Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн хорз «фыййӕуттӕ» ут
«Дӕ фысты хъуамӕ хорз зонай» (ӔМБ. 27:23).
1, 2. а) Рагон Израилы фыййӕуттӕ цы хъуамӕ арӕзтаиккой? ӕ) Ныййарджыты фыййӕуттимӕ абарӕн цӕмӕн ис?
РАГОН Израилы фыййӕуттӕн сӕ куыст ӕнцон нӕ уыд. Тӕвдӕн ӕмӕ сӕ уазалӕн быхсын кӕй хъуыди, уымӕй уӕлдай ма сӕ хъуыди сӕ дзугтӕ хъӕддаг сырдтӕй ӕмӕ давджытӕй хъахъхъӕнын. Фыййӕуттӕ фыстӕм ӕдзухдӕр сӕ хъус дардтой ӕмӕ-иу дзы искӕцы куы фӕрынчын кӕнӕ куы фӕцӕф, уӕд-иу ӕм базылдысты. Уӕлдай тынгдӕр та сӕ сӕ хъус дарын хъуыди уӕрыччытӕм, уымӕн ӕмӕ уыдон бирӕ лӕмӕгъдӕр уыдысты (Райд. 33:13).
2 Чырыстон ныййарджыты дӕр ис фыййӕуттимӕ абарӕн, уымӕн ӕмӕ уыдоны дӕр фӕхъӕуы фыййӕуттау архайын. Ныййарджыты хӕс у, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты «хъомыл кӕной, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразой» (Еф. 6:4). Цымӕ уый ӕнцон хъуыддаг у? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Хӕйрӕг ӕдзухдӕр архайы, цӕмӕй сывӕллӕтты зонд сзыгъуыммӕ кӕна, стӕй, ӕнӕххӕст кӕй сты, уый тыххӕй сӕ зӕрдӕйы фӕзыны тӕригъӕдджын фӕндтӕ (2 Тим. 2:22; 1 Иоан. 2:16). Кӕд уын сывӕллӕттӕ ис, уӕд сын уӕ бон куыд у баххуыс кӕнын? Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, уӕ сывӕллӕттӕн хорз «фыййӕуттӕ» кӕй фӕрцы уыдзыстут, ӕртӕ ахӕм хъуыддагмӕ – хорз сӕ зонут, ӕфсадут сӕ ӕмӕ сын разамынд дӕттут.
УӔ СЫВӔЛЛӔТТЫ ЗОНУТ
3. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты хорз цӕй фӕрцы зондзысты?
3 Хорз фыййау алы фысмӕ дӕр йӕ хъус лӕмбынӕг фӕдары, цӕмӕй йӕ зона, рынчын кӕй нӕу. Библийы дӕр фыст ис: «Дӕ фысты хъуамӕ хорз зонай» (Ӕмб. 27:23). Ныййарджытӕ, сымах дӕр хъуамӕ уӕ «фысты», ома уӕ сывӕллӕтты, хорз зонат. Уый тыххӕй хъуамӕ уӕ хъус дарат, цы аразынц, уымӕ ӕмӕ зонат, цы хъуыды кӕнынц ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Цӕмӕй уыцы хъуыддаг уӕ къухы бафта, уый тыххӕй хъуамӕ уӕ сывӕллӕттимӕ арӕх ныхас кӕнат.
4, 5. а) Ныййарджытӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ семӕ ӕргом ныхас кӕной? (Кӕс нывмӕ 17 фарсыл.) ӕ) Ды та цы фӕаразыс, цӕмӕй дӕ сывӕллӕттӕн ӕнцондӕр уа демӕ ӕргом ныхас кӕнын?
4 Иуӕй-иу ныййарджытӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй сывӕллӕттимӕ ныхас кӕнын фӕзындӕр вӕййы, куы фестырдӕр вӕййынц, уӕд. Сывӕллӕтты нӕ фӕфӕнды кӕнӕ фефсӕрмы кӕнынц сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ се ’нкъарӕнты тыххӕй ӕргом дзурын. Кӕд дӕ сывӕллӕттӕн дӕр сӕ хабар афтӕ у, уӕд дӕ бон цы у аразын? Дӕ чызг кӕнӕ дӕ лӕппуйы дӕ разы ӕрбадын кӕнай ӕмӕ йын лекцитӕ кӕсын райдайай, уый бӕсты хуыздӕр уыдзӕн, йемӕ ӕнӕуи исты хъуыддӕгтӕ аразгӕйӕ куы аныхас кӕнай (Дык. з. 6:6, 7). Иумӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитут. Искуыдӕм-иу фистӕгӕй йе та машинӕйыл ацӕут, исты хъазтӕй-иу ахъазут кӕнӕ-иу хӕдзары куыстытӕ иумӕ бакӕнут. Ахӕм уавӕрты сывӕллӕттӕн ӕнцондӕр уыдзӕн демӕ ӕргом ныхас кӕнын.
5 Фӕлӕ дӕ сывӕллоны уӕддӕр ныхас кӕнын куы нӕ фӕнда, уӕд та? Уӕд дӕ бон у ӕндӕрхуызон бакӕнын. Зӕгъӕм, дӕ чызджы, цы хабӕрттӕ йӕм ис, уымӕй ма бафӕрс, фӕлӕ йын дӕхи хабӕрттӕ ракӕн. Ӕмӕ дын уӕд, чи зоны, уый дӕр йӕ хабӕрттӕ радзура. Цавӕрдӕр хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый базонын дӕ куы фӕнда, уӕд ӕй комкоммӕ йӕхи тыххӕй ма фӕрс. Дӕ бон ӕй у бафӕрсын, де ’мбӕлттӕ уыцы хъуыддаджы тыххӕй цы хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ. Стӕй йӕ бафӕрс, йе ’мбӕлттӕн цавӕр уынаффӕ раттид, уымӕй.
6. Уӕ сывӕллӕттӕм байхъусынмӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй стут, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?
6 Кӕд уӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ уемӕ ӕргом ныхас кӕной, уӕд хъуамӕ уыной, алкӕддӕр сӕм байхъусынмӕ цӕттӕ кӕй стут, уый. Ӕдзухдӕр ӕнӕвдӕлон куы уат, уӕд уын уӕ сывӕллӕттӕ нӕ дзурдзысты, цӕуыл тыхсынц, уый тыххӕй. Уӕдӕ афтӕ зӕгъӕн кӕд уыдзӕн, ӕмӕ алкӕддӕр цӕттӕ стут семӕ аныхас кӕнынмӕ? Фаг нӕу ӕрмӕстдӕр афтӕ зӕгъын: «Мыййаг дӕ мемӕ аныхас кӕнын куы фӕнда, уӕд-иу мын ӕй зӕгъ». Уӕ сывӕллӕттӕ хъуамӕ зоной, цӕуыл тыхсынц, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй дӕр кӕй нӕ ракӕсдзыстут ӕмӕ сӕм мӕсты дӕр кӕй не суыдзыстут. Бирӕ ныййарджытӕ уыцы хъуыддаджы сты фӕзминаг. Иу 19-аздзыд чызг, Кайлӕ, загъта: «Мӕ фыдимӕ мӕ бон у цӕуылфӕнды дӕр аныхас кӕнын. Мӕ ныхас мын ӕрдӕгыл никуы аскъуыны, уайдзӕфтӕ дӕр мын нӕ фӕкӕны, ӕрмӕстдӕр мӕм байхъусы. Уый фӕстӕ мын алы хатт дӕр ратты ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕ».
7. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллонимӕ искӕимӕ ӕмбӕлыны тыххӕй куы ныхас кӕной, уӕд сӕ бон куыд у ӕмбаргӕйӕ архайын?
7 Уӕ сывӕллӕттимӕ, ӕнцон дзурӕн кӕуыл нӕу, ахӕм хъуыддӕгтыл куы ныхас кӕнат, зӕгъӕм, искӕимӕ ӕмбӕлыны тыххӕй, уӕд хъуамӕ ӕмбаргӕйӕ архайат. Уыцы хъуыддаг тӕссаг цӕмӕй у, ӕрмӕст ууыл-иу ма дзурут, фӕлӕ йын баххуыс кӕнут, цӕмӕй йӕм раст цӕстӕй кӕса. Ахъуыды-ма кӕнӕм ахӕм цӕвиттоныл: ресторанмӕ бацыдтӕ ӕмӕ кӕсыс, менюйы цы хӕринӕгтӕ ис, уыдонӕй алкӕцыйы бын дӕр фыст кӕй ис, ацы хӕринагӕй куы бахӕрай, уӕд фӕхъӕстӕ уыдзынӕ, зӕгъгӕ. Ӕвӕццӕгӕн, уырдыгӕй ацӕудзынӕ ӕмӕ ӕндӕр ресторан бацагурдзынӕ. Раст афтӕ, сывӕллоны ӕрмӕстдӕр фӕдзӕхсгӕ куы кӕнай, уӕд ӕй мӕсты цы скӕнай, ӕндӕр ын ницӕмӕй баххуыс кӕндзынӕ ӕмӕ дӕм уынаффӕмӕ дӕр никуыуал ӕрбацӕудзӕн. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:21.) Хуыздӕр уыдзӕн, ӕмбаргӕйӕ куы архайат. Иу ӕрыгон хо, Эмили, зӕгъгӕ, радзырдта: «Мӕ ныййарджытӕ мемӕ искӕимӕ ӕмбӕлыны тыххӕй куы фӕныхас кӕнынц, уӕд мын афтӕ нӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, уый ӕвзӕр цыдӕр у. Фылдӕр мын фӕдзурынц, искӕимӕ базонгӕ уай ӕмӕ дӕхицӕн цардӕмбал ссарай, уым хорзӕй цы ис, уый тыххӕй. Уый фӕрцы мын бирӕ ӕнцондӕр вӕййы семӕ ахӕм цӕуылдӕрты ныхас кӕнын. Ӕмӕ искӕимӕ куы ӕмбӕлон, уӕд ӕй мӕ ныййарджытӕй нӕ басусӕг кӕндзынӕн».
8, 9. а) Уӕ сывӕллӕттӕм-иу кӕронмӕ цӕмӕн хъуамӕ байхъусат? ӕ) Уӕ сывӕллӕттӕм кӕй байхъусут, уый фӕрцы уӕ къухы цы бафтыд?
8 Уӕ сывӕллӕттӕм фӕразонай ӕмӕ хӕларзӕрдӕйӕ куы хъусат, уӕд сын бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн уемӕ ӕргом ныхас кӕнын. (Бакӕс Иаковы 1:19.) Йӕ чызджы иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, иу ахӕм хо, Катя, загъта: «Раздӕр-иу мын мӕ чызг исты куы дзырдта, уӕд-иу ӕй йӕ ныхас кӕронмӕ зӕгъын дӕр нӕ бауагътон. Фӕразондзинад мын нӕ фаг кодта. Аныхас кӕнын-иу ӕй куы фӕндыд, уӕд-иу куы фӕллад уыдтӕн, куы та-иу мӕм дзурын нӕ цыд. Фӕлӕ ныр мӕхи ӕндӕрхуызон дарын райдыдтон, ӕмӕ мӕ чызг дӕр фӕивта. Ныр кӕрӕдзиимӕ бирӕ ӕнгомдӕр стӕм ӕмӕ йын мемӕ ныхас кӕнын ӕнцондӕр вӕййы».
Лӕмбынӕг сӕм хъусут, цӕмӕй сӕ зонат (кӕс 3–9 абзацтӕ)
9 Ӕфсымӕр Рональд дӕр, йӕ чызгыл 16 азы куы цыди, уӕд ахӕм уавӕры уыд. Уый дзуры: «Мӕ чызг мын куы загъта, скъолайы иу лӕппуйы кӕй уарзы, уӕд фыццаг рамӕсты дӕн. Фӕлӕ стӕй ахъуыды кодтон, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытимӕ куыд фӕразон у ӕмӕ семӕ куыд ӕмбаргӕйӕ архайы, ууыл. Ӕмӕ уӕд мӕхицӕн загътон, зӕгъын, хуыздӕр уыдзӕн, мӕ чызгӕн зонд амонын куы нӕ райдайон, фӕлӕ уал ӕй, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый радзурын куы бауадзон. Ӕмӕ куыд хорз у, афтӕ кӕй бакодтон! Мӕ чызджы фыццаг хатт кӕронмӕ бамбӕрстон. Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд мын бирӕ ӕнцондӕр уыд йемӕ фӕлмӕнӕй аныхас кӕнын. Ӕмӕ мын тынг ӕхсызгон уыд, мӕ уынаффӕ мын йӕ зӕрдӕмӕ кӕй айста. Загъта мын, ӕцӕгдӕр ӕй кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ уагахаст фӕива». Уӕ сывӕллӕттимӕ арӕх куы ныхас кӕнат, уӕд зондзыстут, цы хъуыды кӕнынц ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Уый фӕрцы та сын уӕ бон уыдзӕн ӕххуыс кӕнын, царды сӕ цавӕрдӕр уынаффӕтӕ хӕссын куы хъӕуа, уӕдa.
УӔ СЫВӔЛЛӔТТЫ ӔФСАДУТ
10, 11. Уӕ бон куыд у уӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй рӕстдзинады фӕндагӕй ма адзӕгъӕл уой?
10 Хорз фыййау зоны, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ фыстӕй искӕцы дзугӕй адзӕгъӕл уа. Хизгӕ-хизын гыццыл фӕстейӕ аззайы, стӕй дзугӕй адард вӕййы ӕмӕ дзы бынтондӕр фӕхицӕн вӕййы. Афтӕ сывӕллон дӕр, ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ кӕнӕ та ӕвзӕр ирхӕфсӕнты тыххӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ рӕстдзинады фӕндагӕй сабыргай адзӕгъӕл уа (Ӕмб. 13:20). Уӕ бон цы у саразын, цӕмӕй уӕ сывӕллӕтты ахӕм бӕллӕхӕй бахизат?
11 Зӕгъӕм, уӕ сывӕллӕтты сӕхи цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕхуыздӕр кӕнын кӕй хъӕуы, уый бафиппайдтат, уӕд-иу ӕвӕстиатӕй архайут. Ӕххуыс сын кӕнут, цӕмӕй сӕм цы хорз чырыстон миниуджытӕ ис, уыдон сӕ удыхъӕды дарддӕр дӕр фидар кӕной (2 Пет. 1:5–8). Ӕмӕ уый аразӕн ис бинонты ахуыры рӕстӕг. Бинонты ахуыры тыххӕй 2008 азы октябры «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» фыст уыд: «Бинонты хистӕртӕ Йегъовӕйы раз хӕсджын сты, цӕмӕй сӕ бинонтимӕ ӕрвылкъуыри дӕр Библи ахуыр кӕной». Уӕ бинонты ахуыр куыд фӕуадзут, уымӕй бӕрӕг вӕййы, уӕ сывӕллӕттӕн хорз «фыййӕуттӕ» кӕй стут? Дызӕрдыг дӕр ыл ма кӕнут, уӕ сывӕллӕттӕ тынг кӕй аргъ кӕнынц, сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн уӕ хъарутӕ ӕмӕ уӕ рӕстӕгыл кӕй нӕ ауӕрдут, уымӕн (Матф. 5:3; Фил. 1:10).
Ӕфсадут сӕ (кӕс 10–12 абзацтӕ)
12. а) Бинонтӕ ӕдзухдӕр иумӕ Библи кӕй фӕахуыр кӕнынц, уый ӕрыгӕттӕн куыд ӕххуыс кӕны? (Ноджыдӕр ма кӕс рамкӕ «Бинонты ахуырӕн аргъ кӕнынц».) ӕ) Дӕуӕн та бинонты ахуыр куыд ӕххуыс кӕны?
12 Иу ӕрыгон чызг, Кариссӕ, радзырдта, сӕ бинонты ахуыр сын цы пайда хӕссы, уый тыххӕй: «Мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы, иумӕ кӕй ӕрӕмбырд вӕййӕм ӕмӕ кӕй аныхас кӕнӕм. Афтӕмӕй кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕнӕм, стӕй нын ӕхсызгон вӕййы уыцы рӕстӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын. Мӕ фыд фӕархайы, цӕмӕй нын бинонты ахуыр ӕдзухдӕр уа. Уыцы хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы, уый уынгӕйӕ мӕн дӕр фӕнды, цӕмӕй ӕз дӕр нӕ бинонты ахуырмӕ ахӕм цӕстӕй кӕсон. Нӕ уырнындзинадыл нын афтӕ кӕй тыхсы, уый тыххӕй йын ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын». Ноджыдӕр ма иу ӕрыгон хо, Бритни, загъта: «Бинонты ахуыры руаджы мӕ ныййарджытимӕ ӕнгомӕй-ӕнгомдӕр кӕнын. Уынын ӕй, кӕй сӕ фӕнды мӕ зындзинӕдты тыххӕй зонын ӕмӕ мын ӕххуыс кӕнын. Бинонты ахуыры фӕрцы кӕрӕдзийыл ӕнувыддӕр стӕм». Ныййарджытӕн сӕ сӕйраг нысан у сӕ сывӕллӕтты ӕфсадын, ома сын ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы тынгдӕр уарзой. Ӕмӕ уымӕн ӕппӕты хуыздӕр мадзӕлттӕй иу у бинонты ахуырb.
УӔ СЫВӔЛЛӔТТӔН РАЗАМЫНД ДӔТТУТ
13. Цы хъӕуы, цӕмӕй сывӕллоны бафӕнда Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын?
13 Хорз фыййау йӕ лӕдзӕгӕй йӕ фысты здахы ӕмӕ сӕ хъахъхъӕны. Йӕ сӕйраг нысан вӕййы, цӕмӕй сӕ «кӕрдӕгджын сӕрвӕттӕм» кӕна (Йез. 34:13, 14). Ныййарджытӕ, сымахӕн дӕр уӕ нысан ахӕм у. Сымах фӕнды, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн раст фӕндаг амонат, ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайой. Фӕнды уӕ, цӕмӕй уыдон дӕр псаломзарӕггӕнӕгау зӕгъой: «О мӕ Хуыцау, дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын мын у цины хос. Дӕ закъон ис мӕ зӕрдӕйы» (Пс. 40:8). Уӕ сывӕллӕттӕн ӕцӕгдӕр ахӕм зӕрдӕйы уаг куы уа, уӕд сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕндзысты ӕмӕ донаргъуыд райсдзысты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ йӕ ӕмбарой, уыцы къахдзӕф скӕнын цӕуыл дзурӕг у, стӕй сӕ хъуамӕ зӕрдӕйӕ фӕнда Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын.
14, 15. а) Чырыстон ныййарджытӕ цӕуыл хъуамӕ архайой? ӕ) Ӕрыгӕттӕ рӕстдзинадыл цӕмӕн фӕдызӕрдыг кӕнынц?
14 Фӕлӕ уӕм, зӕгъӕм, афтӕ кӕсы, ӕмӕ уӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр нӕ кӕнынц. Ӕмӕ ма, чи зоны, дызӕрдыг дӕр кӕнынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дин раст дин кӕй у, ууыл. Ахӕм уавӕры куыд хъуамӕ бакӕнат? Ӕппӕт тыхтӕй бацархайут, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы бауарзой ӕмӕ, Хуыцау цыдӕриддӕр сарӕзта, уымӕн аргъ кӕнын райдайой (Рарг. 4:11). Ӕмӕ цӕттӕ куы уой, уӕд сӕ бон уыдзӕн аскъуыддзаг кӕнын, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзысты ӕви нӕ.
15 Уӕдӕ кӕд уӕ сывӕллӕттӕ цӕуылдӕр дызӕрдыг кӕнынц, уӕд уӕ бон цы у саразын? Уӕ бон сын куыд у бамбарын кӕнын, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг кӕй у ӕмӕ йыл куы цӕуой, уӕд ӕнустӕм амондджын кӕй уыдзысты? Бацархайут, цӕмӕй сбӕлвырд кӕнат, ӕцӕгӕй цӕмӕн дызӕрдыг кӕнынц, уый. Зӕгъӕм, уӕ лӕппу ӕцӕгдӕр Библийы ахуырӕдтимӕ нӕу разы? Ӕви хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ йын йе ’мгӕртты раз уыцы ахуырӕдты сӕрыл дзурын зын вӕййы? Уӕ чызг ӕцӕгдӕр ууыл дызӕрдыг кӕны, ӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын хорз кӕй у? Ӕви хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ йӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ никӕй хъӕуы?
Разамынд сын дӕттут (кӕс 13–18 абзацтӕ)
16, 17. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы бауарзой?
16 Уӕ бон куыд у уӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй мауал дызӕрдыг кӕной, раст фӕндагыл кӕй цӕуӕм, ууыл? Бирӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кодтой ахӕм фарстаты руаджы: «Куыд хъуыды кӕныс, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн уай, уый ӕнцон у ӕви зын? Дӕумӕ гӕсгӕ, уый адӕймагӕн хорзӕй цы хӕссы? Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕнай, уӕд цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдзынӕ? Ныр цы хорздзинӕдтӕй стӕм хайджын ӕмӕ ма фидӕны дӕр цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм, уыдонмӕ цы цӕстӕй кӕсыс? Уыцы арфӕдзинӕдтӕ уый аргъ не сты, цӕмӕй уыцы зындзинӕдтӕн бафӕразӕм?» Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хуыздӕр уыдзӕн, ацы фарстатӕ уӕхи ныхӕстӕй куы дӕттат ӕмӕ семӕ фӕлмӕнӕй куы ныхас кӕнат. Афтӕ-иу сӕ ма фӕрсут, цыма сӕ аххосджын кӕнут, фӕлӕ-иу уӕ ныхасӕй бӕрӕг уӕд, кӕй сыл тыхсут. Уӕ бон у, ӕмӕ аныхас кӕнат, Марчы 10:29, 30 цы фыст ис, ууыл. Чи зоны, сывӕллоны бафӕнда йӕ дзуаппытӕ гӕххӕттыл ныффыссын: иуырдыгӕй ныффыссӕд, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕны, уый йын хорзӕй цы хӕссы, иннӕрдыгӕй та – уый тыххӕй цавӕр зындзинӕдтӕ ’взары. Уый фӕрцы уӕхицӕн дӕр ӕмӕ уӕ сывӕллонӕн дӕр уӕ бон уыдзӕн сбӕлвырд кӕнын, ӕцӕгӕй цӕмӕн дызӕрдыг кӕны ӕмӕ йын куыд ис баххуыс кӕнӕн. Кӕд, адӕмимӕ Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы брошюрӕтӕ ӕмӕ чиныг «Хуыцауы уарзт» иннӕтимӕ фӕахуыр кӕнӕм, уӕд сӕ нӕ сывӕллӕттимӕ дӕр куыннӕ хъуамӕ ахуыр кӕнӕм! Сымах дӕр уыцы публикацитӕ ахуыр кӕнут?
17 Рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд уӕ сывӕллӕтты хъӕудзӕн аскъуыддзаг кӕнын, сӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кӕндзысты ӕви нӕ. Ӕмӕ уыцы уынаффӕ рахӕсдзысты, сӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы кӕй уарзынц, уый тыххӕй (Ӕмб. 3:1, 2). Фӕлӕ, зӕгъӕм, уынут, уӕ сывӕллон Йегъовӕмӕ кӕй не ’ввахс кӕны, уӕд та? Баразӕнгард ӕй кӕнут, цӕмӕй арфдӕр ахъуыды кӕна Библийы сӕйраг ахуырӕдтыл. Хорз уаид, ахӕм фарстатыл куы ахъуыды кӕнид: «Хуыцау кӕй ис, уый ӕз кӕцӕй зонын? Йегъовӕ мыл кӕй тыхсы, ууыл ӕз цӕмӕн ӕууӕндын? Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын мӕхи пайдайӕн кӕй у, уый мӕ цӕмӕн уырны?» Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн хорз «фыййӕуттӕ» ут ӕмӕ сын фӕразонӕй разамынд дӕттут. Ӕххуыс сын кӕнут, цӕмӕй сӕхицӕн сбӕлвырд кӕной, Йегъовӕйы фӕндаг царды хуыздӕр фӕндаг кӕй у, уыйc (Ром. 12:2).
18. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у Кадджын Фыййау Йегъовӕйы фӕзмын?
18 Ӕцӕг чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр фӕнды, цӕмӕй Кадджын Фыййау Йегъовӕйы фӕзмой (Еф. 5:1; 1 Пет. 2:25). Ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ «фысты» – сӕ зынаргъ хъӕбулты – хорз зоной ӕмӕ сын раст фӕндаг амоной, цӕмӕй Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уой. Уӕдӕ уӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразут, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн хорз «фыййӕуттӕ» уат, ӕмӕ уый фӕрцы Йегъовӕ Хуыцауы бауарзой!
a Ацы хъуыддаджы фӕдыл фылдӕр уынаффӕтӕ бакӕсӕн ис 2008 азы октябрь–декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 18–20 фӕрстӕ.
b Фылдӕр базоныны тыххӕй кӕс 2009 азы 15 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», статья «Уӕ бинонтимӕ Библи ахуыр кӕнут, цӕмӕй фервӕзат», 29–31 фӕрстӕ.
c Ацы хъуыддагыл бӕстондӕр дзырд цӕуы брошюрӕйы «Армагеддон цы у? Кӕд райдайдзӕн?», 18–21 фӕрстӕ.