БИОГРАФИ
Мӕ фыццаг уарзт нӕ рох кӕнын, ӕмӕ уый фӕрцы фидар лӕууын
УЫЙ уыди 1970 азы сӕрды райдианы. Ӕз хуыссыдтӕн госпитӕл «Вэлли-Фордж»-ы (Финиксвилл, Пенсильвани, АИШ). Медицинон ӕфсымӕр мын алы ӕрдӕгсахат дӕр мӕ туджы ӕлхъывдад барста. Уӕд мыл цыди 20 азы, уыдтӕн ӕфсӕддон ӕмӕ уӕззау низӕй фӕрынчын дӕн. Уыцы медицинон ӕфсымӕр мӕ цалдӕр азы йеддӕмӕ хистӕр нӕ уыд. Тынг тыхстхуыз уыди, уымӕн ӕмӕ мӕ туджы ӕлхъывдад дӕлӕмӕ хауди ӕмӕ хауди. Ӕз ӕй бафарстон: «Ӕвӕццӕгӕн, никуы федтай, адӕймаг куыд мӕлы, уый, нӕ?» Йӕ цӕсгом афӕлурс ӕмӕ мын загъта: «Нӕ, никуы».
Уыцы рӕстӕг зӕгъӕн уыди, ӕмӕ мӕм хорзӕй ницы ӕнхъӕлмӕ каст. Фӕлӕ уыцы госпитӕлмӕ куыд бахаудтӕн? Цӕй ӕмӕ уын мӕ царды хабӕрттӕ ракӕнон.
ХӔСТ ЦЫ У, УЫЙ КУЫД БАЗЫДТОН
Уыцы низӕй фӕрынчын дӕн, Вьетнамы хӕсты рӕстӕг хирурджы ӕххуысгӕнӕгӕй куы куыстон, уӕд. Мӕ зӕрдӕмӕ цыди рынчынтӕн ӕмӕ, тохы чи фӕцӕф, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын, ӕмӕ мӕ тынг фӕндыди, цӕмӕй ӕз дӕр хирург суыдаин. Вьетнаммӕ ’рцыдтӕн 1969 азы июлы. Уырдӕм-иу чи ’рцыд, уыдонау мӕнӕн дӕр радтой иу къуыри, цӕмӕй бынӕттон рӕстӕгыл, стӕй дзы цы тӕвд вӕййы, ууыл сахуыр уыдаин.
Мӕн снысан кодтой Донг Тамы госпитӕлмӕ. Уырдӕм куы ’рцыдтӕн, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ нӕм дуне вертолеттыл ӕрбаластой цӕф салдӕтты. Мӕ бӕстӕ ӕмӕ мӕ куыст тынг кӕй уарзтон, уымӕ гӕсгӕ мӕ фӕндыд куыстмӕ ӕвӕстиатӕй бавналын. Цӕф салдӕтты-иу тагъд-тагъд бацӕттӕ кодтой ӕмӕ сӕ баскъӕфтой, кондиционертӕ кӕм уыди, ахӕм ӕфсӕйнаг контейнертӕм – уым-иу кодтой операцитӕ. Уырдӕм-иу хирург, анестезиолог ӕмӕ дыууӕ медицинон хойы куы бахызтысты, уӕд-иу дзы фезмӕлӕн дӕр нал уыд. Уыдон-иу, сӕ бон цы уыд, уый арӕзтой, цӕмӕй-иу адӕймаджы цард аирвӕзын кодтаиккой. Ӕз бафиппайдтон, вертолетты ма стыр сау голджыты мидӕг цыдӕртӕ кӕй ӕрбаластой. Куыд мын загътой, афтӕмӕй уыцы голджыты уыдысты, тохы рӕстӕг рӕмудзӕн кӕуыл фехӕлд, уыцы салдӕтты буӕртты хӕйттӕ. Афтӕмӕй базыдтон, хӕст цы у, уый.
ХУЫЦАУЫ КУЫД АГУЫРДТОН
Рӕстдзинады тыххӕй цыдӕртӕ базыдтон, ӕрыгон лӕппу ма куы уыдтӕн, уӕд
Ӕрыгон лӕппу ма куы уыдтӕн, уӕд цыдӕртӕ базыдтон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй амыдтой, уыцы рӕстдзинады тыххӕй. Ӕвдисӕнтӕ мӕ мадимӕ Библи ахуыр кодтой, фӕлӕ донаргъуыд нӕ райста. Мӕнӕн мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди ахуыры рӕстӕг мӕ мады фарсмӕ бадын. Фӕлӕ иухатт мӕ мады лӕгимӕ Паддзахады залы рӕзты фӕцӕйцыдыстӕм ӕмӕ йӕ бафарстон: «Ам та цы ис, цы?» Уый мын загъта: «Уыцы адӕммӕ ӕввахс дӕр макуы бацу!» Мӕ мады лӕджы кӕй уарзтон ӕмӕ йыл кӕй ӕууӕндыдтӕн, уый тыххӕй йын йӕ ныхасмӕ байхъуыстон. Уый фӕстӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ никуыуал фембӕлдтӕн.
Вьетнамӕй куы ’рыздӕхтӕн, уӕд мӕ тынг фӕндыд Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын. Хӕсты цытӕ федтон, уыдӕттӕ-иу мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыдысты, ӕмӕ уый тыххӕй мӕхимӕ ныхъхъуыстон. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ, Вьетнамы цытӕ цӕуы, уый ӕппындӕр ничи ӕмбары. Хъуыды кӕнын, адӕм-иу демонстрациты рӕстӕг Иугонд Штатты салдӕттӕй афтӕ кӕй дзырдтой, сывӕллӕтты марджытӕ сты, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ фехъуыстой, хӕсты рӕстӕг-иу ӕнаххос сывӕллӕтты кӕй амардтой, уый тыххӕй.
Цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базыдтаин, уый тыххӕй райдыдтон алыхуызон аргъуантӕм цӕуын. Хуыцауы алкӕддӕр уарзтон, фӕлӕ-иу уыцы аргъуанты цы федтон ӕмӕ-иу дзы цы фехъуыстон, уымӕй-иу райгондӕй нӕ баззадтӕн. Ӕппынфӕстаг бацыдтӕн, Делрей-Бичы (Флоридӕ) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн цы Паддзахады зал уыди, уырдӕм. Уый уыди 1971 азы февралы, хуыцаубоны.
Паддзахады залмӕ куы бахызтӕн, уӕд раныхас фӕуд кодта, ӕмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуырмӕ баззадтӕн. Дзырд дзы цӕуыл цыди, уый нӕ хъуыды кӕнын, фӕлӕ мӕ ныр дӕр рох нӕу, гыццыл сывӕллӕттӕ-иу сӕ Библиты стихтӕ куыд агуырдтой. Уый мӕм тынг диссаг фӕкаст! Ӕмбырды рӕстӕг ӕнӕдзургӕйӕ бадтӕн, адӕммӕ кастӕн ӕмӕ лӕмбынӕг хъуыстон. Паддзахады залӕй куы рацӕйхызтӕн, уӕд мемӕ сныхас кодта, 80 азмӕ ӕввахс кӕуыл цыд, иу ахӕм ӕфсымӕр. Йӕ ном уыди Джим Гарднер. Уый мын равдыста чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг ӕцӕгдзинад» ӕмӕ мӕ бафарста: «Нӕ дӕ фӕнды ацы чиныг бакӕсын?» Чиныг райстон ӕмӕ баныхас кодтам, цыппӕрӕмы райсомӕй кӕй фембӕлдзыстӕм, цӕмӕй Библи ахуыр кӕнын райдайӕм.
Уыцы хуыцаубон изӕры куыстмӕ ацыдтӕн. Уӕд куыстон Бока-Ратоны (Флоридӕ) иу рынчындоны, тагъд ӕххуысы хайады. Мӕ сменӕ уыди ӕхсӕвы 11 сахатӕй райсомы 7 сахатмӕ. Уыцы ӕхсӕв сабыр кӕй уыд, уый руаджы мӕ бон уыд уыцы чиныг кӕсын. Куы йӕ кастӕн, уӕд мӕм хистӕр медицинон хо бацыд, чиныг мын мӕ къухӕй раскъӕфта, йӕ цъармӕ йын ӕркаст ӕмӕ мыл схъӕр кодта: «Адонмӕ бацӕуын сфӕнд кодтай, ӕви?» Ӕз дзы чиныг байстон ӕмӕ йын загътон: «Йе ’рдӕг йеддӕмӕ йын нӕма бакастӕн, фӕлӕ мӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕз дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суыдзынӕн!» Уӕд мӕ уый дӕр ныууагъта ӕмӕ уыцы чиныг райсоммӕ каст фӕдӕн.
Мемӕ Библи ахуыр кодта, Чарлз Расселлы лӕгӕй-лӕгмӕ чи зыдта, уыцы сӕрст ӕфсымӕр Джим Гарднер
Ӕфсымӕр Гарднеримӕ куы фембӕлдыстӕм, уӕд ӕй бафарстон: «Цы ахуыр кӕндзыстӕм?» Уый мын загъта: «Цы чиныг дын радтон, уый». Уӕд ын ӕз афтӕ: «Ӕмӕ йӕ куы бакастӕн». Уӕд мын ӕфсымӕр Гарднер фӕлмӕнӕй загъта: «Хорз, уӕд-ма йын йӕ фыццаг сӕрмӕ ӕркӕсӕм». Цас цыдӕртӕ дзы ауагътон, уый куы федтон, уӕд тынг бадис кодтон. Цы стихтӕ дзы уыди, уыдонӕй мын бирӕтӕ мӕхи Библийы фенын кодта. Афтӕмӕй, кӕдӕй-уӕдӕй, ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы тыххӕй цыдӕртӕ базыдтон. Уыцы райсом ӕфсымӕр Гарднеримӕ чиныгӕй «Ӕцӕгдзинад» рацыдыстӕм ӕртӕ сӕры. Уӕдӕй фӕстӕмӕ-иу алы цыппӕрӕм дӕр райсомӕй фембӕлдыстӕм ӕмӕ-иу рацыдыстӕм ӕртӕ сӕры. Ӕфсымӕр Гарднеримӕ балымӕн дӕн ӕмӕ йӕм дзырдтон йӕ номӕй, Джим, зӕгъгӕ. Библи ахуыр кӕнын мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди. Ӕфсымӕр Гарднер уыди сӕрст чырыстон ӕмӕ лӕгӕй-лӕгмӕ зыдта Чарлз Расселлы. Мемӕ ахӕм ӕфсымӕр кӕй ахуыр кодта, уый мӕхицӕн стыр кадыл нымадтон!
Цалдӕр къуырийы фӕстӕ сдӕн ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг. Бирӕ цӕуылдӕрты тыхстӕн, фӕлӕ мын Джим ӕххуыс кодта. Зӕгъӕм-иу мемӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынмӕ цыди (Хъуыд. 20:20). Рӕстӕг куы рацыд, уӕд хъусын кӕнын мӕ зӕрдӕмӕ цӕуын райдыдта. Ӕмӕ ныр дӕр мӕхицӕн стыр кадыл нымайын, мӕ бон кӕй у уыцы хъуыддаджы архайын. Хуыцауы ӕмкусӕг уай, уымӕй хуыздӕр ма цы хъуамӕ уа! (1 Кор. 3:9).
ЙЕГЪОВӔЙЫ КУЫД БАУАРЗТОН
Ныр та мӕ фӕнды радзурын, тынг зынаргъ мын цы у, уый тыххӕй – Йегъовӕйы куыд бауарзтон, уый тыххӕй (Рарг. 2:4). Уыцы уарзондзинад мын баххуыс кодта, цӕмӕй зӕрдӕриссӕн мысинӕгтӕй фервӕзтаин ӕмӕ фӕлварӕнты рӕстӕг фидар фӕлӕууыдаин (Ис. 65:17).
Йегъовӕйы кӕй бауарзтон, уый мын баххуыс кодта, цӕмӕй зӕрдӕриссӕн мысинӕгтӕй фервӕзтаин ӕмӕ фӕлварӕнты рӕстӕг фидар фӕлӕууыдаин
Донаргъуыд райстон 1971 азы июлы, стадион «Янки»-йы чи цыди, уыцы облӕстон конгрессы, «Хуыцауы ном», зӕгъгӕ
1971 азы уалдзӕджы иу бон мӕ никуы ферох уыдзӕн. Уый размӕ мӕ бахъуыди, мӕ ныййарджытимӕ кӕм цардтӕн, уыцы хӕдзарӕй ацӕуын, уымӕн ӕмӕ мӕ мады лӕджы нӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ хӕдзары Йегъовӕйы Ӕвдисӕн цардаид. Ӕхца мӕм бирӕ нӕ уыд. Цы рынчындоны куыстон, уым нын мызд фыстой дыууӕ къуырийы иу хатт, ӕмӕ мӕм цы ’хца уыди, уымӕн та йӕ фылдӕр хай бахардз кодтон – ног дзаумӕттӕ балхӕдтон, цӕмӕй уацамынды Йегъовӕйы номӕн мӕ кондӕй дӕр кад хастаин. Цасдӕр ӕхца мын банчы ӕвӕрд уыди, фӕлӕ сӕ цӕмӕй райстаин, уый тыххӕй мӕ хъуыди ацӕуын, кӕм схъомыл дӕн, уыцы штат Мичиганмӕ. Гъемӕ мӕ цалдӕр боны машинӕйы цӕрын бахъуыди. Мӕхимӕ та-иу базылдтӕн, автозаправкӕты цы уазӕгдӕттӕ вӕййы, уым.
Машинӕйы куы цардтӕн, уыцы рӕстӕг иубон Паддзахады залмӕ ӕрбацыдтӕн, уацамындон фембӕлдмӕ ма цалдӕр сахаты куы хъуыди, уӕд. Уыцы бон сменӕйӕ рацыдтӕн. Мӕ машинӕ баурӕдтон Паддзахады залы фӕстӕ, кӕм мӕ ничи федтаид, ахӕм ран, ӕмӕ цалынмӕ иннӕтӕм ӕнхъӕлмӕ кастӕн, уӕдмӕ мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыдысты, Вьетнамы цытӕ федтон, уыдӕттӕ. Мӕ фындзыл ауад сыгъд буӕртты тӕф, мӕ цӕстытыл ауади, туг куыд лӕсӕнтӕ кодта, уый. Мӕ хъустыл ауад, тохы быдырӕй-иу кӕй ӕрбаластой, уыцы ӕрыгон лӕппутӕ-иу мӕ куыд фарстой, «Зӕгъ-ма мын, аирвӕздзынӕн? Нӕ амӕлдзынӕн?», зӕгъгӕ. Ӕз ӕй зыдтон, кӕй амӕлдзысты, фӕлӕ сӕ уӕддӕр, мӕ бон куыд уыд, афтӕ сабыр кодтон ӕмӕ сӕ мӕ цӕстытӕ ӕмбӕхстон, цӕмӕй ма бамбӕрстаиккой, хабар ӕцӕгӕй куыд у, уый. Ӕппӕт уыцы тар хъуыдытӕ мӕ сӕ быны скодтой, афтӕмӕй иуцасдӕр уым фӕбадтӕн.
Алкӕддӕр, уӕлдайдӕр та зындзинӕдты рӕстӕг, фӕархайын, цӕмӕй, Йегъовӕйы фыццаг цы уарзтӕй бауарзтон, уый ма ӕрмынӕг уа
Мӕ цӕссыгтӕ мӕ рустыл гӕр-гӕр кодтой, афтӕмӕй Йегъовӕмӕ куывтон (Пс. 56:8). Стӕй райдыдтон райгасдзинадыл хъуыды кӕнын. Ӕмӕ мӕм уӕд ӕвиппайды бахъардта: райгасдзинады фӕрцы Йегъовӕ уыцы ӕвирхъау хабӕрттӕй фӕд дӕр нал ныууадздзӕн, ӕмӕ мӕнӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр сӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ сдзӕбӕх кӕндзӕн. Йегъовӕ уыцы ӕрыгон лӕппуты райгас кӕндзӕн ӕмӕ уыдон дӕр базондзысты, цавӕр Хуыцау у, уый (Хъуыд. 24:15). Уӕд бамбӕрстон, Йегъовӕйы куыд тынг уарзын, уый ӕмӕ уыцы уарзондзинад суанг мӕ зӕрдӕйы рӕбинаг къуымты дӕр ахъардта. Уыцы бон никуы ферох кӕндзынӕн. Уӕдӕй фӕстӕмӕ алкӕддӕр, уӕлдайдӕр та зындзинӕдты рӕстӕг, ӕппӕт тыхтӕй фӕархайын, цӕмӕй, Йегъовӕйы фыццаг цы уарзтӕй бауарзтон, уый ма ӕрмынӕг уа.
ЙЕГЪОВӔ МЫЛ АЛКӔДДӔР ТЫХСТИ
Хӕсты рӕстӕг адӕм стыр фыдхъуыддӕгтӕ саразынц. Ӕмӕ уый мӕнмӕ дӕр хауы. Фӕлӕ арӕх фӕхъуыды кӕнын, Библийӕ мӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр чи цӕуы, уыцы стихтыл, ӕмӕ мын уый тынг ӕххуыс кӕны. Раргомады 12:10, 11 фыст ис, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ Хӕйрӕгыл кӕй фӕуӕлахиз сты, хорз хабар кӕй хъусын кӕнынц, ӕрмӕст уый фӕрцы нӕ, фӕлӕ ма Уӕрыччы туджы фӕрцы. Галатӕгтӕм 2:20 стихы фӕрцы та зонын, Йесо Чырысти йӕ цард «мӕн тыххӕй» кӕй радта. Чырыстийы туг кӕй ныккалд, уый фӕрцы Йегъовӕ мӕнӕн дӕр хатыр кӕны, цытӕ сарӕзтон, уыдӕттӕ. Уый руаджы мын Хуыцауы раз ис сыгъдӕг цӕсгом. Стӕй ма мӕ уый разӕнгард кӕны ӕппӕт тыхтӕй архайынмӕ, цӕмӕй иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕнон нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау Йегъовӕйы тыххӕй базонынӕн (Дзут. 9:14).
Мӕ цардыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд ӕппындӕр нӕ фӕдызӕрдыг кӕнын, Йегъовӕ мыл алкӕддӕр кӕй тыхсти. Зӕгъӕм, мӕ машинӕйы кӕй цӕрын, уый тыххӕй Джим цы бон базыдта, уыцы бон мӕ базонгӕ кодта, гыццыл уазӕгдзӕрӕн кӕмӕн уыд, иу ахӕм хоимӕ. Ӕппындӕр ыл нӕ дызӕрдыг кӕнын, Джимы уылты ӕмӕ мын уыцы хӕларзӕрдӕ хойы уылты уӕд Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кодта. Йегъовӕ тынг уарзӕгой Хуыцау у! Йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл алкӕддӕр батыхсы.
ЗЫНГЗӔРДӔЙӔ, ФӔЛӔ УЫИМӔ УӔЗДАНӔЙ ХЪУСЫН КӔНЫН КУЫД АХУЫР КОДТОН
1971 азы майы мӕ цыдӕр хъуыддӕгты тыххӕй бахъуыди Флоридӕйӕ Мичиганмӕ ацӕуын. «Делрей-Бич»-ы ӕмбырдӕй куы цыдтӕн, уӕд мӕ машинӕйы багажник нӕ литературӕйӕ байдзаг кодтон ӕмӕ сӕйраг фӕндагыл цӕгатырдӕм араст дӕн. Мӕ фӕндагӕн йе ’рдӕг дӕр нӕма рацыдтӕн, афтӕ мӕ багажник сафтид. Алы ран дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтон Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Бацыдтӕн-иу ахӕстӕттӕм, ӕмӕ ма-иу суанг автозаправкӕты уазӕгдӕтты дӕр нӕлгоймӕгтӕн буклеттӕ лӕвӕрдтон. Абон дӕр фӕхъуыды кӕнын, зӕгъын, цымӕ уыцы мыггӕгтӕй искӕцы тау суагъта ӕви нӕ (1 Кор. 3:6, 7).
Фӕлӕ сӕттын, фыццаг рӕстӕг мын уӕздандзинад нӕ фаг кодта, уӕлдайдӕр та-иу мӕ бинонтимӕ куы ныхас кодтон, уӕд. Йегъовӕйы цы уарзтӕй бауарзтон, уый мӕ зӕрдӕйы пиллон артау сыгъди, ӕмӕ сын Хуыцауы тыххӕй ныфсджынӕй дзырдтон, фӕлӕ-иу ӕгӕр карз ныхас кодтон. Ме ’фсымӕрты, Джон ӕмӕ Роны, тынг уарзтон, ӕмӕ сын рӕстдзинад тыхӕй дӕр хъардтон. Фӕстӕдӕр сӕ уый тыххӕй хатыр ракуырдтон. Фӕлӕ абоны онг дӕр Хуыцаумӕ фӕкувын, цӕмӕй рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ айсой. Йегъовӕ мӕ кӕй ахуыр кодта, уый фӕрцы ныр уӕздандӕрӕй фӕхъусын кӕнын (Кол. 4:6).
НОДЖЫДӔР МА БИРӔ КӔЙ УАРЗЫН, УЫДОН
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мӕ царды мын сӕйрагдӕр у Йегъовӕ, фӕлӕ ма мын ис, мӕ зӕрдӕйӕн тынг ахсджиаг чи у, ахӕм адӕм дӕр. Ӕмӕ уыдонӕй фыццаг у мӕ зынаргъ бинойнаг Сьюзен. Бинонтӕ куы нӕма ’ркодтон, уӕд мӕ фӕндыди, цӕмӕй мӕ фарсмӕ уыдаид, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн мын чи ӕххуыс кодтаид, ахӕм ӕмбал. Сьюзен у фидар уырнындзинады хицау ӕмӕ Йегъовӕйы бирӕ уарзы. Ӕмбӕлгӕ ма куы кодтам, уӕд сӕм иухатт хӕдзармӕ бацыдтӕн ӕмӕ Сьюзены тыргъы бадгӕ баййӕфтон, Библи ӕмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» йӕ къухты, афтӕмӕй. Сьюзен касти, ахуыр кӕнынӕн чи нӕ уыд, ахӕм статья ӕмӕ дзы цы стихтӕ уыд амынд, уыдон-иу Библийы байгом кодта. Уый мӕм диссаг фӕкаст ӕмӕ мӕхинымӕр загътон: «Гъе уый дын, Хуыцауы чи уарзы, ахӕм чызг!» Нӕ цард баиу кодтам 1971 азы декабры, ӕмӕ Сьюзенӕй тынг бузныг дӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ фарсмӕ кӕй ис ӕмӕ мын кӕй ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй. Ӕппӕты тынгдӕр дзы мӕ зӕрдӕмӕ уый цӕуы, ӕмӕ Йегъовӕйы мӕнӕй фылдӕр уарзы.
Мӕ бинойнаг Сьюзенимӕ ӕмӕ нӕ лӕппутӕ Джесси ӕмӕ Полимӕ
Сьюзенимӕ нын ис дыууӕ фырты, Джесси ӕмӕ Пол. Гыццылӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ уыди семӕ (1 Сам. 3:19). Рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстой, уый тыххӕй сӕ тынг сӕрыстыр стӕм. Уыдон дӕр абоны онг Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц, фыццаг ӕй цы уарзтӕй бауарзтой, уый кӕй нӕ рох кӕнынц, уый фӕрцы. Сӕ дыууӕ дӕр 20 азӕй фылдӕр лӕггад кӕнынц ӕххӕстрӕстӕг. Тынг сӕрыстыр ма дӕн мӕ чындзытӕй дӕр, Стефани ӕмӕ Ракелӕй, мӕхи чызджытӕй уӕлдай мын не сты. Нӕ дыууӕ лӕппуйы дӕр сӕхицӕн равзӕрстой, Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй чи уарзы, ахӕм цардӕмбӕлттӕ (Еф. 6:6).
Нӕ бинонты зӕрдӕмӕ цыди, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, ахӕм ран лӕггад кӕнын
Донаргъуыд куы райстон, уый фӕстӕ 16 азы лӕггад кодтон Род-Айленды, ӕмӕ мын дзы фӕзынди бирӕ хорз ӕмбӕлттӕ. Ӕхсызгонӕй ӕрымысын, цы диссаджы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дзы уыди, уыдонимӕ иумӕ куыд лӕггад кодтон, уый. Уымӕй уӕлдай ма тынг бузныг дӕн, хорзырдӕм мыл чи бандӕвта, уыцы цӕуӕг цӕстдарджытӕй, номгай сӕ нӕ нымайдзынӕн, уымӕн ӕмӕ бирӕ сты. Уыдон се ’ппӕт дӕр, Йегъовӕйы фыццаг цы уарзтӕй бауарзтой, уый мынӕг кӕнын нӕ бауагътой. Ахӕм ӕфсымӕртимӕ иумӕ кӕй лӕггад кодтон, уый мӕхицӕн стыр кадыл нымайын. 1987 азы цӕрынмӕ ацыдыстӕм Цӕгат Каролинӕмӕ – уыцы штаты хъусынгӕнджытӕ нӕ фаг кодта. Ӕмӕ уым дӕр нӕхицӕн ссардтам бирӕ хорз ӕмбӕлттӕa.
Уацамындон фембӕлд уадзын, цӕуӕг цӕстдарӕгӕй куы лӕггад кодтон, уӕд
2002 азы августы нӕ Сьюзенимӕ фӕхуыдтой Паттерсонмӕ (АИШ), Вефилы лӕггад кӕнынмӕ. Ӕз лӕггад кодтон уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайады, Сьюзен та – гӕрзтӕ кӕм фехсынц, уым. Йӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди уым лӕггад кӕнын! Фӕстӕдӕр, 2005 азы августы мӕм ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ мӕ снысан кодтой Разамонӕг советмӕ. Афтӕ мӕм касти, ӕмӕ ӕз уый аккаг нӕ дӕн. Мӕ бинойнаг дӕр тынг мӕт кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбӕрста, уый стыр бӕрндзинад ӕмӕ стыр куыст кӕй у, стӕй дзы бирӕ рацу-бацу кӕй хъӕудзӕн. Сьюзен никуы уарзта хӕдтӕхӕгыл тӕхын, мах та тӕхын бирӕ фӕхъӕуы! Фӕлӕ Сьюзен зӕгъы, Разамонӕг советы чи лӕггад кӕны, уыцы ӕфсымӕрты бинойнӕгтимӕ кӕй аныхас кӕны, уый йын кӕй ӕххуыс кӕны. Уый фӕрцы йын ӕнцондӕр вӕййы, цӕмӕй мын, йӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр у, уымӕй ӕххуыс кӕна. Сьюзен мын ӕцӕгдӕр хорз ӕххуысгӕнӕг у, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй дӕр бирӕ уарзын.
Мӕ кабинеты ис, тынг зынаргъ мын чи у, бирӕ ахӕм къамтӕ. Уыдон мын мӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, цы диссаджы цард фӕцардтӕн, уый. Йегъовӕйы фыццаг цы уарзтӕй бауарзтон, уый кӕй нӕ рох кӕнын, уый фӕрцы абон дӕр хайджын дӕн бирӕ диссаджы арфӕдзинӕдтӕй!
Тынг фӕцин кӕнын, нӕ бинонтӕ иумӕ куы ӕрӕмбырд вӕййынц, уӕд