Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb20 май 3 ф.
  • Цӕттӕ дӕ?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цӕттӕ дӕ?
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2020
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Фӕстаг бонтӕн» сӕ фӕстаг бонтӕм цӕттӕ дӕ?
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
  • Ӕрдзон бӕллӕхтӕм цӕттӕ дӕ?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
  • Змӕстыты рӕстӕг цӕттӕ разындзынӕ?
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2022
  • Иннӕтӕн ӕххуыс кӕн зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2020
mwb20 май 3 ф.
Бинонтӕ хызыны ӕвӕрынц, бӕллӕхты рӕстӕг сӕ цы бахъӕудзӕн, уыдӕттӕ

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Цӕттӕ дӕ?

Кӕм цӕрыс, уым исты ӕрдзон бӕллӕх куы ’рцӕуа, уӕд цӕттӕ разындзынӕ? Ӕрдзон бӕллӕхтӕ арӕх ӕрцӕуынц ӕнӕнхъӕлӕджы ӕмӕ ӕрхӕссынц стыр зиан. Гӕнӕн ис, зӕххӕнкъуыст ӕрцӕуа, дон раивыла, тыхдымгӕ сыста, хъӕд ссудза кӕнӕ ӕндӕр ӕрдзон бӕллӕх ӕрцӕуа. Уымӕй уӕлдай ма, гӕнӕн ис, кӕмфӕнды дӕр ӕрцӕуой терракттӕ ӕмӕ змӕстытӕ кӕнӕ сыстой фыднизтӕ, ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ дӕр ӕрцӕуынц ӕнӕнхъӕлӕджы (Ек 9:11). Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, махмӕ ахӕм бӕллӕх никуы ӕрцӕудзӕн, зӕгъгӕ.

Алкӕй дӕр нӕ хъӕуы йӕхи ахӕм бӕллӕхтӕм бацӕттӕ кӕнын (Ӕм 22:3). Кӕд нын Йегъовӕйы организаци бӕллӕхты рӕстӕг цӕмӕйдӕрты баххуыс кӕны, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕхӕдӕг хъуамӕ мацы аразӕм (Га 6:5).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ӔРДЗОН БӔЛЛӔХТӔМ ЦӔТТӔ ДӔ?» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Ӕфсымӕр Библи кӕсы, цӕмӕй йӕ уырнындзинад фидар кӕна; уый фӕрцы ӕрдзон бӕллӕхмӕ цӕттӕ разындзӕн

    Нӕ уырнындзинад куы фидар кӕнӕм ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр куы кӕнӕм, уӕд нын уый ӕрдзон бӕллӕхты рӕстӕг куыд баххуыс кӕндзӕн?

  • Бӕллӕхты рӕстӕг цы бахъӕудзӕн, уыдӕттӕ хызыны ӕвӕрдӕй; адрис ӕмӕ телефоны номыр; телефон

    Цӕмӕн у ахсджиаг...

    • • рагацау хистӕр нӕлгоймӕгтӕн нӕ телефоны номыр ӕмӕ нӕ адрис раттын, стӕй бӕллӕхы рӕстӕг дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр семӕ ӕмгуыст кӕнын?

    • • бӕллӕхы рӕстӕг нӕ цы бахъӕудзӕн, уыдӕттӕ хызыны ӕвӕрдӕй дарын? (g17.5-U 6)

    • • нӕ территорийы цавӕр ӕрдзон бӕллӕхтӕй у тӕссаг ӕмӕ, исты бӕллӕх куы ’рцӕуа, уӕд куыд хъӕудзӕн архайын, ууыл аныхас кӕнын?

  • Нывтӕ: бӕллӕхты рӕстӕг иннӕтӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн. 1. Ӕфсымӕр кувы. 2. Ӕфсымӕртӕ ӕххуыс кӕнынц, ӕрдзон бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыдонӕн. 3. Ӕфсымӕр Паддзахады залы асыччы мысайнаг ӕппары

    Ӕрдзон бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыдонӕн нӕ бон цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы у баххуыс кӕнын?

ДӔ БОН У БАХХУЫС КӔНЫН?

Фӕстаг рӕстӕг арӕхӕй-арӕхдӕр фӕхъӕуы, ӕрдзон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхӕссынц, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Кӕд дӕу дӕр фӕнды ӕххуыс кӕнын, уӕд уый тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕвӕстиатӕй зӕгъ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын