӕ Йегъовӕ Михейӕн цы пехуымпарӕдтӕ ныффыссын кодта, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ сӕххӕст сты, Михей куы амард, уымӕй бирӕ фӕстӕдӕр. Зӕгъӕм, пехуымпар ныффыста: «Фӕстаг бонты, Йегъовӕйы хӕдзар цы хохыл ис, уый фидар ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн хӕхты цъуппытӕй дӕр уӕлдӕр, суыдзӕн къуыбыртӕй дӕр бӕрзонддӕр ӕмӕ йӕм адӕмтӕ агуылф кӕндзысты. Бирӕ адӕмтӕ ацӕудзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: „Рацӕут, ссӕуӕм Йегъовӕйы хохмӕ“» (Мих. 4:1, 2). Ацы пехуымпарад Михейы рӕстӕджы нӕ сӕххӕст. Фӕлӕ уӕддӕр Михейӕн йӕ фидар фӕнд уыди, цӕмӕй суанг йӕ мӕлӕты онг дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадаид, йӕ алыварс адӕм цыфӕнды ма арӕзтаиккой, уӕддӕр. Михей загъта: «Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр цӕудзысты сӕ хуыцӕутты номӕй, мах та цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйы номӕй ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ» (Мих. 4:5). Михейӕн йӕ бон уыди зын рӕстӕджыты дӕр фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын, уымӕн ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндыд, Йегъовӕ йӕ алы ныхас дӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Уыцы иузӕрдион пехуымпар йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дардта.
7, 8. а) Йегъовӕйыл фидарӕй цӕмӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕууӕндӕм? ӕ) Рӕстӕг ныл тагъддӕр кӕд цӕудзӕн?
7 Мах дӕр Йегъовӕйыл Михейау фидарӕй ӕууӕндӕм? Хъуамӕ йыл ӕууӕндӕм, уымӕн ӕмӕ нӕхи цӕстӕй уынӕм, Михейы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны, уый. Ацы «фӕстаг бонты» алы адӕмтӕй, алы мыггӕгтӕй ӕмӕ алы ӕвзӕгтӕй дӕр милуангай адӕм гуылф кӕнынц, «Йегъовӕйы хӕдзар цы хохыл ис, уымӕ». Уыцы адӕмӕй бирӕтӕ сты, кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй чи кӕсы, ахӕм адӕмыхӕттытӕй, фӕлӕ уыдон «сӕ хъаматӕй сарӕзтой гутӕттӕ» ӕмӕ «хӕцын дӕр нал ахуыр кӕнынц» (Мих. 4:3). Цӕй стыр кад нын у, Йегъовӕйы фарнуарзаг адӕмӕй кӕй стӕм, уый!
8 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕ ацы фыддунейӕн кӕрон тагъддӕр скӕна. Фӕлӕ цӕмӕй уымӕ нӕ бон фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын уа, уый тыххӕй хъуамӕ хъуыддӕгтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм. Уый снысан кодта, «йе ’взӕрст лӕджы къухӕй», ома Йесо Чырыстийы къухӕй, адӕмӕн тӕрхон кӕд кӕндзӕн, уыцы бон (Хъуыд. 17:31). Фӕлӕ уал уӕдмӕ Хуыцау алыхуызон адӕмӕн фадат дӕтты, цӕмӕй, «рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной», сӕ цард уымӕ гӕсгӕ аразой ӕмӕ фервӕзой. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 2:3, 4.) Адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад базонынӕн ӕппӕт хъарутӕй куы ӕххуыс кӕнӕм, уӕд ныл рӕстӕг тагъддӕр цӕудзӕн. Тынг тагъд, адӕм уый ӕнхъӕл дӕр нӕ уыдзысты, афтӕ, уыцы рӕстӕг фӕуыдзӕн ӕмӕ Йегъовӕ йӕ тӕрхон сӕххӕст кӕндзӕн. Ӕмӕ уӕд, хъусын кӕныны хъуыддаджы лӕуд кӕй уыдыстӕм, ууыл куыд тынг цин кӕндзыстӕм!
КӔРОН ХӔСТӔГ КӔЙ У, УЫЙ ЦАВӔР ХАБӔРТТӔЙ УЫДЗӔН БӔРӔГ?
9–11. 1 Фессалоникӕгтӕм 5:3 фыст ныхӕстӕ сӕххӕст сты ӕви нӕ? Бамбарын ӕй кӕн.
9 Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:1–3. Тагъд рӕстӕджы адӕмтӕ фидарӕй дзурдзысты: «Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!» Ӕмӕ хъуамӕ уӕм «цырддзаст ӕмӕ къӕрцхъус», цӕмӕй уыцы рӕстӕг ма фӕсайды уӕм (1 Фес. 5:6). Цӕй ӕмӕ цыбыртӕй аныхас кӕнӕм, Библимӕ гӕсгӕ уый размӕ цы хабӕрттӕ хъуамӕ ӕрцыдаид, ууыл. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр цырддзаст уӕм.
10 Дыууӕ дунеон хӕсты фӕстӕ дӕр адӕм тынг бӕллыдысты, цӕмӕй зӕххыл сабырдзинад уыдаид. Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ скодтой Нациты Лигӕ, ӕмӕ адӕмы ныфс уыди, уыцы организаци сабырдзинад кӕй ӕрхӕсдзӕн. Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ та ахӕм ныфс сӕвӕрдтой Иугонд Нациты Организацийыл. Хицауӕдтӕ ӕмӕ дины разамонджытӕ сӕ зӕрдӕ дардтой уыцы организацитыл, зӕгъгӕ, уыдоны фӕрцы зӕххыл сабыр цард уыдзӕн. Зӕгъӕм, 1986 азы Иугонд Нациты Организаци фехъусын кодта, уыцы аз Ӕппӕтдунеон сабырдзинады аз кӕй уыдзӕн. Уыцы аз бирӕ политиктӕ ӕмӕ дины разамонджытӕ Италийы, горӕт Ассизийы, фембӕлдысты католикон аргъуаны сӕргълӕууӕгимӕ, цӕмӕй иумӕ сабырдзинады тыххӕй скуывтаиккой.
11 Фӕлӕ нӕдӕр уӕд, нӕдӕр уый фӕстӕ, сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинады тыххӕй кӕй дзырдтой, уымӕй 1 Фессалоникӕгтӕм 5:3 фыст ныхӕстӕ нӕ сӕххӕст сты. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ, уыцы пехуымпарады цӕй кой ис, «ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн се сӕфт», зӕгъгӕ, уый нӕма ӕрцыд.
12. «Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинады» тыххӕй куыд фехъусын кӕндзысты, уый фӕдыл цы зонӕм?
12 Цымӕ чи фехъусын кӕндзӕн уыцы ахсджиаг хабар, «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад», зӕгъгӕ? Цы бар дардзысты уымӕ чырыстон динты ӕмӕ иннӕ динты разамонджытӕ? Уыцы хъуыддаг алы бӕстӕты хицауӕдтӕм та куыд хаудзӕн? Уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. Фӕлӕ бӕлвырд зонӕм уый, ӕмӕ, уыцы хабар куыдфӕнды ма фехъусын кӕной ӕмӕ уый тыххӕй куыдфӕнды фидарӕй ма дзурой, уӕддӕр уыдон ныхӕстӕ йеддӕмӕ ницы уыдзысты. Ацы дуне ис Хӕйрӕджы къухы ӕмӕ суанг йӕ уидӕгты онг у ӕмбыд. Ӕмӕ афтӕ уыдзӕн, цалынмӕ йӕ кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ. Уӕдӕ ма уымӕй ӕвзӕрдӕр цы хъуамӕ уа, ӕмӕ, Хӕйрӕг адӕмӕн цы хъуыдытӕ хъары, уыдоныл махӕй исчи куы баууӕнда ӕмӕ ацы дунейы хъуыддӕгты архайын куы райдайа!
13. Зӕдтӕ зианхӕссӕг дымгӕтыл цӕмӕн хӕцынц?
13 Бакӕс Раргомад 7:1–4. Цалынмӕ 1 Фессалоникӕгтӕм 5:3 фыст ныхӕстӕ сӕххӕст уой, уӕдмӕ хъомысджын зӕдтӕ стыр бӕллӕхы зианхӕссӕг дымгӕтыл хӕцдзысты. Цымӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц? Апостол Иоанн цы хабары тыххӕй ныффыста, уымӕ – сӕрст чырыстӕттыл, «нӕ Хуыцауы цагъартыл», фӕстаг мыхуыр ӕвӕрд кӕд ӕрцӕудзӕн, уымӕa. Уыцы ахсджиаг хабар куы ’рцӕуа, уӕд зӕдтӕ зианхӕссӕг дымгӕтӕ суадздзысты. Ӕмӕ уӕд цы ’рцӕудзӕн?
14. Стыр Вавилонӕн йе сӕфт тагъд кӕй ӕрцӕудзӕн, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
14 Мӕнг динтӕм чи амоны, уыцы Стыр Вавилон сӕфт ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ, уӕвгӕ, уый аккаг дӕр у. Уыцы бон куы ’рцӕуа, уӕд ын ӕппӕт «адӕмыхӕттытӕй, дзыллӕтӕй, адӕмтӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй» дӕр ничи баххуыс кӕндзӕн. Йӕ кӕрон хӕстӕг кӕй у, уый абон дӕр бӕрӕг у (Рарг. 16:12; 17:15–18; 18:7, 8, 21). Зӕгъӕм, ног хабӕртты динтӕ ӕмӕ дины разамонджыты ныхмӕ арӕхӕй-арӕхдӕр дзурынц. Кӕд афтӕ у, уӕддӕр Стыр Вавилоны разамонджытӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сын истӕмӕй тӕссаг у. Фӕлӕ куыд тынг рӕдийынц! «Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинады» тыххӕй куы фехъусын кӕной, уый фӕстӕ, Хӕйрӕджы дунейы цы хицауӕдтӕ ис, уыдон ӕвиппайды мӕнг динты ’рдӕм фӕуыдзысты ӕмӕ сӕ фесафдзысты. Стыр Вавилонӕн йӕ кой дӕр никуыуал райхъуысдзӕн! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм ахсджиаг хабӕрттӕ уый аккаг сты, цӕмӕй сӕм фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм (Рарг. 18:8, 10).
ХУЫЦАУЫ ФӔРАЗОНДЗИНАДӔН КӔЙ АРГЪ КӔНӔМ, УЫЙ ЦӔМӔЙ УЫДЗӔН БӔРӔГ?
15. Йегъовӕ фӕразонӕй цӕмӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
15 Кӕд адӕм Йегъовӕйӕн йӕ номыл цъыф калынц, уӕддӕр уый фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, йӕ тӕрхон сӕххӕст кӕнын ӕппӕты хуыздӕр кӕд уыдзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ. Хуыцауы нӕ фӕнды, цӕмӕй сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕй иу дӕр фесӕфа (2 Пет. 3:9, 10). Махӕй дӕр ис уый зӕгъӕн? Цалынмӕ Йегъовӕйы бон не ’рцыд, уӕдмӕ нӕ бон у хъуыддӕгтӕй ӕвдисын, йӕ фӕразондзинадӕн ын кӕй аргъ кӕнӕм. Уыцы хъуыддӕгтӕ цы сты, ууыл аныхас кӕндзыстӕм дарддӕр.
16, 17. а) Ӕмбырдтӕм чи нал цӕуы, уыдонӕн баххуыс кӕнын нӕ цӕмӕн хъуамӕ фӕнда? ӕ) Уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхыныл фӕстиат цӕуылнӕ хъуамӕ кӕной?
16 Ӕмбырдтӕм чи нал цӕуы ӕмӕ чи нал хъусын кӕны, уыдонӕн ӕххуыс кӕнӕм. Йесо загъта, чи фесӕфт, уыцы фыстӕй иу дӕр куы разыны, уӕд уӕлӕрвты цин кӕй фӕкӕнынц (Матф. 18:14; Лук. 15:3–7). Уӕдӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ тынг кӕй тыхсы, чи йӕ уарзы, фӕлӕ йын ныртӕккӕ чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонӕй алкӕуыл дӕр. Ахӕм адӕймӕгтӕн фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхынӕн кӕй баххуыс кӕнӕм, уымӕй Йегъовӕйӕн ӕмӕ зӕдтӕн сӕ циныл цин бафтауӕм.
17 Мыййаг, дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у, ӕмӕ ныртӕккӕ Хуыцауӕн нӕ лӕггад кӕныс? Чи зоны, ӕмбырдтӕм нал цӕуыс, хотӕй кӕнӕ дӕ ӕфсымӕртӕй чидӕр кӕй фӕхъыг кодта, уый тыххӕй. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы хабарӕй цасдӕр рӕстӕг рацыд. Кӕд афтӕ у, уӕд-ма ахъуыды кӕн: «Уӕдӕй абонмӕ мӕ цард фӕхуыздӕр? Амондджындӕр сдӕн? Йегъовӕ мӕ фӕхъыг кодта ӕви ӕнӕххӕст адӕймаг? Хуыцау мын искуы истӕмӕй мӕ зӕрдӕ фӕриссын кодта?» Йегъовӕ ӕрмӕстдӕр нӕ хорзыл тыхсы. Ӕмӕ кӕд ныртӕккӕ, цы дзырд ын радтам, уымӕ гӕсгӕ нӕ цӕрӕм, уӕддӕр нын йӕ хорздзинӕдтӕй хай кӕны (Иак. 1:16, 17). Фӕлӕ тагъд Йегъовӕйы бон ралӕудзӕн. Уӕдӕ ныр уыцы рӕстӕг у, цӕмӕй та нӕ уарзӕгой Фыды къухыл фидар ныххӕцӕм ӕмӕ ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхӕм – ацы фӕстаг бонты ӕрмӕстдӕр уым ис ссарӕн фарн ӕмӕ ӕдасдзинад (Дык. з. 33:27; Дзут. 10:24, 25).
Йегъовӕйы адӕм зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнынц, ӕмбырдтӕм чи нал цӕуы, уыдонӕн, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхой (кӕс 16, 17 абзацтӕ)
18. Разамынд нын чи дӕтты, уыдонӕн цӕмӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм?
18 Зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнӕм, разамынд нын чи дӕтты, уыдонӕн. Нӕ уарзӕгой Фыййау Йегъовӕ нын фӕндаг амоны ӕмӕ нӕ хъахъхъӕны. Йӕ дзугӕн Хистӕр фыййауӕй сӕвӕрдта йӕ Фырты (1 Пет. 5:4). Йегъовӕйы адӕмӕн ӕгас зӕххыл дӕр ис 100 000 ӕмбырдӕй фылдӕр, ӕмӕ уыцы ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауы фыстӕй алкӕуыл дӕр тыхсынц (Хъуыд. 20:28). Разамынд нын чи дӕтты, уыдонӕн зӕрдиагӕй куы ӕххуыс кӕнӕм, уӕд уымӕй равдисдзыстӕм, Йегъовӕ ӕмӕ нын Йесо хорзӕй цыдӕриддӕр аразынц, уый тыххӕй сӕ бузныг кӕй стӕм.
19. Нӕ бон куыд у нӕ кӕрӕдзимӕ ӕнгом балӕууын?
19 Кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕнӕм. Уый цӕуыл дзурӕг у? Фӕлтӕрд ӕфсады ныхмӕ знаг куы рацӕуы, уӕд ӕфсӕддонтӕ кӕрӕдзимӕ ӕнгом балӕууынц. Ӕмӕ сӕ афтӕмӕй знагӕн басӕттын зындӕр вӕййы. Хӕйрӕг тынгӕй-тынгдӕр цӕуы Хуыцауы адӕмы ныхмӕ. Ӕмӕ ныр уый рӕстӕг нӕу, цӕмӕй нӕ кӕрӕдзиимӕ тох кӕнӕм. Ныр хъуамӕ кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕнӕм, нӕ кӕрӕдзийы хъӕндзинӕдтӕм ма кӕсӕм ӕмӕ Йегъовӕйы разамындыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндӕм.
Ныр хъуамӕ кӕрӕдзимӕ ӕнгом балӕууӕм, цӕмӕй Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонты ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм (кӕс 19 абзац)
20. Ныртӕккӕ цы хъуамӕ аразӕм?
20 Цӕй уӕдӕ цырддзаст уӕм ӕмӕ, цас хъӕуа, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Мах хъӕуы фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын, цалынмӕ «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинады» тыххӕй нӕ фехъусын кӕной ӕмӕ сӕрст чырыстӕттыл фӕстаг мыхуыр ӕвӕрд не ’рцӕуа, уӕдмӕ. Уӕд цыппар зӕды зианхӕссӕг дымгӕтӕ суадздзысты, ӕмӕ Стыр Вавилон сӕфт ӕрцӕудзӕн. Уӕдӕ, уыцы ахсджиаг хабӕрттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, зӕрдиагӕй хъусӕм, Йегъовӕйы организацийы разамынд чи дӕтты, уыдонмӕ. Кӕрӕдзимӕ ӕнгом балӕууӕм, цӕмӕй Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонты ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм! Ныртӕккӕ уыцы рӕстӕг у, цӕмӕй псаломзарӕггӕнӕджы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайӕм. Уый загъта: «Йегъовӕмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон уе ’ппӕт дӕр, хъӕбатыр ут ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ фидар уӕнт» (Пс. 31:24).
a Фыццаг мыхуыр ӕмӕ фӕстаг мыхуыр цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый тыххӕй кӕс 2007 азы 1 январы «Сторожевая башня», 30, 31 фӕрстӕ.