Йезекил
11 Хуыцауы тых*+ мӕ систа+ ӕмӕ мӕ ӕрбахаста Йегъовӕйы хӕдзары скӕсӕйнаг кулдуармӕ, скӕсӕнырдӕм чи кӕсы, уыцы кулдуармӕ+. Ӕмӕ федтон, кулдуары бахизӕны кӕй лӕууы дыууын фондз лӕджы+, ӕмӕ се ’хсӕн Азуры фырт Иазани ӕмӕ Ванейӕйы фырт Фалти, адӕмы кънйӕзтӕ+. 2 Стӕй мын Хуыцау загъта: «Адӕймаджы фырт, ацы адӕм кӕнынц фыдвӕндтӕ ӕмӕ сӕ уынаффӕтӕ сты ӕвзӕр, сты ацы горӕты ныхмӕ+. 3 Уыдон дзурынц: „Тагъд хӕдзӕрттӕ нӕ араздзыстӕм?+ Ацы горӕт у цуайнаг+, мах та – дзидза“.
4 Уымӕ гӕсгӕ, адӕймаджы фырт, дзур сӕ ныхмӕ, пехуымпариуӕг кӕн»+.
5 Уӕд мыл ӕрцыд Йегъовӕйы тых*+, ӕмӕ мын Хуыцау загъта: «Зӕгъ афтӕ: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ+: „Раст загътат, Израилы адӕм. Цы хъуыдытӕ уӕм фӕзыны, уыдон ӕз хорз зонын+. 6 Сымах тыххӕй ацы горӕты фӕмард дуне адӕм, йӕ уынгтӕ йын мӕрдтӕй байдзаг кодтат“»+. 7 «Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Йӕ астӕу ын кӕй ӕрӕвӕрдтат, уыцы мӕрдтӕ сты дзидза+, йӕхӕдӕг та у цуайнаг+. Ӕмӕ сымах уырдыгӕй ракӕндзысты“»+.
8 «„Хъамайӕ тарстыстут+, ӕмӕ уыл хъама рауадздзынӕн,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ+.– 9 Ӕз уӕ уырдыгӕй ракӕндзынӕн ӕмӕ уӕ ратдзынӕн ӕцӕгӕлӕтты къухмӕ+ ӕмӕ уыл сӕххӕст кӕндзынӕн мӕ тӕрхӕттӕ+. 10 Сымах фӕцагъды уыдзыстут карды комӕй+. Ӕз уын тӕрхон кӕндзынӕн Израилы+ арӕныл, ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ+. 11 Ацы горӕт уын цуайнаг нӕ уыдзӕн+, ӕмӕ сымах йӕ мидӕг дзидза нӕ уыдзыстут. Ӕз уын тӕрхон кӕндзынӕн Израилы арӕныл, 12 ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ, уымӕн ӕмӕ сымах нӕ цардыстут мӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ӕмӕ мын мӕ тӕрхӕттӕ не ’ххӕст кодтат+, фӕлӕ ӕххӕст кодтат, уӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, уыдоны тӕрхӕттӕ“»+.
13 Ӕмӕ куыддӕр мӕ ныхас фӕдӕн, афтӕ Ванейӕйы фырт Фалти ӕрбамард+. Уӕд ӕз дӕлгоммӕ ӕрхаудтӕн ӕмӕ ныхъхъӕр кодтон+: «О Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ!+ Израилӕй ма чи баззад, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццӕгъдынмӕ хъавыс?»+
14 Уый фӕстӕ мын Йегъовӕ загъта: 15 «Адӕймаджы фырт, де ’фсымӕртӕн+, дӕ бынтӕ фӕстӕмӕ балхӕныны бар кӕмӕн ис, дӕ уыцы ӕфсымӕртӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр Иерусалимы цӕрджытӕ афтӕ дзурынц: „Йегъовӕйӕ уӕхи дард айсут. Ай мах зӕхх у, махӕн лӕвӕрд у“+. 16 Уымӕ гӕсгӕ зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Кӕд сӕ дард, алы адӕмтӕм, ахастон ӕмӕ сӕ алы бӕстӕтыл ныххӕлиу кодтон+, уӕддӕр сын, кӕдӕм фӕцыдысты, уыцы бӕстӕты цыбыр рӕстӕгмӕ суыдзынӕн кувӕндон“+.
17 Уымӕ гӕсгӕ зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Адӕмты ’хсӕнӕй уӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, цы бӕстӕтыл ныххӕлиу стут, уырдыгӕй уӕ ӕрбакӕндзынӕн ӕмӕ уын ратдзынӕн Израилы зӕхх“+. 18 „Уыдон уырдӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ уыцы зӕххӕй фесафдзысты йе ’ппӕт ӕнаккагдзинӕдтӕ ӕмӕ ӕлгъагдзинӕдтӕ+. 19 Ӕмӕ сын ӕз ратдзынӕн иу зӕрдӕ+ ӕмӕ ног зонд+. Сӕ риуӕй сын айсдзынӕн дурӕй конд зӕрдӕ+ ӕмӕ сын ратдзынӕн фӕлмӕн зӕрдӕ+, 20 цӕмӕй цӕрой мӕ закъӕттӕм гӕсгӕ, фидар хӕцой мӕ тӕрхӕттыл ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕной+. Ӕмӕ уӕд ӕцӕгдӕр суыдзысты мӕ адӕм+, ӕз та суыдзынӕн сӕ Хуыцау“+.
21 „Фӕлӕ йӕ зӕрдӕ йе ’наккагдзинӕдты ӕмӕ йе ’лгъагдзинӕдты фӕдыл кӕмӕн цӕуы+, уыдонӕн та ӕз сӕ хъуыддӕгтӕ сӕхи сӕрӕн баййафын кӕндзынӕн“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ“»+.
22 Уӕд херувимтӕ+ сӕ базыртыл схӕцыдысты, ӕмӕ цӕлхытӕ дӕр уыдысты сӕ фарсмӕ+, Израилы Хуыцауы кад+ та, уӕлейӕ чи ’рцыд, уый, уыди сӕ сӕрмӕ+. 23 Ӕмӕ Йегъовӕйы кад+ горӕтӕй хӕрдмӕ ссыди ӕмӕ ӕрлӕууыд, горӕтӕй скӕсӕнырдӕм чи уыд+, уыцы хохы сӕрмӕ+. 24 Мӕн та Хуыцауы тых*+ систа+, ӕмӕ мын Хуыцау йӕ тыхы* фӕрцы кӕй равдыста, уыцы цӕстылуайӕны мӕ ӕрбахаста Халдейӕмӕ, уацары чи уыд, уыцы адӕммӕ+. Ӕмӕ стӕй, цы цӕстылуайӕн федтон, уый ӕрбайсӕфт. 25 Ӕмӕ, уацары чи уыд, уыцы адӕмӕн радзырдтон, Йегъовӕ мын цы равдыста, уыдон иууылдӕр+.