Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w16 октябрь 3–7 фф.
  • Алкӕддӕр иннӕты хорз миниуджытӕ фӕзмыдтон

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Алкӕддӕр иннӕты хорз миниуджытӕ фӕзмыдтон
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • СӔ УЫРНЫНДЗИНАДӔЙ УЫДЫСТЫ ФӔЗМИНАГ
  • ӔНДӔР РАНМӔ ТА АЛЫГЪДЫСТӔМ ЦӔРЫНМӔ
  • ФӔХУЫДТОЙ НӔ ГАЛААДМӔ
  • НОГ ХӔСТӔ
  • НӔ ЦАРДЫ ЦЫДӔРТӔ ФӔИВТА
  • НОГ КАД ТА НӔМ ӔРХАУД
  • Йегъовӕйы бауагътон, цӕмӕй мын фӕндаг амыдтаид
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
  • Цӕрӕнбонты ахуыр кӕнын
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Ӕвдай азы дӕргъы хӕцын «дзуттаг лӕджы фӕдджийыл»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Йегъовӕ цы ахуырад дӕтты, уый мын хӕссы циндзинад
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
w16 октябрь 3–7 фф.

БИОГРАФИ

Алкӕддӕр иннӕты хорз миниуджытӕ фӕзмыдтон

Радзырдта йӕ Томас Маклейн

«Цал азы мыл цӕуы, уый зоныс?» – бафарстон ӕй ӕз. «Зонын, зонын»,– загъта мын Исак Марей, Паттерсонӕй мӕм Колорадомӕ телефонӕй чи ӕрбадзырдта, уыцы ӕфсымӕр. Мӕ ныхас уымӕй цӕмӕн райдыдтон, уый уын ныртӕккӕ бамбарын кӕндзынӕн.

Томас ӕмӕ Бетел Маклейн

ӔЗ РАЙГУЫРДТӔН 1936 азы 10 декабры Уичитойы (штат Канзас, АИШ) ӕмӕ уыдтӕн цыппар сывӕллонӕй се ’ппӕты хистӕр. Мӕ ныййарджытӕ Уильям ӕмӕ Джин уыдысты Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ. Мӕ фыд уыди къорды лӕггадгӕнӕг – раздӕр афтӕ хуыдтой, ӕмбырдӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы ӕфсымӕры. Мӕ мад рӕстдзинад базыдта йӕ мадӕй, Эммӕ Вагнерӕй. Эммӕйӕ рӕстдзинад бирӕтӕ базыдтой, се ’хсӕн уыди Гертруд Стил дӕр. Гертруд бирӕ азты фӕлӕггад кодта миссионерӕй Пуэрто-Рикойыa. Уӕдӕ мӕ царды уыди, мӕ бон бафӕзмын кӕй уыди, бирӕ ахӕм адӕймӕгтӕ.

СӔ УЫРНЫНДЗИНАДӔЙ УЫДЫСТЫ ФӔЗМИНАГ

Томас Маклейны фыд уынджы тигъыл журналтӕ уары

Мӕ фыд уынджы журналтӕ уары

Фондз азы мыл куы цыди, уӕд иу сабатбон изӕрӕй мӕ фыдимӕ уынджы уӕрстам журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Удӕнцой» (абон у «Райхъал ут!»). Уыцы рӕстӕг Дыккаг дунеон хӕст уыд йӕ тӕккӕ райдианы. Гъемӕ нӕм иу расыг дохтыр ӕрбацыд ӕмӕ мӕ фыды хъӕры бын фӕкодта, ды цӕй лӕг дӕ, дӕ къухмӕ хӕцӕнгарз цӕуылнӕ исыс ӕмӕ цы рамбӕхс-бамбӕхс кӕныс, зӕгъгӕ. Ныууырдыг ӕм ис: «Кӕд лӕг дӕ, уӕд мӕ ныццӕв!» Ӕз тынг фӕтарстӕн, мӕ фыд та ӕндӕрхуызон дӕр нӕ фӕци,– нӕ алыварс цы адӕм ӕрӕмбырд, уыдонӕн журналтӕ дарддӕр уӕрста. Уӕдмӕ нӕ разы февзӕрд иу салдат, ӕмӕ йын уыцы дохтыр афтӕ бакодта: «Ацы ницӕйаг лӕгӕн исты бакӕн!» Салдат ӕй бамбӕрста, дохтыр расыг кӕй уыд, ӕмӕ йын загъта: «Дӕ хӕдзармӕ ацу ӕмӕ бафынӕй кӕн!» Ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр сӕ фӕндагыл ацыдысты. Арӕх ӕй ӕрхъуыды кӕнын, Йегъовӕ уӕд мӕ фыдӕн цы хъӕбатырдзинад радта. Мӕ фыдӕн уыцы рӕстӕг Уичитойы уыди дыууӕ сӕрӕлвынӕны, ӕмӕ-иу уыцы дохтыр дӕр уырдӕм цыди йӕ сӕр ӕлвынынмӕ.

Томас Маклейн йӕ ныййарджытимӕ 1940-ӕм азты

Мӕ ныййарджытимӕ цӕуӕм конгресмӕ Уичитомӕ, 1940-ӕм азтӕ

Аст азы мыл куы цыди, уӕд мӕ ныййарджытӕ нӕ хӕдзар ӕмӕ сӕрӕлвынӕнтӕ ауӕй кодтой, сарӕзтой гыццыл хӕдзар-фургон, ӕмӕ араст стӕм Колорадомӕ, уымӕн ӕмӕ дзы хъуыди стыр ӕххуыс. Ӕрбынат кодтам Гранд-Джанкшены раз. Уым мӕ ныййарджытӕ лӕггад кодтой пионертӕй, ӕрдӕг бон та-иу куыстой быдыры кӕнӕ фермӕйы. Йегъовӕйы фӕрцы ӕмӕ, зӕрдиагӕй кӕй лӕггад кодтой, уый фӕрцы уыцы ран фӕзынд ӕмбырд. 1948 азы 20 июны мӕ фыд уыцы ран хӕххон цӕугӕдоны донаргъуыд радта мӕнӕн ӕмӕ ма ноджыдӕр рӕстдзинад чи базыдта, уыдонӕн дӕр. Се ’хсӕн уыдысты Билли Николс ӕмӕ йӕ бинойнаг. Фӕстӕдӕр Билли райдыдта районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын. Йӕ фырт ӕмӕ йӕ чындз дӕр афтӕ.

Хорз рӕстӕг ӕрвыстам, сӕ хъарутӕ Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн чи не ’вгъау кодта, бирӕ ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ. Уӕлдайдӕр та Стилты бинонтимӕ – Дон ӕмӕ Эрленимӕ, Дейв ӕмӕ Джулиимӕ, Си ӕмӕ Мартӕимӕ. Уыдон мын мӕ цардыл тынг бандӕвтой. Уыдоны фӕрцы бамбӕрстон, адӕймаг Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты куы ’вӕра, уӕд амондджын ӕмӕ фӕрнӕйдзаг кӕй уыдзӕн.

ӔНДӔР РАНМӔ ТА АЛЫГЪДЫСТӔМ ЦӔРЫНМӔ

19 азы мыл куы цыди, уӕд мӕ нӕ хорз ӕмбал Бад Хести бафарста, зӕгъгӕ дӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй иумӕ пионертӕй лӕггад кӕнӕм Иугонд Штатты хуссар хайы. Районон цӕстдарӕг нын загъта, цӕмӕй ацӕуӕм Растонмӕ (штат Луизианӕ), уымӕн ӕмӕ дзы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ ӕрлӕмӕгъ сты. Уым ссардтам хорз бынат ӕмбырдтӕ уадзынӕн. Ӕмӕ не ’мбырдтӕ уым уадзын райдыдтам, фӕлӕ-иу хаттӕй-хатт ӕмбырды уыдыстӕм ӕрмӕстдӕр нӕ дыууӕ. Ӕмбырды программӕ-иу уагътам радгай – иу сценӕйыл лӕууыд, иннӕ та-иу фарстатӕн дзуапп лӕвӕрдта. Равдыст-иу куы уыди, уӕд та-иу залы ӕппындӕр ничи уыд. Цасдӕры фӕстӕ ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдта иу ацӕргӕ хо. Стӕй ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтой, Библи кӕимӕ ахуыр кодтам, уыдон ӕмӕ, чи ’рлӕмӕгъ, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Ӕмӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ нын диссаджы ӕмбырд рауад.

Иу бон Бадимӕ фембӕлдыстӕм Чырыстийы аргъуанӕй иу кӕуылдӕр. Уый немӕ ныхас кодта, цы стихтӕ нӕ зыдтон, уыдоныл. Ахӕм худинаг мӕм ӕркаст, ӕмӕ мӕхицӕн загътон, цӕуыл ӕууӕндын, ууыл лӕмбынӕгдӕр кӕй райдайдзынӕн хъуыды кӕнын. Ӕнӕхъӕн къуыри ӕмбисӕхсӕвтӕм фӕбадтӕн, цӕмӕй уыцы адӕймаджы фарстатӕн дзуапп ссардтаин. Уый фӕрцы рӕстдзинад ноджы хуыздӕр ӕмбарын райдыдтон, ӕмӕ гӕппӕввонгӕй лӕууыдтӕн, уыцы аргъуанӕй ӕндӕр искӕуыл куы фембӕлин, зӕгъгӕ.

Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мын районон цӕстдарӕг загъта, цӕмӕй ацыдаин Эль-Дорадомӕ (штат Арканзас), ӕмӕ уым ӕмбырды баххуыс кодтаин. Уырдыгӕй-иу мӕ арӕх цӕуын хъуыди Колорадомӕ военкоматмӕ. Иу ахӕм балцы иннӕ пионертимӕ куы уыдтӕн, уӕд Техасы аварийы бахаудыстӕм, ӕмӕ мӕ машинӕ ныппырх ис. Иу ӕфсымӕрмӕ телефонӕй бадзырдтам, ӕмӕ нӕ уый сӕхимӕ акодта. Уырдыгӕй та ӕмбырдмӕ ацыдыстӕм. Ӕмбырды нын нӕ хабары тыххӕй фехъусын кодтой, ӕмӕ нын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕхца ӕрӕмбырд кодтой. Уыцы ӕфсымӕр мын мӕ машинӕ 25 доллӕрӕй ауӕй кодта.

Уый фӕрцы нӕ бон баци Уичитомӕ ацӕуын. Уым пионерӕй лӕггад кодта нӕ хорз зонгӕ, ӕфсымӕр Маккартни. Мах ӕй хуыдтам Док. Йӕ дыууӕ фаззон лӕппуйы Фрэнк ӕмӕ Фрэнсис дӕр мӕ хорз ӕмбӕлттӕ уыдысты. Иу зӕронд машинӕ сӕм уыди, ӕмӕ, мӕхион цасӕй ауӕй кодтон, раст мын ӕй уыцы аргъӕй рауӕй кодтой – 25 доллӕрӕй. Уӕд фыццаг хатт мӕхиуыл бавзӕрстон, Йегъовӕ адӕймагыл куыд батыхсы, уый, уымӕн ӕмӕ Паддзахады хъуыддаг сӕвӕрдтон фыццаг бынаты. Док мӕ базонгӕ кодта иу дзӕбӕх хоимӕ, Бетел Крейнимӕ. Йӕ мад Руф Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта Веллингтоны (штат Канзас), ӕмӕ пионерӕй фӕлӕггад кодта, 90 азы йыл куы сӕххӕст, суанг уӕдмӕ. Бетелимӕ куы базонгӕ стӕм, уымӕй иу аз дӕр нӕ рацыд, афтӕ, 1958 азы, нӕ цард баиу кодтам. Ӕмӕ уый дӕр мемӕ Эль-Дорадойы пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта.

ФӔХУЫДТОЙ НӔ ГАЛААДМӔ

Мах фӕндыд зынгзӕрдӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фӕзмын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕхицӕн загътам, зӕгъгӕ нӕ Йегъовӕйы организаци кӕдӕмфӕнды ма арвита, уырдӕм ацӕудзыстӕм. Арвыстой нӕ сӕрмагонд пионертӕй Валнут-Риджмӕ (штат Арканзас). 1962 азы та нӕ фӕхуыдтой Галаады скъолайы 37-ӕм къласмӕ, ӕмӕ нӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыди. Тынг бацин кодтам, Дон Стилы дӕр уыцы къласмӕ кӕй фӕхуыдтой, ууыл. Ахуыры фӕстӕ нӕ Бетелимӕ снысан кодтой Кенимӕ, горӕт Найробимӕ. Нью-Йоркӕй куы цыдыстӕм, уӕд нӕ кӕуындзӕг нӕ хъуыры ныббадт, фӕлӕ Найробийы аэропорты ӕфсымӕрты куы федтам, уӕд нӕ цӕссыг цинмӕ раивта!

Томас ӕмӕ Бетел Маклейн Мэри ӕмӕ Крис Канайяимӕ Найробийы (Кени)

Лӕггад кӕнӕм Найробийы Мэри ӕмӕ Крис Канайяимӕ

Кени уайтагъддӕр бауарзтам. Уым хъусын кӕнын нӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди. Ӕппӕты фыццаг Библи ахуыр кӕнын райдыдтам Крис ӕмӕ Мэри Канайяимӕ, ӕмӕ сӕ нӕ зӕрдӕ тынг рухс кодта. Абон дӕр ма ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынц Кенийы. Иу азы фӕстӕ нӕ арвыстой Угандӕмӕ горӕт Кампалӕмӕ, ӕмӕ дзы уыдыстӕм фыццаг миссионертӕ. Уыцы рӕстӕг арӕх ӕрымысӕм, уымӕн ӕмӕ дзы рӕстдзинад бирӕтӕ базыдтой ӕмӕ абон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц. Фӕлӕ Африкӕйы ӕртӕ азы ӕмӕ ’рдӕг куы фӕлӕггад кодтам, уӕд фӕстӕмӕ Иугонд Штаттӕм аздӕхтыстӕм, уымӕн ӕмӕ мӕ бинойнаг йӕхи бар нӕ уыд. Куы цыдыстӕм, уӕд та нӕ хъуыры кӕуындзӕг ныббадт – куыд разынд, афтӕмӕй нын Африкӕмӕ ӕрцӕуынӕй зындӕр уыди уырдыгӕй ацӕуын. Африкӕйы адӕмы тынг бауарзтам ӕмӕ нӕ фӕндыди искуы фӕстӕмӕ ӕрыздӕхын.

НОГ ХӔСТӔ

Ӕрбынӕттон стӕм Колорадойы, мӕ ныййарджытӕ кӕм цардысты, уым. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ царды рухс федта нӕ хистӕр чызг Кимберли. Афӕдз ӕмӕ фондз мӕйы фӕстӕ та райгуырди нӕ кӕстӕр чызг Стефани. Бетелимӕ нӕ удӕй бацыдыстӕм, цӕмӕй хорз ныййарджытӕ суыдаиккам ӕмӕ архайдтам, цӕмӕй сын рӕстдзинад бауарзын кодтаиккам. Тынг нӕ фӕндыди уыцы хъуыддаджы нӕ диссаджы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фӕзмын. Ӕмбӕрстам ӕй, куыдфӕнды сын ма уыдаиккам фӕзминаг, уӕддӕр никӕй бон уыди зӕгъын, ӕмӕ Йегъовӕйы фӕндагыл баззайдзысты. Хъыгагӕн, мӕ кӕстӕр ӕфсымӕр ӕмӕ мӕ хо кӕддӕр рӕстдзинад ныууагътой. Фӕлӕ мӕ ныфс ис, фӕстӕмӕ рӕстдзинады фӕндагыл кӕй слӕудзысты.

Бирӕ уарзтам нӕ чызджытимӕ нӕ рӕстӕг ӕрвитын ӕмӕ семӕ истытӕ аразын. Аспенмӕ (штат Колорадо) хӕстӕг кӕй цардыстӕм, уымӕ гӕсгӕ-иу арӕх иумӕ ацыдыстӕм лыжӕтыл бырынмӕ. Фӕндагыл-иу семӕ бирӕ цӕуылдӕрты ныхас кодтам. Хатт-иу ӕхсӕв ӕрдзы хъӕбысы баззадыстӕм ӕмӕ-иу арты фарсмӕ дзӕбӕх фӕныхӕстӕ кодтам. Нӕ чызджытӕ нырма хӕрзӕрыгон уыдысты, фӕлӕ-иу нӕ уӕддӕр фарстой, зӕгъгӕ, куы сыстыр уӕм, уӕд цы куыстыл ныххӕцӕм кӕнӕ нӕхицӕн цавӕр лӕппуты равзарӕм. Мах тынг архайдтам, цӕмӕй рӕстдзинад зӕрдӕйӕ бауарзтаиккой. Разӕнгард сӕ кодтам, цӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдыдтаиккой ӕмӕ смой кодтаиккой, уыдоны хуызӕн нысӕнттӕ кӕмӕн уыди, ахӕм ӕфсымӕртӕм. Ӕмбарын сын кодтам, цӕмӕй чындзы ацӕуыныл ма фӕтагъд кӕной ӕмӕ сын ӕдзух дзырдтам, зӕгъгӕ, ӕппынкъаддӕр 23 азмӕ ма смой кӕнут.

Мӕ ныййарджытау мах дӕр тынг архайдтам, цӕмӕй хӕдзарыдзагӕй ӕмбырдтӕм цыдаиккам ӕмӕ хъусын кодтаиккам. Нӕхимӕ-иу фӕхуыдтам, ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кодта, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты, ӕмӕ-иу нӕм ӕхсӕв дӕр баззадысты. Арӕх-иу ӕрымысыдыстӕм, миссионертӕй куы лӕггад кодтам, уыцы рӕстӕг. Ныфс нӕ уыди, иубон нӕ цыппар дӕр фӕстӕмӕ Африкӕмӕ кӕй аздӕхдзыстӕм. Нӕ чызджыты дӕр тынг фӕндыди.

Алы къуыри дӕр нын уыди бинонты ахуыр, ӕмӕ-иу ахуыры рӕстӕг ныхас кодтам, скъолайы цы уавӕртӕ фӕзыны, ууыл. Хъуамӕ-иу афӕлвӕрдтаиккой, скъолайы цавӕрдӕр фарстатӕн дзуапп куыд дӕтдзысты, уый. Чызджытӕн уый сӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди, ӕмӕ уый фӕрцы ныфсджындӕр кодтой. Куы фестырдӕр сты, уӕд-иу хатт бинонты ахуыры тыххӕй схъуыр-хъуыр кодтой. Иухатт афтӕ стыхстӕн, ӕмӕ сын загътон, уӕ къомнӕттӕм ацӕут, бинонты ахуыр нын нӕ уыдзӕн, зӕгъгӕ. Чызджытӕ фӕкуыддӕр сты ӕмӕ кӕуын райдыдтой, ӕмӕ загътой, кӕй сӕ фӕнды, цӕмӕй нын бинонты ахуыр уа. Ӕмӕ йӕ уӕд бамбӕрстам, рӕстдзинад сын кӕй бауарзын кодтам. Бинонты ахуыр ноджы тынгдӕр бауарзтой ӕмӕ-иу алкӕддӕр се ’нкъарӕнты тыххӕй ӕргом дзырдтой. Зын нын уыди, куы-иу загътой, рӕстдзинадӕй цыдӕр хабӕрттӕ сӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы. Фӕлӕ-иу уый фӕрцы базыдтам, сӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый. Ӕмӕ-иу семӕ ныхас кодтам, цӕмӕй-иу Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ хуыздӕр бамбӕрстаиккой.

НӔ ЦАРДЫ ЦЫДӔРТӔ ФӔИВТА

Нӕ чызджытӕ куыд астыр сты, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодтам. Хуыцау ӕмӕ йӕ организацийы фӕрцы нын бантыст, цӕмӕй Йегъовӕйы бауарзой. Скъола куы фесты, уӕд дзы алчидӕр цыдӕр куыстыл сахуыр, цӕмӕй сӕхи дарынхъом уыдаиккой, ӕмӕ райдыдтой пионертӕй лӕггад кӕнын. Мах ууыл тынг фӕцин кодтам. Дыууӕ хоимӕ лӕггад кӕнынмӕ ацыдысты Кливлендмӕ (штат Теннесси), уымӕн ӕмӕ дзы хъуыди ӕххуыс. Тынг сӕ мысыдыстӕм, фӕлӕ цин кодтам, сӕ цард ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынӕн кӕй снывонд кодтой, ууыл. Мах дӕр та Бетелимӕ ногӕй райдыдтам пионертӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ та нын алыхуызон кадджын хӕстӕ фӕзынд. Ӕз уыдтӕн районон цӕстдарӕджы хӕдивӕг, стӕй ма конгресстӕ цӕттӕ кӕнынӕн дӕр ӕххуыс кодтон.

Нӕ чызджытӕ Теннессимӕ ацӕуыны размӕ уыдысты Лондоны Вефилы. Стефани дзы базонгӕ ис иу ӕрыгон ӕфсымӕримӕ, Пол Нортонимӕ, уӕд ыл цыди 19 азы. Дыккаг хатт дзы куы уыдысты, уӕд Кимберли та базонгӕ ис, Пол кӕимӕ куыста, уыцы ӕфсымӕримӕ, Брайан Ллевеллинимӕ. Пол ӕмӕ Стефани сӕ цард баиу кодтой, Стефанийыл 23 азы куы сӕххӕст, уый фӕстӕ. Брайан ӕмӕ Кимберли та сӕ цард баиу кодтой, Кимберлийыл 25 куы цыди, уӕд. Уӕдӕ дзы 23 азмӕ иу дӕр не смой кодта. Ахӕм ӕфсымӕрты кӕй равзӕрстой, уый нын уыд тынг ӕхсызгон.

Томас ӕмӕ Бетел Маклейн сӕ дыууӕ чызгимӕ ӕмӕ сӕ сиӕхстимӕ

Пол, Стефани, Кимберли ӕмӕ Брайанимӕ Малавийы филиалы, 2002 аз

Нӕ чызджытӕ нын загътой, махӕй ӕмӕ нӕ ныййарджытӕй цӕуыл сахуыр сты, уый фӕрцы сӕ бон кӕй сси Йесойы фӕдзӕхстмӕ хъусын, «фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад», зӕгъгӕ, суанг-иу ӕхцайӕ куы фӕтыхстысты, уӕд дӕр (Матф. 6:33). 1998 азы апрелы Пол ӕмӕ Стефанийы фӕхуыдтой Галаадмӕ, 105-ӕм къласмӕ. Ахуыры фӕстӕ сӕ арвыстой Африкӕмӕ, Малавимӕ. Уыцы рӕстӕг та Брайан ӕмӕ Кимберлийы фӕхуыдтой Лондоны Вефилмӕ. Уый фӕстӕ та сӕ арвыстой Малавийы Вефилмӕ. Мах ууыл тынг фӕцин кодтам, уымӕн ӕмӕ, ӕрыгонӕй ахӕм фӕндаг равзарай, уымӕй хуыздӕр цы хъуамӕ уа!

НОГ КАД ТА НӔМ ӔРХАУД

Райдианы куыд загътон, афтӕ мӕм 2001 азы январы телефонӕй ӕрбадзырдта ӕфсымӕр Марей, тӕлмацгӕнджытӕн ӕххуысгӕнӕг хайады цӕстдарӕг. Ӕмӕ мын загъта, ӕфсымӕрты кӕй фӕнды ӕгас дунейы дӕр тӕлмацгӕнджытӕн скӕнын англисаг ӕвзаг хуыздӕр ӕмбарыны курсытӕ, ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй ахуыр рацыдаин ӕмӕ ӕз дӕр уыцы курсытӕ уагътаин. Уӕд мыл цыди 64 азы. Бетелимӕ бирӕ фӕкуывтам ӕмӕ стӕй ууыл аныхас кодтам нӕ мадӕлтимӕ дӕр. Зӕрӕдтӕ уыдысты, ӕмӕ куы ацыдаиккам, уӕд ӕнӕ фӕкӕсӕгӕй баззадаиккой, фӕлӕ сӕ уӕддӕр фӕндыд, цӕмӕй ацыдаиккам. Ӕз уыцы ӕфсымӕрмӕ фӕдзырдтон ӕмӕ йын загътон, цӕттӕ кӕй стӕм уыцы хӕс нӕхимӕ райсынмӕ.

Уӕдмӕ мӕ мадмӕ ссардтой рак. Ӕз ын загътон, хӕдзары кӕй баззайдзыстӕм ӕмӕ йӕм мӕ хо Линдӕимӕ кӕй кӕсдзыстӕм. Мӕ мад мын афтӕ бакодта: «Куы нӕ ацӕуат, уӕд мын ноджы зындӕр уыдзӕн». Линдӕ дӕр афтӕ хъуыды кодта. Мах сӕ тынг фӕбузныг стӕм, ахӕм уавӕры дӕр сӕхиуыл кӕй нӕ хъуыды кодтой, уый тыххӕй. Стӕй бузныг уыдыстӕм ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй, сӕ фарсмӕ кӕй ӕрбалӕууыдысты, уый тыххӕй. Паттерсонмӕ куы ныццыдыстӕм, уӕд нын дыккаг бон фӕхабар кодтой, мӕ мад кӕй фӕзиан. Мӕ мады фӕндонмӕ гӕсгӕ нӕ хъарутӕ иууылдӕр уыцы куыстмӕ сарӕзтам.

Тынг бацин кодтам, ахуыры фӕстӕ нӕ фыццаг Малавийы филиалмӕ кӕй арвыстой, ууыл, уымӕн ӕмӕ уым лӕггад кодтой мӕ чызджытӕ сӕ цардӕмбӕлттимӕ. Дӕ хъӕбултӕ дӕ фарсмӕ уой, уымӕй хуыздӕр цы хъуамӕ уа! Уый фӕстӕ ацыдыстӕм курсытӕ уадзынмӕ Зимбабвемӕ, уырдыгӕй та – Замбимӕ. Ӕртӕ азы ӕмӕ ’рдӕджы фӕстӕ нын загътой, цӕмӕй Малавимӕ ацыдаиккам ӕмӕ ныффыстаиккам, уыцы бӕстӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ дины тыххӕй цы ’фхӕрд баййӕфтой, уыцы хабӕртты тыххӕйb.

Томас ӕмӕ Бетел Маклейн уацамынды сӕ чызджы чызджытимӕ

Уацамынды нӕ чызджы чызджытимӕ

2005 азы нӕ Африкӕйӕ цӕуын бахъуыд, ӕмӕ та нӕ кӕуындзӕг нӕ хъуыры ныббадт. Ӕрцыдыстӕм нӕхимӕ Басолтмӕ (штат Колорадо), ӕмӕ уым Бетелимӕ райдыдтам пионертӕй лӕггад кӕнын. 2006 азы Брайан ӕмӕ Кимберли ӕрцардысты нӕ фарсмӕ, ӕмӕ хъомыл кодтой сӕ дыууӕ чызджы, Маккензи ӕмӕ Элизабеты. Пол ӕмӕ Стефани нырмӕ дӕр сты Малавийы. Пол лӕггад кӕны филиалы комитеты. Ныр мыл цӕуы 80 азы бӕрц, ӕмӕ тынг цин кӕнын, бирӕ азты цы ӕрыгон ӕфсымӕртимӕ лӕггад кодтон, уыдон сӕхимӕ кӕй райстой, ӕз цы куыст кодтон, уый. Цӕрӕнбонты архайдтам иннӕты хорз миниуджытӕ фӕзмыныл, цӕмӕй нӕхӕдӕг дӕр нӕ цотӕн ӕмӕ нӕ цоты цотӕн фӕзминаг уыдаиккам. Ӕмӕ нын уый хӕссы стыр циндзинад.

a Кӕс 1956 азы 1 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 269–272 фӕрстӕ (англ.), ӕмӕ 1971 азы 15 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 186–190 фӕрстӕ (англ.). Уым фылдӕр базонӕн ис, Стилты бинонтӕй миссионертӕй чи лӕггад кодта, уыдоны тыххӕй.

b Уый тыххӕй ма бакӕсӕн ис 2015 азы 15 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 14–18 фӕрстӕ. Ис дзы ӕфсымӕр Трофим Нсомбайы царды хабӕрттӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын