Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb22 май 7 ф.
  • Змӕстыты рӕстӕг цӕттӕ разындзынӕ?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Змӕстыты рӕстӕг цӕттӕ разындзынӕ?
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2022
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цӕттӕ дӕ?
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2020
  • «Фӕстаг бонтӕн» сӕ фӕстаг бонтӕм цӕттӕ дӕ?
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
  • Экономикӕйы кризисмӕ цӕттӕ дӕ?
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Нӕ ахуыргӕнинӕгтӕн амонӕм, ахуырмӕ цӕттӕ кӕнын куыд хъӕуы, уый
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2018
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2022
mwb22 май 7 ф.
Бинонтӕ телевизормӕ кӕсынц ӕмӕ фехъуыстой, змӕстытӕ кӕй цӕуы. Сӕ фарсмӕ, бӕллӕхты рӕстӕгмӕ кӕй бацӕттӕ кодтой, уыцы хызынтӕ

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Змӕстыты рӕстӕг цӕттӕ разындзынӕ?

Ацы дунейы кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ змӕстытӕ, теракттӕ ӕмӕ хӕстытӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзысты (Рар 6:4). Фидӕны нӕм цы зындзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонмӕ нӕ бон куыд у нӕхи бацӕттӕ кӕнын?

  • Дӕ уырнындзинад фидар кӕн. Ахъуыды кӕн, Библийӕ дын цавӕр уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ кӕй цӕвиттонтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл тынгдӕр ӕууӕндай ӕмӕ ацы дунейы хъуыддӕгтӕй дӕхи хизай (Ӕм 12:5; jr 167 ф., 23, 24 абз.). Абон уый рӕстӕг у, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ ӕнгомдӕр кӕнӕм (1Пт 4:7, 8).

  • Дӕхи бацӕттӕ кӕн. Ахъуыды кӕн, цы дӕ хъӕуы саразын, цӕмӕй дӕ хӕдзары ӕдас уа. Спълан кӕн, цы араздзынӕ, хӕдзарӕй дӕ лидзын куы бахъӕуа, уӕд. Бӕллӕхы рӕстӕг дӕ цы бахъӕудзӕн, уыдӕттӕ дӕ хызыны ӕвӕрдӕй дар. Стӕй ма дзы дӕ бон у нывӕрын, зӕгъӕм, маскӕтӕ, перчаткӕтӕ ӕмӕ ӕхца. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕ телефоны номыртӕ ратт ӕмӕ сын сӕхи номыртӕ дӕр райс (Ис 32:2; g17.5-U 3–7).

Змӕстыты рӕстӕг дӕр-иу Хуыцауы хъуыддӕгты архай ӕмӕ дӕ уырнындзинад фидар кӕн (Фп 1:10). Ӕнӕхъуаджы-иу ӕддӕмӕ ма хиз (Мф 10:16). Иннӕтӕн-иу фӕхай кӕн хӕринаг ӕмӕ ма дӕм цы ис, уымӕй (Ро 12:13).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ИСТЫ БӔЛЛӔХ КУЫ ’РЦӔУА, УӔД ЦӔТТӔ РАЗЫНДЗЫНӔ?» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Йегъовӕ нын бӕллӕхты рӕстӕг куыд баххуыс кӕны?

  • Нӕ бон куыд у нӕхи бӕллӕхтӕм бацӕттӕ кӕнын?

  • Цавӕрдӕр бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыдонӕн нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын