Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 май 14–19 фф.
  • Тырнут, «ӕдзух чи уыдзӕн», уыцы горӕтмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Тырнут, «ӕдзух чи уыдзӕн», уыцы горӕтмӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • УӔ НЫФС ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ДАРУТ –УЫЙ УӔ НИКУЫ НЫУУАДЗДЗӔН
  • РАЗАМЫНД УЫН ЧИ ДӔТТЫ, УЫДОНМӔ ХЪУСУТ
  • УӔ КӔРӔДЗИ ӔФСЫМӔРТАУ УАРЗУТ ӔМӔ УАЗӔГУАРЗОН УТ
  • ФИДӔНЫ НӔМ ЦЫ ӔНХЪӔЛМӔ КӔСЫ?
  • Кӕронмӕ фидар фӕлӕууынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, уыцы фыстӕг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Дӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг уӕд, дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарыс
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Алцы кӕй нӕ зонӕм, уымӕ раст цӕстӕй кӕс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Куыд хорз у хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм ӕввахс кӕнын!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 май 14–19 фф.

21 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

21 ЗАРӔГ Фыццаджыдӕр агур Хуыцауы Паддзахад

Тырнут, «ӕдзух чи уыдзӕн», уыцы горӕтмӕ

«Зӕрдиагӕй тырнӕм фидӕны горӕтмӕ» (ДЗУТ. 13:14).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Дзуттӕгтӕм 13-ӕм сӕры цы фыст ис, уый нын абон куыд ӕххуыс кӕны ӕмӕ нын фидӕны куыд баххуыс кӕндзӕн.

1. Иерусалимыл цы хъуамӕ ӕрцыдаид, уый тыххӕй Йесо цы загъта?

ЙЕСО Чырысти йӕ мӕлӕтӕй цалдӕр боны раздӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта иу ахсджиаг пехуымпарад. Загъта сын, ахӕм бон кӕй ралӕудзӕн, ӕмӕ «Иерусалимыл ӕфсӕдтӕ... ӕртыхсдзысты» (Лук. 21:20). Ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхста, уыцы ӕфсӕдтӕ куы феной – уыдон та разындысты Ромы ӕфсӕдтӕ,– уӕд ӕвӕстиатӕй Иудейӕйӕ кӕй хъуамӕ алидзой (Лук. 21:21, 22).

2. Апостол Павел Иудейӕйы ӕмӕ Иерусалимы цӕрӕг чырыстӕтты фидӕны хабӕрттӕм куыд бацӕттӕ кодта?

2 Ромы ӕфсӕдтӕ Иерусалимыл куы ’ртыхстысты, уымӕй цалдӕр азы раздӕр апостол Павел Иудейӕйы ӕмӕ Иерусалимы цӕрӕг чырыстӕттӕм фыстӕг ныффыста. Ныр хуыйны Фыстӕг Дзуттӕгтӕм. Павел сын радта ахсджиаг уынаффӕтӕ, цӕмӕй сӕ бацӕттӕ кодтаид фидӕны хабӕрттӕм. Цавӕр хабӕрттӕм? Иерусалим хъуамӕ пырхгонд ӕрцыдаид. Ӕмӕ чырыстӕтты хъуыдаид уырдыгӕй алидзын, цӕмӕй аирвӕзтаиккой. Уый тыххӕй та сӕ хъуыдаид сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ куыстытӕ ныууадзын. Иерусалимы тыххӕй Павел ныффыста: «Ам [нын] нӕй, ӕдзух чи уыдзӕн, ахӕм горӕт». Ӕмӕ стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Фӕлӕ зӕрдиагӕй тырнӕм фидӕны горӕтмӕ» (Дзут. 13:14).

3. «Фидар бындур кӕмӕн ис... уыцы горӕт» цы у ӕмӕ йӕм цӕмӕн тырнӕм?

3 Иерусалимӕй ӕмӕ Иудейӕйӕ алидзынвӕнд чи скодта, уыцы чырыстӕттӕн иннӕтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уайдзӕфтӕ кодтой ӕмӕ сыл худтысты. Фӕлӕ, кӕй ацыдысты, уый фӕрцы удӕгасӕй баззадысты. Ӕмӕ абон махыл дӕр фӕхудынц, адӕм зындзинӕдтӕн кӕрон кӕй скӕндзысты, уый нӕ кӕй нӕ уырны ӕмӕ хъӕздыг цардмӕ кӕй нӕ тырнӕм, уый тыххӕй. Фӕлӕ ахӕм цард цӕмӕн равзӕрстам? Мах ӕй зонӕм, ацы дуне рӕстӕгмӕ кӕй у. Мах тырнӕм, «фидар бындур кӕмӕн ис... уыцы горӕтмӕ», «фидӕны горӕтмӕ» – Хуыцауы Паддзахадмӕ (Дзут. 11:10; Матф. 6:33)a. Ацы статьяйы алы дӕлсӕргонды дӕр аныхас кӕндзыстӕм ахӕм фарстатыл: 1) Павелы уынаффӕтӕ 1 ӕнусы чырыстӕттӕн куыд баххуыс кодтой «фидӕны горӕтмӕ» тырнынӕн; 2) Павел сӕ фидӕны хабӕрттӕм куыд бацӕттӕ кодта ӕмӕ 3) йӕ уынаффӕтӕ абон махӕн куыд ӕххуыс кӕнынц.

УӔ НЫФС ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ДАРУТ –УЫЙ УӔ НИКУЫ НЫУУАДЗДЗӔН

4. Чырыстӕттӕн Иерусалим тынг ахсджиаг горӕт цӕмӕн уыд?

4 Чырыстӕттӕн Иерусалим тынг ахсджиаг горӕт уыд. Уым н. э. 33 азы фӕзынд фыццаг чырыстон ӕмбырд, ӕмӕ уым уыд разамонӕг совет дӕр. Уымӕй уӕлдай ма чырыстӕттӕй бирӕтӕн Иерусалимы уыди хӕдзӕрттӕ ӕмӕ исбон. Фӕлӕ Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты бафӕдзӕхста, ӕрмӕст горӕтӕй нӕ, фӕлӕ сӕ сӕ бӕстӕйӕ дӕр – Иудейӕйӕ – кӕй хъӕудзӕн алидзын (Матф. 24:16).

5. Павел чырыстӕтты куыд бацӕттӕ кодта, цы хъуамӕ ӕрцыдаид, уымӕ?

5 Павелы фӕндыд чырыстӕтты бацӕттӕ кӕнын, цы хъуамӕ ’рцыдаид, уымӕ. Уый сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Иерусалимы кувӕндоны чи лӕггад кодта, уыцы сауджынтӕй ӕмӕ дзы цы нывӕндтӕ хаст цыд, уыдонӕй Йегъовӕ райгонд кӕй нал уыд (Дзут. 8:13). Горӕты цӕрджытӕн сӕ фылдӕр Мессийӕйыл нӕ баууӕндыдысты. Иерусалим нал уыд, адӕм ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн бакувынмӕ кӕдӕм хъуамӕ цыдаиккой, уыцы горӕтыл нымад ӕмӕ хъуамӕ пырхгонд ӕрцыдаид (Лук. 13:34, 35).

6. Павел чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл цы ’рлӕууын кодта, уый йӕ афоныл цӕмӕн уыд? (Дзуттӕгтӕм 13:5, 6).

6 Павел дзуттӕгтӕм фыстӕг куы ныффыста, уӕд Иерусалим уыд хъӕздыг горӕт. Иу ромаг фыссӕг ӕй схуыдта скӕсӕн бӕстӕты горӕттӕй ӕппӕты зындгонддӕр ӕмӕ кадджындӕр горӕт. Бирӕ бӕстӕты цӕрӕг дзуттӕгтӕ-иу алы аз дӕр уырдӕм бӕрӕгбӕттӕм ӕрцыдысты, ӕмӕ уый фӕрцы дӕр горӕт хъӕздыгдӕр кодта. Ӕмӕ дзы чырыстӕттӕй дӕр чидӕртӕ, ӕвӕццӕгӕн, хорз ӕхца куыстой. Павел дӕр сын, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй загъта афтӕ: «Царды мидӕг ӕхцауарзаг ма ут, цы уын ис, уый фагыл нымайут». Уый фӕстӕ та сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уый: «Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн». (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:5, 6; Дык. з. 31:6; Пс. 118:6.) Иерусалимы ӕмӕ Иудейӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕн уый сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын ӕнӕмӕнг хъуыд. Цӕмӕн? Павелы фыстӕг куы райстой, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сӕ бахъуыд сӕ хӕдзӕрттӕ, сӕ куыст ӕмӕ сӕ фӕллӕйттӕн сӕ фылдӕр ныууадзын, ӕмӕ стӕй ӕнӕзонгӕ ран ӕрцӕрын. Уый ӕнцон нӕ уыд.

7. Ныртӕккӕ цӕмӕн хъуамӕ сахуыр уӕм нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын?

7 Нӕ бон дзы цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? Тагъд «стыр бӕллӕх» райдайдзӕн, ӕмӕ ацы дунейӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн (Матф. 24:21). 1 ӕнусы чырыстӕттау мах дӕр хъуамӕ уӕм къӕрцхъус ӕмӕ фидӕны хабӕрттӕм цӕттӕ (Лук. 21:34–36). Стыр бӕллӕхы рӕстӕг нӕ, чи зоны, бахъӕуа нӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ нӕм цы ис, уыдӕттӕй цыдӕртӕ кӕнӕ сӕ иууылдӕр ныууадзын. Уыцы рӕстӕг нӕ хъӕудзӕн нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарын. Ӕмӕ-иу хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй никуы нӕ ныууадздзӕн, ууыл. Фӕлӕ нын суанг абон дӕр, цалынмӕ стыр бӕллӕх нӕ райдыдта, уӕдмӕ, ис фадат, нӕ ныфс кӕуыл дарӕм, уый равдисынӕн. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Цы аразын ӕмӕ мӕ разы цы нысӕнттӕ ӕвӕрын, уыдонӕй бӕрӕг у, мӕ ныфс хъӕздыгдзинадыл нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйыл кӕй дарын?» (1 Тим. 6:17). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, 1 ӕнусы хабӕрттӕй нӕ бон у нӕхицӕн зондӕн бирӕ цыдӕртӕ райсын. Фӕлӕ уӕддӕр, фидӕны цы «стыр бӕллӕх» уыдзӕн, уый хуызӕн зын рӕстӕг никуы уыд. Ӕмӕ уӕд куыд базондзыстӕм, «стыр бӕллӕх» куы райдайа, уӕд нӕ цы аразын хъӕудзӕн, уый?

РАЗАМЫНД УЫН ЧИ ДӔТТЫ, УЫДОНМӔ ХЪУСУТ

8. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы загъта?

8 Чырыстӕттӕ Павелы фыстӕг куы райстой, уымӕй цалдӕр азы фӕстӕ федтой, Ромы ӕфсӕдтӕ Иерусалимыл куыд ӕртыхстысты. Ӕмӕ бамбӕрстой, Иерусалимӕй ӕмӕ сӕ Иудейӕйӕ лидзын кӕй хъӕуы. Иерусалимӕн йӕ бонтӕ нымад уыдысты (Матф. 24:3; Лук. 21:20, 24). Фӕлӕ кӕдӕм хъуамӕ алыгъдаиккой? Уый тыххӕй Йесо бӕлвырдӕй ницы загъта. Ӕрмӕст загъта: «Иудейӕйы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм» (Лук. 21:21). Фӕлӕ Иудейӕйы алыварс бирӕ хӕхтӕ уыд. Уӕдӕ кӕцы хӕхтӕм хъуамӕ алыгъдаиккой?

9. Чырыстӕттӕ цӕмӕн хъуыдытӕ кодтаиккой, кӕцы хӕхтӕм сӕ хъуыд лидзын, ууыл? (Кӕс картӕмӕ дӕр.)

9 Иудейӕйӕ алидзӕн уыд, зӕгъӕм, Самарийы хӕхтӕм, Галилейӕйы хӕхтӕм, Ермоны хохмӕ, Ливаны хӕхтӕм кӕнӕ, Иорданы фаллаг фарс чи уыд, уыцы хӕхтӕм. (Кӕс картӕмӕ.) Уым цы горӕттӕ уыд, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ нымад уыдысты, тӕссаг кӕм ницӕмӕй у, ахӕм горӕттыл. Зӕгъӕм, горӕт Га́млӕ лӕууыд бӕрзонд хохыл ӕмӕ йӕм зын ссӕуӕн уыд. Ӕмӕ дзуттӕгтӕй чидӕртӕ хъуыды кодтой, уымӕй ӕдасдӕр бынат кӕй нӕй. Фӕлӕ фӕстӕдӕр ромӕгтӕ Гамлӕмӕ бабырстой, ныппырх ӕй кодтой ӕмӕ йын йӕ цӕрджытӕй бирӕты амардтойb.

Картӕйыл ӕвдыст сты, 1 ӕнусы Израилы цы хӕхтӕ ӕмӕ горӕттӕ уыд, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ. Иерусалимӕй цӕгатырдӕм картӕйыл ис Ливаны, Галилейӕйы, Самарийы ӕмӕ Галаады хӕхтӕ, Ермоны хох ӕмӕ Фаворы хох, стӕй горӕттӕ Гамлӕ, Кесари ӕмӕ Пеллӕ. Иерусалимӕй хуссарырдӕм картӕйыл ис Иудейӕйы ӕмӕ Аваримы хӕхтӕ, стӕй горӕт Масадӕ. Картӕйыл ма ӕвдыст ис, Ромы ӕфсӕдтӕ куыд цыдысты, уый ӕмӕ, дзуттӕгтӕ н. э. 67 азӕй н. э. 73 азмӕ ӕнӕхай кӕмӕй фесты, уыцы зӕххытӕ.

Рагон чырыстӕттӕн сӕ бон алидзын кӕдӕм уыд, ахӕм хӕхтӕ бирӕ уыд, фӕлӕ дзы алкӕм ӕдас нӕ уыд (кӕс 9 абзац)


10, 11. а) Йегъовӕ чырыстӕттӕн, ӕвӕццӕгӕн, разамынд куыд радта? (Дзуттӕгтӕм 13:7, 17). б) Чырыстӕттӕн цы пайда ’рхаста, разамынд сын чи лӕвӕрдта, уыдонмӕ кӕй байхъуыстой, уый? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

10 Ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕ чырыстӕттӕн амындтӕ радта, разамынд сын чи лӕвӕрдта, уыдоны уылты. Историк Евсе́вий фӕстӕдӕр уыцы рӕстӕджы тыххӕй ныффыста, Хуыцау Иерусалимы кӕцыдӕр ӕфсымӕртӕн кӕй раргом кодта, чырыстӕттӕ Иерусалимӕй кӕй хъуамӕ сыстадаиккой ӕмӕ Пере́ймӕ, горӕт Пе́ллӕмӕ, кӕй хъуамӕ ацыдаиккой. Уыцы рӕстӕг чырыстӕттӕн Пеллӕйӕ хуыздӕр бынат нӕ уыд. Иерусалимӕй дард нӕ уыд, ӕмӕ йӕм тагъд бахӕццӕ уыдаиккой. Уымӕй уӕлдай, Пеллӕйы цӕрджытӕн сӕ фылдӕр дзуттӕгтӕ нӕ уыдысты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ромӕгтимӕ нӕ хӕцыдысты. (Кӕс картӕмӕ.)

11 Хӕхтӕм чи алыгъд, уыцы чырыстӕттӕ архайдтой Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ, ӕмбырды уын разамынд чи дӕтты, уыдонмӕ хъусут, зӕгъгӕ. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:7, 17.) Хуыцауы адӕм афтӕ кӕй бакодтой, уый фӕрцы аирвӕзтысты. Уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, «фидар бындур кӕмӕн ис... уыцы горӕтмӕ» – Хуыцауы Паддзахадмӕ. Ӕмӕ сӕ Хуыцау нӕ ныууагъта (Дзут. 11:10).

Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй чидӕртӕ сӕ хӕссинӕгтимӕ хӕхбӕсты фӕцӕуынц.

Чырыстӕттӕн Пеллӕйы тӕссаг ницӕмӕй уыдаид (кӕс 10, 11 абзацтӕ)


12, 13. Зын рӕстӕджыты Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд куыд фӕдӕтты?

12 Нӕ бон дзы цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ратты бӕлвырд амындтӕ, разамынд сын чи дӕтты, уыдоны уылты. Библийы бирӕ цӕвиттонтӕ ис, Йегъовӕ-иу йӕ адӕмӕн зын рӕстӕджыты иузӕрдион нӕлгоймӕгты уылты амындтӕ куыд лӕвӕрдта, уымӕн (Дык. з. 31:23; Пс. 77:20). Ӕмӕ уынӕм, абон дӕр афтӕ кӕй кӕны.

13 Зӕгъӕм, коронавирусы пандемийӕ куы райдыдта, уӕд, «разамынд... чи дӕтты», уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмбырдтӕн амындтӕ радтой. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ амындтӕ райстой, уыцы уавӕрты ӕмбырдтӕ уадзын ӕмӕ хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый фӕдыл. Коронавирусы пандемийӕ куы райдыдта, уымӕй цалдӕр мӕйы фӕстӕ та ауагътам конгресс 500 ӕвзагыл. Алы рӕтты нӕ бон уыд программӕмӕ кӕнӕ интернеты уылты, кӕнӕ телевизоры бакӕсын, кӕнӕ та йӕм радиойӕ байхъусын. Ахӕм конгресс уымӕй размӕ никуы уыд. Уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй нӕ фӕцух стӕм. Ӕмӕ нын уыцы пандемийӕ нӕ иудзинадӕн ницы зиан ӕрхаста. Мах нӕ дызӕрдыг кӕнӕм: фидӕны цыфӕнды фӕлварӕнтыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр Йегъовӕ, разамынд нын чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн. Цӕмӕй стыр бӕллӕхмӕ цӕттӕ уӕм ӕмӕ уыцы уӕззау рӕстӕг раст архайӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм ӕмӕ нын разамынд чи дӕтты, уыдонмӕ хъусӕм. Фӕлӕ ма нӕ цавӕр миниуджытӕ хъӕуы, цӕмӕй нӕхи стыр бӕллӕхмӕ бацӕттӕ кӕнӕм?

УӔ КӔРӔДЗИ ӔФСЫМӔРТАУ УАРЗУТ ӔМӔ УАЗӔГУАРЗОН УТ

14. Дзуттӕгтӕм 13:1–3 стихты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ чырыстӕтты цавӕр миниуджытӕ хъуыди, Иерусалим пырхгонд куы ’рцыд, уый размӕ?

14 Стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд нӕ уӕлдай тынгдӕр хъӕудзӕн уарзондзинад ӕвдисын. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ бафӕзмӕм, Иерусалимы ӕмӕ Иудейӕйы чи цард, уыцы чырыстӕтты. Уыдон кӕрӕдзи алкӕддӕр уарзтой (Дзут. 10:32–34). Фӕлӕ Иерусалим пырхгонд куы ’рцыд, уый размӕ азты хъуамӕ ноджы тынгдӕр ӕвдыстаиккой уарзондзинад ӕмӕ уазӕгуарзондзинад. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:1–3.)c Ӕмӕ уый хауы махмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ ацы дунейӕн йӕ кӕрон тынг хӕстӕг у.

15. Чырыстӕттӕ Иерусалимӕй куы алыгъдысты, уӕд сӕ сӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзын ӕмӕ уазӕгуарзондзинад ӕвдисын цӕмӕн хъуыди?

15 Ромы ӕфсӕдтӕ Иерусалимыл куы ’ртыхстысты ӕмӕ стӕй ӕнӕнхъӕлӕджы куы ацыдысты, уӕд чырыстӕттӕ горӕтӕй алыгъдысты. Ӕмӕ семӕ гыццыл цыдӕртӕ йеддӕмӕ ницы райстой (Матф. 24:17, 18). Уымӕ гӕсгӕ сӕ кӕрӕдзийы ӕххуыс хъуыди, фӕндагыл куы уыдысты, ӕрмӕст уӕд нӕ, фӕлӕ, Пеллӕмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд дӕр. Ӕххуыс кӕй хъуыд, ахӕмтӕ семӕ бирӕ уыдаид. Ӕмӕ чырыстӕттӕн уыди фадат, цӕмӕй кӕрӕдзимӕ фӕкастаиккой ӕмӕ сӕм цы уыд, уымӕй иннӕтӕн хай кодтаиккой (Тит. 3:14). Афтӕмӕй сӕ бон уыд равдисын, кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау кӕй уарзынц ӕмӕ уазӕгуарзон кӕй сты.

16. Хо кӕнӕ ӕфсымӕры ӕххуыс куы хъӕуа, уӕд нӕ бон куыд уыдзӕн равдисын, кӕй йӕ уарзӕм, уый? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

16 Нӕ бон дзы цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? Мах нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты бирӕ уарзӕм. Ӕмӕ сӕ не ’ххуыс куы фӕхъӕуы, уӕд ӕнцад нӕ фӕлӕууӕм. Зӕгъӕм, бирӕтӕ зӕрдиагӕй баххуыс кӕнынц, хӕсты кӕнӕ ӕрдзон бӕллӕхы аххосӕй сӕ хӕдзӕрттӕ ныууадзын кӕй бахъӕуы, уыцы хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн. Цы сӕ фӕхъӕуы, уыдӕттӕ сын раттынц, сӕ ныфсыл сын ныфс бафтауынц ӕмӕ сын феххуыс кӕнынц, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕной. Иу украинаг хо хӕсты тыххӕй йӕ хӕдзарӕй лидзинаг фӕци. Ӕмӕ мӕнӕ цы загъта: «Уыдтам ӕй, Йегъовӕ нын ӕфсымӕрты уылты разамынд куыд лӕвӕрдта ӕмӕ нын куыд ӕххуыс кодта. Кӕдӕмфӕнды ма ’рцыдаиккам, алы ран дӕр-иу ныл нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ батыхстысты – нӕхи бӕстӕйы дӕр, Венгрийы дӕр ӕмӕ ныр та Германийы дӕр». Хотӕм ӕмӕ ’фсымӕртӕм уазӕгуарзондзинад чи равдисы ӕмӕ сын, цӕмӕй фӕхъӕуы, уымӕй чи баххуыс кӕны, уыдон ӕмгуыст фӕкӕнынц Йегъовӕимӕ (Ӕмб. 19:17; 2 Кор. 1:3, 4).

Ацӕргӕ лӕг ӕмӕ усмӕ ӕрбацыдысты, сӕ хӕдзарӕй лидзинаг чи фӕци, ахӕм бинонтӕ. Ис сӕм ӕрмӕстдӕр иу чемодан ӕмӕ иу-2–3 хызыны. Фысымтӕ сыл тынг бацин кодтой.

Йӕ хӕдзарӕй лидзинаг чи фӕци, уыцы чырыстӕтты фӕхъӕуы не ’ххуыс (кӕс 16 абзац)


17. Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй ныртӕккӕ сахуыр уӕм хоты ӕмӕ ’фсымӕрты уарзын ӕмӕ уазӕгуарзондзинад ӕвдисын?

17 Стыр бӕллӕхы рӕстӕг нӕ нӕ кӕрӕдзийы ӕххуыс ноджы тынгдӕр хъӕудзӕн (Ав. 3:16–18). Ӕмӕ нӕ Йегъовӕ ныртӕккӕ ахуыр кӕны кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзын ӕмӕ уазӕгуарзондзинад ӕвдисын. Ацы миниуджытӕ нӕ уыцы рӕстӕг ӕнӕмӕнг хъӕудзысты.

ФИДӔНЫ НӔМ ЦЫ ӔНХЪӔЛМӔ КӔСЫ?

18. Нӕ бон куыд у бафӕзмын, 1 ӕнусы Иудейӕйы ӕмӕ Иерусалимы чи цард, уыцы чырыстӕтты?

18 1 ӕнусы, разамындмӕ чи байхъуыста ӕмӕ хӕхтӕм чи алыгъд, уыцы чырыстӕттӕ аирвӕзтысты. Кӕд алцыдӕр ныууагътой, уӕддӕр сыл Йегъовӕ батыхст. Уымӕй нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? Хабӕрттӕ фидӕны куыд цӕудзысты, уый тыххӕй алцы нӕ зонӕм. Фӕлӕ нӕ Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй цӕттӕ уӕм, куыд хъӕудзӕн бакӕнын, афтӕ бакӕнынмӕ (Лук. 12:40). Стыр ӕххуыс ма нын фӕуыдзӕн Павелы фыстӕг Дзуттӕгтӕм. Уым цы уынаффӕтӕ ис, уыдон чырыстӕттӕн 1 ӕнусы куыд ахсджиаг уыдысты, афтӕ ахсджиаг сты абон махӕн дӕр. Стӕй ма нын Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй никуы нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ нӕ кӕй никуы ферох кӕндзӕн (Дзут. 13:5, 6). Цӕй уӕдӕ зӕрдиагӕй тырнӕм, «ӕдзух чи уыдзӕн», уыцы горӕтмӕ – Хуыцауы Паддзахадмӕ! Ӕмӕ уӕд ӕнустӕм хайджын уыдзыстӕм, цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдонӕй (Матф. 25:34).

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Ныртӕккӕ цӕмӕн хъуамӕ сахуыр уӕм нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын?

  • «Стыр бӕллӕхы» рӕстӕг тынг ахсджиаг цӕмӕн уыдзӕн, разамынд нын чи дӕтты, уыдоны коммӕ кӕсын?

  • Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй ныртӕккӕ сахуыр уӕм хоты ӕмӕ ’фсымӕрты уарзын ӕмӕ уазӕгуарзондзинад ӕвдисын?

157 ЗАРӔГ Зӕххыл уыдзӕн фарн!

a Раджы заманты-иу горӕттӕй бирӕтӕн уыди йӕхи паддзах. Ӕмӕ-иу ахӕм горӕт схонӕн уыд паддзахад (Райд. 14:2).

b Уыцы хабар ӕрцыд н. э. 67 азы, чырыстӕттӕ Иудейӕйӕ ӕмӕ Иерусалимӕй куы алыгъдысты, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр.

c Павел Дзуттӕгтӕм 13:1 стихы чырыстӕттӕм ныффыста, «уӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзут», зӕгъгӕ. Уымӕй йӕ зӕгъын фӕндыд, ӕмбырды иууылдӕр кӕрӕдзийы бинонты хуызӕн кӕй хъуамӕ уарзой.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын