Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp17 № 5 3 ф.
  • Зӕдтӕ дӕ цардмӕ исты бар дарынц?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Зӕдтӕ дӕ цардмӕ исты бар дарынц?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Чи дӕ хъахъхъӕны, ахӕм зӕд дын ис?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
  • Зӕдтӕ – адӕмӕн ӕххуысмӕ ӕрвыст тыхтӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Бафӕзм иузӕрдион зӕдты
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Хуыцауы зӕдтӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
wp17 № 5 3 ф.
Лӕг ӕмӕ ус Библийы фӕрцы сылгоймаджы сабыр кӕнынц

СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИ ЗӔДТЫ ТЫХХӔЙ ЦЫ ДЗУРЫ?

Зӕдтӕ дӕ цардмӕ исты бар дарынц?

Кеннет ӕмӕ Филоменӕ цӕрынц Кюрасаойы. Иу хуыцаубон фӕссихор ацыдысты, Библи кӕимӕ ахуыр кодтой, уыцы лӕг ӕмӕ усы бабӕрӕг кӕнынмӕ.

Кеннет загъта: «Куы бацыдыстӕм, уӕд сӕ дуар уыди ӕхгӕд ӕмӕ сӕ машинӕ дӕр уым нӕ уыди. Фӕлӕ мӕ цӕмӕдӕр бафӕндыд усмӕ телефонӕй бадзурын».

Сылгоймаг ын телефонӕй загъта, йӕ лӕг куысты кӕй ис. Фӕлӕ йӕ куы базыдта, Кеннет ӕмӕ Филоменӕ сӕ хӕдзары раз кӕй сты, уӕд сын дуар бакодта ӕмӕ сӕ мидӕмӕ бахуыдта.

Уыдон уайтагъд бафиппайдтой, сылгоймаг кӕугӕ кӕй кодта. Кеннет Библи ахуыры размӕ куы скуывта, уӕд та сылгоймаг кӕуын райдыдта. Кеннет ӕмӕ йӕ Филоменӕ уӕзданӕй бафарстой, мыййаг, исты ӕрцыди, зӕгъгӕ.

Сылгоймаг сын загъта, йӕхи марынмӕ кӕй хъавыд ӕмӕ йӕ лӕгмӕ писмо кӕй фыста, фӕлӕ йӕм Кеннет телефонӕй куы ӕрбадзырдта, уӕд ӕй уый кӕй баурӕдта. Радзырдта сын, депрессийӕ рынчын кӕй у, ӕмӕ йын уыдон дӕр Библийӕ, чи йӕ бафидар кодтаид, ахӕм стихтӕ бакастысты. Уый фӕрцы удӕгасӕй баззад.

Кеннет загъта: «Мах Йегъовӕйӕ бузныг стӕм, уыцы тыхст сылгоймагӕн баххуыс кӕныны фадат нын кӕй уыд, уый тыххӕй. Сӕйраджыдӕр та уый тыххӕй, ӕмӕ нӕ телефонӕй бадзурынмӕ кӕй сразӕнгард кодта, чи зоны, йӕ зӕды уылты йе та сыгъдӕг тыхы уылты!»a

Цымӕ раст уыд, Кеннет ӕмӕ Филоменӕ афтӕ кӕй хъуыды кодтой, ӕмӕ сӕ Хуыцау сразӕнгард кодта йӕ зӕды кӕнӕ йӕ сыгъдӕг тыхы уылты? Ӕви йӕм Кеннет телефонӕй кӕй бадзырдта, уый ӕнӕуи афтӕ рауад?

Уый фӕдыл нӕ бон бӕлвырдӕй ницы у зӕгъын. Фӕлӕ йӕ зонӕм, Хуыцау йӕ зӕдты уылты адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йӕ базоной. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис, Хуыцауы зӕд хорз хабар хъусынгӕнӕг Филиппы кӕй арвыста, Фыстад бамбарын кӕй фӕндыд, уыцы ефиопаг хицаумӕ (Хъуыддӕгтӕ 8:26–31).

Алыхуызон динтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, уӕларвон удгоймӕгтӕ ис, ӕмӕ дзы иуӕй-иутӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынц, иннӕтӕ та адӕмы хъахъхъӕнынц. Бирӕты уырны, зӕдтӕ кӕй ис ӕмӕ сын сӕ цардмӕ цыдӕр бар кӕй дарынц. Фӕлӕ бирӕты та ӕппындӕр нӕ уырны, зӕдтӕ кӕй ис, уый.

Цымӕ зӕдтӕ ӕцӕгдӕр ис? Кӕд о, уӕд куыд фӕзындысты? Дӕ цардмӕ исты бар дарынц? Ӕркӕсӕм-ма бӕлвырдгӕнӕнтӕм.

a Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном (Псалом 83:18).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын