Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp19 № 2 4–5 фф.
  • Ӕрдзон бӕллӕх куы ’рцӕуа

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕрдзон бӕллӕх куы ’рцӕуа
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2019
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • БИБЛИ ФИДӔНӔЙ НЫФС ӔВӔРЫ
  • Цӕттӕ дӕ?
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2020
  • Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Йегъовӕйы бар бакӕнут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Истӕуыл куы мӕт кӕнай, уӕд цы ис саразӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
  • Иннӕтӕн ӕххуыс кӕн зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2019
wp19 № 2 4–5 фф.
Дыууӕ нӕлгоймаджы бадынц, чи ныппырх, уыцы хӕдзары раз

Ӕрдзон бӕллӕх куы ’рцӕуа

«Фыццаг нӕм афтӕ каст, ӕмӕ нӕм царды хорзӕй ницыуал ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Цыдӕриддӕр нӕм уыд, уый цъыфы зӕй ӕмӕ дон аласта» (Эндрю, Сьерра-Леоне).

«Тыхдымгӕйы фӕстӕ куы ӕрбацыдыстӕм, уӕд федтам, нӕ хӕдзарӕй ӕнӕхъӕнӕй кӕй ницыуал баззад. Джихӕй кӕсгӕйӕ баззадыстӕм. Мӕ чызг йӕ уӕрджытыл ӕрхауд ӕмӕ куыдта» (Дэвид, Виргинийы сакъадӕхтӕ).

КӔД дӕуыл дӕр ахӕм бӕллӕх ӕрцыд, уӕд хорз ӕмбардзынӕ, ахӕм уавӕры, чи уыд, уыдоны: адӕймаг арвыцӕфау фӕвӕййы, цы ’рцыд, уый йӕ нӕ фӕуырны, фӕтыхсы, фӕмӕт кӕны ӕмӕ, цыма фыдфынтӕ фӕуыны, афтӕ йӕм фӕкӕсы. Бӕллӕх кӕуыл ӕрцыд, уыцы ныфссаст ӕмӕ фӕллад адӕмӕй бирӕты фӕндгӕ дӕр нал фӕкӕны, цӕмӕй та ногӕй исты аразой.

Кӕд ды дӕр исты бӕллӕхы тыххӕй алцыдӕр фесӕфтай, уӕд дӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ уыцы зындзинӕдтӕ не сфӕраздзынӕ. Уый тыххӕй ма, гӕнӕн ис, афтӕ хъуыды кӕнын дӕр райдайай, ӕмӕ дӕ цардӕй мӕлӕт хуыздӕр у. Фӕлӕ Библи ӕмбарын кӕны, цӕрынӕн тыхтӕ ссарын кӕй хъӕуы, ӕмӕ дын хорз фидӕнӕй фидар ныфс кӕй ис.

БИБЛИ ФИДӔНӔЙ НЫФС ӔВӔРЫ

Екклесиаст 7:8 стихы фыст ис: «Хъуыддагӕн йӕ кӕрон йӕ райдайӕнӕй хуыздӕр у». Бӕллӕхы фӕстӕ дӕм, чи зоны, афтӕ кӕса, ӕмӕ дӕ цард ницыуал пайда у. Фӕлӕ дӕ хъӕуы фӕразондзинад, цӕмӕй та раздӕрау дӕ царды кой кӕнай.

Библи зӕрдӕ ӕвӕры, ахӕм рӕстӕг кӕй уыдзӕн, ӕмӕ «нал райхъуысдзӕн кӕуын ӕмӕ, зӕрдӕ кӕмӕй уынгӕг кӕны, ахӕм хъӕр» (Исай 65:19). Уый уыдзӕн, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар зӕхх дзӕнӕт куы суа, уӕд (Псалом 37:11, 29). Уӕд бӕллӕхтӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Дӕ зӕрдӕйы кӕнӕ дӕ буары хъӕдгӕмттӕ, стӕй дын маст цы хъуыдытӕ хӕссынц, уыдонӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры: «Раздӕр цы уыд, уыдон хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн ӕмӕ зӕрдӕйы дӕр нал баззайдзысты» (Исай 65:17).

Ахъуыды-ма кӕн: Сфӕлдисӕг батыхсти, цӕмӕй дын «фидӕн ӕмӕ ныфс» уа, ома йӕ Паддзахады дӕлбар фӕрнӕй цӕрай (Йереми 29:11). Ахӕм цард кӕй уыдзӕн, уый дӕ ныфс нӕ уадзы ӕмӕ цардӕн тынгдӕр нӕ аргъ кӕныс? Раззаг статьяйы кӕй кой цыди, уыцы сылгоймаг, Салли, загъта: «Фидӕны Хуыцауы Паддзахад цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сараздзӕн, уыдон-иу дӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууын кӕнай, уӕд ӕдзух нӕ хъуыды кӕндзынӕ, цы ӕрцыд, ууыл ӕмӕ зындзинӕдтӕн фӕраздзынӕ».

Хорз уаид, куы базонис, тагъд рӕстӕджы Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн цы диссаджы цард сараздзӕн, уый тыххӕй. Кӕд бӕллӕхы бахаудтӕ, уӕддӕр дын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ цӕрын фӕнда ӕмӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсай, бӕллӕхтӕ кӕм нал уыдзӕн, уыцы фидӕнмӕ. Цалынмӕ уыцы рӕстӕг нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ дын Библийы уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты, бӕллӕхы фӕстӕ цы зындзинӕдтӕ ӕййафыс, уыдон сфӕразынӕн. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.

Чи дӕ бафидар кӕндзӕн, ахӕм стихтӕ Библийӕ

Фаг улӕф.

«Дӕхи фыдӕбонӕй марыны бӕсты ӕмӕ дымгӕ сурыны бӕсты фӕлтау иу гыццыл баулӕф» (Екклесиаст 4:6).

Иртасджытӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, бӕллӕхы чи бахауд, ахӕм адӕймаг ӕвзӕр куы фӕфынӕй кӕны, уӕд уый йе’ нӕниздзинадыл дӕр ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы уагыл дӕр ӕвзӕрырдӕм фӕзыны. Уӕдӕ хорз уаид фаг улӕфын.

Дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый тыххӕй дзур.

«Сагъӕстӕй адӕймаджы зӕрдӕ ныууӕззау вӕййы, хорз ныхас та зӕрдӕйыл базыртӕ басадзы» (Ӕмбисӕндтӕ 12:25).

Аныхас кӕн дӕ бинонтӕй искӕимӕ кӕнӕ дӕ хорз ӕмбалимӕ. Уыдон дӕм ӕрмӕст хъусгӕ нӕ бакӕндзысты, фӕлӕ ма дӕ бафидар кӕндзысты, ӕмӕ дӕ ӕххуыс кӕм хъӕуа, уым дын баххуыс кӕндзыстыa.

Хорз фидӕныл хъуыды кӕн.

«Мах, зӕрдӕ нын куыд бавӕрдта [Хуыцау], афтӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног арв ӕмӕ ног зӕхмӕ» (2 Петры 3:13).

a Адӕймаг йӕхимӕ бирӕ рӕстӕг куы ныхъхъуса кӕнӕ ӕгӕр тынг куы мӕт кӕна, уӕд ӕй хъӕудзӕн дохтырты ӕххуыс бацагурын.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын