Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w17 апрель 28–32 фф.
  • Дӕ барвӕндон лӕггадӕй Йегъовӕйы кадджын кӕн!

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ барвӕндон лӕггадӕй Йегъовӕйы кадджын кӕн!
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ХУЫЦАУӔН «ИСТЫ ДӔТТЫС»?
  • ТАРСТЫСТЫ, ФӔЛӔ СӔ ХУЫЦАУ НЫФС БАУАГЪТА
  • ИУТӔ УДУӔЛДАЙӔ АРХАЙДТОЙ, ИННӔТӔ – НӔ
  • «АРФӔ КӔНУТ ЙЕГЪОВӔЙӔН!»
  • Ног разамонӕг ӕмӕ дыууӕ хъӕбатыр сылгоймаджы
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • «Израилӕн мадау ӕххуысмӕ... сыстадтӕн»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Дыууӕ хъӕбатыр сылгоймаджы
    Мӕ библион радзырдты чиныг
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
w17 апрель 28–32 фф.
Варак ӕмӕ йӕ адӕм Сисарӕйы йе ’фсадимӕ фӕсурынц

Дӕ барвӕндон лӕггадӕй Йегъовӕйы кадджын кӕн!

«Адӕм... барвӕндӕй кӕй рацыдысты... уый тыххӕй арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн!» (ТӔРХ. 5:2).

ЗАРДЖЫТӔ: 84, 75

ЦӔМӔ ГӔСГӔ ИС ЗӔГЪӔН...

  • ...Йегъовӕйӕн ӕхсызгон кӕй нӕ вӕййы, йӕ хъуыддагмӕ йын куыдфӕндыйы цӕстӕй куы фӕкӕсӕм?

  • ...Йегъовӕ кӕй аргъ кӕны, иузӕрдионӕй йын чи лӕггад кӕны, уыдонӕн ӕмӕ сын кӕй арфӕ кӕны?

  • ...Йегъовӕ, лӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй дӕ, уымӕн кӕй аргъ кӕны?

1, 2. а) Хуыцау нын нӕ лӕггадмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй Елифаз ӕмӕ Вилдад цы загътой? б) Йегъовӕ куыд бамбарын кодта, нӕ лӕггады тыххӕй цы хъуыды кӕны, уый?

«АДӔЙМАГ Хуыцауӕн исты пайда у? Ӕмбаргӕ адӕймаг ын исты ӕххуыс у? Рӕстгӕнӕг кӕй дӕ, уый Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн исты циндзинад хӕссы? Кӕнӕ ӕнӕфау кӕй дӕ, уымӕй йын исты пайда ис?» (Иов 22:1–3). Ахӕм фарстатӕ феманаг Елифаз радта Иовмӕ, ӕмӕ йӕ зӕгъын фӕндыд, уыдӕттӕ Хуыцауӕн ницы пайда сты, зӕгъгӕ. Шуахаг Вилдад та ма суанг загъта, уый гӕнӕн кӕй нӕй, ӕмӕ Хуыцау адӕмы рӕстгӕнджытыл нымайа. (Бакӕс Иов 25:4.)

2 Елифаз ӕмӕ Вилдад цӕхгӕр ныллӕууыдысты, зӕгъгӕ, дам, адӕймаг иузӕрдионӕй лӕггад кӕныныл кӕй архайы, уый, дам, Хуыцауӕн ницы пайда у. Стӕй, дам, рӕмпӕгӕн, уаллонӕн кӕнӕ зулкъӕн Хуыцауы цӕсты цы кад ис, махӕн дӕр йӕ цӕсты уымӕй стырдӕр кад нӕй (Иов 4:19; 25:6). Ахӕм ныхӕстӕ, мыййаг, уымӕн кодтой, ӕмӕ сӕрныллӕг уыдысты? (Иов 22:29). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ у бӕрзондылбадӕг Стыр Хуыцау, мах та стӕм зӕххон адӕймӕгтӕ. Зӕгъӕм, адӕймаг хохы цъуппыл куы фӕлӕууы кӕнӕ хӕдтӕхӕджы рудзынгӕй бынмӕ куы фӕкӕсы, уӕд ӕм уырдыгӕй адӕм зынгӕ дӕр нӕ фӕкӕнынц, ӕмӕ ахъуыды кӕны, гъеныр Хуыцауы раз цы стӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ цымӕ Йегъовӕмӕ, йӕ Паддзахады тыххӕй цы аразӕм, уый ницы кӕсы? Йегъовӕ Елифазӕн, Вилдадӕн ӕмӕ Софарӕн бауайдзӕф кодта, мӕнг ныхӕстӕ дзы кӕй фӕкодтой, уый тыххӕй. Иовы та схуыдта йӕ лӕггадгӕнӕг ӕмӕ дзы йӕ зӕрдӕ рухс кодта (Иов 42:7, 8). Уӕдӕ хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, ӕнӕххӕст адӕм Хуыцауӕн «пайда» кӕй сты, ууыл.

ХУЫЦАУӔН «ИСТЫ ДӔТТЫС»?

3. Хуыцауы хъуыддаджы цы аразӕм, уый тыххӕй Елиуй цы загъта ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты?

3 Ӕрыгон лӕппу Елиуй байхъуыста, Иов ӕмӕ иннӕ ӕртӕ нӕлгоймаджы цы дзырдтой, уымӕ. Ӕмӕ стӕй Иовы бафарста: «Кӕд раст дӕ, уӕд ын [ома Хуыцауӕн] уымӕй исты дӕттыс кӕнӕ дӕ къухӕй исты райсы?» (Иов 35:7). Мыййаг, Елиуйы дӕр афтӕ зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаджы нӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы у? Нӕ, уый зӕгъын ӕй нӕ фӕндыд. Йегъовӕ йын нӕ бауайдзӕф кодта, иннӕтӕн куыд бауайдзӕф кодта, афтӕ. Елиуйы зӕгъын фӕндыд, зӕгъгӕ, мах Хуыцауӕн куы нӕ лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр ыл уый никуыд фӕзындзӕн. Йегъовӕ ницы хъуаг у. Цыфӕнды ма аразӕм, уӕддӕр уымӕй нӕдӕр хъӕздыгдӕр фӕуыдзӕн, нӕдӕр тыхджындӕр. Уый нын йӕхӕдӕг радта, цы хорз миниуджытӕ ӕмӕ нӕм курдиӕттӕ ис, уыдон, ӕмӕ сӕ куыд пайда кӕнӕм, уый дӕр уыны.

4. Иннӕтӕн исты хорзы куы бацӕуӕм, уӕд Йегъовӕ уымӕ цы цӕстӕй фӕкӕсы?

4 Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдонӕн исты хорзы куы бацӕуӕм ӕмӕ уымӕй не ’нувыд уарзт куы равдисӕм, уӕд Йегъовӕ уыцы хъуыддаг фӕнымайы, цыма йын ӕй йӕхицӕн сарӕзтам, афтӕ. Ӕмбисӕндты 19:17 фыст ис: «Мӕгуырӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы адӕймаг ӕфстау дӕтты Йегъовӕйӕн, ӕмӕ йын уый бафиддзӕн йӕ хорздзинад». Йегъовӕ уыны, иннӕтӕн хорзӕй цыдӕриддӕр аразӕм, уый. Ӕмӕ кӕд Дунесфӕлдисӕг у, уӕддӕр, цы саразӕм, уымӕ ахӕм цӕстӕй фӕкӕсы, цыма нӕ хӕс дары, ӕмӕ нын уыцы хӕс бирӕ арфӕдзинӕдтӕй бафиды. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый Хуыцауы Фырт Йесо Чырысти дӕр загъта. (Бакӕс Лукайы 14:13, 14.)

5. Цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

5 Раджы заманты Йегъовӕ пехуымпар Исайӕн загъта, цӕмӕй йӕ адӕммӕ ацыдаид ӕмӕ йӕ номӕй дзырдтаид – уый уыд кадджын хӕс (Ис. 6:8–10). Исай зӕрдиагӕй сразы ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит». Абон дӕр Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн фадат дӕтты, цӕмӕй йын йӕ хъуыддаджы архайой. Мингӕйттӕ Исайау зӕрдиагӕй сразы вӕййынц алы рӕтты лӕггад кӕныныл ӕмӕ алыхуызон хӕстӕ ӕххӕст кӕныныл, кӕд цыфӕнды зын вӕййынц, уӕддӕр. Фӕлӕ, чи зоны, исчи ахъуыды кӕна: «Йегъовӕйы хъуыддаджы мӕ бон цыдӕр аразын кӕй у, уымӕн бӕргӕ аргъ кӕнын. Фӕлӕ, цы аразын, уый уӕвгӕ исты пайда у? Ӕнӕ мӕнӕй дӕр йӕ хъуыддаг кӕронмӕ нӕ ахӕццӕ кӕндзӕн?» Ӕркӕсӕм-ма, Деворӕ ӕмӕ Варакы заман цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон ацы фарстатӕн дзуапп куыд дӕттынц, уымӕ.

ТАРСТЫСТЫ, ФӔЛӔ СӔ ХУЫЦАУ НЫФС БАУАГЪТА

6. Цӕмӕн уыд зӕгъӕн, ӕмӕ Иавины ӕфсад израилӕгтыл ӕнцонтӕй фӕуӕлахиз уыдаид?

6 Ханаайнаг паддзах Иавин 20 азы дӕргъы израилӕгты «хӕрдмӕ скӕсын нӕ уагъта». Иавины ӕфсад ахӕм карз ӕмӕ ӕгъатыр уыд, ӕмӕ израилӕгтӕ, кӕм ӕмбӕхстысты, уыцы бынӕттӕй рацӕуын дӕр нӕ уӕндыдысты. Иавинмӕ уыди 900 хӕстон бӕхуӕрдоны, сӕ цӕлхытыл ӕфсӕйнаг кӕрдтӕ кӕмӕн уыд, ахӕмтӕ. Израилӕгтӕм та рӕстмӕ нӕдӕр хӕцӕнгарз уыди, нӕдӕр хӕстон дзауматӕ (Тӕрх. 4:1–3, 13; 5:6–8)a.

7, 8. а) Йегъовӕ Варакӕн фыццаг цы саразын кодта? б) Израилӕгтӕ Иавины ӕфсадыл куыд фӕуӕлахиз сты? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

7 Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ Варакӕн пехуымпар Деворӕйы уылты загъта: «Ацу ӕмӕ Фаворы хохыл ӕрбынат кӕн, демӕ акӕн дӕс мин лӕджы Неффалимы фырттӕй ӕмӕ Завулоны фырттӕй. Ӕмӕ дӕм ӕз Иавины ӕфсады хистӕр Сисарӕйы йӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттимӕ ӕмӕ йӕ адӕмимӕ Киссоны дӕлвӕзмӕ ӕркӕндзынӕн, ӕмӕ дын ӕй дӕ къухмӕ ратдзынӕн» (Тӕрх. 4:4–7).

8 Барвӕндӕй хӕстмӕ чи рацыд, уыцы 10 мин хӕстоны ӕрӕмбырд сты Фаворы хохыл. Ӕмӕ Варак ӕмӕ йӕ хӕстонтӕ Фаанахы се знӕгтимӕ тохы бацыдысты. (Бакӕс Тӕрхонгӕнджыты 4:14–16.) Цымӕ Йегъовӕ израилӕгтӕн баххуыс кодта? О. Ӕвиппайды арв фемӕхст, ӕмӕ бӕстӕ цъыфдзаст сси. Уый израилӕгтӕн стыр ӕххуыс фӕци. Варак Сисарӕйы ӕфсад фӕсырдта 24 километры, суанг Харошеф-Гоимы онг. Фӕндагыл кӕмдӕр Сисарӕйы бӕхуӕрдон цъыфы ныссагъд, ӕмӕ йӕ уым ныууагъта – ницыуал пайда йын уыд. Йӕхӕдӕг та алыгъд Цананниммӕ. Уым Сисарӕ бамбӕхст Иаилы цатыры. Сисарӕ тынг бафӕллад, ӕмӕ уайтагъд афынӕй. Ӕмӕ йӕ уӕд Иаил амардта. Уымӕн хъӕбатырдзинад куыннӕ хъуыд (Тӕрх. 4:17–21). Афтӕмӕй Йегъовӕйы фӕрцы израилӕгтӕ се знӕгтыл фӕуӕлахиз сты!b

ИУТӔ УДУӔЛДАЙӔ АРХАЙДТОЙ, ИННӔТӔ – НӔ

9. Тӕрхонгӕнджыты 5:20, 21 стихтӕй цы ис базонӕн, израилӕгтӕ Сисарӕимӕ куыд хӕцыдысты, уый тыххӕй?

9 Тӕрхонгӕнджыты 4 сӕры цы хабӕртты кой ис, уыдоны тыххӕй фылдӕр базонӕн ис 5 сӕрӕй. Тӕрхонгӕнджыты 5:20, 21 стихты фыст ис: «Арвӕй стъалытӕ хӕцыдысты, кӕм сты, уырдыгӕй хӕцыдысты Сисарӕйы ныхмӕ. Киссоны цӕугӕдон сӕ фӕласта». Цымӕ уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ израилӕгтӕн зӕдтӕ ӕххуыс кодтой? Ӕви арвӕй метеориттӕ хауди? Библи уый не ’мбарын кӕны. Фӕлӕ цымӕ афтӕ йӕхигъӕдӕй рауадаид, цӕмӕй тӕккӕ уыцы бынаты ӕмӕ тӕккӕ уыцы афон ахӕм тыхджын къӕвда ныууара, ӕмӕ 900 хӕстон бӕхуӕрдонӕн сӕ цӕлхытӕ цъыфы аныгъуылой? Йегъовӕйы йеддӕмӕ ма уый чи бакодтаид? Тӕрхонгӕнджыты 4:14, 15 стихты 3 хатты ис, Йегъовӕйы фӕрцы кӕй фӕуӕлахиз сты, уый кой. 10 мин израилагӕй иуӕн дӕр йӕ бон нӕ уыд зӕгъын, уӕлахиз нӕ къухы мӕ фӕрцы бафтыд, зӕгъгӕ.

10, 11. Мероз цы уыди ӕмӕ ӕлгъыст цӕмӕн ӕрцыд?

10 Ныр та иу цымыдисаг хабармӕ ӕркӕсӕм. Израилӕгтӕ куы фӕуӕлахиз сты, уӕд Деворӕ ӕмӕ Варак Йегъовӕйы кадӕн зарыдысты зарӕг, ӕмӕ дзы уыд ахӕм ныхӕстӕ: «„Ӕлгъитут Мерозы,– загъта Йегъовӕйы зӕд,– ӕнӕрлӕугӕйӕ йын ӕлгъитут йӕ цӕрджыты, уымӕн ӕмӕ уыдон не ’рцыдысты Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ, не ’рцыдысты Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ тыхджынтимӕ иумӕ“» (Тӕрх. 5:23).

11 Цымӕ Мероз цы уыди? Уый бӕлвырдӕй нӕ зонӕм. Ӕвӕццӕгӕн ыл уыцы ӕлгъыст ӕцӕгдӕр ӕрцыд, уымӕн ӕмӕ йӕ кой, йӕ хъӕр нал ис. Чи зоны, Мероз уыди горӕт, ӕмӕ йӕ цӕрджыты нӕ бафӕндыд Варакимӕ хӕстмӕ ацӕуын. Кӕд ханаайнӕгты ныхмӕ барвӕндӕй 10 мин хӕстоны рацыд, уӕд Мерозы цӕрджытӕ дӕр куыннӕ фехъуыстаиккой, адӕмы хӕстмӕ кӕй ӕмбырд кӕнынц, уый тыххӕй. Науӕд та, чи зоны, Сисарӕ Варакӕй куы лыгъди, уӕд ӕй бахъуыд Мерозыл лидзын. Ӕмӕ горӕты цӕрджытӕн уыдаид фадат, цӕмӕй йӕ ӕрцахстаиккой, фӕлӕ афтӕ нӕ бакодтой. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: лӕууынц ӕмӕ кӕсынц, уыцы ӕгъатыр хӕстон тарстхуызӕй сӕ уынгты куыд фӕлидзы, уымӕ! Сӕ бон уыд цыдӕр саразын, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕнд сӕххӕст уыдаид, ӕмӕ сын Йегъовӕ дӕр раарфӕ кодтаид. Фӕлӕ ницы сарӕзтой. Куыд зыны, афтӕмӕй Мерозы адӕм тынг хицӕн кодтой хъӕбатыр сылгоймаг Иаилӕй (Тӕрх. 5:24–27).

12. Тӕрхонгӕнджыты 5:9, 10 стихтӕй цы ис базонӕн, адӕм кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кодтой, уый тыххӕй? Уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?

12 Тӕрхонгӕнджыты 5:9, 10 стихтӕй ма базонӕн ис, Варакимӕ чи рацыд, уыдон, рацӕуын кӕй нӕ бафӕндыд, уыдонӕй ноджыдӕр цӕмӕй хицӕн кодтой, уый. Деворӕ ӕмӕ Варак раппӕлыдысты «Израилы ӕфсӕддон хицӕуттӕй, адӕмы ’хсӕнӕй хӕстмӕ барвӕндӕй чи рацыд, уыдонӕй». Уыцы хицӕуттӕ тынг хицӕн кодтой, «бур хӕрджытыл чи цыд» ӕмӕ хӕстмӕ рацӕуын йӕ сӕрмӕ чи не ’рхаста, уыцы израилӕгтӕй. Уыдон «зынаргъ гауызтыл» бадтысты ӕмӕ бухъцард кодтой. «Фӕндагыл чи цыд, уыдон» сӕхи ӕппындӕр нӕ батыхсын кодтой. Варакимӕ хӕстмӕ чи рацыд, уыцы израилӕгтӕ та хӕцыдысты Фаворы хохыл ӕмӕ донивылд, цъыфдзаст Киссоны дӕлвӕзы. Йӕ уды дзӕбӕхӕн чи цард, уыдонӕн загъд уыд: «Лӕмбынӕг ахъуыды кӕнут!» Хъуамӕ дзӕбӕх ахъуыды кодтаиккой, Йегъовӕйы хъуыддаджы тыххӕй сӕ сӕхи батыхсын кӕнын кӕй нӕ бафӕндыд, уый тыххӕй сӕхи ӕнӕхай цы диссаджы фадатӕй фӕкодтой, ууыл. Ӕмӕ-иу абон мах дӕр хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, Хуыцауӕн удуӕлдайӕ ӕмӕ ӕнӕзивӕгӕй лӕггад кӕнӕм ӕви нӕ.

13. Рувимы, Даны ӕмӕ Асиры мыггӕгтӕ Завулоны ӕмӕ Неффалимы мыггӕгтӕй цӕмӕй хицӕн кодтой?

13 Хӕстмӕ барвӕндӕй чи рацыд, уыдон сӕхи цӕстӕй федтой, Йегъовӕ ӕцӕгдӕр Дунедарӕг Хуыцау кӕй у, уый, ӕмӕ иннӕтӕн дӕр дзырдтой «Йегъовӕйы раст хъуыддӕгты» тыххӕй (Тӕрх. 5:11). Уыдонӕй уӕлдай, Рувимы, Даны ӕмӕ Асиры мыггӕгтӕ фылдӕр сӕ хъӕздыгдзинӕдты мӕт кодтой – сӕ дзугты, науты ӕмӕ наулӕууӕнты мӕт, Йегъовӕйы хъуыддагмӕ та куыдфӕндыйы цӕстӕй кастысты (Тӕрх. 5:15–17). Фӕлӕ Завулоны ӕмӕ Неффалимы мыггӕгтӕ Деворӕ ӕмӕ Варакӕн сӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты. Уыдон «сӕхиуыл нӕ ауӕрстой, цӕттӕ уыдысты мӕлӕтмӕ дӕр» (Тӕрх. 5:18). Израилы мыггӕгтӕ уыцы хъуыддагмӕ иухуызон цӕстӕй кӕй нӕ ракастысты, уымӕй нӕ бон у зондӕн иу цыдӕр райсын.

«АРФӔ КӔНУТ ЙЕГЪОВӔЙӔН!»

14. Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?

14 Абон мах, израилӕгтӕ цы хӕсты хӕцыдысты, ахӕм хӕсты нӕ хӕцӕм. Фӕлӕ, Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй стӕм, уый нӕ бон у равдисын, ныфсджынӕй ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй. Йегъовӕйы организацийы абоны хуызӕн никуы хъуыди барвӕндон лӕггадгӕнджыты ӕххуыс. Милуангай ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ – ӕмӕ се ’хсӕн ӕрыгӕттӕ дӕр – лӕггад кӕнынц ӕххӕстрӕстӕг. Бирӕтӕ лӕггад кӕнынц пионертӕй, Вефилты, аразынц Паддзахады залтӕ, бирӕтӕ та феххуыс кӕнынц конгрессты рӕстӕг. Иуӕй-иу хистӕр нӕлгоймӕгтӕ архайынц рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитетты, стӕй феххуыс кӕнынц конгресстӕ цӕттӕ кӕнынӕн, ӕмӕ сӕ бахъӕуы бирӕ фыдӕбон кӕнын. Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм: Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, кӕмфӕнды ма бахъӕуа, уым лӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй стӕм, уымӕн, ӕмӕ нын нӕ фыдӕбон нӕ ферох кӕндзӕн (Дзут. 6:10).

Ӕфсымӕр хъуыды кӕны, куыстыл куы сразы уа, уӕд уый йӕхиуыл, йӕ бинонтыл ӕмӕ ӕмбырдыл куыд фӕзындзӕн, ӕмӕ йыл не сразы

Цалынмӕ уынаффӕ рахӕссай, уӕдмӕ ахъуыды кӕн, уый дӕ бинонтыл ӕмӕ де ’мбырдыл куыд фӕзындзӕн, ууыл (кӕс 15 абзац)

15. Нӕ бон куыд у базонын, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсын райдыдтам ӕви нӕ?

15 Хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид ахӕм фарстатыл: «Мыййаг, афтӕ нӕ хъуыды кӕнын, иннӕтӕ фылдӕр куы аразой, уӕд уый дӕр фаг у, зӕгъгӕ? Мӕ хъуыдытӕ фылдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныныл нӕ, фӕлӕ ӕхцайыл ӕмӕ дзауматыл не сты? Ӕви мӕм ис, Варакмӕ, Деворӕмӕ ӕмӕ Иаилмӕ, стӕй 10 мин хӕстонмӕ цы уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад уыд, ахӕм уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад? Цӕттӕ дӕн, цыдӕриддӕр мӕм ис, уыдӕттӕй Йегъовӕйы хъуыддаджы пайда кӕнынмӕ? Кӕд фылдӕр ӕхца бакусыны ӕмӕ мӕ цард фӕхуыздӕр кӕныны тыххӕй ӕндӕр горӕтмӕ кӕнӕ бӕстӕмӕ ацӕуынмӕ хъавын, уӕд уый тыххӕй Йегъовӕмӕ фӕкувын, цӕмӕй йӕ бамбарон, уый мӕ бинонтыл ӕмӕ ме ’мбырдыл куыд фӕзындзӕн?»c

16. Кӕд Йегъовӕ ницы хъуаг у, уӕддӕр ын нӕ бон цы у раттын?

16 Йегъовӕ нӕ ахӕм стыр кады аккаг скодта, ӕмӕ нын радта бар, цӕмӕй йӕ хицаудзинады фарс хӕцӕм. Хӕйрӕг Адам ӕмӕ Евӕйы йӕхирдӕм куы фӕкодта, уӕдӕй фӕстӕмӕ архайы, цӕмӕй адӕмы Йегъовӕйы ныхмӕ скӕна. Ӕмӕ Йегъовӕйы хицаудзинады фарс куы вӕййӕм, уӕд уымӕй Хӕйрӕгӕн ӕргом равдисӕм, нӕ Хицауыл кӕй нымайӕм, уый. Нӕ уырнындзинад ӕмӕ нӕ нӕ иузӕрдиондзинад разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйӕн барвӕндӕй, ӕнӕзивӕгӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ уымӕй йӕ зӕрдӕ тынг барухс вӕййы (Ӕмб. 23:15, 16). Йегъовӕйыл иузӕрдион куы вӕййӕм ӕмӕ йӕ коммӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд йӕ бон вӕййы Хӕйрӕджы фидистӕн дзуапп дӕттын (Ӕмб. 27:11). Нӕ коммӕгӕсдзинад у нӕ лӕвар Йегъовӕйӕн, ӕмӕ йын у зынаргъ, стӕй йын хӕссы стыр циндзинад.

17. Тӕрхонгӕнджыты 5:31 стихӕй фидӕны хабӕртты тыххӕй цы ис базонӕн?

17 Тагъд зӕххыл цӕрдзысты, Йегъовӕйы хицаудзинад чи равзара, ӕрмӕстдӕр уыцы адӕм. Уыцы бонмӕ куыд тынг бӕллӕм! Мах дӕр фӕнды Деворӕ ӕмӕ Варакау ныззарын: «Фесӕфӕнт де знӕгтӕ иууылдӕр, о Йегъовӕ, чи дӕ уарзы, уыдон та хурау ӕрттивӕнт!» (Тӕрх. 5:31). Ацы ныхӕстӕ сӕххӕст уыдзысты, Йегъовӕ Хӕйрӕджы фыддуне куы фесафа, уӕд. Армагеддоны хӕст куы райдайа, уӕд Йегъовӕйы нӕ хъӕудзӕн барвӕндон лӕггадгӕнджыты ӕххуыс. Уыцы рӕстӕг мах «ӕнцад лӕудзыстӕм ӕмӕ кӕсдзыстӕм, Йегъовӕ нӕ куыд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ» (2 Аз. 20:17). Уӕдмӕ та уал нын ис диссаджы фадӕттӕ, цӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй стӕм, уый, ӕмӕ йын ныфсджынӕй ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм.

18. Йегъовӕйӕн барвӕндӕй ӕмӕ ӕнӕзивӕгӕй куы лӕггад кӕнай, уӕд уый иннӕтӕн цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

18 Деворӕ ӕмӕ Варак сӕ уӕлахизы зарӕг цы ныхӕстӕй райдыдтой, уыдонӕй адӕмы нӕ, фӕлӕ Иунӕг Стыр Хуыцауы кадджын кодтой. Уыдон зарыдысты: «Адӕм... барвӕндӕй кӕй рацыдысты... уый тыххӕй арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн!» (Тӕрх. 5:1, 2). Цӕй уӕдӕ мах дӕр Йегъовӕйӕн барвӕндӕй ӕмӕ ӕнӕзивӕгӕй лӕггад кӕнӕм ӕмӕ иннӕты дӕр разӕнгард кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйӕн арфӕ кӕной ӕмӕ йӕ кадджын кӕной!

a Ам цы кӕрдты кой ис, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты даргъ ӕмӕ цыргъ, иуӕй-иу хатт цӕвӕджы хуызӕн къӕдз. Ӕвӕццӕгӕн-иу фидаргонд уыдысты бӕхуӕрдӕттӕн сӕ цӕлхыты сӕмӕнтыл ӕмӕ-иу сӕ размӕ цы фӕци, уый-иу скарстой.

b Ацы цымыдисаг хабӕртты тыххӕй дӕ бон фылдӕр бакӕсын у брошюрӕйы «Чи амард, уыдон ма искуы цӕрдзысты?» (bp161), 12–15 фӕрстӕ.

c Кӕс статья «Ӕхцахъуаг куы ӕййафӕм» брошюрӕйы «Цы ис саразӕн, цӕмӕй къаддӕр мӕт кӕнӕм?» (bp160).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын