Раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уымӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсыс?
«Ӕз хъусын кӕндзынӕн Йегъовӕйы ном... уый у ӕнувыд Хуыцау, хӕрамӕй йӕм ницы ис» (ДЫК. З. 32:3, 4).
1, 2. а) Навуфей ӕмӕ йӕ фырттыл цы ’рцыд? б) Ацы статьяйы цавӕр дыууӕ миниуӕгыл ныхас кӕндзыстӕм?
ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн: дыууӕ ӕнаккаг лӕджы иу адӕймаджы фӕаххосджын кодтой стыр фыдракӕнды. Фӕлӕ кӕд уыцы мӕнгӕвдисӕнтӕ сайгӕ кодтой, уӕддӕр ын мӕлӕты тӕрхон хаст ӕрцыд. Ахъуыды-ма кӕн, рӕстзӕрдӕ адӕмӕн куыд зын уыдаид, уыцы ӕнаххос адӕймаджы ӕмӕ йӕ фыртты дуртӕй куыд фӕхостой, уымӕ кӕсын. Уый уыд ӕцӕг хабар ӕмӕ ӕрцыд Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Навуфейыл Израилы паддзах Ахавы рӕстӕг (1 Пад. 21:11–13; 2 Пад. 9:26).
2 Ацы статьяйы ныхас кӕндзыстӕм, Навуфейыл цы ’рцыд, ууыл. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды иу хистӕр нӕлгоймаг куыд фӕрӕдыд, ууыл дӕр. Ацы дыууӕ цӕвиттоны фӕрцы бамбардзыстӕм, сӕрныллӕгдзинад нӕ кӕй хъӕуы ӕмӕ хатыр кӕнын кӕй хъуамӕ зонӕм, цӕмӕй, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уымӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм.
ӔВИРХЪАУ ХАБАР
3, 4. Навуфей цавӕр адӕймаг уыд ӕмӕ йӕ сӕнӕфсирдон паддзах Ахавӕн цӕуылнӕ рауӕй кодта?
3 Навуфейы рӕстӕджы израилӕгтӕн сӕ фылдӕр цыдысты паддзах Ахав ӕмӕ йӕ цъаммар ус Йезавелы ӕвзӕр зондыл. Уыдон куывтой мӕнг хуыцау Ваалӕн, Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ закъӕттӕ та ницӕмӕ дардтой. Фӕлӕ Навуфей Йегъовӕйыл иузӕрдион уыд. Йегъовӕимӕ йын цы хӕлардзинад уыди, уый йын йӕ цардӕй дӕр зынаргъдӕр уыд.
4 Бакӕс 1 Паддзӕхты 21:1–3. Ахавы фӕндыд Навуфейы сӕнӕфсирдон балхӕнын кӕнӕ йын йӕ бӕсты ӕндӕр, хуыздӕр сӕнӕфсирдон раттын, фӕлӕ Навуфей не сразы. Цӕуылнӕ? Йӕ хъуыды паддзахӕн уӕзданӕй афтӕ бамбарын кодта: «Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддаг ӕз нӕ бакӕндзынӕн – мӕ фыдӕлтӕ бынӕн цы зӕхх райстой, уый дын нӕ ратдзынӕн». Навуфей уыцы хъуыддагыл уымӕн не сразы, ӕмӕ уый уыд, Йегъовӕ израилӕгтӕн кӕй радта, уыцы закъоны ныхмӕ. Уыцы закъонмӕ гӕсгӕ, фыдӕлты зӕхх ӕндӕр кӕйдӕр бауыдаид, уый гӕнӕн нӕ уыд (Лев. 25:23; Ным. 36:7). Бӕрӕг у, Навуфей Йегъовӕйӕн коммӕгӕс кӕй уыд.
5. Йезавел цы сарӕзта, цӕмӕй Навуфейы сӕнӕфсирдон байстаид?
5 Хъыгагӕн, Навуфей йӕ сӕнӕфсирдон куы нӕ рауӕй кодта, уӕд паддзах Ахав ӕмӕ йӕ ус фыдвӕнд скодтой. Ус-паддзах Йезавел афтӕ бакодта, цӕмӕй Навуфейы фӕаххосджын кодтаиккой ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фыртты дӕр амардтаиккой. Афтӕмӕй сӕнӕфсирдон йӕ лӕджы баци. Ацы ӕвирхъау хабармӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй ракаст?
ХУЫЦАУЫ РАСТ ТӔРХОН
6, 7. Йегъовӕ, рӕстдзинад кӕй уарзы, уый куыд равдыста ӕмӕ уый зонгӕйӕ Навуфейы бинонтӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн цӕмӕн фенцондӕр уыдаид?
6 Йегъовӕ уайтагъд Илийайы Ахавмӕ арвыста, цӕмӕй йын загътаид, лӕгмар ӕмӕ давӕг кӕй у. Йегъовӕ йын цавӕр тӕрхон рахаста? Ахавы, йӕ усы ӕмӕ сӕ фыртты сӕр хъуамӕ баййӕфтаид, Навуфейы ӕмӕ йӕ фыртты сӕр цы баййӕфта, растдӕр уый (1 Пад. 21:17–25).
7 Навуфейы бинонтӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ тынг фӕмаст кодтой, Ахавы аххосӕй цы ӕвирхъау хабӕрттӕ ’рцыд, уыдоны тыххӕй. Фӕлӕ Йегъовӕ уыдта, ӕнаххос адӕмы туг кӕй ныккалд, ӕмӕ фыдгӕнджытӕн уайтагъд тӕрхон рахаста. Уый базонгӕйӕ Навуфейы хиуӕттӕн, ӕвӕццӕгӕн, гыццыл фенцондӕр. Фӕлӕ уый фӕстӕ цы ’рцыд, уый тыххӕй сын, ӕвӕццӕгӕн, ӕнцон нӕ уыдаид сӕрныллӕгдзинад равдисын ӕмӕ сӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарын.
8. Ахав Йегъовӕйы тӕрхон куы фехъуыста, уӕд куыд бакодта ӕмӕ стӕй цы ’рцыд?
8 Ахав Йегъовӕйы тӕрхон куы фехъуыста, уӕд «йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта, йӕ уӕлӕ хъисын скодта ӕмӕ ком дардта, хъисыны хуыссыд ӕмӕ сӕргуыбырӕй рацу-бацу кодта». Ахав йӕхи ӕрныллӕг кодта ӕмӕ, цы сарӕзта, ууыл зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодта. Йегъовӕ уый куы федта, уӕд Илийайӕн загъта: «Мӕ разы йӕхи кӕй ӕрныллӕг кодта, уый тыххӕй бӕллӕх йӕ рӕстӕджы не ’руадздзынӕн. Йӕ хӕдзар ын бӕллӕхы хай бакӕндзынӕн йӕ фырты рӕстӕджы» (1 Пад. 21:27–29; 2 Пад. 10:10, 11, 17). Йегъовӕ «зӕрдӕтӕм... кӕсы» ӕмӕ уыны, ӕцӕгӕй цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, уый. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Ахавмӕ дӕр фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста ӕмӕ йын ныххатыр кодта (Ӕмб. 17:3).
СӔРНЫЛЛӔГДЗИНАД НӔ ХЪАХЪХЪӔНЫ
9. Навуфейы бинонтӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн сӕрныллӕгдзинад куыд баххуыс кодтаид?
9 Навуфейы бинонтӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Йегъовӕйы ног тӕрхоны тыххӕй куы фехъуыстой, уӕд уый, ӕвӕццӕгӕн, сӕ уырнындзинадӕн фӕлварӕн сси. Фӕлӕ сӕрныллӕгдзинады фӕрцы сӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтаиккой. Куыд? Сӕрныллӕг куы уыдаиккой, уӕд Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кодтаиккой ӕмӕ сӕ фидарӕй уырныдтаид, Хуыцау хӕрам хъуыддаг кӕй никуы сараздзӕн, уый. (Бакӕс Дыккаг закъон 32:3, 4.) Фидӕны Навуфей, йӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ хиуӕттӕ сӕхиуыл бавзардзысты, Йегъовӕ ӕцӕгдӕр рӕстӕй кӕй тӕрхон кӕны, рӕстгӕнджыты куы райгас кӕна, уӕд (Иов 14:14, 15; Иоан. 5:28, 29). Сӕрныллӕг адӕймаг йӕ зӕрдыл дары Екклесиасты 12:14 стихы фыст ныхӕстӕ: «Ӕцӕг Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн алцӕмӕн дӕр, алы сусӕг хъуыддагӕн дӕр, хорз уа ӕви ӕвзӕр». Йегъовӕ тӕрхон куы фӕхӕссы, уӕд йӕ зӕрдыл фӕдары, мах цы нӕ фӕзонӕм, уыдӕттӕ дӕр. Уӕдӕ сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд нӕ уырнындзинад не ’рлӕмӕгъ уыдзӕн.
10, 11. а) Нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд цавӕр уавӕрты ӕрцӕуы? б) Сӕрныллӕгдзинад нӕ куыд бахъахъхъӕндзӕн?
10 Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймӕгты уынаффӕ куы нӕ бамбарай кӕнӕ сӕ уынаффӕимӕ разы куы нӕ уай, уӕд куыд бакӕндзынӕ? Кӕнӕ ахъуыды кӕн ахӕм уавӕртыл: дӕхицӕн йе та де ’мбӕлттӕй кӕнӕ дӕ хиуӕттӕй кӕмӕндӕр ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕныны бар нал ис, науӕд та дын дӕ цардӕмбалы кӕнӕ дӕ сывӕллоны, йе та де ’ввахс ӕмбалы ӕмбырдӕй ацух кодтой, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты уынаффӕимӕ разы нӕ дӕ. Уӕд куыд бакӕндзынӕ? Ӕмӕ дӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕмӕдӕр фӕлмӕнзӕрдӕдзинад дзӕгъӕлы равдыстой, уӕд та? Ахӕм уавӕрты, гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕлвӕрд цӕуа нӕ уырнындзинад, ома Йегъовӕйыл фидарӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ, ӕмбырдӕн разамынд куыд дӕтты, уый растыл нымайӕм ӕви нӕ. Ахӕм уавӕрты дӕ сӕрныллӕгдзинад куыд бахъахъхъӕндзӕн? Ӕркӕсӕм дыууӕ хъуыддагмӕ.
Хистӕр нӕлгоймӕгты уынаффӕимӕ разы куы нӕ уай, уӕд куыд бакӕндзынӕ? (кӕс 10, 11 абзацтӕ)
11 Фыццаг: сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд ыл сӕтдзыстӕм, цавӕрдӕр хъуыддаджы тыххӕй алцы кӕй нӕ зонӕм. Суанг нӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ алцыдӕр зонӕм, уӕддӕр ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ зоны, адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис, уый (1 Сам. 16:7). Уыцы хъуыды нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм, стӕй цӕмӕй ӕмбарӕм, нӕ бон алцы зонын кӕй нӕу, ӕмӕ-иу нӕ хъуыды аивӕм. Дыккаг: кӕд ӕмбырды исчи ӕнаххосӕй ӕфхӕрд баййӕфта, уӕддӕр нын сӕрныллӕгдзинад баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй коммӕгӕс уӕм ӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Йегъовӕ хъуыддаг кӕй сраст кӕндзӕн, уымӕ. Библи зӕгъы: «Хорз уыдзӕн, ӕцӕг Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдонӕн... Фыдгӕнӕгӕн та хорз нӕ уыдзӕн ӕмӕ йӕ царды бонтыл дӕр нӕ бафтаудзӕн» (Еккл. 8:12, 13). Уӕдӕ сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд уый нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр стыр пайда ӕрхӕсдзӕн. (Бакӕс 1 Петры 5:5.)
ЦӔСТМӔ МИТӔ
12. Цавӕр хабармӕ ӕркӕсдзыстӕм ӕмӕ цӕмӕн?
12 Фыццаг ӕнусы сириаг Антиохийы цӕрӕг чырыстӕттӕн сӕ сӕрныллӕгдзинад фӕлвӕрд ӕрцыд. Стӕй рабӕрӕг, хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ сты ӕви нӕ, уый дӕр. Ӕркӕсӕм уыцы хабармӕ ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм, мах та хатыргӕнаг стӕм ӕви нӕ. Уыцы хабары фӕрцы ма хуыздӕр бамбардзыстӕм, Йегъовӕ йӕ раст уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куыд архайы ӕмӕ уыцы-иу рӕстӕг ӕнӕххӕст адӕмӕй куыд пайда кӕны, уый.
13, 14. Петрӕн цавӕр хӕслӕвӕрдтӕ ӕрцыд лӕвӕрд ӕмӕ хъӕбатырдзинад куыд равдыста?
13 Апостол Петр уыд хистӕр нӕлгоймаг ӕмӕ йӕ ӕмбырдты бирӕтӕ хорз зыдтой. Уый уыд Йесойы хорз ӕмбал ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыдысты тынг ахсджиаг хӕслӕвӕрдтӕ (Матф. 16:19). Зӕгъӕм, н. э. 36 азы Петр хъуамӕ Корнилийӕн ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕн фехъусын кодтаид хорз хабар. Ӕмӕ уыцы хӕслӕвӕрд диссаг цӕмӕй уыд? Корнилий уыд ӕндӕр адӕмӕй ӕмӕ сунӕтгонд нӕ уыд. Ӕмӕ йӕхӕдӕг, стӕй йӕ хӕдзары чи уыд, уыдон сыгъдӕг тыхӕй куы схайджын сты, уӕд Петр бамбӕрста, уыдонӕн дӕр сӕ бон кӕй у, ӕмӕ донаргъуыд райсой ӕмӕ чырыстӕттӕ суой. Уый загъта: «Ацы адӕм дӕр махау Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты, ӕмӕ уӕд кӕй бон у афтӕ зӕгъын, ӕмӕ сын донаргъуыд райсӕн нӕй?» (Хъуыд. 10:47).
14 Н. э. 49 азы, Иерусалимы чи уыд, уыцы апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фембӕлдысты, цӕмӕй аскъуыддзаг кодтаиккой, дзуттаг чи нӕ уыд, уыцы чырыстӕтты сунӕт кӕнын хъӕуы ӕви нӕ. Уыцы фембӕлды Петр ныфсджынӕй дзырдта ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдон цалдӕр азы размӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй схайджын сты. Ӕмӕ уыцы хабарӕн Петр йӕхӕдӕг ӕвдисӕн кӕй уыд, уый разамонӕг советӕн стыр ӕххуыс фӕци уынаффӕ рахӕссынӕн (Хъуыд. 15:6–11, 13, 14, 28, 29). Дзуттӕгтӕй дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмтӕй дӕр чырыстон чи сси, уыдон Петрӕй бузныг куыннӕ уыдаиккой, ахӕм хъӕбатырдзинад ӕм кӕй разынд ӕмӕ хабӕрттӕ кӕй радзырдта, уый тыххӕй. Ӕмӕ сын, ӕвӕццӕгӕн, зын нӕ уыдаид ахӕм иузӕрдион ӕмӕ фӕлтӕрдджын нӕлгоймагыл ӕууӕндын (Дзут. 13:7).
15. Петр Антиохийы куы уыд, уӕд цавӕр рӕдыд ӕруагъта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)
15 Уыцы фембӕлдӕй гыццыл фӕстӕдӕр та Петр ацыд сириаг Антиохимӕ. Уым бирӕ рӕстӕг ӕрвыста, ӕндӕр адӕмтӕй чырыстон чи сси, уыдонимӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ зонындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлтӕрддзинад сын стыр пайда ӕрхастаиккой. Фӕлӕ иу бон цыма Петры ивгӕ бачындӕуыд, уыйау уыцы чырыстӕттӕм хӕстӕг нал цыд ӕмӕ семӕ хӕринаг дӕр нал хордта. Ӕмӕ сӕм уый диссаг куыннӕ фӕкастаид, стӕй сын хъыг дӕр куыннӕ уыдаид. Петрмӕ гӕсгӕ ма суанг иннӕ дзуттаг чырыстӕттӕ дӕр сӕхи афтӕ дарын райдыдтой, уыимӕ Варнавӕ дӕр. Петр цы стыр рӕдыд ӕруагъта, уый тыххӕй тӕссаг уыд, ӕмбырд куы ныддихтӕ уыдаид, уымӕй. Цымӕ уыцы фӕлтӕрдджын чырыстон афтӕ цӕмӕн бакодта? Стӕй нын Петры хабар куыд баххуыс кӕндзӕн, хистӕр нӕлгоймаг нын, цы загъта кӕнӕ цы сарӕзта, уымӕй нӕ зӕрдӕ куы скъаха, уӕд?
16. Павел Петрӕн йӕ рӕдыд куыд бамбарын кодта ӕмӕ уый фӕдыл цавӕр фарстатӕ ӕвзӕры?
16 Бакӕс Галатӕгтӕм 2:11–14. Петр адӕмӕй фӕтарст (Ӕмб. 29:25). Кӕд зыдта, Йегъовӕ ӕндӕр адӕмтӕм цы цӕстӕй каст, уый, уӕддӕр фӕтарст, Иерусалимӕй чи ’рцыд, уыцы сунӕтгонд дзуттаг чырыстӕттӕ дзы цы ахъуыды кӕндзысты, уымӕй. Апостол Павел Петрӕн загъта, цӕстмӕ митӕ кӕй кӕны. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, н. э. 49 азы Иерусалимы цы фембӕлд уыд, уым Павел йӕхӕдӕг фехъуыста, Петр, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдоны сӕрыл куыд дзырдта, уый (Хъуыд. 15:12; Гал. 2:13). Цымӕ, Петр цы чырыстӕтты фӕхъыг кодта, уыдон куыд бакодтой? Уый сын цӕлхдур сси? Кӕннод цымӕ Петр йӕ рӕдыды тыххӕй йӕ кадджын хӕстӕй ӕнӕхай фӕци?
ХАТЫР КӔНЫН ЗОН
17. Йегъовӕ Петрӕн кӕй ныххатыр кодта, уый йын цы пайда ӕрхаста?
17 Петр уыд сӕрныллӕг адӕймаг, ӕмӕ йын Павелы уайдзӕф зондзонӕн фӕци. Стӕй Библийы уый кой никуы ис, ӕмӕ Петр йӕ хӕстӕй ӕнӕхай фӕци. Фӕстӕдӕр ма Хуыцауы фӕндӕй Библийы чингуытӕй дӕр дыууӕ ныффыста. Ӕмӕ йӕ дыккаг фыстӕджы Павелы хоны «нӕ уарзон ӕфсымӕр» (2 Пет. 3:15). Петр, дзуттаг чи нӕ уыд, уыцы чырыстӕттӕн, ӕвӕццӕгӕн, сӕ зӕрдӕтӕ фӕриссын кодта. Фӕлӕ дзы уӕддӕр Йесо, ӕмбырды сӕргъы чи ис, уый, дарддӕр дӕр пайда кодта (Еф. 1:22). Уый фӕрцы ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ бон уыд Йесойы ӕмӕ йӕ Фыды бафӕзмын ӕмӕ Петрӕн ныххатыр кӕнын. Ныфс нӕ ис, ӕнӕххӕст адӕймаджы рӕдыд иу чырыстонӕн дӕр цӕлхдур кӕй не сси.
18. Цавӕр уавӕрты бахъӕуы, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уымӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсын?
18 Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕххӕст нӕ уыдысты, ӕмӕ абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕххӕст не сты. Библийы фыст ис: «Мах не ’ппӕт дӕр арӕх рӕдийӕм» (Иак. 3:2). Афтӕ кӕй у, уыимӕ, ӕвӕццӕгӕн, алчидӕр разы вӕййы. Фӕлӕ, хъуыддаг хъуыддагмӕ куы ’рцӕуы, ома нӕ исчи куы фӕхъыг кӕны, уӕд куыд бакӕнӕм? Йегъовӕйы цӕсты раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый бамбарыныл фӕархайӕм ӕмӕ хъуыддагмӕ уый цӕстӕй фӕкӕсӕм? Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймаг цыдӕр загъта, ӕмӕ йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, кӕмӕдӕр ӕвзӕр цӕстӕй кӕй кӕсы, кӕйдӕр та хъулон кӕй кӕны. Уӕд куыд кӕндзынӕ? Хистӕр нӕлгоймаг дын ӕнӕрхъуыдыйӕ исты куы зӕгъа ӕмӕ дӕм йӕ ныхӕстӕ хъыг куы фӕкӕсой, уӕд дын уый цӕлхдур суыдзӕн? Уайтагъд афтӕ хъуыды кӕнын райдайдзынӕ, ӕмӕ хъуамӕ хистӕр нӕлгоймаг ма уа? Ӕви Йесомӕ, ӕмбырды сӕргъы чи ис, уымӕ, банхъӕлмӕ кӕсдзынӕ? Ӕфсымӕр рӕдыд кӕй ӕруагъта, ууыл хъуыды кӕндзынӕ ӕви, бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕны, ууыл? Чи дӕ фӕхъыг кодта, уыцы ӕфсымӕр дарддӕр хистӕр нӕлгоймагӕй куы лӕггад кӕна кӕнӕ ма йын суанг ноджыдӕр цавӕрдӕр хӕстӕ куы бабар кӕной, уӕд ын йӕ циныл цин кӕндзынӕ? Хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ куы уай, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ ды дӕр, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уымӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсыс. (Бакӕс Матфейы 6:14, 15.)
19. Ӕфхӕрд куы ӕййафӕм, уӕд куыд хъуамӕ архайӕм?
19 Мах уарзӕм рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ фыддунейы тыххӕй цы хӕрам хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдонӕн Йегъовӕ кӕрон кӕд скӕндзӕн, уымӕ (Ис. 65:17). Фӕлӕ цалынмӕ уыцы бон нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ та, ӕфхӕрд куы ӕййафӕм, уӕд хъуамӕ сӕрныллӕг уӕм ӕмӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, алцы кӕй нӕ зонӕм, стӕй-иу нӕ чи фӕхъыг кӕна, уыдонӕн-иу зӕрдӕбынӕй ныххатыр кӕнӕм. Ӕмӕ уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уымӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕй кӕсӕм.