Пехуымпартӕ дын фӕзминаг уӕнт – Михей
1. Михей цавӕр фарстайыл хъуыды кодтаид ӕмӕ цы дзырдта, ууыл цӕуылнӕ дызӕрдыг кодта?
1 Цымӕ ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн? Чи зоны, пехуымпар Михей дӕр ууыл хъуыды кодта, Израил ӕмӕ Иудӕйы паддзахӕдтӕн Йегъовӕйы тӕрхӕттӕ куы хъусын кодта, уӕд. Фӕлӕ цы дзырдта, ууыл нӕ дызӕрдыг кодта. Нӕ эрӕйы размӕ 740 азы Йегъовӕ Самарийӕн цы тӕрхон рахаста, уый сӕххӕст кодта ӕмӕ йӕ Михей йӕхи цӕстӕй федта (Мих. 1:6, 7). Фӕстӕдӕр, нӕ эрӕйы размӕ 607 азы Иерусалим пырхгонд ӕрцыд (Мих. 3:12). Михейау мах дӕр цы хъуамӕ аразӕм, Йегъовӕ нӕ рӕстӕджы йӕ тӕрхӕттӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ?
2. Йегъовӕйы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ фӕразондзинад куыд хъуамӕ ӕвдисӕм ӕмӕ цӕмӕн?
2 Фӕразон у. Михей ныффыста: «Мӕнӕн та мӕ каст уыдзӕн Йегъовӕмӕ. Цас хъӕуа, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцаумӕ» (Мих. 7:7). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕронмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ Михей ӕнцад нӕ бадти, фӕлӕ Йегъовӕйӕн пехуымпарӕй лӕггад кодта. Йегъовӕйы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ мах дӕр хъуамӕ сыгъдӕг цард кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион уӕм (2 Пет. 3:11, 12). Йегъовӕйы фӕразондзинады фӕрцы ма кӕмӕндӕрты ис фадат ӕрфӕсмон кӕнынӕн (2 Пет. 3:9). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм Библийы уынаффӕ, зӕгъгӕ, фӕразын куыд хъӕуы, уымӕй бафӕзмут пехуымпарты (Иак. 5:10).
3. Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых цӕмӕн хъуамӕ курӕм?
3 Дӕ ныфс дар Йегъовӕйы хъаруйыл. Михейӕн йӕ хӕслӕвӕрд ӕнцон нӕ уыд, фӕлӕ йӕ ныфс дардта Йегъовӕйы хъаруйыл (Мих. 3:8). Библи нӕ дзӕгъӕлы нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕ ныфс Йегъовӕйы хъаруйыл дарӕм. Хуыцау фӕллад адӕймагӕн йӕ хъаруйӕ нӕ бавгъау кӕны, цӕмӕй сӕххӕст кӕна, йӕ бӕрны йын цы хъуыддӕгтӕ бакодта, уыдон (Пс. 84:5, 7; Ис. 40:28–31). Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ уый дӕхиуыл никуы бавзӕрстай? Ӕдзухдӕр Йегъовӕмӕ фӕкувыс, цӕмӕй дын йӕ сыгъдӕг тыхӕй ӕххуыс кӕна? (Лук. 11:13).
4. Михей нын фӕзминаг цӕмӕй у?
4 Михейӕн царды ӕппӕты сӕйрагдӕр уыд Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Кӕд йӕ алыварс адӕм хӕлд уыдысты, уӕддӕр йӕ фидар фӕнд уыд Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. Раст афтӕ махӕн дӕр нӕ иузӕрдиондзинад алы бон дӕр фӕлвӕрд цӕуы. Цӕй уӕдӕ мах дӕр нӕхицӕн фидарӕй зӕгъӕм, «нӕ Хуыцау Йегъовӕйы номӕй ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ» кӕй цӕудзыстӕм (Мих. 4:5).