Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w13 1/12 16 ф.
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Хуыцау ӕгас дунейӕн иу хицауад сӕвӕрдзӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
w13 1/12 16 ф.

БИБЛИ: ФАРСТАТӔ ӔМӔ ДЗУАППЫТӔ

Чырысти цӕй тыххӕй ӕрцӕудзӕн?

Нӕ эрӕйы 33 азы уӕлӕрвтӕм ацӕуыны размӕ Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, фӕстӕмӕ кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕй. Йесо йӕхи абарста, кадджын мыггагӕй чи уыд, ахӕм лӕгимӕ. Лӕг бирӕ рӕстӕгмӕ дард бӕстӕм ацыд, цӕмӕй паддзахы бартӕ райстаид ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтаид. Уӕдӕ Чырысти уый тыххӕй ӕрцӕудзӕн, цӕмӕй адӕм цӕрой хорз хицауады дӕлбар. (Бакӕс Лукайы 19:11, 12.)

Чырыстийы фӕрцы адӕм цӕрдзысты хорз хицауады дӕлбар

Цымӕ Чырысти цавӕр буары хъуамӕ ӕрцыдаид? Чырысти райгас ӕнӕуынгӕ уӕларвон буары (1 Петры 3:18). Уый фӕстӕ уӕлӕрвтӕм ацыд ӕмӕ Хуыцауы рахиз фарс ӕрбадт (Псалом 110:1). Уымӕй дзӕвгар рӕстӕг куы рацыд, уӕд та Чырыстийы бакодтой Йегъовӕмӕ, «раджы замантӕй фӕстӕмӕ Чи ис», уымӕ, ӕмӕ йын уый хицауы бартӕ радта, цӕмӕй адӕмӕн разамынд дӕтта. Уӕдӕ Чырысти хъуамӕ суыдаид Паддзах ӕмӕ фӕстӕмӕ хъуамӕ адӕймаджы буары ма ’рцыдаид, фӕлӕ ӕнӕуынгӕ хуызы. (Бакӕс Данелы 7:13, 14.)

Чырысти, куы ’рцӕуа, уӕд цы араздзӕн?

Чырысти йӕ зӕдтимӕ куы ’рцӕуа, уӕд адӕмӕн тӕрхон кӕндзӕн. Фыдгӕнджыты фесафдзӕн, Паддзахыл ӕй чи нымайы, уыдоны та схайджын кӕндзӕн ӕнусон цардӕй. (Бакӕс Матфейы 25:31–33, 46.)

Чырысти зӕххӕн разамынд дӕттын куы райдайа, уӕд зӕхх дзӕнӕт суыдзӕн. Чи амард, уыдоны райгас кӕндзӕн, ӕмӕ уыдон дӕр зӕрдӕрайгӕйӕ зӕххыл дзӕнӕты цӕрдзысты. (Бакӕс Лукайы 23:42, 43.)

Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс ацы чиныг, «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 73–85 фӕрстӕ. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Рафыссӕн ӕй ис сайтӕй www.jw.org/os.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын