«Ног дунейы тӕлмац» – зӕрдӕтӕ чи агайы, уыцы тӕлмац
«Хуыцауы ныхас у удӕгас» (ДЗУТ. 4:12).
1. а) Хуыцау Адамӕн цы бахӕс кодта? б) Хуыцауы адӕм ныхас кӕныны курдиатӕй куыд пайда кӕнынц?
ЙЕГЪОВӔ ХУЫЦАУ адӕмы схайджын кодта ныхас кӕныны курдиатӕй. Едемы цӕхӕрадоны Хуыцау Адамӕн бахӕс кодта, цӕмӕй цӕрӕгойтӕн нӕмттӕ радтаид. Ӕмӕ Адам дӕр алы цӕрӕгойӕн дӕр радта, хорз ыл чи фидыдта, ахӕм ном (Райд. 2:19, 20). Уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, сӕ бон ныхас кӕнын кӕй у, уый фӕрцы Йегъовӕйы кадджын кӕнынц ӕмӕ йын йӕ фӕндоны тыххӕй иннӕтӕн дзурынц. Фӕстаг рӕстӕг та Хуыцауы адӕм Библи алыхуызон ӕвзӕгтӕм тӕлмац кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйы тыххӕй ноджы фылдӕр адӕм базоной.
2. а) Ног дунейы тӕлмацы комитет цавӕр уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайдта? б) Ацы статьяйӕ цы базондзыстӕм?
2 Библийӕн ис мингай тӕлмацтӕ, фӕлӕ се ’ппӕт раст тӕлмац нӕ сты. Уымӕ гӕсгӕ 1940-ӕм азты арӕзт ӕрцыд Ног дунейы тӕлмацы комитет. Уыцы комитетӕн йӕ нысан уыд, цӕмӕй Библи раст ратӕлмац кодтаиккой. Библи тӕлмацгӕнгӕйӕ уыцы комитет архайдта ӕртӕ уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ: 1) Хуыцауы ном рагондӕр къухфыстыты цал хатты ӕмбӕлы, уал хатты йӕ ныффыссын ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауӕн йӕ ном скадджын кӕнын. (Бакӕс Матфейы 6:9.) 2) Къухфыстыты тексты, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, алы дзырд дӕр комкоммӕ ратӕлмац кӕнын. Гӕнӕн куы нӕ уа, уӕд та йын йӕ хъуыды ратӕлмац кӕнын. 3) Ӕнцонкӕсӕн ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн куыд уа, афтӕ йӕ ратӕлмац кӕнынa. (Бакӕс Неемийы 8:8, 12.) Уыцы ӕртӕ уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ архайдтой, «Библи – Ног дунейы тӕлмац» 130 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ чи тӕлмац кодта, уыдон дӕр. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, 2013 азы англисаг ӕвзагыл чи рацыд, стӕй, ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи рацыд, уыцы «Ног дунейы тӕлмац»-ыл кусгӕйӕ тӕлмацгӕнджытӕ уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куыд архайдтой.
ХУЫЦАУЫ НОМ ЧИ КАДДЖЫН КӔНЫ, УЫЦЫ БИБЛИ
3, 4. а) Тетраграмматон кӕм ӕмбӕлы? б) Библи тӕлмацгӕнджытӕй бирӕтӕ Хуыцауы номы тыххӕй цы хъуыды кӕнынц?
3 Хуыцауы ном рагон къухфыстыты у цыппар дзуттаг дамгъӕйӕ фыст, хонынц ӕй тетраграмматон. Тетраграмматон ӕмбӕлы бирӕ рагон дзуттаг тыхтӕтты, зӕгъӕм, Мард денджызы тыхтӕтты. Фенӕн ма йӕ ис грекъаг Септуагинтӕйы иуӕй-иу къопиты дӕр. Уыцы къопитӕ конд ӕрцыдысты н. э. размӕ 2 ӕнусӕй н. э. 1 ӕнусмӕ. Бирӕтӕ тынг фӕдис кӕнынц, рагон тыхтӕтты Хуыцауы ном куыд арӕх ӕмбӕлы, ууыл.
4 Куыд уынӕм, афтӕмӕй Хуыцауы ном хъуамӕ Библийы уа. Фӕлӕ бирӕ тӕлмацты Хуыцауы ном нӕй. Зӕгъӕм, 1950 азы «Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ – Ног дунейы тӕлмац» куы рацыд, уымӕй дыууӕ азы фӕстӕ англисаг ӕвзагыл рацыд, ногӕй кӕуыл бакуыстой, Библийы ӕндӕр ахӕм тӕлмац (American Standard Version). 1901 азы йӕ фыццаг хатт куы рауагътой, уӕд дзы Хуыцауы ном уыди, фӕлӕ йӕ 1952 азы ногӕй куы рауагътой, уӕд дзы Хуыцауы ном нал уыд. Цымӕ цӕуылнӕ? Чи йӕ тӕлмац кодта, уыдоны хъуыдымӕ гӕсгӕ Хуыцауы ном фыссын «ӕппындӕр не ’мбӕлы». Ӕмӕ бирӕ тӕлмацгӕнджытӕ афтӕ кӕнын райдыдтой, англисаг ӕвзагмӕ чи тӕлмац кӕны, уыдон дӕр ӕмӕ, ӕндӕр ӕвзӕгтӕм чи тӕлмац кӕны, уыдон дӕр.
5. Хуыцауы ном Библийы уа, уый ахсджиаг цӕмӕн у?
5 Цымӕ, Хуыцауы ном Библийы тӕлмацы уыдзӕн ӕви нӕ, уый ӕцӕгдӕр ахсджиаг у? Куыннӕ! Библийы Автор у Йегъовӕ ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йын адӕм йӕ ном зоной. Хорз тӕлмацгӕнӕг хъуамӕ ӕмбара, чиныджы авторы цы зӕгъын фӕнды, уый ӕмӕ уый хъуамӕ зына йӕ тӕлмацы дӕр. Библийы бирӕ стихтӕй бӕрӕг у, Хуыцауы ном тынг ахсджиаг кӕй у ӕмӕ йын кад кӕнын кӕй хъӕуы (Рац. 3:15; Пс. 83:18; 148:13; Ис. 42:8; 43:10; Иоан. 17:6, 26; Хъуыд. 15:14). Йегъовӕйы фӕндӕй Библийы фысджытӕ рагон тыхтӕтты йӕ ном ныффыстой мингай хӕттыты. (Бакӕс Йезекилы 38:23.) Уӕдӕ тӕлмацгӕнджытӕ Библийы Хуыцауы ном куы нӕ ныффыссынц, уӕд уымӕй равдисынц, Йегъовӕйӕн кӕй нӕ кад кӕнынц.
6. «Ног дунейы тӕлмац»-ы Хуыцауы ном ноджыдӕр ӕхсӕз хатты цӕмӕн ӕмбӕлы?
6 Йегъовӕйы ном кӕй хъуамӕ зонӕм, уымӕн абон ноджы фылдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис. 2013 азы кӕй рауагътой, уыцы «Ног дунейы тӕлмац»-ы Хуыцауы ном ӕмбӕлы 7 216 хатты. 1984 азы кӕй рауагътой, уыцы «Ног дунейы тӕлмац»-имӕ абаргӕйӕ дзы Хуыцауы ном ӕмбӕлы ноджыдӕр ӕхсӕз хатты. Фондз ран ӕй ныффыстой, Мард денджызы тыхтӕтты уыцы бынӕтты кӕй ӕмбӕлы, уый тыххӕйb. Уыцы бынӕттӕ сты 1 Самуилы 2:25; 6:3; 10:26; 23:14, 16. Ӕмӕ, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ӕндӕр ахӕм рагон Библийы къухфыстытӕ куы раиртӕстой, уӕд ма йӕ ныффыстой Тӕрхонгӕнджыты 19:18 стихы дӕр.
7, 8. Йегъовӕйы ном цы нысан кӕны?
7 Ӕцӕг чырыстӕттӕ зонынц, Хуыцауы ном цы нысан кӕны, уый ӕмбарын ахсджиаг кӕй у. Йӕ ном нысан кӕны «Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййы»c. Хуыцауы ном цы нысан кӕны, уый бамбарын кӕныны тыххӕй-иу раздӕр нӕ публикациты спайда кодтам Рацыд 3:14 стихӕй. Уым фыст ис: «Ӕз суыдзынӕн, чи мӕ бафӕнда, уый». 1984 азы чи рацыд, уыцы тӕлмацы уый фӕдыл фыст уыди, зӕгъгӕ, Йегъовӕ афтӕ бакӕны, ӕмӕ, рӕстӕг куыд фӕцӕуы, афтӕ йӕхӕдӕг свӕййы йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ӕххӕстгӕнӕг, йӕ фӕндтӕ алкӕддӕр чи сӕххӕст кӕны, уыйd. Фӕлӕ 2013 азы англисаг ӕвзагыл чи рацыд, уыцы «Ног дунейы тӕлмац»-ы уӕлӕмхасӕны фыст ис: «Йегъовӕйӕн йӕ номы нысаниуӕг ноджы уӕрӕхдӕр у. Йӕ ном ма амоны ноджыдӕр иу хъуыддагмӕ: уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ, кӕй ӕмӕ цы сфӕлдыста, уыдон дӕр свӕййынц, йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн чи ӕмӕ цы хъуамӕ суой, уый». (Кӕс брошюрӕ «Ӕрмӕг Библи иртасынӕн», 5 фарс.)
8 Уӕдӕ, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдон дӕр свӕййынц, цы йӕ фӕфӕнды, уый. Зӕгъӕм, Хуыцау афтӕ бакодта, ӕмӕ Ной сси науаразӕг, Веселеил – дӕсны ӕрмгуыстгӕнӕг, Гедеон – диссаджы ӕфсӕддон, Павел та – миссионер. Хуыцауы адӕм ӕмбарынц, йӕ номы арф хъуыды кӕй ис, уый. Ӕмӕ йӕ Ног дунейы тӕлмацы комитет дӕр йӕ тӕлмацы уый тыххӕй ныффыста.
9. Библи ӕндӕр ӕвзӕгтӕм тӕлмац кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у?
9 Хуыцауы ном кӕм нӕ ныффыссынц, ахӕм Библийы тӕлмацтӕ кӕнынц фылдӕрӕй-фылдӕр. Йӕ номы бӕсты йын ныффыссынц «Хицау» кӕнӕ бынӕттон хуыцауы ном. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет сӕйраджыдӕр уый тыххӕй загъта, тынг ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй, алыхуызон ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыцы адӕмӕн дӕр уа, Хуыцауы ном чи кадджын кӕны, ахӕм Библи. (Бакӕс Малахийы 3:16.) Ӕмӕ абон, Йегъовӕйы ном чи кадджын кӕны, уыцы тӕлмац – «Ног дунейы тӕлмац» – ис 130 ӕвзагӕй фылдӕрыл.
РАСТ ӔМӔ ӔНЦОНӔМБАРӔН ТӔЛМАЦ
10, 11. «Ног дунейы тӕлмац» ӕндӕр ӕвзӕгтӕм чи тӕлмац кӕны, уыдон цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц?
10 «Ног дунейы тӕлмац» англисаг ӕвзагӕй ӕндӕр ӕвзӕгтӕм тӕлмац кӕнын ӕнцон хъуыддаг нӕ уыд. Зӕгъӕм, англисагау Екклесиасты 9:10 стихы ӕмӕ ма ӕндӕр стихты ӕмбӕлд дзуттаг дзырд «шеол». Уыцы дзырд ӕмбӕлы ӕндӕр англисаг Библиты дӕр. Фӕлӕ йӕ бирӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл ныффыссӕн нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ зонынц, стӕй сӕ дзырдуӕтты дӕр нӕй, чидӕртӕ та афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ уый цавӕрдӕр бынат у. Уымӕ гӕсгӕ тӕлмацгӕнджытӕн бар лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй дзуттаг дзырд «шеол» ӕмӕ грекъаг дзырд «гадес»-ы бӕсты фыссой «ингӕн». Ахӕм тӕлмац раст дӕр у ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн дӕр.
11 Дзырд «уд»-ӕй цы дзуттаг ӕмӕ грекъаг дзырдтӕ ӕрцыдысты тӕлмац, уыдон дӕр иуӕй-иу ӕвзӕгтӕм зын ратӕлмацгӕнӕн вӕййынц. Уыцы ӕвзӕгтӕм сӕ цы дзырдтӕй фӕтӕлмац кӕнынц, уыдон амонынц, мӕлӕты фӕстӕ адӕймаджы буарӕй цы ратӕхы, ахӕм цӕмӕдӕр. Ӕмӕ сӕ цӕмӕй адӕм афтӕ ма ’мбарой, уый тыххӕй тӕлмацгӕнджытӕн бар лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй уыцы дзуттаг ӕмӕ грекъаг дзырдтӕ тӕлмац кӕной контекстмӕ гӕсгӕ. Дзуттаг ӕмӕ грекъаг дзырдтӕ цы нысан кӕнынц, уый, ногӕй кӕуыл бакуыстой, уыцы тӕлмацы фыст ӕрцыд фиппаинӕгты, ӕмӕ уый фӕрцы текст у ӕнцонкӕсӕн ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн.
12. 2013 азы чи рацыд, уыцы «Ног дунейы тӕлмац»-ы ма цавӕр ивындзинӕдтӕ арӕзт ӕрцыд? (Ноджыдӕр кӕс ацы брошюрӕйы статья «2013 азы уагъд „Ног дунейы тӕлмац“ англисаг ӕвзагыл».)
12 Тӕлмацгӕнджытӕм-иу цы фарстатӕ фӕзынд, уыдоны фӕрцы рабӕрӕг, Библийы ма ноджыдӕр зын ратӕлмацгӕнӕн кӕцы дзырдтӕ сты, уый. Уымӕ гӕсгӕ 2007 азы сентябры Разамонӕг совет уынаффӕ рахаста, цӕмӕй англисаг Библийыл ногӕй бакусой. Кусын ыл куы райдыдтой, уӕд Ног дунейы тӕлмацы комитет ӕркаст, Библи тӕлмацгӕнджытӕ цы мингай фарстатӕ радтой, уыдонмӕ. Зӕронд англисаг дзырдтӕ ӕмӕ дзырдбӕстытӕ баивтой, адӕм ныр кӕмӕй пайда кӕнынц, уыдонӕй ӕмӕ уый фӕрцы текст сси ӕнцонкӕсӕн ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн, фӕлӕ йӕ хъуыды нӕ фӕивта. Уӕдӕ Библи ӕндӕр ӕвзӕгтӕм кӕй тӕлмац кодтой, уый баххуыс кодта англисаг текст фӕхуыздӕр кӕнынӕн (Ӕмб. 27:17).
АРФӔЙЫ НЫХӔСТӔ
13. 2013 азы чи рацыд, уыцы Библийы тыххӕй бирӕтӕ цы зӕгъынц?
13 Цымӕ, ногӕй кӕуыл бакуыстой, уыцы англисаг «Ног дунейы тӕлмац»-ы тыххӕй кӕсджытӕ цы зӕгъынц? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайадмӕ (Бруклин, штат Нью-Йорк) хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ныффыстой мингай писмотӕ арфӕйы ныхӕстимӕ. Бирӕтӕ сразы уыдзысты, иу хо цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдонимӕ: «Библи у зынаргъ хӕзнатӕй йедзаг хӕзнадоны хуызӕн. 2013 азы чи рацыд, уыцы Библийы Йегъовӕйы ныхӕстӕ сты ӕнцонкӕсӕн. Алы ныхас дӕр дзы абарӕн ис, йӕ сыгъдӕгдзинад, йӕ хуыз ӕмӕ йӕ рӕсугъддзинадӕй дисы чи ’фтауы, ахӕм зынаргъ дуримӕ. Хуымӕтӕг ӕвзагӕй фыст кӕй у, уый мын ӕххуыс кӕны Йегъовӕйы ноджы хуыздӕр базонынӕн. Куы йӕ фӕкӕсын, уӕд мӕ цыма фыдау ӕрбахъӕбыс кӕны ӕмӕ мын фӕлмӕн ныхӕстӕ фӕкӕны, афтӕ мӕм фӕкӕсы».
14, 15. «Ног дунейы тӕлмац» йӕхи ӕвзагыл чи райста, уыдон цы зӕгъынц?
14 Ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыдон дӕр «Ног дунейы тӕлмац»-ы тыххӕй тынг бузныг сты. Болгарийы горӕт Софийӕйӕ иу ацӕргӕ лӕг, болгайраг ӕвзагыл чи рацыд, уыцы тӕлмацы тыххӕй загъта: «Библи бирӕ азты дӕргъы кӕсын, фӕлӕ ахӕм ӕнцонкӕсӕн ӕмӕ ахӕм зӕрдӕмӕхъаргӕ тӕлмац никуыма кастӕн». Албанийӕ та иу хо афтӕ загъта: «Хуыцауы Ныхас албайнаг ӕвзагыл куыд рӕсугъд у! Цӕй стыр кад нын у, Йегъовӕ нӕм нӕхи ӕвзагыл кӕй дзуры!»
15 Бирӕ бӕстӕты Библи у зынаргъ кӕнӕ зын ссарӕн, ӕмӕ йӕ чи самал кӕны, уый йӕхи амондджын фӕхоны. Руандӕйӕ цы писмо райстам, уым фыст уыди: «Бирӕ рӕстӕджы дӕргъы, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Библи кӕимӕ ахуыр кодтой, уыдон рӕстдзинады фӕндагыл размӕ нӕ цыдысты, Библи сӕм кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй. Сӕ къух дӕр сӕ нӕ амыдта, цӕмӕй, бынӕттон аргъуан кӕй рауагъта, уыцы Библи балхӕдтаиккой. Арӕх-иу сӕ бон нӕ уыд кӕцыдӕр стихтӕн сӕ хъуыды бамбарын, ӕмӕ сын уый дӕр къуылымпыйы хос уыди». Цыппар сывӕллоны кӕмӕн ис, иу ахӕм руандӕйаг бинонтӕ, се ’взагыл «Ног дунейы тӕлмац» кӕй рацыд, уый тыххӕй загътой: «Мах тынг бузныг стӕм Йегъовӕйӕ, стӕй ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕй, Библи нын кӕй балӕвар кодтой, уый тыххӕй. Тынг мӕгуыр цӕрӕм, ӕмӕ нӕм уыйбӕрц ӕхца нӕ уыд, цӕмӕй нӕ бинонтӕй алкӕмӕн дӕр Библи балхӕдтаиккам. Фӕлӕ нӕ ныр алкӕмӕн дӕр ис йӕхи Библи. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ тынг бузныг кӕй стӕм, уый тыххӕй йӕ алы бон дӕр ӕгас бинонтӕй фӕкӕсӕм».
16, 17. а) Йегъовӕйы цы фӕнды? б) Мах цы хъуамӕ аразӕм?
16 Ногӕй кӕуыл бакуыстой, уыцы «Ног дунейы тӕлмац» фидӕны ӕндӕр ӕвзӕгтыл дӕр рацӕудзӕн. Хӕйрӕг архайы уыцы куыст бауромыныл, фӕлӕ мах зонӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йын йӕ адӕм се ’ппӕт дӕр йӕ ныхас хъусой, хорз кӕй ӕмбарынц, уыцы ӕвзагыл. (Бакӕс Исайы 30:21.) Тагъд рӕстӕджы «зӕхх байдзаг уыдзӕн зонындзинӕдтӕй Йегъовӕйы тыххӕй, денджыз дӕттӕй куыд дзаг у, афтӕ» (Ис. 11:9).
17 Цӕй уӕдӕ пайда кӕнӕм, Йегъовӕ нын цы лӕвӕрттӕ кӕны, уыдонӕй алкӕцыйӕ дӕр, уыимӕ йын йӕ ном чи кадджын кӕны, уыцы тӕлмацӕй дӕр. Алы бон дӕр демӕ Библийы уылты ныхас кӕнӕд. Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн йӕ бон у махӕй алкӕй куывдтытӕм дӕр лӕмбынӕг хъусын. Ӕмӕ йемӕ афтӕ куы ныхас кӕнӕм, уӕд ӕй ноджы хуыздӕр базондзыстӕм ӕмӕ йӕ ноджы тынгдӕр уарздзыстӕм (Иоан. 17:3).
«Цӕй стыр кад нын у, Йегъовӕ нӕм нӕхи ӕвзагыл кӕй дзуры!»
a Кӕс 2008 азы 1 майы «Сторожевая башня», статья «Как выбрать хороший перевод Библии?».
b Мард денджызы тыхтӕттӕ фыст ӕрцыдысты дзуттаг масоретаг текстӕй 1 000 аз раздӕр.
c Иуӕй-иу иртасӕн чингуыты дӕр ӕй афтӕ ӕмбарын кӕнынц, фӕлӕ ахуыргӕндтӕ се ’ппӕт уыимӕ разы не сты.
d Кӕс «Библи – Ног дунейы тӕлмац», Уӕлӕмхасӕн «Хуыцауы ном Дзуттаг Фыстыты», 2051, 2052 фӕрстӕ.