Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp17 № 5 4–5 фф.
  • Зӕдтӕ ӕцӕгдӕр чи сты

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Зӕдтӕ ӕцӕгдӕр чи сты
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Зӕдтӕ – адӕмӕн ӕххуысмӕ ӕрвыст тыхтӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Зӕдтӕн сӕ бон куыд у махӕн ӕххуыс кӕнын?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
  • Хуыцауы зӕдтӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
wp17 № 5 4–5 фф.
Хистӕр зӕд ӕмӕ мингай зӕдтӕ

СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИ ЗӔДТЫ ТЫХХӔЙ ЦЫ ДЗУРЫ?

Зӕдтӕ ӕцӕгдӕр чи сты

Фӕнды дӕ базонын, зӕдтӕ чи сты, куыд фӕзындысты ӕмӕ цы аразынц, уый? Ацы фарстатӕн раст дзуапп ис ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Ныхас Библийы (2 Тимофеймӕ 3:16). Цымӕ Библи цы зӕгъы?

  • Хуыцауы фенӕн куыд нӕй, афтӕ зӕдтӕ дӕр ӕнӕуынгӕ сты, уыдонӕн «фыд ӕмӕ стӕгӕй буар нӕй». Иузӕрдион зӕдтӕ цӕрынц уӕлӕрвты ӕмӕ сӕ бон у Хуыцауы уынын (Лукайы 24:39; Матфейы 18:10; Иоанны 4:24).

  • Зӕдтӕ-иу иуӕй-иу хатт адӕймаджы буары зӕхмӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй-иу сӕххӕст кодтаиккой, Хуыцау сын цы бахӕс кодта, уый. Стӕй-иу фӕстӕмӕ зӕдтӕ фестадысты ӕмӕ-иу уӕлӕрвтӕм ацыдысты (Тӕрхонгӕнджыты 6:11–23; 13:15–20).

  • Кӕд Библийы зӕдтӕ нӕлгоймӕгты хуызы ӕвдыст цӕуынц, ӕмӕ-иу зӕхмӕ дӕр нӕлгоймӕгты хуызы ӕрцыдысты, уӕддӕр зӕдтӕ нӕлгоймӕгтыл ӕмӕ сылгоймӕгтыл нӕ дих кӕнынц. Уыдон бинонтӕ нӕ кӕнынц ӕмӕ цот дӕр нӕ уадзынц. Чидӕртӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ зӕдтӕ райдианы уыдысты адӕм ӕмӕ зӕххыл цардысты, стӕй уӕлӕрвтӕм ацыдысты, фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Зӕдты сфӕлдыста Йегъовӕ, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ Библи хоны «ӕцӕг Хуыцауы фырттӕ» (Иов 1:6; Псалом 148:2, 5).

  • Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй зӕдтӕн ис сӕхи ӕвзаг. Кӕд-иу Хуыцау адӕмимӕ зӕдты уылты ныхас кодта, уӕддӕр нын уый бар нӕ дӕтты, цӕмӕй зӕдтӕн лӕггад кӕнӕм кӕнӕ сӕм кувӕм (1 Коринфӕгтӕм 13:1; Раргомад 22:8, 9).

  • Зӕдтӕ сты мин-минтӕ ӕмӕ милуантӕ, чи зоны, суанг миллиардтӕ дӕр (Данел 7:10; Раргомад 5:11).

  • Зӕдтӕ сты хъомысджын – адӕмӕй бирӕ тыхджындӕр. Стӕй сӕм ис, адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм зонд. Кӕдӕм сӕ фӕхъӕуы, уырдӕм цӕстыфӕныкъуылдмӕ бахӕццӕ вӕййынц (Псалом 103:20; Данел 9:20–23).

  • Кӕд зӕдтӕ махӕй бирӕ тыхджындӕр ӕмӕ зондджындӕр сты, уӕддӕр сӕ бон алцы нӕу ӕмӕ цыдӕр хъуыддӕгтӕ нӕ зонынц (Матфейы 24:36; 1 Петры 1:12).

  • Зӕдтӕ кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнынц, стӕй сӕм ис, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ ӕмӕ хайджын сты сӕрибардзинадӕй, ома сӕ бон у уынаффӕтӕ хӕссын. Адӕмау уыдонӕн дӕр сӕ бон у равзарын, хорз цы у, уый араздзысты ӕви, ӕвзӕр цы у, уый. Хъыгагӕн, иуӕй-иу зӕдтӕ Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты (Иудӕйы 6).

Зӕдтӕ цавӕр къордтыл дих кӕнынц?

Хистӕр зӕд. Уыцы зӕдӕн йӕ ном у Михаил, йӕ дӕлбар сты иннӕ зӕдтӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ хъомысджындӕр у ӕмӕ йын ис фылдӕр бартӕ. Библийӕ бӕрӕг у, Михаил кӕй у Йесо Чырысти (1 Фессалоникӕгтӕм 4:16; Иудӕйы 9).

Серафимтӕ. Ахсынц стыр бынат, ӕмӕ сын иннӕ зӕдтӕй уӕлдай ис фылдӕр бартӕ ӕмӕ кад. Уыдон лӕууынц Хуыцауы паддзахбадӕны раз (Исай 6:1–3).

Херувимтӕ. Уыцы зӕдтӕ дӕр ахсынц стыр бынат ӕмӕ ӕххӕст кӕнынц кадджын хӕстӕ. Библийы арӕх ӕвдыст цӕуынц Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы раз (Райдиан 3:24; Йезекил 9:3; 11:22).

Иннӕ зӕдтӕ. Уыдон сты Иунӕг Стыр Хуыцауы минӕвӕрттӕ ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынц. Уыцы зӕдтӕ сты мин-минтӕ (Дзуттӕгтӕм 1:7, 14).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын