Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзут!
«Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзут» (ДЗУТ. 13:1).
1, 2. Павел дзуттаг чырыстӕттӕм фыстӕг цӕмӕн ныффыста?
УЫЙ уыд н. э. 61 азы. Израилы цы чырыстон ӕмбырдтӕ уыд, уыдонӕн, раздӕримӕ абаргӕйӕ, скодта сабыр рӕстӕг. Кӕд апостол Павел Ромы ахӕстоны уыд, уӕддӕр ӕй ныфс уыди, тагъд ӕй кӕй ссӕрибар кӕндзысты. Йе ’мбал Тимофейы дӕр ын рауагътой, ӕмӕ иумӕ фӕнд кодтой Иудейӕйы цӕрӕг ӕфсымӕрты бабӕрӕг кӕнын (Дзут. 13:23). Фӕлӕ фондз азы йеддӕмӕ нал хъуыди, йӕ рӕстӕджы Йесо кӕй тыххӕй загъта, уыцы хабармӕ, ома, Иерусалимыл «ӕфсӕдтӕ кӕй ӕртыхсдзысты», уымӕ. Уӕд Иудейӕйы ӕмӕ, уӕлдайдӕр та, Иерусалимы цӕрӕг чырыстӕтты хъуыдаид ӕвӕстиатӕй архайын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕ Йесо бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, куыддӕр ацы хабӕрттӕ фенат, афтӕ-иу уырдыгӕй алидзут (Лук. 21:20–24).
2 Йесо уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уымӕй рацыд 28 азы. Израилы чи цард, уыцы чырыстӕттӕн уӕдмӕ дӕр сӕ фӕдыл зылдысты ӕмӕ бирӕ ӕфхӕрд баййӕфтой, фӕлӕ уӕддӕр иузӕрдионӕй баззадысты (Дзут. 10:32–34). Кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр Павел зыдта, разӕй сӕм цы хабӕрттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоны сӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр фӕлвӕрд кӕй ӕрцӕудзӕн (Матф. 24:20, 21; Дзут. 12:4). Ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй уыцы хабӕрттӕм цӕттӕ уыдаиккой. Уыцы чырыстӕтты уӕдӕй тынгдӕр никуы хъуыдаид фидардзинад ӕмӕ уырнындзинад, цӕмӕй Йесойы ныхӕстӕм байхъуыстаиккой ӕмӕ уый фӕрцы сӕ цард бахъахъхъӕдтаиккой. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 10:36–39.) Гъемӕ Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы разамындӕй Павел уыцы зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм фыстӕг ныффыста, цӕмӕй сӕ бафидар кодтаид. Абон уыцы фыстӕг у Библийы чингуытӕй сӕ иу ӕмӕ хуыйны Фыстӕг Дзуттӕгтӕм.
3. Дзуттӕгтӕм фыстӕджы цы фыст ис, уый абон мах дӕр цӕмӕн хъӕуы зонын?
3 Павел дзуттаг чырыстӕттӕм цы ныффыста, уый абон мах дӕр хъӕуы зонын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, уыдон цы уавӕры уыдысты, ахӕм уавӕры стӕм мах дӕр. Ацы «фӕстаг бонты скодта тынг уӕззау рӕстӕг», ӕмӕ Йегъовӕйы адӕм цынӕхуызон фӕлварӕнтыл ӕмбӕлынц ӕмӕ цынӕхуызон ӕфхӕрд ӕййафынц, ахӕм нӕй (2 Тим. 3:1, 12). Уыцы фӕлварӕнты кӕй нӕ фӕцудынц, уымӕй равдисынц, фидар уырнындзинад сын кӕй ис ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй сты. Фӕлӕ нӕ фылдӕр Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕны. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр нӕ алчидӕр хъуамӕ къӕрцхъус уа, уымӕн ӕмӕ тагъд сӕмбӕлдзыстӕм ӕппӕты стырдӕр фӕлварӕныл! (Бакӕс Лукайы 21:34–36.)
4. 2016 азӕн цавӕр стих ӕрцыд ӕвзӕрст ӕмӕ цӕмӕн?
4 Тагъд нӕм цы хабӕрттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонмӕ цӕттӕ цӕй фӕрцы уыдзыстӕм? Павел йӕ фыстӕджы дзуттӕгтӕм ныффыста, нӕ уырнындзинад бафидар кӕнынӕн нын чи ’ххуыс кӕны, бирӕ ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй. Уыцы ахсджиаг хъуыддӕгтӕй сӕ иуы кой ис Дзуттӕгтӕм 13:1 стихы. Фыст дзы ис: «Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзут». Ацы стих уыдзӕн 2016 азы стих.
2016 азы стих: «Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзут» (Дзуттӕгтӕм 13:1)
КӔРӔДЗИ ӔФСЫМӔРТАУ УАРЗЫН ЦЫ НЫСАН КӔНЫ?
5. Кӕрӕдзи ӕфсымӕртау уарзын цы нысан кӕны?
5 Кӕрӕдзи ӕфсымӕртау уарзын цы нысан кӕны? Павел цы грекъаг дзырдӕй спайда кодта, филадельфи́а, зӕгъгӕ, уый комкоммӕ нысан кӕны «ӕфсымӕрыл ӕнувыд». Уый у, ӕнгом бинонты кӕнӕ ӕввахс ӕмбӕлтты ’хсӕн чи вӕййы, ахӕм арф ӕнкъарӕн (Иоан. 11:36). Мах нӕ кӕрӕдзийы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕрмӕст хонгӕ нӕ кӕнӕм – мах ӕцӕгдӕр стӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ (Матф. 23:8). Кӕрӕдзийыл куыд ӕнувыд стӕм, уый хорз ӕвдисынц Павелы ныхӕстӕ: «Кӕрӕдзи уарзут ӕфсымӕртау фӕлмӕн уарзтӕй. Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ-иу иу иннӕйы разӕй фӕуӕд» (Ром. 12:10). Нӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау кӕй уарзӕм, уымӕй уӕлдай ма нӕ зӕрдӕты ис, Библийы уагӕвӕрдтыл чи ӕнцайы, уыцы уарзондзинад, ага́пе, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцауы адӕмы ’хсӕн ис, ӕввахс ӕмбӕлтты ’хсӕн чи вӕййы, уыцы иудзинад.
6. Ӕцӕг чырыстӕттӕ ӕфсымӕртау кӕй уарзынц?
6 Иу ахуыргонд куыд зӕгъы, афтӕмӕй дзырдбаст «кӕрӕдзи ӕфсымӕртау уарзын» арӕхдӕр ӕмбӕлы чырыстон литературӕйы. Рагзаманты дзуттӕгтӕ, тугхӕстӕг сын чи уыд, ӕрмӕст уый нӕ хуыдтой «ӕфсымӕр». Иуӕй-иу хатт афтӕ хуыдтой ӕцӕгӕлоны дӕр. Фӕлӕ, дзуттаг чи нӕ уыд, уый ӕфсымӕр никуы хуыдтой. Ӕцӕг чырыстӕттӕ та, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уой, уӕддӕр иууылдӕр сты ӕфсымӕртӕ (Ром. 10:12). Йегъовӕ нӕ йӕхӕдӕг ахуыр кӕны нӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзын (1 Фес. 4:9). Фӕлӕ цымӕ афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй дарддӕр дӕр нӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзӕм?
ТЫНГ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У, ЦӔМӔЙ ДАРДДӔР ДӔР НӔ КӔРӔДЗИЙЫ ӔФСЫМӔРТАУ УАРЗӔМ?
7. Нӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм?
7 Нӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау сӕйраджыдӕр уымӕн хъуамӕ уарзӕм, ӕмӕ афтӕ Йегъовӕйы фӕнды. Не ’фсымӕрты куы нӕ уарзӕм, уӕд нӕ бон афтӕ зӕгъын дӕр нӕ уыдзӕн, ӕмӕ Хуыцауы уарзӕм (1 Иоан. 4:7, 20, 21). Нӕ кӕрӕдзийы ма ноджыдӕр уымӕн хъуамӕ уарзӕм, ӕмӕ кӕрӕдзийы хъӕуӕм, уӕлдайдӕр та, зын уавӕрты куы вӕййӕм, уӕд. Павел дзуттаг чырыстӕттӕм куы фыста, уӕд зыдта, тагъд сӕ кӕйдӕрты сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ исбон ныууадзын кӕй бахъӕудзӕн. Уыцы рӕстӕг куыд уӕззау уыдзӕн, уый тыххӕй дзырдта Йесо Чырысти (Мар. 13:14–18; Лук. 21:21–23). Уӕдӕ цалынмӕ уыцы рӕстӕг нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ уыцы чырыстӕтты хъуыди, цӕмӕй кӕрӕдзимӕ ноджы ӕнгомдӕр бауыдаиккой (Ром. 12:9).
8. Цалынмӕ стыр бӕллӕх нӕ райдыдта, уӕдмӕ цӕуыл хъуамӕ бацархайӕм?
8 Тагъд райдайдзӕн, чи никуыма уыд, ахӕм стыр бӕллӕх (Мар. 13:19; Рарг. 7:1–3). Ӕмӕ нӕ уӕд хъӕудзӕн Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ байхъусын: «Ацӕут, мӕ адӕм, уӕ мидӕггаг уӕттӕм бацӕут, уӕхиуыл дуӕрттӕ сӕхгӕнут. Иуцасдӕрмӕ бамбӕхсут, цалынмӕ фыдӕхы рӕстӕг нӕ аивгъуыйа» (Ис. 26:20). Ацы ран «мидӕггаг уӕттӕ», чи зоны, амонынц не ’мбырдтӕм. Уым мах не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотимӕ ӕрӕмбырд вӕййӕм, цӕмӕй Йегъовӕйӕн бакувӕм. Фӕлӕ алы къуыри иумӕ ӕмбырд кӕнын фаг нӕу. Павел дзуттаг чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ӕмбырды кӕрӕдзийы «уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм» кӕй хъуамӕ разӕнгард кӕной (Дзут. 10:24, 25). Нӕ кӕрӕдзийыл цы уарзондзинады тӕгтӕй баст стӕм, уыдон хъуамӕ ныр фидар кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ нын уый фӕрцы фидӕны цыфӕнды фӕлварӕнтӕ сфӕразын дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн.
9. а) Не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый равдисынӕн нын цавӕр фадӕттӕ вӕййы? б) Йегъовӕйы адӕм сӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау кӕй уарзынц, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс. (Ноджыдӕр кӕс фиппаинаг.)
9 Абон дӕр, цалынмӕ стыр бӕллӕх нӕ райдыдта, уӕдмӕ, тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзӕм. Не ’фсымӕртӕй бирӕтӕн стыр зиан ӕрхӕссынц зӕххӕнкъуыстытӕ, донивылдтӕ, тыхдымгӕтӕ, цунамитӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕрдзон бӕллӕхтӕ. Кӕйдӕрты та сӕ ӕфхӕрынц ӕмӕ сӕ фӕдыл зилынц (Матф. 24:6–9). Уымӕй уӕлдай ма нын ацы фыддунейы цардамӕлттӕ кӕнын дӕр зын у (Рарг. 6:5, 6). Фӕлӕ уыцы зындзинӕдтӕ цас фылдӕр кӕнынц, уыйас фылдӕр фадӕттӕ нын фӕзыны, цӕмӕй хъуыддагӕй равдисӕм, не ’фсымӕрты куыд тынг уарзӕм, уый. Ӕмӕ кӕд «адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал», уӕддӕр мах хъуамӕ дарддӕр дӕр нӕ кӕрӕдзийы уарзӕм (Матф. 24:12)1.
ЦӔМӔЙ БӔРӔГ УЫДЗӔН, НӔ КӔРӔДЗИЙЫ ӔФСЫМӔРТАУ КӔЙ УАРЗӔМ?
10. Дарддӕр цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?
10 Кӕд бирӕ алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уӕддӕр нӕ бон куыд у хъуыддагӕй равдисын, нӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау кӕй уарзӕм? Апостол Павел афтӕ куы загъта, «дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзут», зӕгъгӕ, уӕд ранымадта, чырыстӕттӕн уый сӕ бон цы хъуыддӕгтӕй у равдисын, уыдон. Ӕркӕсӕм уыцы хъуыддӕгтӕй ӕхсӕзмӕ.
11, 12. Уазӕгуарзон уай, уый цы нысан кӕны? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)
11 «Ма уӕ рох кӕнӕд, уазӕгуарзон кӕй хъуамӕ уат, уый». (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:2.) Дзырд «уазӕгуарзон»-ӕй чи ’рцыд тӕлмац, уыцы дзырд нысан кӕны, адӕймаг ӕцӕгӕлӕттӕм, ома, кӕй нӕ зоны, уыдонмӕ, хӕларзӕрдӕ куы вӕййы, уый. Ӕмӕ нын уый, чи зоны, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕна Авраамы ӕмӕ Лоты. Сӕ дыууӕ дӕр хӕларзӕрдӕйӕ суазӕг кодтой, кӕй нӕ зыдтой, уыдоны. Ӕмӕ уыцы уазджытӕ та зӕдтӕ разындысты (Райд. 18:2–5; 19:1–3). Уыцы хабӕрттӕ дзуттаг чырыстӕтты разӕнгард кодтой, цӕмӕй уазӕгуарзон уыдаиккой ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдыстаиккой, се ’фсымӕрты кӕй уарзынц, уый.
12 Цымӕ нӕ бон куыд у уазӕгуарзондзинад равдисын? Нӕ бон у нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй искӕй нӕхимӕ фӕхонын, цӕмӕй иумӕ къӕбӕр бахӕрӕм кӕнӕ ӕнӕуи аныхӕстӕ кӕнӕм ӕмӕ кӕрӕдзи бафидар кӕнӕм. Не ’мбырд нын районон цӕстдарӕг куы бӕрӕг кӕна, уӕд ӕй нӕ бон у йӕ цардӕмбалимӕ сихормӕ фӕхонын, семӕ хорз зонгӕ куы нӕ уӕм, уӕддӕр (3 Иоан. 5–8). Искӕй суазӕг кӕныны тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ стыр фынгтӕ ӕрӕвӕрӕм кӕнӕ бирӕ ӕхца бахардз кӕнӕм. Нӕ нысан хъуамӕ уа, не ’фсымӕрты, цы нӕм ис, уымӕй дисы бафтауын нӕ, фӕлӕ сӕ бафидар кӕнын. Стӕй нын нӕ хорздзинад йӕ бон бафидын кӕмӕн у, ӕрмӕст ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты нӕ хондзыстӕм (Лук. 10:42; 14:12–14). Алы бон дӕр нын бирӕ хъуыддӕгтӕ вӕййы, фӕлӕ уӕддӕр афтӕ ӕнӕвдӕлон хъуамӕ ма уӕм, ӕмӕ нӕ бон искӕй суазӕг кӕнын ма уа!
13, 14. Ахӕстоны чи ис, уыдоны нӕ зӕрдыл дарын нӕ бон куыд у?
13 «Уӕ зӕрдыл дарут, ахӕстоны чи ис, уыдоны». (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:3.) Ацы ран Павел ӕнӕуи ахст адӕмы кой нӕ кодта, фӕлӕ, йӕ дины тыххӕй ахст чи уыд, уыцы ӕфсымӕрты кой. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг йӕхӕдӕг дӕр цыппар азы бӕрц уыди ахӕстоны (Фил. 1:12–14). Павел ӕфсымӕртӕй раппӕлыди, ахӕстоны чи уыд, уыдоны зын сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстой, уый тыххӕй (Дзут. 10:34). Павел ахст куы уыд, уӕд-иу ӕй ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ бабӕрӕг кодтой. Фӕлӕ дзы уыцы дзуттаг чырыстӕттӕ дард уыдысты, ӕмӕ йын уӕд куыд хъуамӕ баххуыс кодтаиккой? Уыдонӕн сӕ бон уыди Павелы тыххӕй зӕрдиагӕй кувын (Дзут. 13:18, 19).
14 Абон дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ сӕ дины тыххӕй ахӕстоны бадынц. Ӕввахс сӕм чи цӕры, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ис фадат, цӕмӕй сӕ бабӕрӕг кӕной ӕмӕ сӕм истӕмӕй фӕкӕсой. Фӕлӕ сӕ, зӕгъӕм, дард стӕм, уӕд та сын нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын? Уыцы иузӕрдион ӕфсымӕрты нӕ зӕрдыл куы дарӕм ӕмӕ-иу Йегъовӕмӕ уыдоны тыххӕй куы кувӕм. Афтӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, сӕ зын сын нӕ зӕрдӕмӕ кӕй исӕм ӕмӕ сӕ кӕй уарзӕм. Зӕгъӕм, Эритрейы нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй, стӕй ма суанг сӕ сывӕллӕттӕй дӕр чидӕртӕ ахӕстоны хъизӕмӕрттӕ ’взарынц. Ӕртӕ ӕфсымӕры та дзы, Паулос Ияссу, Исаак Могос ӕмӕ Негеде Теклемариам, ахӕстоны сты 20 азӕй фылдӕр. Ӕмӕ нӕ бон у, ӕмӕ уыдоны тыххӕй дӕр кувӕм.
15. Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, нӕ бинонты цард нӕ цӕсты кадджын кӕй у, уый?
15 «Йӕ бинонты цард уӕ алкӕй цӕсты дӕр уӕд кадджын». (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:4.) Нӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау кӕй уарзӕм, уый ма бӕрӕг уыдзӕн, хӕрзӕгъдау куы уӕм, уӕд (1 Тим. 5:1, 2). Чырыстӕттӕй исчи искӕцы хо кӕнӕ ӕфсымӕримӕ йе та йын йӕ бинонтӕй искӕимӕ ӕнӕгъдау ми куы бакӕнид, уӕд хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн кӕрӕдзийыл ӕууӕндын зындӕр уаид. Ахӕм хъуыддаджы тыххӕй ма тӕссаг уаид, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ кӕрӕдзийыл куы нал ӕууӕндой, уымӕй дӕр (1 Фес. 4:3–8). Ахъуыды-ма кӕнӕм ууыл дӕр, ӕмӕ сылгоймаг куыд фӕуаид, йӕ лӕг порнографимӕ кӕй кӕсы, уый куы базонид, уӕд. Цымӕ афтӕ чи кӕны, ахӕм нӕлгоймагӕй уый зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ бинойнаджы уарзы ӕмӕ йӕ бинонты цардӕн кад кӕны? (Матф. 5:28).
16. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ нын цы ис, уый фагыл куы нымайӕм, уӕд нын нӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзын ӕнцондӕр уыдзӕн?
16 «Цы уын ис, уый фагыл нымайут». (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:5.) Цы нын ис, уый фагыл нымайдзыстӕм, нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд. Цымӕ нын ахӕм зондахаст та куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзӕм? Цы нын ис, уый фагыл куы нымайӕм, уӕд ӕмбардзыстӕм, ӕхцайӕ балхӕнӕн цытӕ ис, уыдӕттӕй бирӕ ахсджиагдӕр кӕй сты Йегъовӕ ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ (1 Тим. 6:6–8). Ӕмӕ уӕд не ’мчырыстӕттӕм фаутӕ нӕ хӕсдзыстӕм, нӕ царды уавӕртӕй нӕ хъаст кӕндзыстӕм, стӕй хӕлӕг кӕнӕ зыд дӕр нӕ кӕндзыстӕм. Цы нын ис, уый фагыл куы нымайӕм, уӕд уыдзыстӕм рӕдау (1 Тим. 6:17–19).
17. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ ныфсджын куы уӕм, уӕд нын нӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзын ӕнцондӕр уыдзӕн?
17 Ныфсджын ут. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:6.) Нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд цыфӕнды фӕлварӕнты дӕр ныфсджын уыдзыстӕм. Ныфсджын куы уӕм, уӕд нӕ къухтӕ никуы ’руадздзыстӕм. Ахӕм зондахаст нын куы уа, уӕд не ’мчырыстӕтты дӕр нӕ бон уыдзӕн фидар кӕнын. Ӕмӕ афтӕмӕй дӕр равдисдзыстӕм, ӕцӕгдӕр сӕ ӕфсымӕртау кӕй уарзӕм (1 Фес. 5:14, 15). Суанг стыр бӕллӕхы рӕстӕг дӕр нӕ бон уыдзӕн размӕ ныфсджынӕй кӕсын, уымӕн ӕмӕ зондзыстӕм, нӕ ирвӕзындзинад кӕй ӕрхӕстӕг (Лук. 21:25–28).
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ мах тыххӕй цы аразынц, уымӕн аргъ кӕныс? (кӕс 18 абзац)
18. Хистӕр нӕлгоймӕгты ӕфсымӕртау кӕй уарзӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?
18 «Ма рох кӕнут, разамынд уын чи дӕтты... уыдоны». (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:7, 17.) Не ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ мах тыххӕй сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутыл нӕ ауӕрдынц. Цас фыдӕбон кӕнынц, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд сӕ ноджы тынгдӕр фӕуарзӕм ӕмӕ сын ноджы тынгдӕр фӕаргъ кӕнӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах нӕ фӕнды, цӕмӕй ахӕмӕй исты саразӕм, ӕмӕ уый тыххӕй сӕ циндзинад ӕрмынӕг уа ӕмӕ афтӕ зӕрдиагӕй мауал лӕггад кӕной. Мах фӕнды, цӕмӕй сӕм хъусӕм ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсӕм. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, «сӕ фыдӕбоны тыххӕй сын стыр аргъ [кӕй] кӕнӕм ӕмӕ сӕ [кӕй] уарзӕм» (1 Фес. 5:13).
УӔ УАРЗОНДЗИНАД НОДЖЫ ТЫХДЖЫНДӔР КӔНӔД
19, 20. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ уарзондзинад ноджы тыхджындӕр кӕна?
19 Абон Йегъовӕйы адӕмы зонынц, сӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау кӕй уарзынц, уымӕй. Ӕмӕ Павелы рӕстӕджы дӕр афтӕ уыди. Фӕлӕ уӕддӕр Павел йе ’фсымӕрты разӕнгард кодта, цӕмӕй сӕ уарзондзинад «уыдаид ноджы тыхджындӕр» (1 Фес. 4:9, 10). Ӕцӕгӕйдӕр, ацы хъуыддаджы нӕ бон алкӕддӕр уыдзӕн хуыздӕр кӕнын!
20 Уӕдӕ-иу афӕдзы дӕргъы нӕ Паддзахады залы ацы азы стихмӕ кӕсгӕйӕ ахъуыды кӕнӕм: «Мӕ бон цы у саразын, цӕмӕй ноджы уазӕгуарзондӕр уон? Ахӕстоны чи ис, уыцы ӕфсымӕрты мӕ бон куыд у мӕ зӕрдыл дарын? Хуыцау бинонты цардӕн цы ӕгъдау ӕрӕвӕрдта, уый мӕ цӕсты кадджын у? Цы мын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, цы мын ис, уый фагыл нымайон? Цы хъӕуы, цӕмӕй мӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр дарон? Мӕ бон цы у саразын, цӕмӕй, разамынд чи дӕтты, уыдоны коммӕ тынгдӕр кӕсон?» Уыцы ӕхсӕз хъуыддаджы нӕхи фӕхуыздӕр кӕныныл куы архайӕм, уӕд нын ацы азы стихы ныхӕстӕ ӕнӕуи къулыл фыст ныхӕстӕ нӕ уыдзысты, фӕлӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзысты, Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ кӕй хъуамӕ цӕрӕм: «Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзут» (Дзут. 13:1).
^ 1 9 абзац: Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ се ’фсымӕрты кӕй уарзынц, уый бӕллӕхты рӕстӕг куыд равдыстой, уымӕн цӕвиттонтӕ кӕс чиныджы «Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!», 246, 247 фӕрстӕ, ӕмӕ «Свидетели Иеговы – возвещатели Царства Бога», 19 сӕр.