Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w13 15/7 26 ф.
  • Разамонӕг советы ног ӕфсымӕр

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Разамонӕг советы ног ӕфсымӕр
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Разамонӕг советы ног уӕнгтӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Разамонӕг советы ног ӕфсымӕр
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Историйы чи баззайдзӕн, ахӕм фембӕлд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Шри-Ланкайы филиал снывонд кодтой
    2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
w13 15/7 26 ф.

Разамонӕг советы ног ӕфсымӕр

2012 азы 5 сентябры, ӕртыццӕджы, Америкӕйы Иугонд Штатты ӕмӕ Канадӕйы Вефилты фехъусын кодтой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советмӕ нысангонд кӕй ӕрцыд ног ӕфсымӕр – Марк Сандерсон. Уыцы ӕфсымӕр Разамонӕг советы лӕггад кӕнын райдыдта 2012 азы 1 сентябрӕй.

Ӕфсымӕр Сандерсон схъомыл горӕт Сан-Диегойы (штат Калифорни, АИШ). Йӕ ныййарджытӕ уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Донаргъуыд райста 1975 азы 9 февралы. Пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта 1983 азы 1 сентябры Канадӕйы, провинци Саскачеваны. 1990 азы декабры Америкӕйы Иугонд Штатты каст фӕци Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъолайы 7-ӕм кълас (ныр хуыйны Скъола ӕнӕус ӕфсымӕртӕн). 1991 азы апрелы та Канадӕйы Ньюфаундленды сакъадахыл сӕрмагонд пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта. Иуцасдӕр районон цӕстдарӕджы хӕдивӕгӕй куы фӕлӕггад кодта, уӕд ӕй уый фӕстӕ, 1997 азы февралы мӕйы, фӕхуыдтой Канадӕйы Вефилмӕ. 2000 азы ноябры мӕйы йӕ уырдыгӕй раивтой Америкӕйы Иугонд Штатты филиалмӕ. Уым куыста рынчындӕттӕн информацидӕттӕг хайады, фӕстӕдӕр та – уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайады.

2008 азы ӕфсымӕр Сандерсон фӕци Скъола филиалты комитетты уӕнгтӕн, ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ снысан кодтой Филиппинты филиалы комитетмӕ. 2010 азы сентябры та йӕ фӕстӕмӕ Америкӕмӕ фӕхуыдтой. Ӕмӕ уым ӕмгуыст кодта Разамонӕг советимӕ – ӕххуыс кодта Уацамындӕн дзуапдӕттӕг комитетӕн.

Разамонӕг советы ныртӕккӕ чи ис, уыдоны къам

Фӕстаг рӕнхъ, галиуырдыгӕй рахизырдӕм: Дейвид Сплейн, Энтони Моррис, Марк Сандерсон, Джеффри Джексон, Стивен Летт. Раззаг рӕнхъ, галиуырдыгӕй рахизырдӕм: Сэмюэл Хёрд, Геррит Лёш, Гай Пирс. Разамонӕг советы чи ис, уыдон се ’ппӕт дӕр сты сӕрст чырыстӕттӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын