16 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
87 ЗАРӔГ Ӕрбацу, ӕмӕ удӕнцой ссарай
Куыд хорз у хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм ӕввахс кӕнын!
«Уымӕй хуыздӕр, уымӕй ӕхсызгондӕр ницы ис, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы цӕрой!» (ПС. 133:1).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Цы хъӕуы аразын, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм ӕмӕ уый фӕрцы цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм.
1, 2. Йегъовӕ адӕммӕ цы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
ЙЕГЪОВӔ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы, иннӕтӕн куыд стӕм, уымӕ. Йесо адӕмы ахуыр кодта, цӕмӕй, сӕхи куыд уарзынц, афтӕ уарзой иннӕты дӕр (Матф. 22:37–39). Уымӕ гӕсгӕ мах дӕр адӕммӕ хорз зӕрдӕ дарӕм, уӕлдай нӕу, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц ӕви нӕ. Хӕларзӕрдӕ куы вӕййӕм, уӕд бафӕзмӕм Йегъовӕйы. Уый «йӕ хур скӕсын кӕны ӕвзӕртыл дӕр ӕмӕ хӕрзтыл дӕр, ӕмӕ къӕвда дӕр ратты рӕстгӕнджытӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕн дӕр» (Матф. 5:45).
2 Йегъовӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр уарзы. Фӕлӕ йын уӕлдай зынаргъ сты, йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдон (Иоан. 14:21). Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй мах дӕр уый хуызӕн уӕм. Уымӕн нын дзуры, зӕгъгӕ, «кӕрӕдзийы афтӕ уарзут, уӕ уарзт артау куыд судза» ӕмӕ кӕрӕдзи уарзут «фӕлмӕн уарзтӕй» (1 Пет. 4:8; Ром. 12:10). Ахӕм уарзтӕй фӕуарзӕм, зӕгъӕм, нӕ бинонты, нӕ хиуӕтты кӕнӕ не ’мбӕлтты.
3. Нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?
3 Уарзондзинад абарӕн ис дидинӕгимӕ. Дидинӕгыл ӕппынӕдзух хъӕуы дон кӕнын, хъӕуы йӕм зилын, цӕмӕй рӕза. Ӕмӕ афтӕ у уарзондзинады хабар дӕр. Апостол Павел чырыстӕттӕм ныффыста: «Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзут» (Дзут. 13:1). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй уыцы уарзондзинад тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕна. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, цӕмӕн хъӕуы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм ӕввахсдӕр кӕнын ӕмӕ нӕ уый тыххӕй цы хъӕуы аразын.
КӔРӔДЗИМӔ ӔВВАХСДӔР ЦӔМӔН ХЪУАМӔ КӔНӔМ?
4. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй, не ’хсӕн цы иудзинад ис, уымӕн алкӕддӕр аргъ кӕнӕм? (Псалом 133:1). (Кӕс нывтӕм дӕр.)
4 Бакӕс Псалом 133:1. Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста, уымӕй хуыздӕр ӕмӕ уымӕй ӕхсызгондӕр кӕй ницы ис, цӕмӕй, Йегъовӕйы чи уарзы, уыдон дӕ хӕлӕрттӕ уой. Ӕмӕ мах дӕр йемӕ разы стӕм. Фӕлӕ ахъуыды кӕнӕм ахӕм цӕвиттоныл. Адӕймаг алы бон дӕр рӕсугъд бӕласы цурты куы фӕцӕуы, уӕд нал фӕуыны, куыд рӕсугъд у, уый. Мах дӕр, гӕнӕн ис, мауал уынӕм, нӕ чырыстон бинонты ’хсӕн цы иудзинад ис, уый куыд хорз у, уый. Хоты ӕмӕ ’фсымӕрты арӕх фӕуынӕм, чи зоны, къуыри цалдӕр хатты дӕр. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сын алкӕддӕр аргъ кӕнӕм? Алчидӕр дзы ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн дӕр ӕмӕ махӕй алкӕмӕн дӕр зынаргъ кӕй у, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд сӕ тынгдӕр уарздзыстӕм.
Не ’хсӕн цы диссаджы иудзинад ис, уымӕн алкӕддӕр аргъ кӕн (кӕс 4 абзац)
5. Кӕрӕдзи кӕй уарзӕм, уый иннӕтыл, гӕнӕн ис, куыд фӕзына?
5 Ӕмбырдтӕм фыццаг хатт чи ’рбацӕуы, уыдонмӕ диссаг фӕкӕсы, кӕрӕдзи куыд уарзӕм, уый. Иуӕй-иутӕн уый дӕр фаг вӕййы, цӕмӕй бамбарой, рӕстдзинад кӕй ссардтой. Йесо загъта: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоан. 13:35). Ӕркӕсӕм Ча́йтрӕйы хабармӕ. Университеты куы ахуыр кодта, уӕд ахуыр кодта Библи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ. Иухатт ӕй регионалон конгресмӕ фӕхуыдтой. Конгрессӕн йӕ фыццаг бон, йемӕ Библи чи ахуыр кодта, уыцы хойӕн загъта: «Мӕ ныййарджытӕ мын никуы ахъӕбыс кодтой. Ам та мын иу бонмӕ 52 хатты ахъӕбыс кодтой! Сымах уылты мын Йегъовӕ равдыста, куыд бирӕ мӕ уарзы, уый. Ӕмӕ мӕн дӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ бинонтӕй уон». Чайтрӕ дарддӕр Библи ахуыр кодта, йӕ цард ивта ӕмӕ 2024 азы донаргъуыд райста. Ногтӕ нын нӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ, кӕрӕдзи куыд уарзӕм, уый куы фӕуынынц, уӕд арӕх уыдоны дӕр бафӕнды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын (Матф. 5:16).
6. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый нӕ куыд хъахъхъӕны?
6 Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый нӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты хъахъхъӕны. Павел чырыстӕттӕн загъта: «Алы бон дӕр уӕ кӕрӕдзийы фӕдзӕхсут, цӕмӕй уӕ тӕригъӕд йӕ фӕдыл макӕй асайа ӕмӕ йӕ зӕрдӕ макӕмӕн ныддур уа» (Дзут. 3:13). Афтӕ ныфссаст куы уӕм, ӕмӕ Йегъовӕйӕ дард кӕнын райдайӕм, уӕд Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ нын ӕрхъуыдыджын хо кӕнӕ ӕфсымӕры уылты баххуыс кӕна (Пс. 73:2, 17, 23). Цы хорз у, ахӕм ӕмбӕлттӕ нын кӕй ис!
7. Уарзондзинад нӕ куыд иу кӕны? (Колоссӕгтӕм 3:13, 14).
7 Ӕгас дунейы дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ тынг архайынц, цӕмӕй сӕ уарзондзинад хъуыддагӕй ӕвдисой. Ӕмӕ уый бирӕ арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕссы (1 Иоан. 4:11). Зӕгъӕм, уарзондзинад нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй «кӕрӕдзийӕн барӕм». Ӕмӕ уый фӕрцы не ’хсӕн ис иудзинад. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:13, 14; Еф. 4:2–6.) Уымӕ гӕсгӕ не ’мбырдты афтӕ хорз вӕййы, ӕмӕ дзы зӕрдӕ ӕрсабыр вӕййы. Зӕххыл ӕндӕр никӕцы бынатӕй ис афтӕ зӕгъӕн.
КӔРӔДЗИЙӔН КАД КӔНУТ
8. Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны нӕ иудзинад хъахъхъӕнынӕн?
8 Ӕгас дунейы дӕр не ’хсӕн цы иудзинад ис, уый стыр диссаг у! Уымӕн гӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы фӕрцы. Хуыцау нӕ кӕрӕдзийыл бӕтты, кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр (1 Кор. 12:25). Библийы фыст ис: «Хуыцау [уӕ] йӕхӕдӕг ахуыр кӕны уӕ кӕрӕдзийы уарзын» (1 Фес. 4:9). Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы бӕлвырд уынаффӕтӕ радта, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ хӕларӕй цӕрӕм. Йӕ уынаффӕтӕ йын лӕмбынӕг куы иртасӕм ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд ын бар дӕтдзыстӕм, цӕмӕй нӕ ахуыр кӕна (Дзут. 4:12; Иак. 1:25). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас дунейы дӕр раст афтӕ кӕнынц.
9. Иннӕтӕн куыд хъуамӕ кад кӕнӕм? (Ромӕгтӕм 12:9–13).
9 Хуыцауы Ныхас нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй кӕрӕдзимӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм? Ӕркӕсӕм, Павел цы ныффыста Ромӕгтӕм 12:9–13 стихты. (Бакӕс сӕ.) Дӕ хъус-ма ӕрдар ацы ныхӕстӕм: «Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ-иу иу иннӕйы разӕй фӕуӕд». Уый куыд ис аразӕн? Хъуамӕ-иу нӕхӕдӕг агурӕм фадӕттӕ, иннӕты «фӕлмӕн уарзтӕй» кӕй уарзӕм, уый равдисынӕн, зӕгъӕм, уӕм хӕларзӕрдӕ, уазӕгуарзон, рӕдау ӕмӕ сын зӕрдиагӕй хатыр кӕнӕм (Еф. 4:32). Ма-иу ӕнхъӕлмӕ кӕс, хо кӕнӕ дын ӕфсымӕр хорзӕй цыдӕр кӕй сараздзӕн, уымӕ. Дӕхӕдӕг-иу фӕраздӕр у. Ӕмӕ уӕд банкъардзынӕ, Йесо цӕй кой кодта, уый: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыд. 20:35).
10. Нӕ бон куыд у равдисын, иннӕтӕн кад кӕнынмӕ кӕй нӕ зивӕг кӕнӕм, уый? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
10 Павел афтӕ куы загъта, «кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ-иу иу иннӕйы разӕй фӕуӕд», зӕгъгӕ, уӕд уый фӕстӕ загъта: «Уӕ хъуыддӕгты зивӕггӕнаг ма ут». Ӕнӕзивӕг адӕймаг вӕййы куыстуарзаг. Ӕмӕ йын исты куы бахӕс кӕнынц, уӕд ӕй зӕрдиагӕй фӕаразы. Ӕмбисӕндты 3:27, 28 стихты фыст ис: «Дӕ къух куы амона, уӕд тыхст адӕймагӕн хорздзинад ма бавгъау кӕн». Уӕдӕ куы фенӕм, кӕйдӕр ӕххуыс кӕй хъӕуы, уӕд уайтагъд йӕ фарсмӕ балӕууӕм. Ууыл фӕстиат нӕ фӕкӕнӕм ӕмӕ афтӕ нӕ фӕхъуыды кӕнӕм, ӕндӕр исчи йын баххуыс кӕндзӕн, зӕгъгӕ (1 Иоан. 3:17, 18).
Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй кӕйдӕр ӕххуыс кӕй хъӕуы, уый куы фенӕм, уӕд-иу хъуамӕ уайтагъд йӕ фарсмӕ балӕууӕм (кӕс 10 абзац)
11. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ӕнгомдӕр кӕнӕм?
11 Иннӕтӕн ма уымӕй дӕр кад кӕндзыстӕм, ӕмӕ-иу нӕ куы фӕхъыг кӕной, уӕд-иу сын уайтагъд куы ныххатыр кӕнӕм. Ефесӕгтӕм 4:26 стихы фыст ис: «Хур уыл мӕстыйӕ ма аныгуылӕд». Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Кӕннод Хӕйрӕгӕн дӕтдзыстӕм бынат, кӕнӕ фадат. Уый бӕрӕг у 27-ӕм стихӕй. Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы ногӕй ӕмӕ ногӕй дзуры, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм. Колоссӕгтӕм 3:13 стихы фыст ис: «Кӕрӕдзийӕн... зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут». Цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ӕнгомдӕр кӕнӕм, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй-иу сын сӕ рӕдыдтытӕ ныббарӕм кӕнӕ-иу сӕ мацӕмӕ ӕрдарӕм. Афтӕмӕй архайдзыстӕм «иудзинады цӕрыныл ӕмӕ кӕрӕдзийыл баст уыдзыстӕм фарны тӕгтӕй» (Еф. 4:3). Уӕдӕ кӕрӕдзийӕн зӕрдӕйӕ куы хатыр кӕнӕм, уӕд ноджы ӕнгомдӕр кӕндзыстӕм ӕмӕ не ’хсӕн уыдзӕн фарн.
12. Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм?
12 Чи нӕ фӕхъыг кӕны кӕнӕ нын нӕ зӕрдӕ чи фӕриссын кӕны, уыдонӕн ныххатыр кӕнын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы уый нӕ къухы бафтдзӕн. Ацы ныхӕсты фӕстӕ, «кӕрӕдзи уарзут... фӕлмӕн уарзтӕй» ӕмӕ «зивӕггӕнаг ма ут», зӕгъгӕ, Библийы фыст ис: «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы уӕ удӕй арт уадзут». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы зынг фӕсудзы ӕмӕ фӕархайы зӕрдиагӕй ӕмӕ ӕнӕзивӕгӕй. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйӕн фӕлӕгъстӕ кӕнӕм, цӕмӕй нын уыцы тых ратта (Лук. 11:13).
«КЪОРДТЫЛ МА ДИХТӔ КӔНУТ»
13. Къордтыл дихтӕ кӕнын, гӕнӕн ис, цӕмӕн райдайӕм?
13 Ӕмбырды ис «алыхуызон адӕм» (1 Тим. 2:3, 4). Ӕмӕ нӕ алчидӕр йӕхӕдӕг фескъуыддзаг кӕны, цы дардзӕн, йе ’ддаг бакаст цавӕр уыдзӕн, цавӕр ирхӕфсӕнтӕ ӕвзардзӕн ӕмӕ йӕхи куыд дзӕбӕх кӕндзӕн, уый. Фӕлӕ къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ацы фарстаты тыххӕй не ’хсӕн иудзинад мауал уа (Ром. 14:4; 1 Кор. 1:10). Хуыцау нӕ ахуыр кӕны нӕ кӕрӕдзийы уарзын. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, нӕ зонд иннӕтӕн куы нӕ хъариккам, зӕгъгӕ, ӕз куыд хъуыды кӕнын, афтӕ ӕппӕты растдӕр у (Фил. 2:3).
14. Алы хатт дӕр цы хъуамӕ аразӕм ӕмӕ цӕмӕн?
14 Кӕрӕдзи куы фидар кӕнӕм ӕмӕ кӕрӕдзи ныфсыл ныфс куы ӕфтауӕм, уӕд не ’мбырды уыдзӕн иудзинад ӕмӕ фарн (1 Фес. 5:11). Ӕмбырдтӕм рагӕй чи нал цыди кӕнӕ ӕмбырдӕй кӕй фӕхицӕн кодтой, уыдонӕй бирӕтӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты. Ӕмӕ мах ууыл тынг цин кӕнӕм! (2 Кор. 2:8). 10 азы дӕргъы ӕмбырдтӕм чи нал цыд, иу ахӕм хо загъта: «Залмӕ куы бахызтӕн, уӕд мын алчидӕр мӕ къух райста ӕмӕ мыл иууылдӕр фӕцин кодтой» (Хъуыд. 3:19). Уый йыл куыд фӕзынд? Хо загъта: «Афтӕ мӕм каст, цыма мӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг ӕрбакодта, амондджын та кӕм уыдзынӕн, уырдӕм». Алкӕддӕр-иу куы архайӕм, цӕмӕй иннӕты ныфсыл ныфс бафтауӕм, уӕд-иу Йесо мах уылты бафидар кӕндзӕн, «фыдӕбон чи кӕны ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хӕссы», уыдоны (Матф. 11:28, 29).
15. Нӕ бон ма куыд у нӕ иудзинад хъахъхъӕнын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
15 Нӕ бон ма ноджыдӕр куыд у нӕ иудзинад хъахъхъӕнын? Ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ хъус дарӕм, цы дзурӕм, уымӕ. Иовы 12:11 стихы фыст ис: «Ӕвзаг хӕринаджы ад куыд ӕвзары, афтӕ ныхӕстӕ та хъус не ’взары?» Хорз хӕринаггӕнӕг цалынмӕ хӕринаг иннӕты раз ӕрӕвӕры, уӕдмӕ уал дзы йӕхӕдӕг фены. Раст афтӕ, мах дӕр-иу исты зӕгъыны размӕ хъуамӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕнӕм (Пс. 141:3). Мах фӕнды, цӕмӕй нӕ ныхӕстӕ иннӕтӕн удӕнцой хӕссой, фидар сӕ кӕной ӕмӕ сын пайда уой (Еф. 4:29).
Исты зӕгъыны размӕ уал-иу дзӕбӕх ахъуыды кӕн, цы зӕгъинаг дӕ, ууыл (кӕс 15 абзац)
16. Йӕ ныхӕстӕм уӕлдай лӕмбынӕг йӕ хъус чи хъуамӕ дара?
16 Лӕгтӕ ӕмӕ ныййарджытӕ уӕлдай тынгдӕр хъуамӕ архайой, цӕмӕй сӕ ныхӕстӕ иннӕты фидар кӕной (Кол. 3:19, 21; Тит. 2:4). Уый хауы хистӕр нӕлгоймӕгтӕм дӕр. Йегъовӕ сын сӕ бӕрны кӕй бакодта, уыцы фыстӕн хъуамӕ уой ныфсы хос (Ис. 32:1, 2; Гал. 6:1). Библийы дӕр дзӕгъӕлы нӕй фыст: «Куыд хорз у, йӕ афоныл кӕй зӕгъай, ахӕм ныхас!» (Ӕмб. 15:23).
УАРЗУТ «ХЪУЫДДАГӔЙ, СЫГЪДӔГЗӔРДӔЙӔ»
17. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хоты ӕмӕ ’фсымӕрты ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм?
17 Апостол Иоанн ныффыста: «Кӕрӕдзийы ӕрмӕст дзыхӕй, ныхӕстӕй ма уарзӕм, фӕлӕ хъуыддагӕй, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ» (1 Иоан. 3:18). Мах фӕнды хоты ӕмӕ ’фсымӕрты ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзын. Уый нын цӕй фӕрцы бантысдзӕн? Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ цас фылдӕр рӕстӕг ӕрвитӕм, уыйас сӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм ӕмӕ сӕ тынгдӕр уарздзыстӕм. Уӕдӕ-иу фадӕттӕ агурӕм, цӕмӕй-иу нӕ рӕстӕг иумӕ ӕрвитӕм, зӕгъӕм, ӕмбырды ӕмӕ уацамынды. Рӕстӕг-иу рахицӕн кӕнӕм, цӕмӕй-иу иннӕты бабӕрӕг кӕнӕм. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, Хуыцау нӕ йӕхӕдӕг кӕй ахуыр кӕны нӕ кӕрӕдзийы уарзын (1 Фес. 4:9). Ӕмӕ уӕд алкӕддӕр нӕхиуыл ӕнкъардзыстӕм, «уымӕй хуыздӕр, уымӕй ӕхсызгондӕр [кӕй] ницы ис, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы цӕрой!» (Пс. 133:1).
90 ЗАРӔГ Кӕрӕдзи фидар кӕнӕм