Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w15 15/5 9–13 фф.
  • Къӕрцхъус ут! Хӕйрӕг уӕ аныхъуырынмӕ хъавы

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Къӕрцхъус ут! Хӕйрӕг уӕ аныхъуырынмӕ хъавы
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ХӔЙРӔГ У ХЪОМЫСДЖЫН
  • ХӔЙРӔГ У ӔГЪАТЫР
  • ХӔЙРӔГ У МӔНГАРД
  • Де знаджы зон
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
  • Чи у Хӕйрӕг?
    Хуыцау нӕ цы домы?
  • Чи сты Хуыцауы знӕгтӕ?
    Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
  • Дӕуӕн дӕ бон у, ӕмӕ Хӕйрӕгыл фӕуӕлахиз уай!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
w15 15/5 9–13 фф.
Хъусынгӕнӕг дыууӕ нӕлгоймагӕн ӕвдисы буклет, сӕ разы та цыма домбай богътӕ кӕны

Къӕрцхъус ут! Хӕйрӕг уӕ аныхъуырынмӕ хъавы

«Къӕрцхъус ут, ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ уе знаг, Хӕйрӕг, богътӕгӕнаг домбайау разил-базил кӕны ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, уый» (1 ПЕТ. 5:8).

ЦӔМӔЙ БӔРӔГ У, ХӔЙРӔГ...

  • хъомысджын кӕй у?

  • ӕгъатыр кӕй у?

  • мӕнгард кӕй у?

1. Бамбарын кӕн, иу зӕд Сайтан куыд сси, уый.

КӔДДӔР уыцы зӕд уыд Йегъовӕйы хорзӕхӕй хайджын. Фӕлӕ йӕ фӕстӕдӕр бафӕндыд, цӕмӕй адӕм уымӕн куывтаиккой. Уыцы ӕвзӕр фӕнд йӕ зӕрдӕйӕ уайтагъд бындзарӕй не стыдта, ӕмӕ йӕ уый ӕппынфӕстаг ӕркодта тӕригъӕдмӕ (Иак. 1:14, 15). Уыцы зӕдӕн фыццаг цавӕр ном уыд, уый нӕ зонӕм, фӕлӕ йӕ абон хонӕм Сайтан кӕнӕ Хӕйрӕг. Уый «рӕстдзинады фӕндагӕй фӕиппӕрд», Йегъовӕйы ныхмӕ рацыд ӕмӕ сси «мӕнгдзинады фыд» (Иоан. 8:44).

2, 3. Йегъовӕйы стырдӕр знаджы тыххӕй цы базонӕн ис, дзырдтӕ «Сайтан», «Хӕйрӕг», «калм» ӕмӕ дзырдбаст «залиаг калм» цы нысан кӕнынц, уымӕй?

2 Сайтан Йегъовӕйы ныхмӕ куы рацыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ у йе стырдӕр знаг, стӕй ӕппӕт адӕмы знаг дӕр у. Библийы Сайтаны тыххӕй цы фыст ис, уымӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, ӕцӕгӕй куыд сӕфт у, уый. Дзырд «Сайтан» нысан кӕны «ныхмӕлӕууӕг», ӕмӕ хорз ӕвдисы, уыцы ӕвзӕр зӕд Хуыцауы хицаудзинадӕй йе сӕфт кӕй уыны ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй йӕ ныхмӕ кӕй тох кӕны. Сайтан бӕллы Йегъовӕйы хицаудзинады кӕрон фенынмӕ.

3 Раргомады 12:9 стихы уыцы ӕвзӕр зӕд хуыйны «Хӕйрӕг», ӕмӕ ацы дзырд та нысан кӕны «фыдкойгӕнӕг». Хӕйрӕг Хуыцауӕй дзуры, мӕнг ныхӕстӕ кӕны, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ номыл цъыф калы. Дзырдбаст «рагон калм» нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Хӕйрӕг Евӕйы асайыны тыххӕй калмӕй кӕй спайда кодта, уый. Дзырдбаст «стыр залиаг калм» та хорз ӕвдисы, ӕгъатыр ӕмӕ фыдзӕрдӕ кӕй у, уый. Йӕ бӕллиц у Йегъовӕйы фӕнд бакъуылымпы кӕнын ӕмӕ йын йӕ адӕмы фесафын.

4. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

4 Уӕдӕ бӕрӕг у, Хӕйрӕгӕй тӕссагдӕр нын кӕй никӕмӕй у, уымӕн ӕмӕ уый ӕппӕт тыхтӕй архайы, цӕмӕй Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ сивӕм. Библи дӕр нӕ уымӕн фӕдзӕхсы: «Къӕрцхъус ут, ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ уе знаг, Хӕйрӕг, богътӕгӕнаг домбайау разил-базил кӕны ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, уый» (1 Пет. 5:8). Уымӕ гӕсгӕ ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Хӕйрӕджы миниуджытӕй ӕртӕмӕ, ӕмӕ базондзыстӕм, Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ адӕмы стырдӕр знагӕй нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хъахъхъӕнӕм, уый.

ХӔЙРӔГ У ХЪОМЫСДЖЫН

5, 6. а) Зӕдтӕ хъомысджын кӕй сты, уымӕн цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс. б) Куыд ӕмбаргӕ у, Хӕйрӕгмӕ «мӕлӕт хӕссыны хъомыс» ис, зӕгъгӕ?

5 Зӕдтӕ сты «хъомысджын» (Пс. 103:20). Уыдон адӕмӕй бирӕ зондджындӕр ӕмӕ тыхджындӕр сты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы иузӕрдион зӕдтӕ сӕ хъаруйӕ пайда кӕнынц, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕной. Зӕгъӕм, ассириӕгтӕ израилӕгты ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд Йегъовӕйы зӕдтӕй иу ныццагъта 185 000 ассириаг ӕфсӕддоны. Адӕймагӕн иунӕгӕй уый бакӕнын йӕ бон нӕ бауыдаид, стӕй ӕнӕхъӕн ӕфсадӕн дӕр зын уыдаид (2 Пад. 19:35). Ӕндӕр хатт та зӕд йӕ хъару ӕмӕ йӕ зонды фӕрцы Йесойы апостолты ахӕстонӕй ссӕрибар кодта. Кӕд хъахъхъӕнджытӕ уым уыдысты, уӕддӕр нӕ федтой, зӕд дуар куыд бакодта, апостолты куыд рауагъта ӕмӕ та стӕй дуар куыд сӕхгӕдта, уый (Хъуыд. 5:18–23).

6 Хуыцауы иузӕрдион зӕдтӕ сӕ хъаруйы фӕрцы аразынц хорз хъуыддӕгтӕ, Хӕйрӕг та – фыдхъуыддӕгтӕ. Хӕйрӕг у стыр тыхы хицау ӕмӕ йӕ бон у адӕмы зондыл ӕндавын. Библи йӕ хоны «ацы дунейы хицау» ӕмӕ «ацы цардӕвӕрды хуыцау» (Иоан. 12:31; 2 Кор. 4:4). Хӕйрӕгмӕ ма суанг «мӕлӕт хӕссыны хъомыс» дӕр ис (Дзут. 2:14). Цымӕ уый куыд ӕмбаргӕ у? Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ алы адӕймаджы мӕлӕты дӕр Хӕйрӕг у аххосджын. Фӕлӕ Хӕйрӕджы аххосӕй ацы дунейы адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт уынынц ӕмӕ сты ӕгъатыр. Стӕй ма, Евӕ Сайтаны мӕнг ныхӕстыл кӕй баууӕндыд ӕмӕ Адам ӕгоммӕгӕс кӕй разынд, уый тыххӕй адӕм се ’ппӕт дӕр сты тӕригъӕдджын ӕмӕ мӕлынц (Ром. 5:12). Чырысти дӕр ӕй «лӕгмар» хуымӕтӕджы не схуыдта (Иоан. 8:44). Дзырд дӕр ыл нӕй, Хӕйрӕг хъомысджын знаг у.

7. Дӕлимонтӕ хъомысджын кӕй сты, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

7 Мах ӕрмӕст Хӕйрӕджы ныхмӕ лӕууын нӕ хъӕуы, фӕлӕ ма, йӕ фарс чи хӕцы ӕмӕ Хуыцауы хицаудзинады ныхмӕ чи у, уыдонӕн се ’ппӕты ныхмӕ дӕр. Уыдонмӕ хауынц, Йегъовӕйы ныхмӕ чи рацыд, уыцы зӕдтӕ дӕр. Библи сӕ хоны дӕлимонтӕ, ӕмӕ сты тынг бирӕ (Рарг. 12:3, 4). Дӕлимонтӕ адӕмӕй тыхджындӕр кӕй сты, уый бирӕ хӕттыты равдыстой, стыр хъизӕмӕрттӕ сын кӕй ӕвзарын кодтой, уымӕй (Матф. 8:28–32; Мар. 5:1–5). Уӕдӕ макуы рох кӕнӕм, дӕлимонтӕ ӕмӕ сӕ хицау куыд хъомысджын сты, уый (Матф. 9:34). Ӕнӕ Йегъовӕйӕ Сайтаныл никуы фӕуӕлахиз уыдзыстӕм.

ХӔЙРӔГ У ӔГЪАТЫР

8. а) Хӕйрӕгӕн йӕ нысан цы у? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) б) Ацы дуне Хӕйрӕгау ӕгъатыр кӕй у, уый тыххӕй дӕ бон цы у зӕгъын?

8 Апостол Петр Хӕйрӕджы абарста «богътӕгӕнаг домбаимӕ». Иу дзырдуатмӕ гӕсгӕ грекъаг дзырд «богътӕгӕнаг» амоны, хъӕддаг сырд тынг ӕххормаг куы вӕййы, уӕд куыд фӕбогътӕ кӕны, уымӕ. Уӕдӕ ацы дзырд хорз ӕвдисы, Хӕйрӕг куыд ӕгъатыр ӕмӕ куыд фыдзӕрдӕ у, уый! Ӕгас дуне ӕнӕуи дӕр йӕ къухы ис, фӕлӕ йын уый фаг нӕу – ноджы фылдӕр амӕттӕгтӕ йӕ хъӕуы (1 Иоан. 5:19). Хӕйрӕг йӕ ныхтӕ ныссагъта, зӕххыл ма цы сӕрст чырыстӕттӕ ис, уыдоны ӕмӕ сын чи ӕххуыс кӕны, уыцы «ӕндӕр фысты» (Иоан. 10:16; Рарг. 12:17). Йӕ нысан у Йегъовӕйы адӕмы фесафын. Ӕмӕ фыццаг ӕнусӕй фӕстӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ цы ’фхӕрд ӕййафынц, уымӕй бӕрӕг у, Хӕйрӕг куыд ӕгъатыр у, уый.

9, 10. а) Хӕйрӕг израилӕгты ныхмӕ куыд архайдта? (Ӕрхӕсс цӕвиттон.) б) Хӕйрӕг израилӕгты ныхмӕ уӕлдай тынгдӕр цӕмӕн тох кодта? в) Дӕумӕ гӕсгӕ, Хӕйрӕг цы фӕхъуыды кӕны, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй исчи уӕззау тӕригъӕд куы саразы, уӕд?

9 Хӕйрӕг ӕгъатыр кӕй у, уый ма цӕмӕй у бӕрӕг? Ӕххормаг домбай йӕ амӕттаджы куы ’рцахсы, уӕд ын нӕ фӕтӕригъӕд кӕны, ӕмӕ йӕ куы амары, уӕд ууыл дӕр нӕ фӕфӕсмон кӕны. Раст афтӕ Хӕйрӕг дӕр, йӕ ныхтӕ кӕй мидӕг ныссадзы, уыдонӕн нӕ фӕтӕригъӕд кӕны. Дӕумӕ гӕсгӕ, израилӕгтӕ-иу ӕнӕгъдау хъуыддӕгтыл куы бафтыдысты кӕнӕ-иу зыд кӕнын куы райдыдтой, уӕд-иу Хӕйрӕг цы хъуыды кодта? Зӕгъӕм, Зимри ӕнӕгъдау хъуыддаг кӕй бакодта кӕнӕ Гиези кӕй зыд кодта, уый ӕркодта стыр бӕллӕхтӕм. Дӕ бон у дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, уыдӕттӕ уынгӕйӕ Хӕйрӕг куыд цин кодтаид? (Ным. 25:6–8, 14, 15; 2 Пад. 5:20–27).

Нӕлгоймаг ӕхсӕвыгон йӕ компьютеры кӕсы ӕнӕгъдау нывтӕм, йӕ фӕстӕ та цыма домбай худы

Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй исчи тӕригъӕд куы фӕаразы, уӕд Хӕйрӕг тынг фӕцин кӕны (кӕс 10 абзац)

10 Хӕйрӕг рагон израилӕгты ныхмӕ кӕй архайдта, уый хуымӕтӕджы нӕ уыд. Уыдонӕй хъуамӕ рацыдаид Мессийӕ – уый хъуамӕ Хӕйрӕджы фесӕфтаид ӕмӕ сбӕлвырд кодтаид, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн кӕй ис уый бар, цӕмӕй хицау уа (Райд. 3:15). Хӕйрӕджы нӕ фӕндыд, цӕмӕй израилӕгтӕ Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын уыдаиккой, ӕмӕ, йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзта, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтыл бафтыдтаид. Дӕумӕ гӕсгӕ, Давид кӕйдӕр усимӕ ӕмуат куы ’рцыд, уӕд ыл Хӕйрӕг маст кодта? Кӕнӕ, Моисей Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бахизыны фадат кӕй фесӕфта, уый Сайтанӕн хъыг уыди? Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй исчи уӕззау тӕригъӕд куы саразы, уӕд Хӕйрӕгӕн йӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ вӕййы. Уый йын вӕййы замманай фадат, цӕмӕй Хуыцауӕн бафидис кӕна (Ӕмб. 27:11).

11. Хӕйрӕг Саррӕйы ныхмӕ цӕмӕн архайдта?

11 Хӕйрӕг ӕппӕты тынгдӕр йе сӕфт уыдта, Мессийӕ цы хӕдзарвӕндагӕй хъуамӕ рацыдаид, уымӕй. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йегъовӕ Авраамӕн афтӕ куы загъта, дӕуӕй рауадздзынӕн «стыр адӕм», зӕгъгӕ, уый фӕстӕ цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоныл (Райд. 12:1–3). Авраам ӕмӕ Саррӕ Египеты куы уыдысты, уӕд фараон Саррӕйы йӕ хӕдзармӕ ӕрбакӕнын кодта, цӕмӕй дзы йӕхицӕн ус скодтаид. Фӕлӕ йын Йегъовӕ уый бар нӕ радта ӕмӕ Саррӕйы уыцы зын уавӕрӕй фервӕзын кодта. (Бакӕс Райдиан 12:14–20.) Ахӕм хабар ма ӕрцыд горӕт Герары дӕр, Исахъы райгуырды размӕ (Райд. 20:1–7). Цымӕ уыцы хабӕрттӕ Хӕйрӕджы аххосӕй ӕрцыдысты? Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Саррӕ хъӕздыг горӕт Ур кӕй ныууагъта ӕмӕ цатырты кӕй цард. Уӕдӕ, цымӕ, Хӕйрӕджы уый фӕндыд, цӕмӕй Саррӕ фараоны кӕнӕ Авимелехы хъӕздыг галуанмӕ бабӕллыдаид? Цымӕ йӕ уый ныфс уыд, ӕмӕ Саррӕ уыцы паддзӕхтӕй искӕмӕ смой кӕндзӕн ӕмӕ афтӕмӕй йӕ сӕрыхицауыл ӕмӕ ма суанг Йегъовӕйыл дӕр гадзрахатӕй кӕй рацӕудзӕн? Библийы уый тыххӕй ницы ис фыст, фӕлӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хӕйрӕг тынг цин кодтаид, Саррӕ афтӕ куы бакодтаид, уӕд. Афтӕмӕй Саррӕ уый аккаг нал уыдаид, цӕмӕй Мессийӕ йӕ байзӕддаг уыдаид. Хӕйрӕджы ӕппындӕр не ’ндӕвта, уыцы сылгоймагӕн йӕ бинонты цард кӕй фехӕлдаид, йӕ хорз ном кӕй фӕчъизи уыдаид ӕмӕ Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай кӕй фӕуыдаид. Куыд ӕгъатыр ӕмӕ куыд фыдзӕрдӕ у!

12, 13. а) Хӕйрӕг куыд ӕгъатыр у, уый Йесойы райгуырды фӕстӕ куыд рабӕрӕг? б) Дӕумӕ гӕсгӕ, Хӕйрӕг цы цӕстӕй кӕсы, Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йын иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыцы ӕрыгӕттӕм?

12 Йесо райгуырд, Авраам куы цард, уымӕй ӕнустӕ фӕстӕдӕр. Дӕумӕ гӕсгӕ, Хӕйрӕг ноггуырд Йесойы куы федта, уӕд афтӕ ахъуыды кодта, куыд рӕсугъд ӕмӕ куыд дзӕбӕх сывӕллон у, зӕгъгӕ? Хӕйрӕг зыдта, уыцы сывӕллон куы сыстыр уа, уӕд зӕрдӕвӕрд Мессийӕ кӕй суыдзӕн. Йесо уыди Авраамы сӕйраг байзӕддаг ӕмӕ фӕстӕдӕр хъуамӕ «Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехӕлдтаид» (1 Иоан. 3:8). Цымӕ Хӕйрӕг афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ уыцы сывӕллоны амарын ӕгъатыр ми уыдзӕн? Нӕ. Уымӕ зынгӕ дӕр нӕ кӕны, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Хӕйрӕг уайтагъд архайын райдыдта, цӕмӕй гыццыл Йесойы амардтаид. Куыд?

13 Паддзах Иродӕн стъалыдӕснытӕ куы загътой, дзуттӕгты паддзах кӕй райгуырд, уӕд Ирод мӕстӕй рафыхт ӕмӕ сфӕнд кодта уыцы сывӕллоны амарын (Матф. 2:1–3, 13). Йӕ адӕмы Вифлееммӕ ӕмӕ йӕ алыварс бӕстӕм арвыста, цӕмӕй, дыууӕ азы ӕмӕ уымӕй къаддӕр кӕуыл цыди, уыцы лӕппуты се ’ппӕты дӕр ныццагътаиккой. (Бакӕс Матфейы 2:13–18.) Йесо уыцы фыдбылызӕй аирвӕзт. Фӕлӕ, цымӕ, уыцы хабарӕй не знаг Хӕйрӕджы тыххӕй цы базонӕн ис? Уый адӕмыл ӕппындӕр нӕ ауӕрды, суанг ӕй сывӕллӕтты мӕт дӕр нӕй. Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр «богътӕгӕнаг домбай» у. Макуы рох кӕн, куыд ӕгъатыр у, уый!

ХӔЙРӔГ У МӔНГАРД

14, 15. Хӕйрӕг адӕмӕн сӕ сӕрызонд куыд бакуырм кодта?

14 Цӕмӕй Хӕйрӕг адӕмы нӕ уарзӕгой Хуыцау Йегъовӕйы ныхмӕ скӕна, уый тыххӕй мӕнгардӕй архайы (1 Иоан. 4:8). Адӕмы сайы, цӕмӕй ма ’мбарой, «ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй», уый (Матф. 5:3). «Сӕ сӕрызонд сын бакуырм кодта, цӕмӕй сӕм ма бакӕла, Хуыцауы хуызӕн чи у, уыцы Чырыстийы тыххӕй диссаджы хорз хабары рухс» (2 Кор. 4:4).

15 Хӕйрӕгӕн адӕмы сайын ӕппӕты тынгдӕр ӕнтысы мӕнг дины руаджы. Уый зоны, Йегъовӕ адӕмӕй кӕй домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уой иузӕрдион (Рац. 20:5). Уӕдӕ-ма ахъуыды кӕн, Сайтан куыд фӕцин кӕны, адӕм Йегъовӕйӕн нӕ, фӕлӕ ӕндӕр кӕмӕндӕр кӕнӕ ӕндӕр цӕмӕндӕр куы фӕкувынц, зӕгъӕм, сӕ фыдӕлтӕн, ӕрдзӕн кӕнӕ цӕрӕгойтӕн. Афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ Хуыцауӕн раст кувы, уыдонӕй бирӕтӕ мӕнг ахуырӕдтыл ӕууӕндынц ӕмӕ сты алыхуызон ӕнӕпайда ӕгъдӕуттыл хӕст. Исайы рӕстӕг израилӕгты хабар дӕр афтӕ уыд. Ӕмӕ сын Йегъовӕ Исайы уылты загъта: «Дзул цы нӕу, уымӕн ӕхца цӕмӕн фидут ӕмӕ, уӕ зӕрдӕ цӕмӕй нӕ райы, ууыл цӕмӕн фыдӕбон кӕнут? Лӕмбынӕг мӕм хъусут ӕмӕ хӕрут хорз хӕринӕгтӕ, дзаджджын хӕринӕгтӕй уӕ мондӕгтӕ уадзут» (Ис. 55:2).

16, 17. а) Йесо Петрӕн цӕмӕн загъта: «Ацу мӕ разӕй, Сайтан!»? б) Хӕйрӕгӕн йӕ бон куыд у, ӕмӕ нӕ асайа, цӕмӕй къӕрцхъус мауал уӕм?

16 Хӕйрӕгӕн йӕ бон у суанг Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты дӕр асайын. Зӕгъӕм, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куы загъта, тагъд ӕй кӕй амардзысты, уӕд ын апостол Петр загъта: «Дӕхицӕн фӕтӕригъӕд кӕн, Хицау. Ахӕм ми дыл макуы ӕрцӕуӕд». Петр Йесойы тынг уарзта ӕмӕ йын ацы ныхӕстӕ дӕр уый тыххӕй загъта. Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Ацу мӕ разӕй, Сайтан!» (Матф. 16:22, 23). Цымӕ Йесо Петры «Сайтан» цӕмӕн схуыдта? Йесо зыдта, цы хъуамӕ ӕрцыдаид, уый – тагъд рӕстӕджы хъуамӕ йӕ цард нывондӕн раттаид ӕмӕ сбӕлвырд кодтаид, Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕй кӕны. Адӕмы историйы уый уыди тынг ахсджиаг рӕстӕг, ӕмӕ уый афон нӕ уыд, цӕмӕй Чырысти йӕхицӕн «фӕтӕригъӕд» кодтаид. Сайтаны та тынг фӕндыд, цӕмӕй Йесо къӕрцхъус мауал уыдаид.

17 Ацы дунейы кӕрон тынг ӕввахс у, ӕмӕ мах дӕр ахсджиаг рӕстӕджы цӕрӕм. Сайтаны фӕнды, цӕмӕй нӕхицӕн «фӕтӕригъӕд» кӕнӕм, ома нӕ хъуыдытӕ иууылдӕр суой, ацы дунейы хуыздӕр куыд фӕцӕрӕм, ууыл. Фӕнды йӕ, цӕмӕй ферох кӕнӕм, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый ӕмӕ къӕрцхъус мауал уӕм. Ахӕм хабар дыл макуы ӕрцӕуӕд! Къӕрцхъус у, «ма бафынӕй у»! (Матф. 24:42). Макуы баууӕнд Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстыл, зӕгъгӕ, кӕрон нырма тагъд нӕ уыдзӕн кӕнӕ ӕппындӕр никуы уыдзӕн.

18, 19. а) Нӕхимӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уыцы хъуыддаджы нӕ Хӕйрӕг фӕсайынмӕ куыд хъавы? б) Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй къӕрцхъус уӕм?

18 Хӕйрӕг ма ӕндӕр мадзалӕй дӕр пайда кӕны, цӕмӕй нӕ фӕсайа. Фӕнды йӕ, цӕмӕй нӕ бауырна, Йегъовӕйы уарзондзинады аккаг кӕй не стӕм ӕмӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй никуы ныххатыр кӕндзӕн. Фӕлӕ уыцы мӕнг хъуыдытӕ Хӕйрӕгӕй цӕуынц. Ахъуыды-ма кӕн, ӕцӕгӕй Йегъовӕйы уарзондзинады аккаг чи нӕу? Хӕйрӕг. Хуыцау йӕ тӕригъӕдтӕ кӕмӕн никуы ныххатыр кӕндзӕн? Хӕйрӕгӕн. Махӕн та Библи зӕгъы: «Хуыцау мӕнгард нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый» (Дзут. 6:10). Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, йӕ зӕрдӕ барухс кӕныны тыххӕй цыдӕриддӕр аразӕм, уымӕн, ӕмӕ йын кӕй лӕггад кӕнӕм, уый дзӕгъӕлы никуы фӕуыдзӕн. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:58.) Уӕдӕ дӕ Хӕйрӕг йӕ мӕнг ныхӕстӕй макуы фӕсайӕд.

19 Куыд федтам, афтӕмӕй Хӕйрӕг у хъомысджын, ӕгъатыр ӕмӕ мӕнгард. Ахӕм знагыл цӕй фӕрцы хъуамӕ фӕуӕлахиз уӕм? Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы. Йӕ Ныхасы нын ӕргом кӕны, Сайтан цы мадзӕлттӕй пайда кӕны, уыдон, ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ, «куыд архайы, уый... ӕнӕзонгӕ нӕу» (2 Кор. 2:11). Хӕйрӕг нӕ ныхмӕ цы мадзӕлтты руаджы тох кӕны, уый куы зонӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм ӕмӕ къӕрцхъус уӕм. Фӕлӕ ӕрмӕст сӕ зонын фаг нӕу. Библи зӕгъы: «Хӕйрӕгӕн... йӕ ныхмӕ слӕуут, ӕмӕ уӕ алидздзӕн» (Иак. 4:7). Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ ӕмӕ базондзыстӕм, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Сайтаны ныхмӕ тох кӕнӕм ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз уӕм.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын