Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb23 май 5 ф.
  • Экономикӕйы кризисмӕ цӕттӕ дӕ?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Экономикӕйы кризисмӕ цӕттӕ дӕ?
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цӕттӕ дӕ?
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2020
  • «Фӕстаг бонтӕн» сӕ фӕстаг бонтӕм цӕттӕ дӕ?
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
  • Дӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг уӕд, дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарыс
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Змӕстыты рӕстӕг цӕттӕ разындзынӕ?
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2022
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
mwb23 май 5 ф.

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Экономикӕйы кризисмӕ цӕттӕ дӕ?

Ӕгас дунейы дӕр экономикӕ тынг ӕвзӕр уавӕры ис. Ӕмӕ нӕ уый дисы не ’фтауы, уымӕн ӕмӕ цӕрӕм фӕстаг бонты. Библи нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ, «ӕууӕнк кӕуыл нӕй, уыцы хъӕздыгдзинадыл» ма дарӕм (1Тм 6:17; 2Тм 3:1). Паддзах Иосафаты цӕвиттон нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, экономикӕйы уавӕр куы фӕфыддӕр уа, уӕд уымӕ цӕттӕ разынӕм?

Иосафаты ныхмӕ знӕгтӕ куы рацыдысты, уӕд йӕ ныфс дардта Йегъовӕйыл (2Аз 20:9–12). Рагацау бацархайдта, цӕмӕй адӕмы бахъахъхъӕдтаид: сарӕзта фидаргонд горӕттӕ ӕмӕ дзы ӕфсӕдтӕ сӕвӕрдта (2Аз 17:1, 2, 12, 13). Мах дӕр хъуамӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм ӕмӕ зын рӕстӕджытӕм нӕхи рагацау бацӕттӕ кӕнӕм.

ЭКОНОМИКӔЙЫ КРИЗИСМӔ ДӔ БОН КУЫД У ДӔХИ БАЦӔТТӔ КӔНЫН?

Дӕ уырнындзинад фидар кӕн. Цы дын ис, уый фагыл нымай ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ дын кӕй дӕтдзӕн, цӕрынӕн дӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ (Мф 6:26; 1Тм 6:8). Дӕхицӕн фидарӕй зӕгъ, уыдӕттӕ самал кӕныны тыххӕй Библийы уагӕвӕрдты сӕрты кӕй никуы ахиздзынӕ (Ро 2:21). Ахъуыды кӕн, цы ис саразӕн, цӕмӕй-иу дӕ бон уа дарддӕр Библи ӕмӕ публикацитӕ кӕсын, рухс кӕнӕ интернет куы нӕ уа, уӕд дӕр. Ӕвӕрдӕй дар иу-цалдӕр мыхуыргонд публикацийы ӕмӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, рагацау рафысс электронон публикацитӕ.

Ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ дӕм уӕд. Цалынмӕ экономикӕйы кризис нӕ райдыдта, уӕдмӕ дӕ хӕстӕ бафид ӕмӕ ӕнӕхъуаджы хӕрдзтӕ ма кӕн (Ӕм 22:7). Гӕнӕн уӕвгӕйӕ, тагъд чи нӕ сӕфы, ахӕм хӕринӕгтӕ ӕмӕ, ӕнӕмӕнг чи фӕхъӕуы, ахӕм дзауматӕ ӕвӕрдӕй дар. Иуӕй-иутӕ сӕхицӕн цӕхӕрадон скодтой, цӕмӕй сӕ алцыдӕр ӕлхӕнын ма хъӕуа.

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «БӔЛЛӔХМӔ ЦӔТТӔ ДӔ?» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

Къам видеороликӕй «Бӕллӕхмӕ цӕттӕ дӕ?». Ӕвдыст дзы ис Библи, хызын ӕмӕ телефон, стӕй аразджытӕ
  • Нӕ бон куыд у нӕхи бацӕттӕ кӕнын, исты бӕллӕх куы ’рцӕуа, уымӕ?

Къам видеороликӕй «Бӕллӕхмӕ цӕттӕ дӕ?». Ӕвдыст дзы ис, ӕфсымӕртӕ ӕрдзон бӕллӕхы фӕстӕ арӕзтадон куыстыты куыд ӕххуыс кӕнынц ӕмӕ уӕзласӕн машинӕйӕ цыдӕртӕ куыд хӕссынц
  • Нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй, куы бахъӕуа, уӕд иннӕтӕн баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ уӕм?

НЫСАН

Бинонты ахуыры рӕстӕг раиртасут 2022 азы «Пробудитесь», № 1. Аныхас кӕнут, уӕ бон ма цы у саразын, цӕмӕй, исты бӕллӕх куы ’рцӕуа, уӕд цӕттӕ разынат.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын