БИБЛИ: ФАРСТАТӔ ӔМӔ ДЗУАППЫТӔ
Чырыстийы мӕлӕт нын цы пайда хӕссы?
Хуыцау адӕмы сфӕлдыста, цӕмӕй ӕнустӕм ӕнӕнизӕй цардаиккой ӕмӕ, мӕлӕт цы у, уый ма зыдтаиккой. Фӕлӕ фыццаг нӕлгоймаг, Адам, йе Сфӕлдисӕджы коммӕ нӕ бакаст ӕмӕ йын ӕнустӕм цӕрыны ныфс нал уыд. Адамы байзӕддӕгтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр мӕлӕм (Ромӕгтӕм 5:8, 12; 6:23). Фӕлӕ Йегъовӕ, ӕцӕг Хуыцау, йӕ Фырт Йесо Чырыстийы зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй йӕ цард радтаид ӕмӕ адӕмӕн ногӕй ныфс фӕзындаид ӕнусон цардӕй, Адамы аххосӕй ӕнӕхай цӕмӕй фесты, уымӕй. (Бакӕс Иоанны 3:16.)
Чырысти йӕ цард кӕй радта, уый фӕрцы адӕмӕн ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Ӕнусон цард, дӕумӕ гӕсгӕ, цыхуызӕн уыдзӕн?
Чырысти йӕ цард мах тыххӕй кӕй радта, уый нын фадат дӕтты, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕуой ӕмӕ ӕнустӕм цӕрӕм. Библийы фыст ис, цавӕр цард скӕндзӕн, зӕронд ӕмӕ рынчын куы нал кӕнӕм ӕмӕ куы нал мӕлӕм, уӕд. (Бакӕс Исайы 25:8; 33:24; Раргомад 21:4, 5.)
Чырыстийы мӕлӕт нӕ зӕрдыл куыд хъуамӕ лӕууын кӕнӕм?
Чырысти йӕ мӕлӕты размӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, цӕмӕй-иу ын йӕ мӕлӕт ӕрымысыдаиккой ӕмӕ сын бацамыдта, уый тыххӕй сӕ цы хъуыд аразын, уый. Алы аз дӕр Чырыстийы мӕлӕт кӕй бӕрӕг кӕнӕм, уый фӕрцы лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, Чырысти ӕмӕ нӕ Йегъовӕ куыд тынг уарзынц, ууыл. (Бакӕс Лукайы 22:19, 20; 1 Иоанны 4:9, 10.)
Ацы аз Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр уыдзӕн 14 апрелы, къуырисӕры, хурныгуылды фӕстӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕу дӕр зӕрдиагӕй хонынц. (Бакӕс Ромӕгтӕм 1:11, 12.)