Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w17 мартъи 28–31 фф.
  • Уӕ хӕлардзинадӕн тӕссаг куы уа, уӕд хорз ӕмбал разындзынӕ?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕ хӕлардзинадӕн тӕссаг куы уа, уӕд хорз ӕмбал разындзынӕ?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ДЕ ’МБАЛ КУЫ ФӔРӔДИЙА
  • ХОРЗ ӔМБАЛ ЗЫН РӔСТӔДЖЫ СБӔРӔГ ВӔЙЙЫ
  • ДЕ ’МБАЛ ДЫН ДӔ ЗӔРДӔ ФӔРИССЫН КОДТА?
  • Нафан иузӕрдионӕй хӕцыд сыгъдӕг дины фарс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй ахуыр кӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Хуыцау дӕ хоны, цӕмӕй йӕ хӕлар суай
    Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
  • Дӕ бон у, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлар уай
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
w17 мартъи 28–31 фф.
Пехуымпар Нафан хъуыды кӕны, цалынмӕ паддзах Давидӕн Хуыцауы ныхас зӕгъа, уӕдмӕ

Уӕ хӕлардзинадӕн тӕссаг куы уа, уӕд хорз ӕмбал разындзынӕ?

Джанни ӕмӕ Маурицио иу-50 азы бӕрц сты ӕмбӕлттӕ. Фӕлӕ иуафон сӕ хӕлардзинадӕн фехӕлынӕй тӕссаг уыд. Маурицио зӕгъы: «Иу рӕстӕджы мын зын куы уыд, уӕд цалдӕр стыр рӕдыды сарӕзтон. Ӕмӕ нӕ мыды къӕм бахауд». Джанни та загъта: «Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд мемӕ Маурицио ахуыр кодта. Йӕ зонд, йӕ уынаффӕтӕ мын уыдысты стыр ӕххуыс. Ӕмӕ мӕ уырнгӕ дӕр нӕ кодта, афтӕ кӕй бакодта, уый. Ӕмбӕрстон ӕй, дарддӕр хицӕн фӕндӕгтыл кӕй цӕудзыстӕм, ӕмӕ мӕ уыцы хъуыды мардта. Цыма никӕйуал хъӕуын, афтӕ мӕм каст».

ХОРЗ ӕмбалӕн аргъ нӕй. Ӕмӕ цӕмӕй хӕлардзинад цӕрӕнбонтӕм уа, уый тыххӕй ӕдзухдӕр цыдӕр аразын фӕхъӕуы. Фӕлӕ хӕлардзинадӕн фехӕлынӕй тӕссаг куы уа, уӕд цы ис саразӕн? Ахӕм уавӕрты нын баххуыс кӕндзысты, Библийы кӕй кой цӕуы, уыдонӕй иуӕй-иуты цӕвиттонтӕ. Уыдон уыдысты ӕцӕг ӕмбӕлттӕ, фӕлӕ иуафон сӕ хӕлардзинадӕн фехӕлынӕй тӕссаг уыд.

ДЕ ’МБАЛ КУЫ ФӔРӔДИЙА

Давид раздӕр уыд фыййау, стӕй та сси паддзах, ӕмӕ йын уыди хорз ӕмбӕлттӕ. Ӕвӕццӕгӕн, йе ’мбӕлттӕй фыццаг Ионафан ӕрбалӕууыд дӕ зӕрдыл (1 Сам. 18:1). Фӕлӕ ма Давидӕн уыд ӕндӕр ӕмбӕлттӕ дӕр, зӕгъӕм, пехуымпар Нафан. Кӕд балымӕн сты, уый Библийы фыст нӕй. Фӕлӕ иуафон Давид Нафанӕн раргом кодта, йӕ зӕрды цы уыд, уый, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уыд, ӕмбалы зӕрдӕ йӕм кӕй дардта. Давиды фӕндыд Йегъовӕйы номыл хӕдзар саразын. Паддзах, ӕвӕццӕгӕн, Нафаны ныхасӕн аргъ кодта, уымӕн ӕмӕ уыд йе ’мбал ӕмӕ хайджын уыд Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхӕй (2 Сам. 7:2, 3).

Фӕлӕ иу хабары фӕстӕ сӕ хӕлардзинад, гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ фехӕлдаид. Паддзах Давид Вирсавиимӕ, кӕйдӕр усимӕ, ӕмуат ӕрцыд, йӕ лӕджы та йын, Урийы, амарын кодта (2 Сам. 11:2–21). Давид бирӕ азты Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта ӕмӕ алкӕддӕр рӕстӕй архайдта. Фӕлӕ фӕстӕдӕр сарӕзта уыцы стыр, ӕвирхъау тӕригъӕд! Уыцы хорз паддзах афтӕ цӕмӕн бакодта? Цы стыр тӕригъӕдтӕ аразы, уый не ’мбӕрста? Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ сӕ Хуыцауӕй бамбӕхсдзӕн?

Цымӕ Нафан куыд бакодта? Мыййаг, афтӕтӕ хъуыды кодта: «Давид Урийы кӕй амарын кодта, уый иннӕтӕ дӕр зонынц, ӕмӕ йын ӕй ӕз цӕмӕн хъуамӕ дзурон? Уал азы ме ’мбал чи у, уымӕй ныр мӕхицӕн знаг скӕнон? Стӕй кӕд ӕнаххос Урийы амарын кодта, уӕд мӕн нӕ амардзӕн?»

Фӕлӕ Нафан дзырдта Хуыцауы номӕй. Пехуымпар ӕй зыдта, хъусӕй куы лӕууа, уӕд Давидимӕ раздӕрау хӕлӕрттӕ кӕй нал уыдзысты ӕмӕ ма йӕ йӕ цӕсгом дӕр кӕй хӕрдзӕн. Йе ’мбал Давид ӕрлӕууыд, Йегъовӕ йе сӕфт кӕмӕй уыны, уыцы фӕндагыл. Ӕмӕ йӕ ӕвӕстиатӕй хъуыди ӕцӕг ӕмбалы ’ххуыс, цӕмӕй та ногӕй Йегъовӕйы хӕлар суыдаид. Нафан разынд растдӕр ахӕм ӕмбал. Уый сфӕнд кодта паддзахимӕ аныхас кӕнын, ӕмӕ йӕ ныхас райдыдта цӕстуынгӕ цӕвиттонӕй. Давид раздӕр фыййау кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йын радзырдта, йӕ зӕрдӕмӕ арф чи ныххызтаид, ахӕм цӕвиттон. Хуыцау Давидӕн цы зӕгъинаг уыд, уый йын Нафан афтӕ загъта, ӕмӕ Давид бамбӕрста, цы стыр тӕригъӕдтӕ сарӕзта, уый, ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодта (2 Сам. 12:1–14).

Де ’мбал стыр рӕдыд куы ’руадза кӕнӕ уӕззау тӕригъӕд куы сараза, уӕд куыд бакӕндзынӕ? Чи зоны, хъуыды кӕнай, зӕгъгӕ йын йӕ рӕдыдмӕ куы бацамонон, уӕд уый тыххӕй кӕрӕдзийӕ адард уыдзыстӕм. Кӕнӕ дӕм, чи зоны, афтӕ кӕса, ӕмӕ де ’мбалы ауӕй кӕндзынӕ, йӕ тӕригъӕды тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн куы зӕгъай, уӕд. Афтӕмӕй та хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у адӕймагӕн баххуыс кӕнын. Уӕдӕ ды куыд бакӕндзынӕ?

Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы Джанни дзуры: «Ӕмбӕрстон ӕй, Маурициоимӕ раздӕрау ӕнгом кӕй нал стӕм. Алцы мын нал дзырдта. Ӕмӕ мын кӕд тынг зын уыд, уӕддӕр сфӕнд кодтон, цы ’рцыд, ууыл йемӕ аныхас кӕнын. Хъуыдытӕ кодтон: „Цы нӕ зоны, ахӕмӕй йын цы хъуамӕ зӕгъон? Гӕнӕн ис, ӕмӕ тынг смӕсты уа!“ Фӕлӕ-иу Библи ахуыргӕнгӕйӕ цӕуылты ныхас кодтам, уый мӕ зӕрдыл куы ’рлӕууыд, уӕд мӕхимӕ уыйбӕрц тыхтӕ ссардтон, цӕмӕй йемӕ аныхас кодтаин. Мӕн-иу ӕххуыс куы хъуыди, уӕд-иу Маурицио дӕр афтӕ бакодта. Нӕ мӕ фӕндыд, цӕмӕй мӕ йе ’мбалыл мауал нымадтаид, фӕлӕ йыл кӕй тыхстӕн, уымӕ гӕсгӕ мӕ фӕндыд, цӕмӕй йын баххуыс кодтаин».

Маурицио ма зӕгъы: «Джанни мемӕ дзырдта ӕргом, ӕмӕ мӕнгӕй ницы загъта. Зыдтон ӕй, мӕ рӕдыдтытӕ цӕмӕ ӕркодтой, уым нӕдӕр Джанни, нӕдӕр Йегъовӕ уыд аххосджын. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ мын цы уынаффӕ радтой, уый мӕ зӕрдӕмӕ айстон, ӕмӕ та цасдӕры фӕстӕ мӕ къахыл слӕууыдтӕн».

ХОРЗ ӔМБАЛ ЗЫН РӔСТӔДЖЫ СБӔРӔГ ВӔЙЙЫ

Давидӕн ма уыд ӕндӕр иузӕрдион ӕмбӕлттӕ дӕр. Сӕ иу уыд Хуси. Библийы фыст ис, «паддзахы ӕрдхорд» кӕй уыд (2 Сам. 16:16; 1 Аз. 27:33). Ӕвӕццӕгӕн, уыд паддзахы фӕсдзӕуинтӕй сӕ иу, стӕй уыд йе ’ввахс ӕмбал, ӕмӕ-иу ын рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ бахӕс кодта, сусӕгӕй саразын кӕй хъуыди, ахӕм хъуыддӕгтӕ.

Давиды фырт Авессалом паддзахы бынат куы бацахста, уӕд бирӕ израилӕгтӕ йӕ фарс слӕууыдысты, фӕлӕ Хуси афтӕ нӕ бакодта. Давид куы алыгъд, уӕд ӕм Хуси дӕр ӕрбаиу. Давидӕн цыма исчи йӕ зӕрдӕ барӕхуыста, афтӕ уыд, уымӕн ӕмӕ йыл йӕ фырт ӕмӕ ма, кӕуыл ӕууӕндыд, уыдонӕй чидӕртӕ гадзрахатӕй рацыдысты. Фӕлӕ йыл Хуси уыд иузӕрдион. Уый цӕттӕ уыд йӕ цард тӕссаг уавӕры баппарынмӕ дӕр, цӕмӕй, паддзахы ныхмӕ цы сусӕгвӕнд скодтой, уый фехӕлдтаид. Ӕмӕ, йӕ лӕггадгӕнӕг кӕй уыд ӕмӕ уый йӕ хӕсыл кӕй нымадта, афтӕ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ бакодта. Хуси разынд иузӕрдион ӕмбал (2 Сам. 15:13–17, 32–37; 16:15–17:16).

Абон дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты кӕрӕдзийыл бӕтты ӕцӕг хӕлардзинад. Ӕмбырды сӕ чи цавӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕны, уымӕ ӕппындӕр нӕ кӕсынц. Сӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, кӕрӕдзийӕн ӕмбӕлттӕ уый тыххӕй кӕй не сты, ӕмӕ йӕ сӕ хӕсыл нымайынц, фӕлӕ кӕрӕдзийӕн зынаргъ кӕй сты, уый тыххӕй.

Уый афтӕ кӕй у, уый йӕхиуыл бавзӕрста ӕфсымӕр Федерико. Йӕ зынаргъ ӕмбал Антониойы фӕрцы сфӕрӕзта зын рӕстӕджытӕ. Федерико зӕгъы: «Антонио не ’мбырдмӕ куы рахызт, уӕд тагъд балымӕн стӕм. Нӕ дыууӕ дӕр уыдыстӕм кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ нын иумӕ ӕмгуыст кӕнын ӕхсызгон уыд. Гыццыл фӕстӕдӕр ӕй снысан кодтой хистӕр нӕлгоймагӕй. Антонио ме ’рдхорд кӕй уыд, уымӕй фӕстӕмӕ ма мын уыд фӕзминаг ӕфсымӕр дӕр». Фӕлӕ иуафон Федерико фӕрӕдыд. Федерико уайтагъд ӕфсымӕртӕй ӕххуыс ракуырдта, фӕлӕ йӕ бон нал уыд нӕдӕр пионерӕй, нӕдӕр кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй лӕггад кӕнын. Цымӕ уыцы уавӕры Антонио йӕхи куыд равдыста?

Федерико хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ фембӕлд, ӕмӕ Антонио рӕстӕг рахицӕн кодта, цӕмӕй йӕм байхъуса ӕмӕ йӕ бафидар кӕна

Федерико зын уавӕры куы бахауд, уӕд-иу ӕм йе ’мбал Антонио лӕмбынӕг байхъуыста ӕмӕ-иу ӕй бафидар кодта

Федерико зӕгъы: «Бӕрӕг уыд, Антониойы зӕрдӕ мыл кӕй рыст. Ныфсытӕ-иу мын бавӕрдта, бафидар-иу мӕ кодта. Ӕххуыс мын кодта, цӕмӕй та Хуыцауы ӕввахс хӕлар суыдаин, ӕмӕ мӕ никуы ныууагъта. Разӕнгард мӕ кодта, цӕмӕй та уырнындзинады фӕндагыл фидар къахдзӕфтӕй цӕуын райдыдтаин ӕмӕ мӕ къухтӕ макуы ӕруагътаин». Антонио зӕгъы: «Федерикоимӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитын райдыдтон. Фӕндыди мӕ, цӕмӕй мын алцыдӕр ӕргом дзырдтаид, суанг ын куыд зын у, уый тыххӕй дӕр». Цасдӕры фӕстӕ Федерикойӕн йӕ уырнындзинад ногӕй сфидар, ӕмӕ та йӕ фӕстӕдӕр пионерӕй ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй снысан кодтой. Антонио ма зӕгъы: «Кӕд ныртӕккӕ иу ӕмбырды нӕ лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр нырӕй ӕнгомдӕр никуы уыдыстӕм».

Федерико ӕмӕ Антонио иумӕ рӕстӕг ӕрвитынц

ДЕ ’МБАЛ ДЫН ДӔ ЗӔРДӔ ФӔРИССЫН КОДТА?

Бахъуаджы сахат дӕ де ’мбал куы ныууадзид, уӕд куыд кӕнис? Ахӕм стыр рыст адӕймаг стӕм хатт бавзары. Ныххатыр ын кӕнис? Дӕ бон бауид, цӕмӕй та йӕ раздӕрау де ’ввахс ӕмбалыл нымайай?

Ахъуыды-ма кӕн, Йесойыл йӕ зӕххон царды фӕстаг бонты цы ’рцыд, ууыл. Уый йӕ иузӕрдион апостолтимӕ бирӕ рӕстӕг ӕрвыста ӕмӕ кӕрӕдзийӕн уыдысты уӕлдай адджын. Уымӕ гӕсгӕ сӕ Йесо схуыдта йӕ хӕлӕрттӕ (Иоан. 15:15). Фӕлӕ йӕ куы ’рцахстой, уӕд цы ’рцыди? Йӕ апостолтӕ алыгъдысты. Ӕмӕ кӕд Петр фидарӕй дзырдта, йӕ Хицауы кӕй никуы ныууадздзӕн, уӕддӕр дзы тӕккӕ уыцы ӕхсӕв загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ! (Матф. 26:31–33, 56, 69–75).

Кӕд Йесо зыдта, йӕ фӕстаг фӕлварӕны йӕ фарсмӕ кӕй ничи уыдзӕн, уӕддӕр цымӕ йӕ апостолтӕй нӕ фӕфыдӕнхъӕл кӕнӕ сӕм нӕ фӕхъыг? Куы райгас, уымӕй цалдӕр боны фӕстӕ семӕ куы ныхас кодта, уӕд ӕппындӕр уый зӕгъӕн нӕ уыд, ӕмӕ фӕфыдӕнхъӕл кӕнӕ истӕуыл фӕсмон кӕны, йе та йӕ зӕрдӕйы маст хӕссы. Йесо йӕ апостолтӕн сӕ рӕдыдтытӕ нымайын нӕ райдыдта, суанг, цы ’хсӕв ӕй ӕрцахстой, уыцы ’хсӕв цы сарӕзтой, уый дӕр сын сӕ цӕстмӕ нӕ бадардта.

Йесо архайдта бынтон ӕндӕрхуызон. Уый Петры ӕмӕ иннӕ апостолты ныфсыл ныфс бафтыдта. Стӕй сын бахӕс кодта адӕмы историйы ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаг – адӕмы ахуыр кӕныны хъуыддаг, ӕмӕ сын афтӕмӕй равдыста, кӕй сыл ӕууӕнды, уый. Йесо уӕддӕр йӕ апостолты йӕ хӕлӕрттыл нымадта. Цы уарзондзинад сӕм равдыста, уый сӕ никуы ферох. Ӕмӕ бацархайдтой, цӕмӕй сӕ Хицауы макуыуал фӕфыдӕнхъӕл кодтаиккой. Уымӕй уӕлдай ма, йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый ӕнтыстджынӕй арӕзтой (Хъуыд. 1:8; Кол. 1:23).

Иу хо, Эльвирӕ, зӕгъгӕ, тынг хорз хъуыды кӕны, иухатт йе ’мбал Джулианӕимӕ се ’хсӕн цыдӕр куы рауад, уыцы хабар. Эльвирӕ дзуры: «Куы мын загъта, цы сарӕзтон, уымӕй йын йӕ зӕрдӕ кӕй фӕриссын кодтон, уӕд мӕхицӕн бынат нал ардтон. Ӕмӕ мӕм куы смӕсты уыдаид, уӕддӕр ӕй бамбарӕн уыдаид. Фӕлӕ мӕм диссаг уый фӕкаст, ӕмӕ фылдӕр мӕныл хъуыды кодта ӕмӕ, цы арӕзтон, уый мӕ цӕмӕ ӕркӕндзӕн, ууыл. Алкӕддӕр дзы тынг бузныг уыдзынӕн, цы йын сарӕзтон, фылдӕр ууыл кӕй нӕ дзырдта, фӕлӕ мӕхицӕн зиан кӕй хастон, ууыл. Мӕныл йӕхицӕй тынгдӕр чи хъуыды кодта, ахӕм ӕмбал мын кӕй уыд, уый тыххӕй Йегъовӕйӕн бузныг дзырдтон».

Уӕдӕ хӕлардзинадӕн фехӕлынӕй тӕссаг куы уа, уӕд хорз ӕмбал куыд бакӕндзӕн? Йе ’мбалимӕ фӕлмӕнӕй, фӕлӕ ӕргом аныхас кӕндзӕн. Ахӕм ӕмбал Нафанау ӕмӕ Хусийау иузӕрдион разындзӕн суанг зын рӕстӕджыты дӕр ӕмӕ Йесойау цӕттӕ уыдзӕн хатыр кӕнынмӕ. Ды дӕр ахӕм ӕмбал дӕ?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын