Йегъовӕ – адӕмимӕ чи ныхас кӕны, уыцы Хуыцау
«Дӕ хорзӕхӕй, байхъус, цы дзурдзынӕн, уымӕ» (ИОВ 42:4).
1–3. а) Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауы хъуыдытӕ ӕмӕ ӕвзаг адӕмы хъуыдытӕ ӕмӕ ӕвзагӕй уӕлдӕр сты? б) Ацы статьяйӕ цы базондзыстӕм?
ЙЕГЪОВӔ ХУЫЦАУЫ фӕндыд, цӕмӕй ма йӕхи йеддӕмӕ ноджыдӕр исчи цардыл цин кодтаид, ӕмӕ уый тыххӕй сфӕлдыста зӕдты ӕмӕ фӕстӕдӕр та – адӕмы (Пс. 36:9; 1 Тим. 1:11). Фыццаг уал Йегъовӕ сфӕлдыста, апостол Иоанн «Дзырд» кӕй схуыдта, уый, ома Йесойы (Иоан. 1:1; Рарг. 3:14). Йегъовӕ йемӕ ныхас кодта ӕмӕ йын йӕ хъуыдытӕ ӕмӕ йе ’нкъарӕнтӕ ӕргом кодта (Иоан. 1:14, 17; Кол. 1:15). Апостол Павел «зӕдты ӕвзаджы» кой кӕй ракодта, уымӕй бӕрӕг у, зӕдтӕн дӕр сӕ бон кӕй у ныхас кӕнын. Уый у, адӕмы ӕвзагӕй тынг чи хицӕн кӕны, ахӕм ӕвзаг (1 Кор. 13:1).
2 Йегъовӕ, цы миллиардгай зӕдтӕ ӕмӕ адӕмы сфӕлдыста, уыдоны тыххӕй алцыдӕр зоны. Йӕ бон у, ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг хъуса милуангай адӕймӕгты куывдтытӕм, ӕмӕ йӕм цыфӕнды ӕвзагыл ма кувой – ӕмбары сӕ. Ӕмӕ ма уыцы иу рӕстӕг йӕ бон вӕййы йӕ зӕдтимӕ дӕр ныхас кӕнын ӕмӕ сын разамынд дӕттын. Уӕдӕ бӕрӕг у, йӕ хъуыдытӕ дӕр ӕмӕ йе ’взаг дӕр адӕмы хъуыдытӕ ӕмӕ ӕвзагӕй бирӕ уӕлдӕр кӕй сты. (Бакӕс Исайы 55:8, 9.) Уымӕ гӕсгӕ, адӕмимӕ куы фӕныхас кӕны, уӕд фӕпайда кӕны, ӕнцон бамбарӕн сын чи уа, ахӕм ӕвзагӕй.
3 Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, историйы дӕргъы Йегъовӕ адӕмимӕ, ӕнцонӕмбарӕн сын чи уыд, ахӕм ӕвзагыл куыд ныхас кодта. Ноджыдӕр ма базондзыстӕм, адӕмимӕ куыд фӕныхас кӕны, уый уавӕртӕм гӕсгӕ куыд фӕивы.
ХУЫЦАУ АДӔМИМӔ НЫХАС КӔНЫ
4. а) Йегъовӕ Моисей, Самуил ӕмӕ Давидимӕ цы ӕвзагыл ныхас кодта? б) Библийы цы ис фыст?
4 Хуыцау фыццаг адӕймагимӕ, Адамимӕ, Едемы цӕхӕрадоны куы ныхас кодта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, пайда кодта рагон дзуттаг ӕвзагӕй. Фӕстӕдӕр Йегъовӕ йӕ хъуыдытӕ раргом кодта ӕмӕ сӕ ныффыссын кодта, дзуттагау чи дзырдта, уыдонӕн, зӕгъӕм, Моисей, Самуил ӕмӕ Давидӕн. Уыцы нӕлгоймӕгтӕ фыстой Хуыцауы хъуыдытӕ, фӕлӕ сӕ фыстой сӕхи ныхӕстӕй ӕмӕ сын ӕнцондӕр куыд уыд, ахӕм хуызы. Йегъовӕ сын йӕхӕдӕг цы дзырдта, уымӕй уӕлдай ма фыстой, Хуыцау йӕ адӕмӕн куыд уыди, уый тыххӕй дӕр. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис, израилӕгтӕ Хуыцауы кӕй уарзтой ӕмӕ йыл кӕй ӕууӕндыдысты, уый тыххӕй, стӕй-иу кӕй фӕрӕдыдысты ӕмӕ-иу ыл сӕ зӕрдӕ кӕй сивтой, уый тыххӕй дӕр. Ӕппӕт уыдӕттӕ фыст ӕрцыдысты мах пайдайӕн (Ром. 15:4).
5. Йегъовӕ адӕмимӕ ӕрмӕстдӕр дзуттаг ӕвзагыл ныхас кодта? Бамбарын ӕй кӕн.
5 Фӕлӕ Йегъовӕ адӕмимӕ ӕрмӕст дзуттаг ӕвзагыл нӕ ныхас кодта. Израилӕгтӕ Вавилоны уацарӕй куы ссӕрибар сты, уӕд сӕ чидӕртӕ дзырдтой арамейаг ӕвзагыл. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕ Данелӕн, Йеремийӕн ӕмӕ Ездрӕйӕн сӕ чингуытӕй кӕцыдӕр хӕйттӕ арамейаг ӕвзагыл растдӕр уый тыххӕй ныффыссын кодтаa.
6. Дзуттаг Фыстытӕ грекъаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кӕнын цӕмӕн бахъуыд?
6 Фӕстӕдӕр Македойнаг Алыксандр дунейӕн йӕ фылдӕр хай бацахста, ӕмӕ бирӕ бӕстӕты адӕм райдыдтой дзурын иумӕйаг грекъаг ӕвзагыл, «койне», зӕгъгӕ. Дзуттӕгтӕй дӕр бирӕтӕ райдыдтой грекъаг ӕвзагыл дзурын, ӕмӕ рӕстӕг куы рацыд, уӕд Дзуттаг Фыстытӕ дӕр грекъаг ӕвзагмӕ тӕлмацгонд ӕрцыдысты. Уыцы тӕлмац хуыйны Септуагинтӕ. Уый уыди Библийӕн йӕ фыццаг тӕлмац ӕмӕ йын ис стыр ахадындзинад. Иртасджытӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Септуагинтӕйыл куыста 72 адӕймаджыb. Уыдонӕй чидӕртӕ Дзуттаг Фыстытӕ тӕлмац кодтой дзырдӕй-дзырдмӕ, чидӕртӕ та – нӕ. Уый тыххӕй Септуагинтӕ иу ӕгъдаумӕ гӕсгӕ тӕлмацгонд нӕу. Фӕлӕ уӕддӕр, грекъагау чи дзырдта, уыцы дзуттӕгтӕ ӕмӕ чырыстӕттӕ Септуагинтӕ нымадтой Хуыцауы Ныхасыл.
7. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ цавӕр ӕвзагыл дзырдта?
7 Йесо зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дзуттагау ныхас кодта (Иоан. 19:20; 20:16; Хъуыд. 26:14). Чи зоны ма-иу пайда кодта иуӕй-иу арамейаг ныхӕстӕй дӕр, уыцы рӕстӕг адӕм кӕмӕй пайда кодтой, уыдонӕй. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай Йесо зыдта рагон дзуттаг ӕвзаг дӕр, Моисей ӕмӕ пехуымпартӕ кӕуыл дзырдтой ӕмӕ сын сӕ чингуытӕ ӕмбырдгӕнӕны алы къуыри дӕр кӕуыл кастысты, уыцы ӕвзаг (Лук. 4:17–19; 24:44, 45; Хъуыд. 15:21). Ӕмӕ кӕд Йесойы заман грекъаг ӕмӕ латинаг ӕвзӕгтыл дӕр дзырдтой, уӕддӕр Библийы ницы ис фыст, Йесо сыл дзырдта ӕви нӕ, уый тыххӕй.
8, 9. Библийы чингуытӕй кӕцыдӕртӕ грекъаг ӕвзагыл фыст цӕмӕн ӕрцыдысты ӕмӕ уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн?
8 Йесойы фыццаг фӕдылдзӕуджытӕ дзырдтой дзуттагау, фӕлӕ йӕ мӕлӕты фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ райдыдтой ӕндӕр ӕвзӕгтыл дӕр дзурын. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 6:1.) Хорз хабар куыд парахат кодта, афтӕ, грекъагау чи дзырдта, уыцы чырыстӕттӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой. Адӕм иууылдӕр грекъаг ӕвзагыл кӕй дзырдтой, уымӕ гӕсгӕ Матфейы, Марчы, Лукайы ӕмӕ Иоанны Евангелитӕ парахат уыдысты грекъаг ӕвзагылc. Стӕй апостол Павелы фыстӕджытӕ ӕмӕ ма Библийӕ иннӕ чингуытӕ дӕр фыст ӕрцыдысты грекъаг ӕвзагыл.
9 Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ чи фыста, уыдон-иу хатгай Дзуттаг Фыстытӕй цавӕрдӕр ныхӕстӕй спайда кодтой. Уыцы ныхӕстӕ-иу арӕхдӕр уыдысты Септуагинтӕйӕ ӕмӕ-иу хатгай зына-нӕзына хицӕн кодтой, ӕппӕты фыццаг дзуттагау куыд фыст ӕрцыдысты, уымӕй. Афтӕмӕй ӕнӕххӕст адӕмы тӕлмац Библимӕ хаст ӕрцыд. Уый нын ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ кӕцыдӕр ӕвзаг кӕнӕ адӕмы иннӕтӕй хуыздӕрыл нӕ нымайы. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 10:34.)
10. Йегъовӕ адӕмимӕ куыд фӕныхас кӕны, уый тыххӕй цы базыдтам?
10 Уӕдӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй, Йегъовӕ адӕмимӕ куыд фӕныхас кӕны, уый уавӕртӕм гӕсгӕ фӕивы. Ӕмӕ йын цӕмӕй йӕхи тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй базонӕм, уый тыххӕй нӕ иу цавӕрдӕр ӕвзагыл нӕ дзурын кӕны. (Бакӕс Захарийы 8:23; Раргомад 7:9, 10.) Стӕй ма базыдтам, Библийы фысджытӕ Йегъовӕйы разамындӕй кӕй фыстой, фӕлӕ сын Хуыцау уый бар кӕй лӕвӕрдта, цӕмӕй йын йӕ хъуыдытӕ сӕхи ныхӕстӕй фыстаиккой.
ХУЫЦАУ НӔМ ЙӔ НЫХАС КУЫД ФӔХӔЦЦӔ КОДТА
11. Адӕм алыхуызон ӕвзӕгтыл кӕй дзурынц, уый Йегъовӕйӕн къуылымпыйы хос цӕуылнӕ у?
11 Кӕд адӕм алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурынц, уӕддӕр уый Йегъовӕйӕн къуылымпыйы хос нӕу. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Зӕгъӕм, Грекъаг Фыстыты Йесойы ныхӕстӕй дзуттагау фыст ӕрцыдысты ӕрмӕстдӕр цалдӕр (Матф. 27:46; Мар. 5:41; 7:34; 14:36). Йесо цы амыдта, уый Йегъовӕйы фӕндӕй тӕлмацгонд ӕрцыд грекъаг ӕвзагмӕ, ӕмӕ рӕстӕг куы рацыд, уӕд та – ӕндӕр ӕвзӕгтӕм дӕр. Дзуттӕгтӕ ӕмӕ чырыстӕттӕ Сыгъдӕг Фыстады чингуытӕй къопитӕ кӕй кодтой, уый фӕрцы Хуыцауы Ныхас нӕ фесӕфт. Фӕстӕдӕр сӕ къухфыстытӕ тӕлмацгонд ӕрцыдысты бирӕ ӕндӕр ӕвзӕгтӕм дӕр. Иоанн Златоуст (царди н. э. 4–5 ӕнусы) загъта, йӕ рӕстӕджы Йесойы ахуырӕдтӕ кӕй ратӕлмац кодтой сириӕгты, египетӕгты, индиӕгты, персайнӕгты, эфиопӕгты ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр адӕмты ӕвзӕгтӕм дӕр.
12. Библийы ныхмӕ куыд тох кодтой?
12 Ӕнусты дӕргъы Библийы ныхмӕ, стӕй йӕ чи тӕлмац кодта ӕмӕ йӕ чи парахат кодта, уыдоны ныхмӕ карзӕй цыдысты. Н. э. 303 азы ромаг император Диоклетиан бардзырд радта, цӕмӕй, цыдӕриддӕр Библитӕ уыд, уыдон фесӕфтаиккой. Нӕ эрӕйы 16 ӕнусы Уильям Тиндал райдыдта Библи англисаг ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнын. Тиндал загъта, зӕгъӕ, дам, кӕд Хуыцауы фӕндӕй уыйбӕрц фӕцӕрон, уӕд, дам, бацархайдзынӕн, цӕмӕй суанг зӕхкусӕджы лӕппу дӕр Библи сауджынӕй хуыздӕр зона. Фӕлӕ йӕ фӕдыл кӕй зылдысты, уый тыххӕй Тиндалы бахъуыд Английӕ Европӕмӕ алидзын, цӕмӕй уым Библи дарддӕр тӕлмац кодтаид ӕмӕ йӕ стӕй мыхуыры рауагътаид. Ӕмӕ кӕд сауджынтӕ архайдтой, цӕмӕй Библитӕ се ’ппӕт дӕр басыгътаиккой, уӕддӕр Тиндалы тӕлмац адӕмыл апарахат. Ӕппынфӕстаг Тиндалы ӕрцахстой, ныххурх ӕй кодтой ӕмӕ йӕ хъӕдыл басыгътой. Фӕлӕ йӕ тӕлмац аирвӕзт ӕмӕ дзы стӕй спайда кодтой, «Паддзах Яковы Библи» куы кодтой, уӕд. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 2:9.)
13. Библи иртасджытӕ рагон къухфыстытӕ кӕй раиртӕстой, уый фӕрцы цы рабӕрӕг?
13 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библийы рагондӕр къопитӕй иуӕй-иуты ис цавӕрдӕр гыццыл рӕдыдтытӕ ӕмӕ хицӕндзинӕдтӕ. Фӕлӕ Библи иртасджытӕ лӕмбынӕг раиртӕстой мингай къухфыстытӕ, къухфыстыты хӕйттӕ ӕмӕ Библийы рагон тӕлмацтӕ. Куы сӕ абарстой, уӕд сбӕрӕг кодтой, кӕрӕдзийӕ чи хицӕн кӕны, ахӕм стихтӕ дзы гыццыл кӕй ис, ӕмӕ уыцы хицӕндзинӕдты тыххӕй дӕр сӕ хъуыды кӕй нӕ ивы. Фӕлӕ Библийӕн йӕ сӕйраг хъуыды нӕ фӕивта. Уыдӕтты фӕрцы, Библи сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи ахуыр кӕны, уыдон фидарӕй зонынц, абон нӕм цы Библи ис, уый ӕцӕгдӕр Йегъовӕйы Ныхас кӕй у (Ис. 40:8).
14. Абон Библи куыд парахат у, уый тыххӕй цы ис зӕгъӕн?
14 Кӕд знӕгтӕ Библийы ныхмӕ тох кодтой, уӕддӕр тӕлмацгонд ӕрцыд 2 800 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ. Уыйбӕрц ӕвзӕгтӕм нырмӕ иу чиныг дӕр нӕ ратӕлмац кодтой. Ӕмӕ кӕд адӕмӕй бирӕтӕ Хуыцауыл не ’ууӕндынц, уӕддӕр, йӕ Ныхас куыд парахат у, афтӕ парахат иу чиныг дӕр никуы уыд. Библийы иуӕй-иу тӕлмацтӕ ӕнцонкӕсӕн не сты кӕнӕ дзы алцыдӕр бынтон раст нӕу. Фӕлӕ уӕддӕр зӕгъӕн ис, ӕмӕ се ’ппӕты дӕр ис, ирвӕзындзинад ӕмӕ ӕнусон цардӕй ныфс чи ӕвӕры, уыцы хабар.
ХЪУЫДИ БИБЛИЙЫ НОГ ТӔЛМАЦ
15. а) 1919 азӕй фӕстӕмӕ нӕ литературӕ тӕлмац кӕныны хъуыддаджы цы фӕивта? б) Нӕ литературӕ англисаг ӕвзагыл фыст цӕмӕн цӕуы?
15 1919 азы Библииртасджыты гыццыл къорд ӕвӕрд ӕрцыд «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕй». Уыцы рӕстӕг ӕууӕнкджын цагъар Хуыцауы адӕмимӕ сӕйраджыдӕр ныхас кодта англисаг ӕвзагыл (Матф. 24:45). Фӕлӕ абон Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ ис 700 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Фыццаг ӕнусы грекъаг ӕвзаг куыд уыди, афтӕ ныр та бизнесы ӕмӕ ахуырады иумӕйаг ӕвзаг у англисаг ӕвзаг, ӕмӕ йыл бирӕтӕ дзурынц. Уымӕ гӕсгӕ нӕ литературӕ дӕр фыст цӕуы англисаг ӕвзагыл ӕмӕ йӕ стӕй иннӕ ӕвзӕгтӕм ратӕлмац кӕнынц.
16, 17. а) Хуыцауы адӕмы цы хъуыди? б) Уый тыххӕй цы арӕзт ӕрцыд? в) Ӕфсымӕр Норр цӕмӕ бӕллыд?
16 Нӕ литературӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр арӕзт у Библийыл. Фыццаг рӕстӕг Хуыцауы адӕм пайда кодтой, 1611 азы кӕй рауагътой, уыцы Библийӕ – «Паддзах Яковы Библи»-йӕ. Фӕлӕ уыцы тӕлмац фыст уыд рагон англисаг ӕвзагыл ӕмӕ уыди зынӕмбарӕн. Хуыцауы ном дзы цалдӕр хатты йеддӕмӕ не ’мбӕлд, кӕд рагон къухфыстыты мингай хӕттыты уыд, уӕддӕр. Уыцы тӕлмацы уыди тӕлмацгӕнджыты рӕдыдтытӕ, стӕй ма, рагондӕр къухфыстыты чи нӕ уыд, ахӕм стихтӕ дӕр. Англисагау ма ноджыдӕр цы тӕлмацтӕ уыди, уыдонӕн дӕр сӕ хабар афтӕ уыд.
17 Уӕдӕ бӕлвырд уыди: Хуыцауы адӕмы хъуыди, раст ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн чи уыдаид, ахӕм Библийы тӕлмац. Уымӕ гӕсгӕ арӕзт ӕрцыд Ног дунейы тӕлмацы комитет, ӕмӕ 1950 азӕй 1960 азмӕ уыцы комитет хайгай рауагъта Библийы ног тӕлмац. Уыцы тӕлмацы ӕхсӕз томӕй фыццаджы тыххӕй фехъусын кодтой, 1950 азы 2 августы цы конгресс уыд, уым. Уыцы конгрессы ӕфсымӕр Норр загъта, Хуыцауы адӕмы кӕй хъуыди нырыккон ӕвзагыл фыст, раст ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн тӕлмац, цӕмӕй сӕ бон уыдаид рӕстдзинад хуыздӕр ӕмбарын. Фыстад сын хъуамӕ уыдаид ӕнцонкӕсӕн ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн, фыццаг ӕнусы Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕн куыд уыди, растдӕр афтӕ. Ӕфсымӕр Норрӕн йӕ бӕллиц уыд, цӕмӕй «Библи – Ног дунейы тӕлмац» милуангай адӕмӕн баххуыс кодтаид Йегъовӕйы базонынӕн.
18. «Библи – Ног дунейы тӕлмац» фылдӕр ӕвзӕгтыл цӕй фӕрцы рацыд?
18 1963 азмӕ ӕфсымӕр Норры бӕллиц сӕххӕст. «Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ – Ног дунейы тӕлмац» рацыд нидерландаг, французаг, немыцаг, италиаг, португайлаг ӕмӕ испайнаг ӕвзӕгтыл. 1989 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет сӕйраг хайады скодта, Библи тӕлмацгӕнджытӕн чи хъуамӕ ӕххуыс кодтаид, ахӕм ног хайад. 2005 азы та уынаффӕ рахаста, цӕмӕй Библи тӕлмацгонд цӕуа, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» цы ӕвзӕгтӕм тӕлмац кӕнынц, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр. Уый фӕрцы «Библи – Ног дунейы тӕлмац» ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ иу хай рацыд 130 ӕвзагӕй фылдӕрыл.
19. 2013 азы цавӕр ахсджиаг хабар ӕрцыд ӕмӕ иннӕ статьяйӕ цы базондзыстӕм?
19 «Библи – Ног дунейы тӕлмац» англисаг ӕвзагыл куы рацыд, уӕдӕй абонмӕ англисаг ӕвзаг йӕхӕдӕг дӕр фӕивта. Уымӕ гӕсгӕ уыцы тӕлмацыл дӕр бахъуыд ногӕй бакусын. 2013 азы 5 ӕмӕ 6 октябры, сабат ӕмӕ хуыцаубоны, Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнадӕн уыди 129-ӕм ӕрвылазон фембӕлд. Программӕмӕ фӕхонӕн алкӕй нӕ уыд, ӕмӕ йӕм уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ байхъуыстой Интернеты уылты. Ӕдӕппӕтӕй йӕм 31 бӕстӕйы байхъуыста 1 413 676 адӕймаджы. Разамонӕг советы чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕй сӕ иу фехъусын кодта, англисаг ӕвзагыл кӕй рацыд, ногӕй кӕуыл бакуыстой, уыцы «Ног дунейы тӕлмац». Адӕмы цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыд, ӕмӕ сын уыцы ног тӕлмацӕй фӕйнӕ куы радтой, уӕд бирӕтӕн сӕ зӕрдӕтӕ суынгӕг сты. Раныхӕстӕ кӕмӕн уыд, уыцы ӕфсымӕртӕ стихтӕ ног тӕлмацӕй кастысты, ӕмӕ бӕрӕг уыд, уыцы тӕлмац ӕнцондӕр кӕсӕн ӕмӕ ӕнцондӕр ӕмбарӕн кӕй у. Иннӕ статьяйӕ фылдӕр базондзыстӕм уыцы тӕлмацы тыххӕй, стӕй йӕ ӕндӕр ӕвзӕгтӕм куыд тӕлмац кӕнынц, уый тыххӕй.
a Ездрӕ 4:8–6:18; 7:12–26, Йереми 10:11 ӕмӕ Данел 2:4б–7:28 райдианы арамейаг ӕвзагыл фыст уыдысты.
b «Септуагинтӕ» нысан кӕны «ӕвдай». Ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй уыцы тӕлмацыл кусын райдыдтой Египеты, н. э. размӕ 3 ӕнусы ӕмӕ йыл фӕкуыстой 150 азы. Уыцы тӕлмац абон дӕр тынг ахадгӕ у, уымӕн ӕмӕ уый руаджы иртасджытӕн сӕ бон у зынӕмбарӕн дзуттаг ныхӕстӕ кӕнӕ ӕнӕхъӕн стихтӕ бамбарын.
c Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Матфей йӕ Евангели фыццаг ныффыста дзуттаг ӕвзагыл ӕмӕ йӕ стӕй, ӕвӕццӕгӕн, йӕхӕдӕг грекъаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодта.