Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 2 сӕр, 10 ф.–11 ф., 1 абз.
  • Хуыцау сфӕлдыста фыццаг нӕлгоймаджы ӕмӕ сылгоймаджы

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцау сфӕлдыста фыццаг нӕлгоймаджы ӕмӕ сылгоймаджы
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Цӕмӕн зӕронд кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн мӕлӕм?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2019
  • Сӕфт ӕрцӕудзӕн фӕстаг знаг – мӕлӕт
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Чырыстийы мӕлӕт ӕмӕ райгасдзинад. Дӕумӕ куыд хауынц?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 2 сӕр, 10 ф.–11 ф., 1 абз.
Адам ӕмӕ Евӕ Едемы цӕхӕрадоны

2 СӔРГОНД

Хуыцау сфӕлдыста фыццаг нӕлгоймаджы ӕмӕ сылгоймаджы

Йегъовӕ зӕххыл иу ран скодта рӕсугъд цӕхӕрадон. Уыцы бынат хуынди Едем ӕмӕ дзы уыди бирӕ дидинджытӕ, бӕлӕстӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ. Уый фӕстӕ Хуыцау сыджытӕй скодта фыццаг нӕлгоймаджы, Адамы, ӕмӕ йын йӕ фындзыхуынчъыты баулӕфыд. Ӕмӕ цы ’рцыд, уый зоныс? Адам сси удӕгас адӕймаг! Йегъовӕ йын бахӕс кодта, цӕмӕй Едемы цӕхӕрадонмӕ зылдаид, стӕй цӕмӕй цӕрӕгойтӕн се ’ппӕтӕн дӕр нӕмттӕ радтаид.

Фӕлӕ Йегъовӕ Адамы иу цӕмӕйдӕр бафӕдзӕхста. Загъта йын: «Цӕхӕрадоны алы бӕласы дыргътӕй дӕр дӕ бон у хӕрын. Фӕлӕ иу бӕласы дыргътӕй ма бахӕр. Куы дзы бахӕрай, уӕд амӕлдзынӕ».

Фӕстӕдӕр Йегъовӕ загъта: «Адамӕн ӕххуысгӕнӕг скӕнон». Хуыцау афтӕ бакодта, цӕмӕй Адам бафынӕй уыдаид ӕмӕ мацы ӕмбӕрстаид. Стӕй йын йӕ фӕрсчытӕй иу систа ӕмӕ йын дзы ус скодта. Йӕ ном хуынди Евӕ. Адам ӕмӕ Евӕ систы фыццаг бинонтӕ. Цымӕ Адам цин кодта, ус ын кӕй фӕзынд, ууыл? О. Уый загъта: «Мӕнӕ диссаг, Йегъовӕ мӕ фӕрскӕй цы скодта! Кӕдӕй-уӕдӕй! Мӕн хуызӕн чидӕр ма фӕзынд».

Йегъовӕ Адамӕн ӕмӕ Евӕйӕн загъта, цӕмӕй сывӕллӕттӕ рауагътаиккой ӕмӕ зӕхх адӕмӕй байдзаг кодтаиккой. Хуыцауы фӕндыд, цӕмӕй адӕм иумӕ цингӕнгӕйӕ куыстаиккой ӕмӕ ӕнӕхъӕн зӕххӕй дзӕнӕт скодтаиккой. Афтӕмӕй зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр Едемы цӕхӕрадоны хуызӕн рӕсугъд суыдаид. Фӕлӕ хабар афтӕ нӕ рауад. Цӕуылнӕ? Уый тыххӕй базондзыстӕм иннӕ сӕрӕй.

«Райдианы сӕ чи сфӕлдыста, уый сӕ нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй... сфӕлдыста» (Матфейы 19:4)

Фарстатӕ. Йегъовӕ Адамӕн цавӕр куыст бахӕс кодта? Хуыцау Адамӕн ӕмӕ Евӕйӕн цы бӕласӕй загъта, ма дзы бахӕрут, зӕгъгӕ, уымӕй куы бахордтаиккой, уӕд цы ’рцыдаид?

Райдиан 1:27–31; 2:7–9, 15–23; Псалом 115:16; Матфейы 19:4–6

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын