Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w15 1/5 3–5 фф.
  • «Кӕрон» цы нысан кӕны?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Кӕрон» цы нысан кӕны?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • КӔРОН ЦЫ НӔ НЫСАН КӔНЫ
  • КӔРОН ЦЫ НЫСАН КӔНЫ
  • Кӕроны тыххӕй цыппар фарстайӕн дзуапп
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Дунейы кӕрон – тӕрсынц дзы, ӕнхъӕлмӕ йӕм кӕсынц, нымады дӕр сӕм нӕу
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Цымӕ ацы дунейӕн йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2021
  • Ацы дуне фервӕздзӕн?
    Ацы дуне фервӕздзӕн?
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
w15 1/5 3–5 фф.
Сылгоймаг хъуыды кӕны, ӕмӕ алцӕмӕн дӕр кӕрон ӕрцыд, уымӕн ӕмӕ йӕ алыварс адӕм сӕхи ӕмбӕхсынц, уӕларвӕй цы зынджытӕ кӕлы, уыдонӕй ӕмӕ фӕздӕгӕй

СӔЙРАГ ТЕМӔ | КӔРОН ӔВВАХС У?

«Кӕрон» цы нысан кӕны?

«Кӕрон ӕввахс у!» Ацы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ цӕуыл ахъуыды кӕныс? Мыййаг, космосӕй зӕхмӕ цыдӕр кӕй ӕрхаудзӕн ӕмӕ адӕм кӕй сыскъуыйдзысты, ууыл? Экологи ӕвзӕр кӕй у, ууыл? Ӕртыккаг дунеон хӕст кӕй райдайдзӕн, ууыл? Ахӕм хабӕрттыл хъуыды кӕнгӕйӕ иутӕ мӕты бафтынц, иннӕты уый уырнгӕ дӕр нӕ фӕкӕны, чидӕртӕ та суанг худгӕ дӕр фӕкӕнынц.

Библи зӕгъы: «Ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14). Уыцы хабар ма Библи хоны «Хуыцауы стыр бон» ӕмӕ «Армагеддон» дӕр (Раргомад 16:14, 16). Ӕцӕгдӕр, ацы фарстайы фӕдыл динтӕ алыхуызон дзурынц, стӕй ма уый фӕдыл ис зын бамбарӕн ӕмӕ, адӕймагыл тас чи ӕфтауы, бирӕ ахӕм хъуыдытӕ. Кӕд хабар афтӕ у, уӕддӕр Библи бӕлвырд дзуры, кӕрон цы нысан кӕны ӕмӕ цы нӕ нысан кӕны. Хуыцауы Ныхасӕй ма базонӕн ис, кӕрон ӕввахс у ӕви нӕ. Сӕйраджыдӕр та нын дзуры, фервӕзӕн куыд ис, уый! Уӕдӕ уал фыццаг ӕркӕсӕм, кӕроны тыххӕй адӕм цавӕр рӕдыд хъуыдытыл хӕст сты ӕмӕ «кӕрон» ӕцӕгдӕр цы нысан кӕны, уымӕ. Цымӕ Библимӕ гӕсгӕ «кӕрон» цы нысан кӕны?

КӔРОН ЦЫ НӔ НЫСАН КӔНЫ

  1. ЗӔХХ НӔ БАСУДЗДЗӔН.

    Библийы фыст ис: «[Хуыцау] зӕхх сӕвӕрдта фидар бындурыл, ӕмӕ ӕнустӕм, мыггагмӕ дӕр, нӕ фенкъуысдзӕн» (Псалом 104:5). Ацы стих ӕмӕ ма нӕ ӕндӕр стихтӕ ныфс уадзынц, Хуыцау зӕхх кӕй никуы фесафдзӕн ӕмӕ иннӕты дӕр кӕй никуы бауадздзӕн, цӕмӕй йӕ фесафой! (Екклесиаст 1:4; Исай 45:18).

  2. ӔНӔНХЪӔЛӔДЖЫ ЧИ ӔРЦӔУА, АХӔМ ХАБАР НӔ УЫДЗӔН.

    Библи нын ӕмбарын кӕны, кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, Хуыцау ын цы ӕмгъуыд снысан кодта, раст гъеуӕд. Фыст дзы ис: «Уыцы бон кӕнӕ уыцы сахат ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт – уый зоны ӕрмӕстдӕр мӕ Фыд. Уӕдӕ кӕсут, ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ, уыцы рӕстӕг кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут» (Марчы 13:32, 33). Уӕдӕ бӕрӕг у, Хуыцау, кӕнӕ Фыд, снысан кодта, кӕрон кӕд райдайдзӕн, уыцы рӕстӕг.

  3. АДӔМЫ АХХОСӔЙ КӔНӔ, КОСМОСӔЙ СТЫР ДУР КӔЙ ӔРХАУДЗӔН, УЫЙ АХХОСӔЙ НӔ УЫДЗӔН.

    Цавӕр хабӕрттӕ ӕркӕндзысты кӕронмӕ? Раргомады 19:11 стихы фыст ис: «Федтон арв гомӕй, ӕмӕ мӕнӕ – урс бӕх. Бӕхыл чи бады, уый хуыйны Иузӕрдион ӕмӕ Ӕцӕг». 19 стихы та ис ахӕм ныхӕстӕ: «Ӕмӕ федтон, сырд ӕмӕ зӕххон паддзӕхтӕ се ’фсӕдтимӕ кӕй ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй, бӕхыл чи бады, уыимӕ ӕмӕ йе ’фсадимӕ схӕцой» (Раргомад 19:11–21). Кӕд ацы стихты цы фыст ис, уымӕн ис ахӕсгӕ нысаниуӕг, уӕддӕр зын бамбарӕн нӕу, Хуыцау йӕ зӕдты ӕфсад кӕй рарвитдзӕн, цӕмӕй йын йе знӕгты ныццӕгъдой.

Армагеддоны удӕгасӕй чи баззад, уыдон. Фӕстейӕ фӕздӕг кӕлы

Библи кӕроны тыххӕй цы дзуры, уый ӕвзӕр хабар нӕу, фӕлӕ хорз хабар

КӔРОН ЦЫ НЫСАН КӔНЫ

  1. КӔРОН УЫДЗӔН, ЙӔ БОН КӔМӔН НИЦЫ У, УЫЦЫ ЗӔХХОН ХИЦАУӔДТӔН.

    Библийы фыст ис: «Уӕларвон Хуыцау сфидар кӕндзӕн, ӕнустӕм чи нӕ ныппырх уыдзӕн, ахӕм паддзахад [хицауад]. Уыцы паддзахад ӕндӕр адӕмы къухмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн. Уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнустӕм» (Данел 2:44). Уӕлдӕр абзацы куыд загътам, афтӕмӕй «бӕхыл чи бады, уый ӕмӕ йе ’фсад» скуынӕг кӕндзысты, сӕ ныхмӕ чи ӕрӕмбырд уыдзӕн, уыцы «зӕххон паддзӕхты се ’фсӕдтимӕ» (Раргомад 19:19).

  2. КӔРОН УЫДЗӔН ХӔСТЫТӔН, ФЫДМИТӔН ӔМӔ ӔНӔРАСТ ХЪУЫДДӔГТӔН.

    «[Хуыцау] зӕххы кӕрӕтты онг уромы хӕстытӕ» (Псалом 46:9). «Зӕххыл цӕрдзысты рӕстзӕрдӕ адӕм, баззайдзысты йыл, ӕнӕфау чи у, уыдон. Фыдгӕнджытӕ та зӕххӕй фесӕфдзысты, мӕнгард адӕмӕй йыл иу дӕр нал баззайдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 2:21, 22). «Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!» (Раргомад 21:4, 5).

  3. КӔРОН УЫДЗӔН, ХУЫЦАУЫ ӔМӔ АДӔМЫ ФЫДӔНХЪӔЛ ЧИ ФӔКОДТА, УЫЦЫ ДИНТӔН.

    «Пехуымпартӕ кӕнынц мӕнг ныхӕстӕ, сауджынтӕ адӕмы ссӕндынц, сӕхи цы фӕнды, уый аразынц. [...] Фӕлӕ уыдӕттӕн кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд куыд кӕндзыстут?» (Йереми 5:31). «Уыцы бон мын бирӕтӕ зӕгъдзысты: „Хицау, Хицау, мах дӕ номӕй нӕ дзырдтам, дӕ номӕй адӕмӕй хӕйрӕджыты нӕ сырдтам ӕмӕ дӕ номӕй бирӕ диссӕгтӕ нӕ арӕзтам?“ Фӕлӕ сын уӕд ӕз ӕргом зӕгъдзынӕн: „Ӕз уӕ нӕ зонын! Ацӕут ардыгӕй, фыдгӕнджытӕ“» (Матфейы 7:21–23).

  4. КӔРОН УЫДЗӔН, АБОНЫ ДУНЕ КӔЙ ЗӔРДӔМӔ ЦӔУЫ, УЫЦЫ АДӔМӔН.

    Йесо Чырысти загъта: «Адӕм тӕрхонгонд та уымӕ гӕсгӕ цӕуынц, ӕмӕ дунемӕ ӕрцыд рухс, фӕлӕ уыдон рухс нӕ бауарзтой – бауарзтой талынг, уымӕн ӕмӕ кодтой фыдхъуыддӕгтӕ» (Иоанны 3:19). Библийы фыст ис, Нойы рӕстӕджы дуне ӕгасӕй дӕр сӕфт кӕй ӕрцыд. «Уӕдыккон дуне сӕфт ӕрцыди, доны бын куы фӕци, уӕд. Фӕлӕ уыцы ныхасӕй ныртӕккӕйы арв ӕмӕ зӕхх ӕвӕрд сты артӕй басудзынмӕ ӕмӕ лӕууынц, ӕнӕхуыцау адӕмыл тӕрхон кӕд сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ кӕд фесӕфдзысты, уыцы бонмӕ» (2 Петры 3:5–7).

Бафиппайын хъӕуы уый, ӕмӕ «тӕрхон кӕд сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ [адӕм] кӕд фесӕфдзысты, уыцы бон» барст кӕй цӕуы, Нойы рӕстӕджы «дуне» куы фесӕфт, уыимӕ. Цавӕр дуне фесӕфт? Нӕ планетӕ нӕ фесӕфт, фӕлӕ сӕфт ӕрцыдысты «ӕнӕхуыцау адӕм» – Хуыцауы знӕгтӕ. Хуыцауы ныхмӕ зонгӕ-зонын чи цӕуы, уыдон дӕр раст афтӕ сӕфт ӕрцӕудзысты Хуыцауы тӕрхоны бон. Фӕлӕ Хуыцауы хӕлӕрттӕ удӕгасӕй баззайдзысты, Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ удӕгасӕй куыд баззадысты, афтӕ (Матфейы 24:37–42).

Ахъуыды-ма кӕн, цард куыд хорз уыдзӕн, Хуыцау фыддзинадӕн кӕрон куы скӕна, уӕд! Бӕрӕг у, Библи кӕроны тыххӕй цы дзуры, уый ӕвзӕр хабар нӕу, фӕлӕ хорз хабар. Фӕлӕ ма дӕ, чи зоны, фӕнды базонын дзуапп ахӕм фарстатӕн: «Цымӕ Библи бӕлвырд дзуры, кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй? Уыцы хабар тагъд ӕрцӕудзӕн? Мӕ бон куыд у фервӕзын?»

КӔРОНЫ ФӔСТӔ ЦЫ УЫДЗӔН?

Кӕроны фӕстӕ цард цыхуызӕн уыдзӕн? Уыцы диссаджы рӕстӕджы тыххӕй Библийы фыст ис бирӕ стихты. Зӕгъӕм: «[Хуыцау] сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта. Уӕд, паддзахбадӕныл чи бадт, уый загъта: „Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!“» (Раргомад 21:4, 5). Кӕрон ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ кӕрон дӕ цардӕн уыдзӕн. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй фервӕзӕм ӕмӕ нӕ уый тыххӕй цы саразын хъӕуы, уый дӕр нын дзуры.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын