Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bi12 2051–2053 фф.
  • 1 Хуыцауы ном Дзуттаг Фыстыты

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 1 Хуыцауы ном Дзуттаг Фыстыты
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
Библи – Ног дунейы тӕлмац
1 Хуыцауы ном Дзуттаг Фыстыты

1 Хуыцауы ном Дзуттаг Фыстыты

«Йегъовӕ» – дзут. יהוה (ЙХВХ)

Хуыцауы ном «Йегъовӕ» (дзут. יהוה, ЙХВХ) фыццаг хатт ӕмбӕлы Рд 2:4. Хуыцауы ном арӕзт у дзуттаг мивдисӕгӕй יהוה (хава́х, ома «суын») ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр у мивдисӕджы формӕ – уый у мивдисӕгӕн йе ’нӕххӕст формӕ ӕмӕ ӕвдисы, чидӕр кӕмӕндӕр кӕнӕ цӕмӕндӕр цыдӕр кӕй аразын кӕны. Уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы ном нысан кӕны «Ӕз суыдзынӕн, чи мӕ бафӕнда, уый». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ афтӕ бакӕны, ӕмӕ, рӕстӕг куыд фӕцӕуы, афтӕ свӕййы йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ӕххӕстгӕнӕг, йӕ фӕндтӕ алкӕддӕр чи сӕххӕст кӕны, уый.

Фӕлӕ нырыккон тӕлмацгӕнджытӕ Сыгъдӕг Фыстады Авторӕн йӕ ном айсынц кӕнӕ йӕ ӕндӕр дзырдтӕй баивынц ӕмӕ йӕ уымӕй тынг ӕфхӕрынц. Дзуттаг тексты йӕ ном ӕмбӕлы 6 828 хатты мӕнӕ ахӕм хуызы – יהוה (ЙХВХ). Хонынц ӕй тетраграмматон (ацы дзырд комкоммӕ нысан кӕны «цыппардамгъӕйон»). Ацы тӕлмацы ном «Йегъовӕ» ныффыстам, Сыгъдӕг Фыстады фыццаг текстты кӕм ӕмбӕлы, ӕппӕт уыцы бынӕтты. Иннӕ тӕлмацтӕй уӕлдай, мах Хуыцауы номы бӕсты, ома тетраграмматоны бӕсты, «Хицау», «Адонай» кӕнӕ «Хуыцау» нӕ ныффыстам.

Ацы ӕппӕты ахсджиагдӕр ном ма абон ис ӕрмӕстдӕр дзуттаг тексты, дзуттагау цыппар дамгъӕйӕ куыд фысгӕ уыди, афтӕмӕй – יהוה (ЙХВХ). Бӕлвырдӕй йӕ куыд дзырдтой, уый абон бӕрӕг нӕу. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцауы ном ис ӕрмӕстдӕр рагон грекъаг Септуагинтӕйы цалдӕр скъуыддзаджы, фыст дзы у дзуттагау. Грекъаг Септуагинтӕ (LXX), сириаг Пешиттӕ (Sy) ӕмӕ латинаг Вульгатӕйы (Vg) къухфыстыты, абоны онг кӕмӕй пайда кӕнынц, уыдоны, Хуыцауы номы бӕсты фыст ис ӕнӕуи дзырд «Хицау».

Уӕрӕсейы ис, Ленинградаг кодекс B19A кӕй хонынц, уыцы текст (уый бындурыл арӕзт ӕрцыд «Biblia Hebraica Stuttgartensia» – BHS). Уыцы кодексы тетраграмматон фыст у хъӕлӕсон дамгъӕтимӕ: Йехва́х, Йехви́х ӕмӕ цалдӕр хатты та – Йехова́х, зӕгъӕм, Рд 3:14. Гинсбург кӕуыл бакуыста, уыцы дзуттаг тексты дӕр тетраграмматон ЙХВХ фыст у хъӕлӕсон дамгъӕтимӕ – Йехова́х. Бирӕ тӕлмацгӕнджытӕн, тетраграмматон куыд дзургӕ у, уыцы формӕтӕй сӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цӕуы «Йахве». Фӕлӕ «Ног дунейы тӕлмац»-ы фыст у «Йегъовӕ», уымӕн ӕмӕ йӕ адӕм бирӕ ӕнусты дӕргъы зонынц афтӕмӕй. Уымӕй уӕлдай ма иннӕ формӕтау ацы формӕйы дӕр ис, Хуыцауы ном кӕмӕй арӕзт у, уыцы цыппар дамгъӕйы, ома ЙХВХ.

Дзуттӕгтӕ Хуыцауы ном ӕндӕр дзырдтӕй ивын райдыдтой. Ӕмӕ афтӕ бакодтой, грекъаг Септуагинтӕ ӕмӕ латинаг Вульгатӕйӕ фӕстӕдӕр цы къопитӕ кодтой, уым ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр рагон ӕмӕ нырыккон тӕлмацты дӕр. Уый фӕдыл «Библион дзырдуат»-ы фыст ис, зӕгъгӕ, «Библи цы ӕвзагыл фыст уыд, уым ном „Йегъовӕ“ кӕм ис, уыцы бынӕтты Септуагинтӕйы ӕмӕ Вульгатӕйы ис дзырдтӕ Κύριος [Ки́риос] ӕмӕ Dominus [Доминус], ома „Хицау“» («Dictionnaire de la Bible», by F. Vigouroux, Париж, 1926, 1 т., 223 цӕджындзӕг).

1530 азы Уильям Тиндал ратӕлмац кодта Библийӕн йӕ фыццаг фондз чиныджы, ӕмӕ уым Йегъовӕйы ном фыццаг хатт фӕзынд англисагау. Ныффыста йӕ «Йехоуах» (Рд 15:2; Рц 6:3; 15:3; 17:16; 23:17; 33:19; 34:23) ӕмӕ «Йехоуа» (Д.з 3:24). Уыцы тӕлмацмӕ фиппаинаджы та Тиндал ныффыста: «Йехова у Хуыцауы ном... Стӕй дзы кӕмдӕриддӕр ХИЦАУ стыр дамгъӕтӕй фенат (мыхуыры цы рӕдыд ацыд, ахӕм рӕдыд ма уӕд, ӕндӕр), уым дзуттаг тексты ис Йехова». Уӕдӕй фӕстӕмӕ иннӕ тӕлмацгӕнджытӕ дӕр афтӕ кӕнын райдыдтой: дзуттаг тексты тетраграмматон кӕм ӕмбӕлы, уыцы бынӕттӕй-иу ӕрмӕстдӕр цалдӕр раны ныффыстой Йегъовӕйы ном, иннӕ рӕтты та-иу ӕй баивтой «ХИЦАУ» кӕнӕ «ХУЫЦАУ»-ӕй.

Хуыцауы ном Дзуттаг Фыстыты (НД)

Ацы ном Библийы арӕх кӕй ӕмбӕлы, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йын Библийы автор, уыцы номӕй чи хуыйны, уый, тынг кӕй аргъ кӕны. Дзуттаг тексты тетраграмматон ӕмбӕлы 6 828 хатты «Biblia Hebraica» [BHK] ӕмӕ «Biblia Hebraica Stuttgartensia» [BHS]. Афтӕ кӕй у, уый бӕлвырд кӕны «Зӕронд Фӕдзӕхсты гыццыл теологон дзырдуат» (Theologisches Handwörterbuch zum Alten Testament, E. Jenni ӕмӕ C. Westermann, 3-аг рауагъд, Munich ӕмӕ Zurich, 1978, 703, 704 цӕджындзӕг). «Ног дунейы тӕлмац»-ы тетраграмматон алы ран дӕр тӕлмац у «Йегъовӕ», Трх 19:18 йеддӕмӕ.

LXX-мӕ гӕсгӕ мах сбӕлвырд кодтам, тетраграмматон кӕм уыди, ноджы ӕртӕ ахӕм бынаты, ӕмӕ уым дӕр ныффыстам «Йегъовӕ»: Д.з 30:16; 2См 15:20 ӕмӕ 2Аз 3:1. Ацы стихтӕм BHK-йы фиппаинӕгты лӕууы тетраграмматон יהוה.

BHK ӕмӕ BHS-йы фиппаинӕгтӕм гӕсгӕ Ис 34:16 ӕмӕ Зх 6:8 номивӕг «мӕ»-йы бӕсты (фыццаг цӕсгомы иууон нымӕцы) кӕсын хъӕуы Хуыцауы ном. Ӕмӕ уыцы дыууӕ бынаты дӕр ныффыстам Хуыцауы ном «Йегъовӕ», зӕгъгӕ.

Хуыцауы ном ма ноджыдӕр цы 141 бынаты ӕрцыд фыст, уыдоны тыххӕй кӕс Уӕлӕмх. 2.

Хуыцауы ном «Йегъовӕ» Дзуттаг Фыстыты «Ног дунейы тӕлмац»-ы ӕмбӕлы 6 973 хатты – уыдонӕй ӕртӕ хатты ис дыууӕ хайӕ конд нӕмтты (Рд 22:14; Рц 17:15; Трх 6:24) ӕмӕ ӕхсӕз хатты та Псаломты разныхӕсты (Пс 7:разн; Пс 8:разн [3 хатты]; Пс 36:разн; Пс 102:разн). Ацы фараст бынаты сты, BHK ӕмӕ BHS-йы цы 6 828 бынаты ӕмбӕлы, уыдоны ’хсӕн.

«Йегъовӕ» Дзуттаг Фыстыты (НД)

6 827 ЙХВХ тӕлмац у «Йегъовӕ»

146 фӕстӕмӕ фыст ӕрцыд

Ӕдӕп. 6 973 «Йегъовӕ» – Райд. Мал. онг

Хуыцауы номӕн йӕ цыбыр формӕ

Масоретаг тексты Хуыцауы номӕн йӕ цыбыр формӕ, Йах, ӕмбӕлы 50 хатты (тӕлмац у «Йагъ»). Дӕлдӕр фыст сты, кӕм ӕмбӕлы, уыцы бынӕттӕ: Рц 15:2; 17:16; Пс 68:4, 18; 77:11; 89:8; 94:7, 12; 102:18; 104:35; 105:45; 106:1, 48; 111:1; 112:1; 113:1, 9; 115:17, 18, 18; 116:19; 117:2; 118:5, 5, 14, 17, 18, 19; 122:4; 130:3; 135:1, 3, 4, 21; 146:1, 10; 147:1, 20; 148:1, 14; 149:1, 9; 150:1, 6, 6; Сл.з 8:6; Ис 12:2; 26:4; 38:11, 11.

Ном «Йегъовӕ» «Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ – Ног дунейы тӕлмац»-ы 237 хатты кӕм ӕмбӕлы, уый тыххӕй кӕс Уӕлӕмх. 4.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын