Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp17 № 5 5 ф.
  • Чи дӕ хъахъхъӕны, ахӕм зӕд дын ис?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Чи дӕ хъахъхъӕны, ахӕм зӕд дын ис?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Зӕдтӕ – адӕмӕн ӕххуысмӕ ӕрвыст тыхтӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Зӕдтӕн сӕ бон куыд у махӕн ӕххуыс кӕнын?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
  • Хуыцауы зӕдтӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Зӕдтӕ. Адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
wp17 № 5 5 ф.

СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИ ЗӔДТЫ ТЫХХӔЙ ЦЫ ДЗУРЫ?

Чи дӕ хъахъхъӕны, ахӕм зӕд дын ис?

Библийы афтӕ фыст нӕй, алы адӕймагӕн дӕр кӕй ис, чи йӕ хъахъхъӕны, ахӕм зӕд. Иухатт Чырысти загъта: «Уӕхимӕ кӕсут, ацы гыццылтӕй иуыл дӕр [Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтыл] былысчъил куыд нӕ кӕнат, уымӕн ӕмӕ уын зӕгъын: уыдонӕн уӕлӕрвты сӕ зӕдтӕ ӕппынӕдзухдӕр уынынц мӕ уӕларвон Фыды цӕсгом» (Матфейы 18:10). Фӕлӕ Чырыстийы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ алы адӕймагӕн дӕр ис, чи йӕ хъахъхъӕны, ахӕм зӕд. Уый дзырдта, зӕдтӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй алкӕмӕ дӕр сӕ хъус кӕй дарынц, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕнӕзонд митӕ нӕ кӕнынц ӕмӕ сӕ цард тӕссаг уавӕры не ’ппарынц, зӕгъгӕ нӕ Хуыцауы зӕдтӕ цыфӕндыйӕ дӕр бахъахъхъӕндзысты.

Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ зӕдтӕ адӕмӕн не ’ххуыс кӕнынц? Нӕ (Псалом 91:11). Иуӕй-иуты фидарӕй уырны, Хуыцау сӕ йӕ зӕдты уылты кӕй хъахъхъӕны ӕмӕ сын разамынд кӕй дӕтты. Фыццаг статьяйы кӕй кой кодтам, уыцы Кеннет дӕр афтӕ хъуыды кӕны ӕмӕ, чи зоны, раст у. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ арӕх бамбарынц, уацамынды сын зӕдтӕ кӕй ӕххуыс кӕнынц. Фӕлӕ зӕдтӕ ӕнӕуынгӕ кӕй сты, уый тыххӕй нӕ бон бӕлвырд зӕгъын нӕу, Хуыцау сӕ кӕд фӕпайда кӕны, цӕмӕй-иу адӕмӕн алыхуызон хъуыддӕгты баххуыс кӕна. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр хорз уыдзӕн, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн бузныг куы дзурӕм, цавӕрфӕнды хуызы нын ма ӕххуыс кӕна, уӕддӕр (Колоссӕгтӕм 3:15; Иаковы 1:17, 18).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын