СӔЙРАГ ТЕМӔ | БАВВАХС У ХУЫЦАУМӔ
Царды уымӕй хуыздӕр фӕндаг нӕй
Цы ис саразӕн, цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахс уай? Мах аныхас кодтам, Хуыцаумӕ нӕ чи баввахс кӕндзӕн, цалдӕр ахӕм къахдзӕфыл:
Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у, уый зонын ӕмӕ йӕм йӕ номӕй дзурын.
Ӕдзухдӕр йемӕ ныхас кӕнын куывды уылты ӕмӕ йын йӕ Ныхас Библи ахуыр кӕнын.
Ӕдзухдӕр аразын, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый.
Цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахс уай, уый тыххӕй йӕм йӕ номӕй дзур, кув ӕм, йӕ Ныхас ын ахуыр кӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый араз
Ацы ӕртӕ хъуыддагыл ахъуыдыгӕнгӕйӕ дӕ бон афтӕ зӕгъын у, ӕмӕ алцыдӕр аразыс, цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахсдӕр уай? Мыййаг дӕ уыцы хъуыддӕгты исты фӕхуыздӕр кӕнын хъӕуы? Дзырд дӕр ыл нӕй, ӕнӕ фыдӕбонӕй дзы кӕй ницы рауайдзӕн, фӕлӕ ма ӕркӕс, уый фӕрцы дӕ къухы цы бафтдзӕн, уымӕ.
«Хуыцауы хӕлар уай, уыцы фӕндагыл адӕймаг цы къахдзӕфтӕ аразы, уыдон сӕ фыдӕбоны аргъ сты,– зӕгъы Дженнифер Иугонд Штаттӕй.– Йегъовӕимӕ хӕлардзинад адӕймагӕн ӕрхӕссы бирӕ арфӕдзинӕдтӕ: райдайы йыл тынгдӕр ӕууӕндын, хуыздӕр ӕмбарын ӕмӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр та, тынгдӕр уарзын. Царды уымӕй хуыздӕр фӕндаг нӕй!»
Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахс уай, уӕд дын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕнӕзивӕгӕй баххуыс кӕндзысты. Уыдон цӕттӕ сты демӕ Библи лӕвар ахуыр кӕнын. Хонӕм ма дӕ, Библийыл кӕм фӕныхас кӕнӕм, уыцы бынӕттон Паддзахады залмӕ, уым дӕ бон уыдзӕн аныхӕстӕ кӕнын, Хуыцауӕн чи аргъ кӕны, уыцы адӕмимӕa. Уӕд дӕу дӕр псаломзарӕггӕнӕгау бафӕнддзӕн зӕгъын ахӕм ныхӕстӕ: «Мӕнӕн... хорз у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын» (Псалом 73:28).
a Цӕмӕй демӕ Библи ахуыр кӕнын райдайой кӕнӕ бынӕттон Паддзахады залы адрис базонай, уый тыххӕй, дӕ хорзӕхӕй, зӕгъ, ацы брошюрӕ дын чи радта, уымӕн кӕнӕ бацу нӕ сайтмӕ www.jw.org/os ӕмӕ бынӕй равзар ССАР НӔ.