Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w19 январь 31 ф.
  • Разамонӕг советы ног ӕфсымӕр

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Разамонӕг советы ног ӕфсымӕр
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Разамонӕг советы ног ӕфсымӕр
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Разамонӕг советы ног уӕнгтӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Разамонӕг советы фӕзынд дыууӕ ног ӕфсымӕры
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет цы у?
    Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй арӕхдӕр кӕй фӕдӕттынц, уыцы фарстатӕ
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
w19 январь 31 ф.
Кеннет ӕмӕ Джейми Кук

Кеннет Кук йӕ бинойнаг Джеймиимӕ

Разамонӕг советы ног ӕфсымӕр

2018 азы 24 январы, ӕртыццӕджы райсомӕй, Америкӕйы Иугонд Штатты ӕмӕ Канадӕйы Вефилты фехъусын кодтой ӕхсызгон хабар: ӕфсымӕр Кеннет Кукы снысан кодтой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советмӕ.

Кеннет Кук райгуырд ӕмӕ схъомыл Пенсильванийы (АИШ). Рӕстдзинад базыдта йӕ къласагӕй, скъола фӕуынмӕ йӕ бирӕ нал хъуыд, афтӕмӕй, ӕмӕ 1980 азы 7 июны донаргъуыд райста. 1982 азы 1 сентябры райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын. Дыууӕ азы фӕстӕ йӕ фӕхуыдтой Вефилмӕ, Уолкиллмӕ (штат Нью-Йорк). Ӕмӕ 1984 азы 12 октябры уым лӕггад кӕнын райдыдта.

25 азы дӕргъы Кеннет Кук типографийы ӕмӕ Вефилы бюройы алыхуызон хӕстӕ ӕххӕст кодта. 1996 азы йӕ цард баиу кодта иу хоимӕ, Джеймиимӕ, ӕмӕ уый дӕр йемӕ Уолкиллы Вефилы лӕггад кӕнын райдыдта. 2009 азы декабры Кеннет ӕмӕ Джеймийы снысан кодтой Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ахуырадон центрмӕ, Паттерсонмӕ (штат Нью-Йорк). Уым Кеннет Кук лӕггад кодта, кӕсджыты фарстатӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы хайады. Паттерсонӕй сӕ фӕстӕмӕ Уолкиллмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ арвыстой. Уырдыгӕй та сӕ 2016 азы апрелы арвыстой Бруклинмӕ (штат Нью-Йорк). Фондз мӕйы фӕстӕ та лӕггад кӕнын райдыдтой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады Уорвичы (штат Нью-Йорк). 2017 азы январы Кеннет Кукы снысан кодтой Фысджыты комитеты ӕххуысгӕнӕгӕй.

Ныртӕккӕ Разамонӕг советы ис аст ӕфсымӕры:

Дж. Джексон, К. Кук, С. Летт, Г. Лёш, Э. Моррис, М. Сандерсон, Д. Сплейн ӕмӕ С. Хёрд

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын