Сӕфт ӕрцӕудзӕн фӕстаг знаг – мӕлӕт
«Сӕфт ӕрцӕудзӕн фӕстаг знаг дӕр – мӕлӕт» (1 КОР. 15:26).
1, 2. Адам ӕмӕ Евӕ райдианы цавӕр уавӕрты цардысты ӕмӕ уый фӕдыл цавӕр фарстатӕ фӕзыны?
ХУЫЦАУ Адам ӕмӕ Евӕйы куы сфӕлдыста, уӕд сын иу знаг дӕр нӕ уыд. Уыдон уыдысты ӕххӕст адӕймӕгтӕ ӕмӕ цардысты дзӕнӕты. Сывӕллӕттӕ сӕ фыдимӕ куыд ӕнгом вӕййынц, Адам ӕмӕ Евӕ дӕр се Сфӕлдисӕгимӕ афтӕ ӕнгом уыдысты (Райд. 2:7–9; Лук. 3:38). Цы диссаджы цард сӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый бӕрӕг уыд, Хуыцау сын цы бахӕс кодта, уымӕй. (Бакӕс Райдиан 1:28.) Цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ «зӕхх байдзаг кодтаиккой» ӕмӕ йын «хицау уыдаиккой», ома дзы ӕнӕхъӕнӕй дӕр дзӕнӕт сарӕзтаиккой, уый тыххӕй сӕ иу цасдӕр рӕстӕг йеддӕмӕ нӕ хъуыдаид. Фӕлӕ цӕмӕй, «зӕххыл цӕрӕгойӕ цыдӕриддӕр змӕлы, уыдонмӕ» сӕ хъус дардтаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ цардаиккой ӕнустӕм, ӕмӕ сӕ уыцы диссаджы хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнын мӕлӕт никуы бахъыгдардтаид.
2 Фӕлӕ цымӕ уӕд абон царды уавӕртӕ бынтон ӕндӕрхуызон цӕмӕн сты? Адӕмы амондджынӕй цӕрын чи нӕ уадзы, уыцы «знӕгтӕ», уыимӕ нӕ сӕйраг знаг – мӕлӕт – куыд фӕзындысты? Хуыцау уыцы знӕгты куыд фесафдзӕн? Ацы ӕмӕ ма ӕндӕр ахӕм фарстатӕн дзуапп ис Библийы. Цӕй ӕмӕ сыл аныхас кӕнӕм.
УАРЗӔГОЙ ХУЫЦАУЫ ФӔДЗӔХСТ
3, 4. а) Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы цӕмӕй бафӕдзӕхста? ӕ) Уыцы фӕдзӕхстмӕ хъусын ахсджиаг цӕмӕн уыд?
3 Кӕд Адам ӕмӕ Евӕйӕн ӕнустӕм цӕрыны фадат уыд, уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ мӕлӕтӕй хызт уыдысты. Цӕмӕй ма амардаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди улӕфын, нуазын, фынӕй кӕнын ӕмӕ хӕрын. Ӕппӕты сӕйрагдӕр та уыди, цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ уыдаиккой (Дык. з. 8:3). Хуыцауы разамындмӕ куы хъуыстаиккой, уӕд ӕнустӕм цардаиккой ӕмӕ сӕ цардӕй райгонд уыдаиккой. Йегъовӕ Евӕйы куы нӕма сфӕлдыста, уӕдмӕ Адамы бафӕдзӕхста: «Цӕхӕрадоны алы бӕласӕй дӕр хӕр, цас дӕ хъӕуы, уыйбӕрц. Фӕлӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй ма бахӕр. Цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон амӕлдзынӕ» (Райд. 2:16, 17).
4 Уыцы бӕлас уымӕ амыдта, ӕмӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый скъуыддзаг кӕныны бар ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн ис. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый Адам уӕдмӕ дӕр ӕмбӕрста, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау скодта йӕхимӕ гӕсгӕ, стӕй йӕ схайджын кодта ӕфсармӕй дӕр. Уыцы бӕлас Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, Йегъовӕйы разамынд сӕ алкӕддӕр кӕй хъӕудзӕн. Йӕ дыргътӕй йын куы бахордтаиккой, уӕд та цыма Хуыцауӕн афтӕ загътаиккой: «Мах дӕ разамынд нӕ хъӕуы». Уый сӕ хорзӕй ницӕмӕ ӕркодтаид – Хуыцау сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр амардаиккой.
АДӔМ МӔЛЫН ЦӔМӔН РАЙДЫДТОЙ?
5. Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы фӕдзӕхсты сӕрты куыд ахызтысты?
5 Адам Евӕйӕн дӕр радзырдта, Хуыцау ӕй цӕмӕй бафӕдзӕхста, уый тыххӕй. Евӕ уыцы фӕдзӕхст хорз ӕмбӕрста, ӕмӕ фӕстӕдӕр, Сайтан Хӕйрӕг йемӕ калмы уылты куы ныхас кодта, уӕд, уыцы фӕдзӕхст, зӕгъӕн ис, ӕмӕ дзырдӕй-дзырдмӕ радзырдта (Райд. 3:1–3). Хӕйрӕг уыди Хуыцауы уӕларвон фырт, фӕлӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй йыл Хуыцауы бар мауал цыдаид ӕмӕ хицау йӕхӕдӕг суыдаид. Уыцы ӕвзӕр фӕндӕн уайтагъд йӕ хурхыл кӕй нӕ бахӕцыд, уый тыххӕй йын йӕ зӕрдӕйы уидаг ауагъта. (Абар Иаковы 1:14, 15.) Цӕмӕй йӕ фӕнд йӕ къухы бафтыдаид, уый тыххӕй Евӕйӕн загъта, Хуыцау сайгӕ кӕны, зӕгъгӕ. Загъта йын, Хуыцауы коммӕ куы нӕ бакӕса, уӕд кӕй нӕ амӕлдзӕн, фӕлӕ Хуыцауы хуызӕн кӕй суыдзӕн (Райд. 3:4, 5). Евӕ йыл баууӕндыд, бӕласы дыргътӕй бахордта, ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, Хуыцауы коммӕ кӕсын ӕй кӕй нӕ фӕнды. Уый фӕстӕ дзы Адамӕн дӕр бахӕрын кодта (Райд. 3:6, 17). Фӕлӕ Хӕйрӕг кодта сайгӕ. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 2:14.) Адам уый зыдта, фӕлӕ уӕддӕр йӕ усы ныхасмӕ байхъуыста. Кӕд афтӕ ахъуыды кӕнӕн уыди, ӕмӕ калмы сӕ хорз фӕнды, уӕддӕр уый афтӕ нӕ уыд. Сайтан Хӕйрӕг уыди ӕгъатыр знаг ӕмӕ зыдта, Евӕйӕн цы аразын кӕны, уый стыр бӕллӕхтӕм кӕй ӕркӕндзӕн.
6, 7. Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн куыд тӕрхон кодта?
6 Адам ӕмӕ Евӕ рацыдысты Йегъовӕйы ныхмӕ – цард сын чи балӕвар кодта ӕмӕ сын алцыдӕр чи радта, уый ныхмӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ зыдта, цы ’рцыд, уый. (1 Аз. 28:9; бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 15:3). Хуыцау Адамӕн, Евӕйӕн ӕмӕ Хӕйрӕгӕн фадат радта, цӕмӕй равдыстаиккой, цы зӕрдӕ йӕм дарынц, уый. Сӕ Фыд кӕй уыди, уый тыххӕй йӕ зӕрдӕ тынг фӕрыст, цы сарӕзтой, ууыл. (Абар Райдиан 6:6.) Ныр хъуамӕ суыдаид Тӕрхонгӕнӕг – цы тӕрхон сӕм ӕмбӕлд, уый хъуамӕ сӕххӕст кодтаид.
7 Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласы тыххӕй Хуыцау Адамӕн загъта: «Цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон амӕлдзынӕ». Ӕвӕццӕгӕн, Адам афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ «уыцы бон» амоны, 24 сахаты кӕм ис, ахӕм бонмӕ. Хуыцауы ныхасы сӕрты куы ахызт, уӕд, чи зоны, хъуыды кодта, хур нӕма аныгуылдзӕн, афтӕ кӕй амӕлдзӕн. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «рог дымгӕ куы радымы, уыцы афон» Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕимӕ ныхас кӕнын райдыдта (Райд. 3:8). Йегъовӕ раст Тӕрхонгӕнӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ уал сын радта ныхасы бар (Райд. 3:9–13). Ӕмӕ уый фӕстӕ фыдгӕнджытӕн мӕлӕты тӕрхон рахаста (Райд. 3:14–19). Уыцы тӕккӕ сӕ куы фесӕфтаид, уӕд ӕм Адам ӕмӕ Евӕйы тыххӕй, стӕй сӕ байзӕддӕгты тыххӕй цы фӕнд уыд, уый фехӕлдаид (Ис. 55:11). Ӕмӕ кӕд тӕригъӕд Адам ӕмӕ Евӕйы буары уайтагъд йӕ кӕнон кӕнын райдыдта, уӕддӕр сын Хуыцау фадат радта, цӕмӕй цот рауагътаиккой ӕмӕ уыцы цот хуыздӕр цардӕй схайджын уыдаид. Фӕлӕ Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд цы бон ракодтой, уыцы бон Хуыцауы цӕсты амардысты. Иу мин азы Йегъовӕйы цӕсты иу боны хуызӕн кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр иу «бонӕй» фылдӕр нӕ фӕцардысты (2 Пет. 3:8).
8, 9. Адамы тӕригъӕд йӕ байзӕддӕгтыл куыд фӕзынд? (Кӕс нывмӕ 23 фарсыл.)
8 Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхасы сӕрты кӕй ахызтысты, уый цымӕ сӕ сывӕллӕттыл дӕр фӕзынд? О, фӕзынд. Апостол Павел ныффыста: «Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд». Стӕй ма загъта: «Иу адӕймаг ӕгоммӕгӕс кӕй разынд, уый аххосӕй бирӕтӕ тӕригъӕдджынтӕ... систы» (Ром. 5:12, 19). Ӕппӕты фыццаг амард Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг – Авел (Райд. 4:8). Уый фӕстӕ Адамӕн йӕ иннӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты сывӕллӕттӕ дӕр базӕронд сты ӕмӕ амардысты. Адӕм иууылдӕр Адамӕй сӕ туджы рахастой тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт – уыдон сты, аирвӕзӕн кӕмӕй нӕй, уыцы знӕгтӕ. Тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт Адамӕй йӕ сывӕллӕттӕм куыд ахызтысты, уый бӕлвырд нӕ зонӕм, фӕлӕ нӕхи цӕстӕй уынӕм, уый цӕмӕ ӕркодта.
9 Библи тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт бары, «ӕппӕт адӕмыхӕттыты дӕр чи ӕрбатыхта, уыцы ӕмбӕрзӕнимӕ» ӕмӕ, «ӕппӕт адӕмтыл дӕр ӕмбӕрзт чи у, уыцы уӕфт хъуымацимӕ» (Ис. 25:7). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт адӕмы се ’ппӕты дӕр сӕ быны скодтой, сулӕфын сӕ чи нӕ уадзы, ахӕм «ӕмбӕрзӕнау». Уымӕ гӕсгӕ Библи зӕгъы: «Адамы аххосӕй адӕм иууылдӕр мӕлынц» (1 Кор. 15:22). Ӕмӕ Павелмӕ дӕр дзӕгъӕлы нӕ фӕзынд ахӕм фарста: «Чи мӕ фервӕзын кӕндзӕн, мӕлӕтмӕ мӕ чи кӕны, уыцы буарӕй?» (Ром. 7:24). Цымӕ Павелы фервӕзын кӕнын искӕй бон уыд?a
ТӔРИГЪӔД ӔМӔ МӔЛӔТ СӔФТ ӔРЦӔУДЗЫСТЫ
10. а) Библийӕ цавӕр стихтӕй у бӕрӕг, Йегъовӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт кӕй фесафдзӕн? ӕ) Уыцы стихтӕй Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырты тыххӕй цы ис базонӕн?
10 Павелы фервӕзын кӕнын йӕ бон уыди Йегъовӕйӕн. Исай «ӕмбӕрзӕны» кой куы скодта, уӕд уый хӕдфӕстӕ загъта: «Уый фесафдзӕн мӕлӕт ӕнустӕм, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ се ’ппӕтӕн дӕр сӕ цӕссыгтӕ сӕ рустӕй ныссӕрфдзӕн» (Ис. 25:8). Фыд йӕ сывӕллӕтты, цы сӕ фӕтыхсын кӕны, уымӕй куыд фервӕзын кӕны ӕмӕ сын сӕ цӕссыгтӕ куыд ныссӕрфы, афтӕ Йегъовӕ дӕр адӕмы мӕлӕтӕй фервӕзын кӕндзӕн. Хуыцауӕн ма ис ӕххуысгӕнӕг дӕр. Фыццаг Коринфӕгтӕм 15:22 фыст ис: «Адамы аххосӕй адӕм иууылдӕр куыд мӕлынц, афтӕ Чырыстийы фӕрцы та иууылдӕр райгас уыдзысты». Павел афтӕ куы бафарста, «чи мӕ фервӕзын кӕндзӕн», зӕгъгӕ, уӕд йӕхӕдӕг йӕ фарстайӕн дзуапп радта: «Ӕз бузныг зӕгъын Хуыцауӕн, уый мӕ фервӕзын кӕндзӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы!» (Ром. 7:25). Уӕдӕ кӕд Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд ракодтой, уӕддӕр Йегъовӕ адӕмыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы сфӕлдисынӕн чи ӕххуыс кодта, уый дӕр адӕмы раздӕрау уарзы (Ӕмб. 8:30, 31). Фӕлӕ цӕмӕй адӕм тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзтаиккой, уый тыххӕй бӕлвырдӕй цы саразын хъуыди?
11. Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй адӕмӕн баххуыс кодтаид?
11 Адам тӕригъӕд куы ракодта, уӕд ын Йегъовӕ рахаста мӕлӕты тӕрхон. Ӕмӕ уый аххосӕй адӕм се ’ппӕт дӕр сӕ туджы рахастой тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт (Ром. 5:12, 16). Ромӕгтӕм 5:18 фыст ис: «Иу тӕригъӕды тыххӕй алыхуызон адӕм аххосджыныл нымад... ӕрцыдысты». Ахӕм уавӕры Йегъовӕйӕн йӕ бон цы уыд саразын, цӕмӕй адӕмы йӕ тӕрхонӕй дӕр ссӕрибар кодтаид ӕмӕ йӕ закъӕтты сӕрты дӕр ма ахызтаид? Ацы фарстайӕн дзуапп базонӕн ис Йесойы ныхӕстӕй. Уый загъта, зӕхмӕ кӕй ӕрцыд, цӕмӕй «йӕ уд ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матф. 20:28). Йесо ӕххӕст адӕймаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыди адӕмы балхӕнын. Фӕлӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йесойы нывонд уыд, Йегъовӕйы раст тӕрхон цы домдта, уый? (1 Тим. 2:5, 6).
12. Йегъовӕйы раст закъонмӕ гӕсгӕ сӕрмӕ-сӕр аргъ цы уыд?
12 Йесо уыди ӕххӕст адӕймаг ӕмӕ Адамау йӕ бон уыд ӕнустӕм цӕрын. Фӕлӕ йӕ Фыды дӕр ӕмӕ Адамы байзӕддӕгты дӕр тынг кӕй уарзта, уый тыххӕй йӕ цард нывондӕн радта. Фӕстӕдӕр Йегъовӕ йӕ Фырты уӕларвон буары райгас кодта (1 Пет. 3:18). Йегъовӕйы раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ Йесойы нывонд уыди сӕрмӕ-сӕр аргъ, уымӕн ӕмӕ ӕххӕст царды бӕсты лӕвӕрд ӕрцыд ӕххӕст цард. Афтӕмӕй Йесойы фӕрцы Адамы байзӕддӕгтӕн фӕзынд ӕнустӕм цӕрыны фадат. Павел дӕр Йесойы тыххӕй уымӕн загъта: «Фыст дӕр афтӕ у: „Фыццаг Адам сси цӕрӕг уд“. Фӕстаг Адам та сси царддӕттӕг уӕларвон удгоймаг» (1 Кор. 15:45).
Чырыстийы нывонд пайда ӕрхӕсдзӕн Авелӕн, адӕмӕй фыццаг чи амард, уымӕн (кӕс 13 абзац)
13. Чи амард, уыдонӕн «фӕстаг Адамы» фӕрцы цавӕр ныфс ис?
13 Тынг тагъд «фӕстаг Адамы» фӕрцы Адамы байзӕддӕгтӕн сӕ бон уыдзӕн ӕнустӕм цӕрын. Ӕнустӕм цӕрыны ныфс уыдзӕн, чи амард, уыдонӕн сӕ фылдӕрӕн дӕр. Чырысти сӕ фӕстӕмӕ цардмӕ раздахдзӕн, ӕмӕ зӕххыл цӕрдзысты (Иоан. 5:28, 29).
14. Адӕм ӕнӕххӕстдзинадӕй куыд ссӕрибар уыдзысты?
14 Адӕм ӕнӕххӕстдзинадӕй куыд ссӕрибар уыдзысты? Йегъовӕ уый сараздзӕн йӕ Паддзахады фӕрцы. Паддзӕхтӕ дзы сты Йесо Чырысти ӕмӕ адӕмӕй ӕвзӕрст 144 мины. (Бакӕс Раргомад 5:9, 10.) 144 мины хорз ӕмбардзысты, сӕ дӕлбар чи уыдзӕн, уыдоны, уымӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр уыдысты ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕ. Мин азы дӕргъы Йесо ӕмӕ, йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон адӕмӕн ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ӕххӕст суой (Рарг. 20:6).
15, 16. а) Мӕлӕтӕн кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн? ӕ) 1 Коринфӕгтӕм 15:28 стихмӕ гӕсгӕ Йесо йӕ рӕстӕджы цы сараздзӕн?
15 Уыцы мин азы кӕрон коммӕгӕс адӕм ссӕрибар уыдзысты, Адамы ӕгоммӕгӕсдзинады тыххӕй сын цы знӕгтӕ фӕзынд, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр. Библийы фыст ис: «Адамы аххосӕй адӕм иууылдӕр куыд мӕлынц, афтӕ Чырыстийы фӕрцы та иууылдӕр райгас уыдзысты. Ӕрмӕст алчидӕр йӕхи афон: фыццаг – Чырысти, уый фӕстӕ та, Чырыстийы чи у, уыдон [йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон], куы ’рцӕуа, уӕд. Стӕй кӕроны, ӕппӕт хицаудзинӕдтӕ, хицауӕдтӕ ӕмӕ барджынты дӕр куы фесафа, уӕд, паддзахад ратдзӕн йӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фыды къухтӕм. Чырысти паддзах уыдзӕн, цалынмӕ йын Хуыцау йе знӕгты се ’ппӕты дӕр йӕ къӕхты бын не ’рӕвӕра, уӕдмӕ. Сӕфт ӕрцӕудзӕн фӕстаг знаг дӕр – мӕлӕт» (1 Кор. 15:22–26). Адамӕй нӕ туджы кӕй рахастам, уыцы мӕлӕт ӕппынфӕстаг сӕфт ӕрцӕудзӕн. Ӕнустӕм ист ӕрцӕудзӕн, ӕппӕт адӕмы дӕр чи ӕмбӕрзы, уыцы «ӕмбӕрзӕн» (Ис. 25:7, 8).
16 Апостол Павел дарддӕр ныффыста: «Ӕмӕ йын Хуыцау ӕппӕт дӕр йӕ дӕлбар куы бакӕна, уӕд Фырт йӕхӕдӕг дӕр йӕхи бакӕндзӕн, ӕппӕт дӕр ын йӕ дӕлбар чи бакодта, уый дӕлбар, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр Хуыцау уа йӕ иунӕг Хицау» (1 Кор. 15:28). Хуыцауы Фырт сӕххӕст кӕндзӕн, Паддзахӕй ӕвӕрд кӕй тыххӕй ӕрцыд, уыцы хъуыддаг. Уый фӕстӕ йӕ бартӕ фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ ратдзӕн ӕмӕ йын йӕ разы ӕрлӕууын кӕндзӕн ӕххӕст адӕмы.
17. Сайтан ӕппынфӕстаг цы фӕуыдзӕн?
17 Цымӕ Сайтан, адӕмы бӕллӕхты аххосджын чи у, уый та цы фӕуыдзӕн? Ацы фарстайӕн дзуапп ис Раргомады 20:7–15. Мин азы кӕрон ӕххӕст адӕм фӕстаг хатт фӕлвӕрд ӕрцӕудзысты – Сайтанӕн бар лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, цӕмӕй сӕ фӕсайа. Хӕйрӕг ӕмӕ, йӕ зондыл чи ацӕуа, уыдон ӕнустӕм фесӕфдзысты, ӕмӕ уый уыдзӕн «дыккаг мӕлӕт» (Рарг. 21:8). «Дыккаг мӕлӕт» сӕфт никуы ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ, уыцы мӕлӕт кӕй баййафа, уыдон никуыуал райгас уыдзысты. Фӕлӕ, Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йын иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕн «дыккаг мӕлӕтӕй» тӕссаг нӕ уыдзӕн.
18. Хуыцау Адамӕн цы бахӕс кодта, уый куыд сӕххӕст уыдзӕн?
18 Уыцы рӕстӕг Йегъовӕ, зӕххыл цы ӕххӕст адӕм уа, уыдоны се ’ппӕты дӕр ӕнустӕм цӕрыны аккагыл банымайдзӕн. Адӕмӕн иу знаг дӕр нал уыдзӕн. Хуыцау Адамӕн цы бахӕс кодта, уый сӕххӕст уыдзӕн ӕнӕ Адамӕй. Зӕхх байдзаг уыдзӕн йӕ байзӕддӕгтӕй, ӕмӕ уыдон зӕрдӕрухсӕй зилдзысты зӕхмӕ ӕмӕ алыхуызон цӕрӕгойтӕм. Куыд амондджын стӕм, тагъд рӕстӕджы нӕ фӕстаг знаг, мӕлӕт, Йегъовӕйы фӕндӕй сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн!
a Чиныджы «Понимание Писания» фыст ис, зӕгъгӕ, адӕм цӕмӕн зӕронд кӕнынц ӕмӕ цӕмӕн мӕлынц, уый ӕмбарын кӕнгӕйӕ ахуыргӕндтӕ рох кӕнынц иу хъуыддаг: фыццаг дыууӕ адӕймагӕн мӕлӕты тӕрхон рахаста Сфӕлдисӕг, ӕмӕ уыцы тӕрхон куыд сӕххӕст вӕййы, уый нӕ бон кӕронмӕ бамбарын нӕу (статья «Жизнь», дӕлсӕргонд «Старение и смерть»).