СӔЙРАГ ТЕМӔ | ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД. ЦЫ ПАЙДА ДЫН ӔРХӔСДЗӔН?
Хуыцауы Паддзахад. Йесо Чырыстийӕн ахсджиаг цӕмӕн у?
Йесо Чырысти зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд бирӕ хабӕрттыл дзырдта. Зӕгъӕм, йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта, куыд хъӕуы кувын, стӕй сӕ цы аразын хъӕуы, цӕмӕй сӕ Хуыцау райгонд уа ӕмӕ ӕцӕг амондджын уой (Матфейы 6:5–13; Марчы 12:17; Лукайы 11:28). Фӕлӕ ӕппӕты фылдӕр Йесо уарзта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзурын ӕмӕ уымӕй арӕхдӕр ницӕй кой кодта (Лукайы 6:45).
Фыццаг статьяйы куыд загътам, афтӕмӕй Йесойӕн ӕппӕты ахсджиагдӕр уыд «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын» (Лукайы 8:1). Йесо йӕхиуыл нӕ ауӕрста: Израилы зӕххыл сӕдӕгай километртӕ фистӕгӕй фӕцыд, цӕмӕй адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзырдтаид. Хорз хабар куыд хъусын кодта, уый тыххӕй фыст ис цыппар Евангелийы. Уым Хуыцауы Паддзахады кой ӕмбӕлы 100 хаттӕй фылдӕр – арӕхдӕр Йесойы ныхӕсты. Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕнӕуи, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ фылдӕр радзырдта (Иоанны 21:25).
Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд ын Хуыцауы Паддзахад афтӕ ахсджиаг цӕмӕн уыд? Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ зыдта, Хуыцау ӕй Паддзахӕй кӕй равзӕрста (Исай 9:6; Лукайы 22:28–30). Фӕлӕ Йесо стыр бартӕм кӕнӕ кадмӕ нӕ бӕллыд (Матфейы 11:29; Марчы 10:17, 18). Хуыцауы Паддзахады тыххӕй афтӕ зӕрдиагӕй уый тыххӕй нӕ хъусын кодта, ӕмӕ дзы йӕхицӕн цыдӕр пайда уыд. Хуыцауы Паддзахад Йесойӕн ахсджиаг уыди ӕмӕ йын абон дӕр ахсджиаг уa, уымӕн ӕмӕ уыцы Паддзахад бирӕ цыдӕртӕ сараздзӕн, кӕй уарзы, уыдонӕн, ома йӕ уӕларвон Фыдӕн ӕмӕ йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕн.
ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД ЧЫРЫСТИЙЫ ФЫДӔН ЦЫ САРАЗДЗӔН
Йесо Чырысти йӕ уӕларвон Фыды тынг уарзы (Ӕмбисӕндтӕ 8:30; Иоанны 14:31). Йӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуынц йӕ Фыды диссаджы миниуджытӕ, зӕгъӕм, куыд уарзӕгой у, стӕй тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ рӕстаг кӕй у, уый (Дыккаг закъон 32:4; Исай 49:15; 1 Иоанны 4:8). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо йе сӕфт уыны, йӕ Фыдӕй йын мӕнг ныхӕстӕ куы фӕдзурынц, уымӕй. Арӕх фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, Хуыцау адӕммӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсы кӕнӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй хъизӕмар кӕной. Уый у иу аххосаг, Йесо «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» афтӕ зӕрдиагӕй цӕмӕн хъусын кодта, уымӕн. Йесо зыдта, рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд ын Хуыцауы Паддзахад йӕ Фыды ном кӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн (Матфейы 4:23; 6:9, 10). Куыд?
Йегъовӕ уыцы Паддзахады фӕрцы стыр ивындзинӕдтӕ скӕндзӕн ӕмӕ адӕмы цард фӕхуыздӕр уыдзӕн. Йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн «ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ». Сӕ цӕссыгтӕ цӕй аххосӕй калынц, уыдӕттӕ Йегъовӕ иууылдӕр фесафдзӕн ӕмӕ нал уыдзӕн «нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст» (Раргомад 21:3, 4). Хуыцау йӕ Паддзахады фӕрцы адӕмы фервӕзын кӕндзӕн се ’ппӕт зындзинӕдтӕй дӕр.
Уӕдӕ диссаг нӕу, Йесо адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй афтӕ зӕрдиагӕй кӕй дзырдта! Зыдта, уый фӕрцы кӕй раргом уыдзӕн, йӕ Фыд куыд хъомысджын ӕмӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый (Иаковы 5:11). Йесо ма зыдта, Хуыцауы Паддзахад арфӕдзинӕдтӕ кӕй ӕрхӕсдзӕн, кӕй уарзы, уыцы рӕстгӕнӕг адӕмӕн – Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн.
ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД РӔСТГӔНӔГ АДӔМӔН ЦЫ САРАЗДЗӔН
Йесо Чырысти зӕхмӕ ӕрцӕуыны размӕ бирӕ рӕстӕг царди уӕлӕрвты йӕ Фыдимӕ. Фыд алцыдӕр сфӕлдыста йӕ Фыртимӕ иумӕ – райдай диссаджы арвӕй йе ’нӕнымӕц стъалытӕ ӕмӕ галактикӕтимӕ ӕмӕ фӕу нӕ рӕсугъд зӕххӕй, цыдӕриддӕр ыл зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ ис, уыдонимӕ (Колоссӕгтӕм 1:15, 16). Фӕлӕ уӕддӕр Йесойӕн йе «стыр цин» уыдысты адӕм (Ӕмбисӕндтӕ 8:31).
Йесо адӕмы кӕй уарзта, уый бӕрӕг уыд йӕ лӕггадӕй. Райдианӕй бамбарын кодта, зӕхмӕ уый тыххӕй кӕй ӕрцыд, цӕмӕй «хорз хабар хъусын кӕна», ӕххуысхъуаг чи уыд, уыдонӕн (Лукайы 4:18). Фӕлӕ Йесо адӕмӕн ӕххуыс кӕныны тыххӕй ӕрмӕст дзургӕ нӕ кодта. Адӕмы кӕй уарзы, уый хъуыддагӕй иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ равдыста. Зӕгъӕм, йӕ алыварс бирӕ адӕм куы ӕрӕмбырд, уӕд «сын фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ дзы рынчын чи уыди, уыдоны сдзӕбӕх кодта» (Матфейы 14:14). Йесомӕ иу рынчын нӕлгоймаг куы бацыд ӕмӕ йын куы загъта, ӕрмӕст дӕ бафӕндӕд, ӕндӕр мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ, зӕгъгӕ, уӕд ын Йесо фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта. Фӕлмӕнӕй йын загъта: «Фӕнды мӕ. Сдзӕбӕх у» (Лукайы 5:12, 13). Йесо куы федта, Марийӕ йе ’фсымӕр Лазӕры мардыл куыд маст кӕны, уӕд «йӕ зӕрдӕ суынгӕг ӕмӕ нынкъард» ӕмӕ «йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты» (Иоанны 11:32–36). Стӕй сарӕзта стыр диссаг – Лазӕры райгас кодта, кӕд цыппар боны мард уыд, уӕддӕр! (Иоанны 11:38–44).
Йесо зыдта, адӕмӕн цы сарӕзта, уыдӕттӕ рӕстӕгмӕ кӕй уыдысты. Ӕмбӕрста йӕ, кӕй сдзӕбӕх кодта, уыдон, абон уа ӕви райсом, уӕддӕр ногӕй кӕй фӕрынчын уыдзысты ӕмӕ кӕй райгас кодта, уыдон та ногӕй кӕй амӕлдзысты. Фӕлӕ ма Йесо зыдта уый дӕр, ахӕм зындзинӕдтӕн Хуыцауы Паддзахад кӕрон кӕй скӕндзӕн. Ӕмӕ уый тыххӕй ӕрмӕст диссӕгтӕ нӕ арӕзта, фӕлӕ ма зӕрдиагӕй «хъусын кодта Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» (Матфейы 9:35). Цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй бӕрӕг уыд, Хуыцауы Паддзахад тагъд ӕгас зӕххыл дӕр цы сараздзӕн, уый. Ӕркӕсӕм, уыцы рӕстӕджы тыххӕй Библийы цы фыст ис, уымӕ.
Рынчын ничиуал кӕндзӕн.
«Уӕд куырмытӕ цӕстӕй ракӕсдзысты ӕмӕ къуырматы хъустӕ байгом уыдзысты. Уӕд, къуылых чи у, уый сагау згъордзӕн ӕмӕ ӕгомыджы ӕвзаг фырцинӕй хъӕр кӕндзӕн». Стӕй «иу дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Исай 33:24; 35:5, 6).
Мӕлгӕ ничиуал кӕндзӕн.
«Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29).
«Уый фесафдзӕн мӕлӕт ӕнустӕм, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ се ’ппӕтӕн дӕр сӕ цӕссыгтӕ сӕ рустӕй ныссӕрфдзӕн» (Исай 25:8).
Чи амард, уыдон райгас уыдзысты.
«Ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон ын фехъусдзысты йӕ хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты» (Иоанны 5:28, 29).
Мӕрдтӕ «райгас уыдзысты» (Хъуыддӕгтӕ 24:15).
Ӕнӕхӕдзар ӕмӕ ӕгуыст ничиуал уыдзӕн.
«Адӕм хӕдзӕрттӕ араздзысты ӕмӕ дзы цӕрдзысты, садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты. Афтӕ нӕ уыдзӕн, цӕмӕй хӕдзар саразой, ӕмӕ дзы ӕндӕр исчи цӕра, сӕнӕфсирдон скӕной, ӕмӕ йын йӕ дыргъ ӕндӕр исчи хӕра. ...Ме ’взӕрст адӕм бафсӕддзысты сӕ къухты фыдӕбонӕй» (Исай 65:21, 22).
Хӕстытӕ нал уыдзӕн.
Хуыцау «зӕххы кӕрӕтты онг уромы хӕстытӕ» (Псалом 46:9).
«Иу адӕм иннӕ адӕммӕ хъама нал сисдзӕн ӕмӕ хӕцын дӕр нал ахуыр кӕндзысты» (Исай 2:4).
Хӕринагхъуаг ничиуал уыдзӕн.
«Зӕхх ратдзӕн тыллӕг, Хуыцау, нӕ Хуыцау нын раарфӕ кӕндзӕн» (Псалом 67:6).
«Зӕххыл хор уыдзӕн парахат, хӕхты цъуппытыл зӕу-зӕу кӕндзӕн» (Псалом 72:16).
Мӕгуыр ничиуал уыдзӕн.
«Мӕгуыр адӕймаг цӕрӕнбонты нӕ уыдзӕн рохуаты» (Псалом 9:18).
«Уый фервӕзын кӕндзӕн, ӕххуысмӕ чи дзыназы, уыцы мӕгуыры, ӕфхӕрд адӕймаджы ӕмӕ, ӕххуысгӕнӕг кӕмӕн нӕй, уыдоны. Уый фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕххуысхъуаг ӕмӕ мӕгуыр адӕймагӕн, ӕмӕ мӕгуырты удтӕ фервӕзын кӕндзӕн» (Псалом 72:12, 13).
Ды базыдтай, Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн, уый ӕмӕ йӕ ныр ӕмбарыс, Йесо Чырыстийӕн Хуыцауы Паддзахад афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд Хуыцауы Паддзахады тыххӕй зӕрдиагӕй дзырдта, чидӕриддӕр ӕм хъуыста, уыдонӕн, уымӕн ӕмӕ зыдта, Хуыцауы Паддзахад адӕмы се ’ппӕт зындзинӕдтӕй дӕр кӕй фервӕзын кӕндзӕн.
Библи Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы дзуры, уый дӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди? Кӕд о, уӕд дӕ бон куыд у уыцы Паддзахады тыххӕй фылдӕр базонын? Ӕмӕ дӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй ды дӕр уыцы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уай? Ацы фарстатӕн дзуапп ссардзынӕ ӕртыккаг статьяйы.
a Ацы статьяйы Йесойы ӕнкъарӕнты тыххӕй дзырд цӕуы нырыккон афоны, уымӕн ӕмӕ у удӕгас. Ӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ дӕр Хуыцауы Паддзахад, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг адджын у йӕ зӕрдӕйӕн (Лукайы 24:51).