Цы аразын дӕ хъӕуы, цӕмӕй ӕцӕг цардӕй цӕрай?
ХУЫЦАУЫ никуы фӕндыд, цӕмӕй адӕм, абон куыд цӕрынц, афтӕ цардаиккой. Зӕххыл цы адӕм хъуамӕ цардаид, уыдон хъуамӕ Сфӕлдисӕджы хицаудзинадӕн аргъ кодтаиккой, йӕ разамындмӕ йын хъуыстаиккой ӕмӕ йын йӕ уарзондзинад ӕмӕ йӕ иннӕ рӕсугъд миниуджытӕ фӕзмыдтаиккой. Хуыцауы фӕндон уыд, цӕмӕй адӕм амондджын уыдаиккой, сывӕллӕттӕ сын уыдаид ӕмӕ сӕ хъомыл кодтаиккой, ног истытӕ-иу базыдтаиккой ӕмӕ ӕнӕхъӕн зӕххӕй дзӕнӕт сарӕзтаиккой.
ХУЫЦАУ ЗӔРДӔ ӔВӔРЫ, ЗӔХХЫЛ ЦАРД КӔЙ УЫДЗӔН, ЦАВӔР ӔЙ ФӔНДЫД, АХӔМ
«Зӕххы кӕрӕтты онг уромы хӕстытӕ» (Псалом 46:9).
«Ралӕууыд рӕстӕг... зӕхх чи сафы, уыдоны... фесафынӕн» (Раргомад 11:18).
«Уым цӕрӕг адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Исай 33:24).
«Ме ’взӕрст адӕм бафсӕддзысты сӕ къухты фыдӕбонӕй» (Исай 65:22).
Ацы пехуымпарӕдтӕ куыд сӕххӕст уыдзысты? Хуыцау йӕ Фырты, Йесойы, сӕвӕрдта йӕ хицауады Паддзахӕй. Уыцы хицауад у алцӕмӕй ӕххӕст ӕмӕ уӕлӕрвтӕй зӕххӕн разамынд дӕтдзӕн. Библи йӕ хоны Хуыцауы Паддзахад (Данел 2:44). Йесойы тыххӕй Библийы фыст ис: «Хуыцау [ын] ратдзӕн... паддзахбадӕн. Ӕмӕ... уыдзӕн паддзах» (Лукайы 1:32, 33).
Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд бирӕ диссӕгтӕ сарӕзта, цӕмӕй равдыстаид, Хицау куы уа, уӕд адӕмӕн сӕ цард абоны цардимӕ абаргӕйӕ бирӕ хуыздӕр кӕй уыдзӕн.
ЙЕСО РАВДЫСТА, КОММӔГӔС АДӔМӔН ЦЫ ХОРЗДЗИНӔДТӔ САРАЗДЗӔН
Йесо дзӕбӕх кодта, алыхуызон низтӕй рынчын чи уыд, уыдоны, ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, адӕмы сӕ низтӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн (Матфейы 9:35).
Денджыз ныссабыр кодта, ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, ӕрдзы тыхтыл йӕ бар кӕй цӕуы ӕмӕ адӕмы ӕрдзон бӕллӕхтӕй кӕй хъахъхъӕндзӕн (Марчы 4:36–39).
Цалдӕр мин адӕймаджы бафсӕста, ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, адӕмӕн кӕй дӕтдзӕн, цӕрынӕн сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ (Марчы 6:41–44).
Чындзӕхсӕвы дон сӕн фестын кодта, ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сын цард циндзинад хӕсса (Иоанны 2:7–11).
Цы хъуамӕ аразай, цӕмӕй хайджын уай, Хуыцау, чи йӕ уарзы, уыдонӕн цы цард цӕттӕ кӕны, уыцы цардӕй? Библи зӕгъы, кӕй ис, цардмӕ чи кӕны, ахӕм фӕндаг ӕмӕ йӕ хъӕуы ссарын (Матфейы 7:14).
ЦЫ ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ССАРАЙ ФӔНДАГ ӔЦӔГ ЦАРДМӔ?
Цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндаг цы у? Цардмӕ кӕнӕг фӕндаг у, Йегъовӕ нын цы разамынд дӕтты, уый. Хуыцау зӕгъы: «Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, ууыл дӕ чи ахуыр кӕны, цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны» (Исай 48:17). Хуыцау куыд зӕгъы, афтӕ куы кӕнай, уӕд дӕ цард фӕхуыздӕр уыдзӕн.
Йесо загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, рӕстдзинад ӕмӕ цард» (Иоанны 14:6). Йесо цы дзырдта, уый куы аразӕм ӕмӕ, уый куыд цард, афтӕ куы цӕрӕм, уӕд Хуыцаумӕ баввахс уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ цард фӕхуыздӕр уыдзӕн.
Цардмӕ цы фӕндаг кӕны, уый ссарынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн? Динтӕ тынг бирӕ сты, фӕлӕ Йесо загъта: «Мӕнмӕ „Хицау! Хицау!“ чи дзуры, уыдонӕй алчи нӕ бацӕудзӕн уӕларвон паддзахадмӕ, фӕлӕ йӕм бацӕудзӕн, мӕ уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый» (Матфейы 7:21). Стӕй ма афтӕ дӕр загъта: «Сӕ хъуыддӕгтӕй сӕ базондзыстут» (Матфейы 7:16). Библийы фӕрцы дӕ бон у базонын, динтӕй раст кӕцы у, уый (Иоанны 17:17).
Цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл дӕ бон куыд у слӕууын? Хъуамӕ базонай, цард нын чи радта, уый чи у, йӕ ном куыд у, цавӕр миниуджытӕ йӕм ис, мах тыххӕй цы аразы ӕмӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыa.
Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй кусӕм, хӕрӕм, нӕхи ирхӕфсӕм ӕмӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ базонӕм ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суӕм. Нӕ бон у, ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнӕм, ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисӕм, кӕй йӕ уарзӕм, уый. Йесо загъта: «Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы» (Иоанны 17:3).
БИБЛИЙЫ УЫЛТЫ ДӔ ХУЫЦАУ АХУЫР КӔНЫ, «ПАЙДА ДЫН ЦЫ У, УУЫЛ» (ИСАЙ 48:17)
ДӔ ФЫЦЦАГ КЪАХДЗӔФ ЦАРДМӔ КӔНӔГ ФӔНДАГЫЛ
Хуыцау нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый куы базонӕм, уӕд нӕ, чи зоны, нӕ царды цыдӕртӕ фӕивын бахъӕуа. Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕм уый зын фӕкӕса. Фӕлӕ цардмӕ кӕнӕг фӕндагыл цӕуын куы райдайӕм, уӕд нӕ цард фӕхуыздӕр уыдзӕн. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕттӕ сты демӕ Библи ахуыр кӕнынмӕ, кӕд дӕ фӕнды, уӕд ӕмӕ дӕ кӕм фӕнды, уым. Уый фӕрцы дзуапп ссардзынӕ сӕйрагдӕр фарстатӕн Хуыцауы тыххӕй. Библи ахуыр кӕныны тыххӕй курдиат байдзаг кӕнӕн ис сайты www.jw.org.