Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 апрель 8–13 фф.
  • Махӕн «хорз у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын»!

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Махӕн «хорз у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын»!
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ХУЫЦАУМӔ КУЫ ӔВВАХС КӔНӔМ, УӔД УЫДЗЫСТӔМ АМОНДДЖЫН
  • ХУЫЦАУМӔ КУЫ ӔВВАХС КӔНӔМ, УӔД ЦАРДӔЙ УЫДЗЫСТӔМ РАЙГОНД ӔМӔ НЫН ФИДӔНӔЙ УЫДЗӔН НЫФС
  • ЦЫ ХЪӔУЫ, ЦӔМӔЙ ДАРДДӔР ДӔР «ХУЫЦАУМӔ ӔВВАХС КӔНӔМ»?
  • НӔ БОН У ЙЕГЪОВӔМӔ ӔВВАХСДӔР КӔНЫН, КУЫ ФӔРӔДИЙӔМ, СУАНГ УӔД ДӔР
  • ӔНУСТӔМ ДӔР «ХУЫЦАУМӔ ӔВВАХС КӔНДЗЫСТӔМ»
  • Куыд хорз у хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм ӕввахс кӕнын!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Рох дӕ ма уӕд, Йегъовӕ «удӕгас Хуыцау» кӕй у
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Дызӕрдыг хъуыдытӕй куыд ис фервӕзӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Алцы кӕй нӕ зонӕм, уымӕ раст цӕстӕй кӕс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 апрель 8–13 фф.

15 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

30 ЗАРӔГ Мӕ Хуыцау, мӕ Фыд ӕмӕ мӕ Хӕлар

Махӕн «хорз у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын»!

«Мӕнӕн... хорз у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын» (ПС. 73:28).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Нӕ бон куыд у Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын ӕмӕ нын уый цы пайда у.

1, 2. а) Цы фӕхъӕуы аразын, цӕмӕй исчи не ’мбал суа? б) Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

ХОРЗ ӕмбал дын ис? Ӕмбӕлттӕ куыд систут? Ӕвӕццӕгӕн, уӕ рӕстӕг иумӕ ӕрвыстат. Ды базыдтай, царды цытӕ бавзӕрста, цы уарзы ӕмӕ цы нӕ уарзы, уый. Стӕй йын йӕ хорз миниуджытӕ дӕр куыннӕ бафиппайдтаис, ӕмӕ дӕ бафӕндыд уыцы миниуджытӕ фӕзмын. Афтӕмӕй уыцы адӕймаджы бауарзтай ӕмӕ систут ӕввахс ӕмбӕлттӕ.

2 Цӕмӕй дын исчи ӕввахс ӕмбал суа, уымӕн хъӕуы рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ. Мах дӕр хъӕуы рӕстӕг, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕввахс хӕлӕрттӕ суӕм. Стӕй ма уый тыххӕй фӕхъӕуы цыдӕр аразын дӕр. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон куыд у Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнын ӕмӕ нын уый цы пайда у, ууыл. Фыццаг уал ӕркӕсӕм, хорз цӕмӕн у нӕ хуыздӕр Хӕлар Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын.

3. Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕнын хорз цӕмӕн у, ууыл цӕмӕн фӕхъӕуы хъуыды кӕнын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

3 Цӕмӕн фӕхъӕуы хъуыды кӕнын, Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕнын хорз цӕмӕн у, ууыл? (Пс. 63:6–8). Ӕрхӕссӕм цӕвиттон. Адӕм зонынц, алы бон дӕр хӕрзхъӕд хӕринаг хӕрын, упражненитӕ кӕнын, фаг фынӕй кӕнын ӕмӕ дон фаг нуазын хорз кӕй у. Фӕлӕ бирӕтӕ уыдӕттӕм сӕ хъус нӕ дарынц, ӕмӕ уый се ’нӕниздзинадыл ӕвзӕрырдӕм фӕзыны. Фӕлӕ уыцы хъуыддӕгтыл арӕх чи фӕхъуыды кӕны, уый та сӕ аразгӕ дӕр фӕкӕны. Раст афтӕ, мах дӕр зонӕм, хорз кӕй у, цӕмӕй Йегъовӕ нӕ Хӕлар уа. Фӕлӕ, уый цы пайда у, ууыл лӕмбынӕг куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ ноджы тынгдӕр фӕфӕнды, цӕмӕй йӕм дарддӕр дӕр ӕввахсдӕр кӕнӕм (Пс. 119:27–30).

4. Псаломы 73:28 стихы псаломзарӕггӕнӕг цӕй кой кӕны?

4 Бакӕс Псалом 73:28. 73-ӕм псалом чи ныффыста, уый уыди левит ӕмӕ лӕггад кодта Йегъовӕйы кувӕндоны. Уыди музыкант. Ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй бирӕ азты дӕргъы лӕггад кодта. Фӕлӕ зыдта, кӕй хъуамӕ ма рох кӕна, Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын хорз цӕмӕн у. Ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй иннӕтӕ дӕр зыдтаиккой, Хуыцауы хӕлӕрттӕ уой, уый сын цы пайда уыдзӕн, уый. Хорз цӕмӕн у Йегъовӕйы хуыздӕр зонын ӕмӕ йӕм ноджы ӕввахсдӕр кӕнын?

ХУЫЦАУМӔ КУЫ ӔВВАХС КӔНӔМ, УӔД УЫДЗЫСТӔМ АМОНДДЖЫН

5. а) Хуыцаумӕ куы ӕввахсдӕр кӕнӕм, уӕд амондджын цӕмӕн уыдзыстӕм? б) Хуыцау цы зонд дӕтты, уый нын куыд ӕххуыс кӕны ӕмӕ нӕ куыд хъахъхъӕны? (Ӕмбисӕндтӕ 2:6–16).

5 Йегъовӕмӕ цас ӕввахсдӕр кӕнӕм, уыйас амондджындӕр уыдзыстӕм (Пс. 65:4). Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис? Зӕгъӕм, Библийы куы фӕкӕсӕм, цы нын дзуры, уый ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд йӕ зондӕй схайджын вӕййӕм. Уыцы зонд нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕхи ӕвзӕр зондахастӕй ӕмӕ стыр рӕдыдтытӕй бахизӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 2:6–16.) Библийы дӕр уый тыххӕй ис афтӕ фыст: «Амондджын у, зонд чи ссардта ӕмӕ арфуынӕг чи сси, уыцы адӕймаг» (Ӕмб. 3:13).

6. Псаломзарӕггӕнӕгӕн йӕ циндзинад цӕмӕн ӕрмынӕг?

6 Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ дӕр хатт ӕрӕнкъард вӕййынц. 73-ӕм псалом чи ныффыста, уымӕн иуафон йӕ циндзинад ӕрмынӕг. Цымӕ цӕмӕн? Уый хъуыды кӕнын райдыдта, зӕгъгӕ, ӕвзӕр адӕм Хуыцауы нӕ зонынц, йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ нӕ цӕрынц, фӕлӕ уӕддӕр цардӕй къӕртт ӕппарынц. Ӕгъатыр, сӕрбӕрзонд адӕмӕн, дам, ис, цы сӕ хъӕуы, уыдӕттӕ, сты ӕнӕниз ӕмӕ зындзинӕдтыл не ’мбӕлынц (Пс. 73:3–7, 12). Ахӕм хӕрам хъуыддӕгтӕм кӕсгӕйӕ йӕ ныфс асаст, ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ницы пайда у. Уый загъта: «Уӕдӕ ӕз мӕ зӕрдӕ дзӕгъӕлы сыгъдӕг кодтон, дзӕгъӕлы ӕхсадтон мӕ къухтӕ ӕнаххосдзинады» (Пс. 73:13).

7. Ӕнкъард куы вӕййӕм, уӕд нӕ бон цы вӕййы саразын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

7 Кӕд псаломзарӕггӕнӕг тынг ӕнкъард уыд, уӕддӕр йӕ зондахаст фӕивта. «Хуыцауы кадджын кувӕндонмӕ» бацыд, ӕмӕ йын уым Йегъовӕ йӕ зондахаст сраст кӕнынӕн баххуыс кодта (Пс. 73:17–19). Ӕнкъард куы вӕййӕм, уӕд нӕ бон вӕййы Йегъовӕмӕ кувын ӕмӕ дзы ӕххуыс курын, цӕмӕй зонӕм, куыд бакӕнӕм, уый. Ӕмӕ нын баххуыс кӕны йӕ Ныхасы фӕрцы, стӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фӕрцы. Ӕмӕ та нӕм тыхтӕ фӕзыны, цӕмӕй дарддӕр лӕггад кӕнӕм. Бирӕ зындзинӕдтӕ куы ӕвзарӕм ӕмӕ, куыд бакӕнӕм, уый куы нӕ зонӕм, уӕд нын Йегъовӕ нӕ зӕрдӕтӕ ’рсабыр кӕндзӕн (Пс. 94:19)a.

Левит лӕууы ӕрхуы нывондхӕссӕны ӕмӕ кувӕндонмӕ бахизӕны ’хсӕн.

73-ӕм псалом чи ныффыста, уыцы левит лӕууы «Хуыцауы кадджын кувӕндоны» (кӕс 7 абзац)


ХУЫЦАУМӔ КУЫ ӔВВАХС КӔНӔМ, УӔД ЦАРДӔЙ УЫДЗЫСТӔМ РАЙГОНД ӔМӔ НЫН ФИДӔНӔЙ УЫДЗӔН НЫФС

8. Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын ма ноджыдӕр хорз цӕмӕн у?

8 Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын ма ноджыдӕр хорз у дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы тыххӕй. Фыццаг: уый фӕрцы нӕ цардӕй стӕм райгонд. Дыккаг: фидӕнӕй нын ис фидар ныфс (Йер. 29:11). Ацы хъуыддӕгтыл бӕстондӕр аныхас кӕнӕм.

9. Йегъовӕмӕ кӕй ӕввахсдӕр кӕнӕм, уый фӕрцы нӕ цардӕй райгонд цӕмӕн стӕм?

9 Йегъовӕ не ’ввахс Хӕлар куы уа, уӕд нӕ цардӕй уыдзыстӕм райгонд. Абон бирӕтӕ дзурынц, Хуыцау кӕй нӕй. Уымӕ гӕсгӕ нӕ зонынц, цӕмӕн цӕрынц, уый ӕмӕ хъуыды кӕнынц, ӕппынфӕстаг зӕххыл цӕрӕг кӕй нал баззайдзӕн. Фӕлӕ мах Библи кӕй ахуыр кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зонӕм, «Хуыцау кӕй ис ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны» (Дзут. 11:6). Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ йын хъуамӕ лӕггад кӕнӕм. Ӕмӕ афтӕ кӕй кӕнӕм, уый фӕрцы абон дӕр амондджын стӕм (Дык. з. 10:12, 13).

10. Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, йӕ ныфс ыл чи дары, уыдонӕн? (Псалом 37:29).

10 Адӕмӕй бирӕтӕн фидӕнӕй ныфс нӕй. Уыдон фӕкусынц, бинонтӕ скӕнынц, цот рауадзынц ӕмӕ фӕархайынц, цӕмӕй, пенсийы куы рацӕуой, уӕд сӕ рӕбыны исты уа. Уыдон нӕ зонынц, Хуыцау зӕрдӕ цавӕр фидӕнӕй бавӕрдта, уый. Фӕлӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ та сӕ ныфс сӕ Хуыцауыл дарынц (Пс. 25:3–5; 1 Тим. 6:17). Мах зонӕм, зӕрдӕ нын цӕмӕй бавӕрдта, уый кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Бирӕ арфӕдзинӕдтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕлдайдӕр та йын дзӕнӕты ӕнустӕм кӕй лӕггад кӕндзыстӕм, уымӕ. (Бакӕс Псалом 37:29.)

11. Хуыцауы хӕлӕрттӕ кӕй стӕм, уый нын цы пайда у ӕмӕ Хуыцау та уымӕ цы цӕстӕй кӕсы?

11 Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын ма хорз цӕмӕн у? Зӕгъӕм, Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, нӕ тӕригъӕдтыл-иу куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд-иу нын сӕ кӕй ныххатыр кӕндзӕн (Ис. 1:18). Уымӕ гӕсгӕ нӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй хъуамӕ нӕхи ма хӕрӕм (Пс. 32:1–5). Йегъовӕмӕ куы ӕввахс кӕнӕм, уӕд ын йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм, ӕмӕ уый фӕрцы нӕхӕдӕг дӕр амондджындӕр уыдзыстӕм (Ӕмб. 23:15). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ кӕй стӕм, уый фӕрцы ма бирӕ ӕндӕр арфӕдзинӕдтӕй стӕм хайджын. Фӕлӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм?

ЦЫ ХЪӔУЫ, ЦӔМӔЙ ДАРДДӔР ДӔР «ХУЫЦАУМӔ ӔВВАХС КӔНӔМ»?

12. Цы сарӕзтай, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уыдаис?

12 Донаргъуыд райсыны размӕ дӕр бирӕ цыдӕртӕ сарӕзтай, цӕмӕй Хуыцауы хӕлар суыдаис. Йегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй рӕстдзинад базыдтай, дӕ раздӕры тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтай, уырнындзинад дӕм кӕй ис, уый хъуыддагӕй равдыстай ӕмӕ архайдтай алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕсыныл. Фӕлӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр уыцы хъуыддӕгтӕ аразай, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнай (Кол. 2:6).

13. Цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕнӕм?

13 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕнӕм? 1) Хъуамӕ алы бон дӕр Библи кӕсӕм ӕмӕ йӕ иртасӕм. Библи кӕсгӕйӕ нӕ нысан хъуамӕ ӕрмӕст уый ма уа, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонӕм. Хъуамӕ-иу бамбарӕм, Йегъовӕ алы хъуыддагмӕ дӕр цы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ махмӕ цӕмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый. Стӕй хъуамӕ цӕрӕм Библийы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ (Еф. 5:15–17). 2) Хъуамӕ-иу хъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ йӕ уарзондзинад куыд ӕвдисы, ууыл ӕмӕ афтӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. 3) Хъуамӕ дарддӕр дӕр не сӕфт уынӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕй ӕмӕ, уыцы хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдонӕй нӕхи хизӕм (Пс. 1:1; 101:3).

14. Нӕ бон куыд у алы бон дӕр Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын? (1 Коринфӕгтӕм 10:31). (Кӕс нывтӕм дӕр.)

14 Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 10:31. Ахсджиаг у, Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕмӕй барухс кӕндзыстӕм, ахӕм хъуыддӕгтӕ аразын. Хъусын кӕнынӕй ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуынӕй уӕлдай ма хъуамӕ алы бон дӕр хорз хъуыддӕгтӕ аразӕм. Зӕгъӕм, алкӕддӕр ӕнӕзӕрдӕхудтӕй куы фӕархайӕм ӕмӕ нӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн куы фӕхай кӕнӕм, уӕд Йегъовӕ фӕцин кӕны (2 Кор. 8:21; 9:7). Стӕй ма йӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ цардӕн тынг аргъ кӕнӕм. Фырхӕрд ӕмӕ фыднозт куы нӕ кӕнӕм ӕмӕ, не ’нӕниздзинадыл хуыздӕрырдӕм чи фӕзындзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕ куы аразӕм, уӕд царддӕттӕг Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Куы йӕ фӕуыны, цыдӕриддӕр аразӕм, уымӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕныныл кӕй архайӕм, уӕд нӕ ноджы тынгдӕр фӕуарзы (Лук. 16:10).

Цалдӕр нывы: Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. 1. Машинӕйыл цӕугӕйӕ ӕдасдзинады тыххӕй ма рох кӕнӕм. Светофоры сырх рухс ссыгъд ӕмӕ ӕфсымӕр йӕ машинӕ баурӕдта. 2. Не ’нӕниздзинадыл тыхсӕм. Ӕфсымӕр парчы тагъд-тагъд фӕцӕуы. 3. Пайда хӕринӕгтӕ хӕрӕм. Къуырф тӕбӕгъы алыхуызон пайда хӕринӕгтӕ. 4. Иннӕтӕн хай кӕнӕм, цы нӕм ис, уымӕй. Хо дидинджытӕ ӕмӕ хӕринаг ӕрбахаста, йӕ къух саст кӕмӕн у, уыцы ацӕргӕ хойӕн.

Машинӕйыл цӕугӕйӕ ӕдасдзинады тыххӕй куы нӕ рох кӕнӕм, не ’нӕниздзинадыл куы тыхсӕм, пайда хӕринӕгтӕ куы хӕрӕм ӕмӕ нӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн куы хай кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм (кӕс 14 абзац)


15. Иннӕтӕм цы зӕрдӕ хъуамӕ дарӕм?

15 Йегъовӕ хорздзинад алкӕмӕн дӕр аразы – чи йын лӕггад кӕны, уыдонӕн дӕр ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонӕн дӕр (Матф. 5:45). Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ мах дӕр фӕзмӕм. Зӕгъӕм, Титмӕ 3:2 стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй макӕй кой кӕнӕм, ма уӕм загъдгӕнаг, фӕлӕ уӕм ӕмбаргӕ ӕмӕ алкӕимӕ дӕр фӕлмӕн. Уымӕ гӕсгӕ, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонмӕ уӕлейӕ дӕлӕмӕ нӕ кӕсӕм (2 Тим. 2:23–25). Уӕдӕ иннӕтӕм алкӕддӕр хорз зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм.

НӔ БОН У ЙЕГЪОВӔМӔ ӔВВАХСДӔР КӔНЫН, КУЫ ФӔРӔДИЙӔМ, СУАНГ УӔД ДӔР

16. 73-ӕм псалом чи ныффыста, уымӕ цавӕр хъуыдытӕ фӕзынд?

16 Куы фӕрӕдийӕм, уӕд нӕм, гӕнӕн ис, афтӕ кӕса, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ раздӕрау нал уарзы. Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, 73-ӕм псалом чи ныффыста, уыцы адӕймаджы цӕвиттон. Уый загъта: «Мӕн та мӕ къах иннӕрдӕм фӕцӕйхаста, иу гыццыл ма, ӕмӕ мӕ къӕхтӕ фӕбырыдаиккой» (Пс. 73:2). Загъта ма, зӕгъгӕ, «мӕ зӕрдӕ уыд мастӕй дзаг» ӕмӕ, дам, Йегъовӕйы «цӕсты сдӕн ӕнӕмбаргӕ цӕрӕгойы хуызӕн» (Пс. 73:21, 22). Фӕлӕ цымӕ афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ йӕ рӕдыды тыххӕй нал уарзы ӕмӕ йын нӕ ныххатыр кӕндзӕн?

17. а) Псаломзарӕггӕнӕг тынг ныфссаст куы уыд, уӕд цы сарӕзта? б) Йӕ хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

17 Кӕд псаломзарӕггӕнӕгмӕ афтӕ каст, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ ныууагъта, уӕддӕр уыцы хъуыдытӕн уый бар нӕ радта, цӕмӕй йӕ зонды ныффидар уыдаиккой. Суанг тынг ныфссаст куы уыд, уӕд дӕр ӕй ӕмбӕрста, Хуыцаумӕ кӕй хъуамӕ ӕввахсдӕр кӕна. Уый Йегъовӕйӕн загъта: «Фӕлӕ ӕз ӕдзухдӕр демӕ дӕн, ды мын хӕцыс мӕ рахиз къухыл. Ды мӕ кӕндзынӕ дӕ уынаффӕйы фӕрцы, ӕмӕ мӕ уый фӕстӕ скадджын кӕндзынӕ» (Пс. 73:23, 24). Нӕ уырнындзинад куы ӕрлӕмӕгъ вӕййы кӕнӕ нӕ рӕдыдтыты тыххӕй нӕ ныфс куы асӕтты, уӕд-иу хъуамӕ Йегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй нӕ бафидар кӕна (Пс. 73:26; 94:18). Суанг стыр тӕригъӕд куы саразӕм, уӕддӕр нӕ бон уыдзӕн Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхын, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, «хатыр кӕнынмӕ» цӕттӕ кӕй у (Пс. 86:5). Тынг ныфссаст куы вӕййӕм, уӕлдайдӕр нӕ уӕд фӕхъӕуы нӕ Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнын (Пс. 103:13, 14).

Цалдӕр нывы: 1. Ӕфсымӕр сынтӕгыл ныфссастӕй бады. 2. Фӕстӕдӕр ӕмбырды йӕ мидбылты худы, чи йыл бацин кодта, уыцы лӕг ӕмӕ усмӕ.

Нӕ уырнындзинад куы ӕрлӕмӕгъ уа, уӕд хъуамӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм ӕмӕ нӕ лӕггадимӕ баст хъуыддӕгты фылдӕр архайӕм (кӕс 17 абзац)


ӔНУСТӔМ ДӔР «ХУЫЦАУМӔ ӔВВАХС КӔНДЗЫСТӔМ»

18. Нӕ бон цӕмӕн у Йегъовӕмӕ ӕнустӕм дӕр ӕввахс кӕнын?

18 Нӕ бон уыдзӕн Йегъовӕмӕ ӕнустӕм дӕр ӕввахс кӕнын. Йегъовӕйы тыххӕй-иу алкӕддӕр ног цыдӕртӕ базондзыстӕм. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй йӕ зонд ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтӕ «ӕнӕкӕрон сты» (Ром. 11:33).

19. Псаломты чиныгӕй фидӕны тыххӕй цы ис базонӕн?

19 Псаломы 79:13 стихы фыст ис: «Мах та, дӕ адӕм ӕмӕ, кӕй хизыс, уыцы фыстӕ, мах дын арфӕ кӕндзыстӕм ӕнустӕм, дӕ кады тыххӕй дзурдзыстӕм фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ». Йегъовӕмӕ дарддӕр дӕр куы ӕввахсдӕр кӕнай, уӕд ӕнустӕм хайджын уыдзынӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй. Ӕмӕ дӕ бон уыдзӕн фидарӕй зӕгъын: «Хуыцау у мӕ зӕрдӕйы къӕдзӕх ӕмӕ мӕ хай ӕнустӕм» (Пс. 73:26, фип.).

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Цӕмӕн фӕхъӕуы хъуыды кӕнын, Хуыцаумӕ кӕй ӕввахс кӕнӕм, уый нын цы пайда у, ууыл?

  • Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын хорз цӕмӕн у?

  • Нӕ бон куыд у дарддӕр дӕр Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнын?

32 ЗАРӔГ Йегъовӕйы фарс слӕуу!

a Адӕймагӕн бирӕ рӕстӕг тыхст хъуыдытӕ ӕнцой куы нӕ дӕттой ӕмӕ куы ӕнкъард кӕна, уӕд ӕй, чи зоны, хъӕуа дохтырты ӕххуыс. Фылдӕр базоныны тыххӕй кӕс 2023 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», № 1.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын