БИБЛИ: ФАРСТАТӔ ӔМӔ ДЗУАППЫТӔ
Библийы пехуымпарӕдтӕ цӕмӕн ис?
Библийы нӕ рӕстӕджы хабӕртты кой цӕмӕн ис? (Лукайы 21:10, 11)
Библийы ис, алцыдӕр лыстӕг хабӕртты онг фыст кӕм ис, бирӕ ахӕм пехуымпарӕдтӕ. Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу фидӕны тыххӕй ахӕм лыстӕг хабӕрттӕ зонын. Уӕдӕ уыцы пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Библи Хуыцауы Ныхас у. (Бакӕс Йесо Навины 23:14; 2 Петры 1:20, 21.)
Ныры онг цы пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст сты, уыдоны фӕрцы Хуыцауыл тынгдӕр ӕууӕндӕм (Дзуттӕгтӕм 11:1). Уый фӕрцы ма нӕ фидарӕй уырны, Хуыцау нын ныфс цы хорз фидӕнӕй ӕвӕры, уый нӕхи цӕстӕй кӕй фендзыстӕм. Уӕдӕ нын Библийы пехуымпарӕдтӕ фидар кӕнынц нӕ ныфс. (Бакӕс Псалом 37:29; Ромӕгтӕм 15:4.)
Библийы пехуымпарӕдтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц?
Иуӕй-иу пехуымпарӕдтӕ Хуыцауы адӕмы разӕнгард кӕнынц цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕм. Зӕгъӕм, фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ куы федтой, кӕцыдӕр пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уӕд Иерусалимӕй ацыдысты. Фӕстӕдӕр горӕт знаджы къухӕй пырхгонд ӕрцыд, йӕ цӕрджытӕн сӕ фылдӕр Чырыстийыл кӕй нӕ баууӕндыдысты, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕдмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ уырдыгӕй ацыдысты ӕмӕ уыдысты ӕдас бынаты. (Бакӕс Лукайы 21:20–22.)
Цы пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст сты, уыдонӕй бӕрӕг у, тагъд рӕстӕджы Хуыцауы Паддзахад зӕххон паддзахӕдтӕн ӕмӕ хицауӕдтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн (Данел 2:44; Лукайы 21:31). Уымӕ гӕсгӕ ныр алы адӕймаджы дӕр хъӕуы архайын, цӕмӕй Хуыцауы ӕвӕрд Паддзах Йесо Чырыстийы хорзӕх ссара. (Бакӕс Лукайы 21:34–36.)