БИОГРАФИ
Йегъовӕйӕн ӕнӕзивӕгӕй лӕггад кӕнӕм кӕмфӕнды дӕр
Раздӕр мӕхӕдӕг иунӕгӕй никуы хъусын кодтон. Афтӕ тынг-иу тыхстӕн, ӕмӕ-иу мӕ къӕхтӕ зыр-зыр кодтой. Стӕй, кӕм хъусын кодтон, уым адӕм хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ нӕ истой. Иуӕй-иутӕ дзы мӕ ныхмӕ ӕргом цыдысты ӕмӕ мӕм-иу ӕртхъирӕн дӕр кодтой. Пионерӕй лӕггад кӕнын куы райдыдтон, уӕд фыццаг мӕй радтон ӕрмӕстдӕр иунӕг брошюрӕ! (Маркус).
УЫЙ уыди 1949 азы, уӕдӕй нырмӕ рацыд 60 азӕй фылдӕр. Фӕлӕ мӕ царды хабӕрттӕ уымӕй бирӕ раздӕр райдыдтой. Мӕ фыд Хендрик куыста дзабырхуыйӕгӕй ӕмӕ дыргъдонгӕсӕй иу гыццыл хъӕуы, Дондерены, провинци Дрентейы цӕгат хайы, Нидерландты. Ӕмӕ ӕз дӕр 1927 азы уым райгуырдтӕн. Авд сывӕллонӕй уыдтӕн цыппӕрӕм. Нӕ хӕдзар лӕууыд хъӕууон фӕндаджы был. Нӕ сыхӕгтӕн сӕ фылдӕр зӕххы куыст кодтой ӕмӕ фос дардтой, ӕмӕ мӕнӕн дӕр хъӕууон цард мӕ зӕрдӕмӕ цыди. 1947 азы, 19 азы мыл куы цыди, уӕд мын мӕ сыхӕгтӕй сӕ иу, Тёнис Бен, рӕстдзинады тыххӕй радзырдта. Хъуыды-ма йӕ кӕнын, уыцы адӕймаджы фыццаг хатт куы федтон, уӕд мӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Фӕлӕ Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ сси Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, ӕмӕ йӕ федтон, адӕмимӕ хӕларӕй цӕрын кӕй райдыдта. Куыд тынг фӕивта, уый мӕм диссаг фӕкаст, ӕмӕ, Хуыцау зӕххыл дзӕнӕт кӕй скӕндзӕн, уый тыххӕй мын куы дзырдта, уӕд ӕм байхъуыстон. Рӕстдзинад уайтагъд мӕ зӕрдӕмӕ айстон, ӕмӕ Тёнисимӕ тынг балымӕн стӕм. Ӕмӕ абоны онг дӕр стӕм ӕрдхӕрдтӕa.
1948 азы майы хъусын кӕнын райдыдтон ӕмӕ иу мӕйы фӕстӕ, 20 июны, горӕт Утрехты конгрессы донаргъуыд райстон. 1949 азы 1 январы та райдыдтон пионерӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ мӕ Нидерландты скӕсӕн хаймӕ горӕт Боркюломӕ арвыстой. Уым уыди иу гыццыл ӕмбырд. Махӕй уырдӕм уыди 130 километры бӕрц, ӕмӕ мӕхицӕн загътон, зӕгъын, велосипедыл ацӕудзынӕн. Ӕнхъӕлдтон, ӕмӕ 6 сахатмӕ бахӕццӕ уыдзынӕн, фӕлӕ тӕрккъӕвда кӕй уарыд ӕмӕ мӕ дымгӕ дӕр размӕ цӕуын кӕй нӕ уагъта, уымӕ гӕсгӕ фӕндагыл бахъуыдтӕн 12 сахаты, афтӕмӕй та фӕстаг 90 километры поездыл фӕцыдтӕн! Ӕмбисӕхсӕв бахӕццӕ дӕн, цы бинонтӕм хъуамӕ ӕрлӕууыдаин, уыдонмӕ. Уыцы бинонтӕ дӕр уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ӕмӕ цалынмӕ уыцы ран пионерӕй лӕггад кодтон, уӕдмӕ цӕргӕ дӕр уыдонмӕ кодтон.
Хӕсты фӕстӕ адӕм тынг мӕгуыр цардысты. Ӕмӕ мӕнӕн дӕр дарӕсӕй иу пиджак ӕмӕ иу хӕлаф йеддӕмӕ ницы уыд. Ӕмӕ мын уыдонӕй дӕр пиджак стыр уыд, хӕлаф та – цыбыр. Райдианы куыд загътон, афтӕ мын Боркюлойы фыццаг мӕй тынг зын уыд. Фӕлӕ мын Йегъовӕ раарфӕ кодта, ӕмӕ цалдӕр адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтон. Фараст мӕйы фӕстӕ та мӕ снысан кодтой Амстердаммӕ.
ХЪӔУККАГ ЛӔППУ СТЫР ГОРӔТЫ
Хъӕуы чи схъомыл, уый ныр цӕрын бахъуыд Амстердамы, Нидерландты ӕппӕты стырдӕр горӕты. Уым адӕм Хуыцауы ныхасмӕ хорз хъуыстой. Фыццаг мӕй уыйбӕрц литературӕ радтон, ӕмӕ уый размӕ фараст мӕйы дӕргъы дӕр уыйбӕрц нӕ апарахат кодтон. Иуцасдӕры фӕстӕ Библи ахуыр кодтон аст адӕймагимӕ. Ӕмбырды лӕггадгӕнӕгӕй мӕ куы снысан кодтой (ныр ахӕм лӕггадгӕнджыты хонынц хистӕр нӕлгоймӕгты советы координатор), уӕд мын фыццаг хатт бахӕс кодтой ӕргом раныхас бацӕттӕ кӕнын. Афтӕ тынг тарстӕн, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Фӕлӕ мын ӕргом раныхас куы хъуамӕ уыдаид, уый хӕдразмӕ мӕ ӕндӕр ӕмбырдмӕ аивтой, ӕмӕ ма мӕ цинӕн кӕрон дӕр кӕм уыд. Уӕд мӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыди, ӕмӕ мӕ царды мидӕг 5 000 раныхасӕй фылдӕр бахъӕудзӕн радзурын!
Маркус (рахизырдыгӕй кӕройнаг) Амстердаммӕ хӕстӕг хъусын кӕны уынджы, 1950 аз
1950 азы майы мӕ арвыстой горӕт Харлеммӕ. Уый фӕстӕ мӕ районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнынмӕ фӕхуыдтой. Ӕртӕ ӕхсӕвы мӕ бон бафынӕй кӕнын нӕ уыд. Филиалы чи лӕггад кодта, уыцы ӕфсымӕртӕй сӕ иуӕн, Роберт Винклерӕн, загътон, зӕгъын, уый аккаг нӕ дӕн, цӕмӕй уыцы куыст кӕнон. Фӕлӕ мын уый афтӕ, ды, дам, гӕххӕттытӕ байдзаг кӕн, ӕмӕ, дам, уым сахуыр уыдзынӕ. Иу мӕйы бӕрц мӕ уыцы куыстыл ахуыр кодтой, ӕмӕ уый фӕстӕ ӕмбырдтӕ бӕрӕг кӕнын райдыдтон, куыд районон лӕггадгӕнӕг (ома цӕстдарӕг). Иу ӕмбырды базонгӕ дӕн, пионерӕй чи лӕггад кодта, ахӕм ӕрыгон хъӕлдзӕг хоимӕ, Янни Татгенимӕ. Янни Йегъовӕйы тынг бирӕ уарзта ӕмӕ удуӕлдайӕ лӕггад кодта. Нӕ цард баиу кодтам 1955 азы. Фӕстӕдӕр мӕ ныхас адарддӕр кӕндзынӕн, фӕлӕ уал уӕдмӕ Яннийы фӕнды, пионер куыд сси, уый тыххӕй радзурын.
ЛӔГГАД КӔНӔМ ИУМӔ
Янни: Мӕ мад Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сси 1945 азы, мӕныл 11 азы куы цыд, уӕд. Дыууӕ хойы ӕмӕ иу ӕфсымӕр уыдыстӕм, ӕмӕ мӕ мад уайтагъд бамбӕрста, не ’ртӕимӕ дӕр ӕй кӕй хъӕуы Библи ахуыр кӕнын. Нӕ фыд ныхмӕ уыд, ӕмӕ-иу нӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ мад ахуыр кодта, нӕ фыд-иу хӕдзары куы нӕ уыди, уӕд.
Фыццаг хатт цы ӕмбырдмӕ ацыдтӕн, уый уыди, 1950 азы горӕт Гаагӕйы цы конгресс уыд, уый. Иу къуырийы фӕстӕ та ӕмбырдмӕ ацыдтӕн Паддзахады залмӕ, уый уыд горӕт Ассены (провинци Дренте). Мӕ фыд уый куы базыдта, уӕд мӕстӕй фӕцӕйтыдта ӕмӕ мӕ хӕдзарӕй расырдта. Уӕд мын мӕ мад афтӕ: «Кӕдӕм ацӕуай, уый дын амонын нӕ хъӕуы». Цы бамбарын ма мӕ хъуыд, мӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты кой кӕй кодта. Фыццаг уал ӕрлӕууыдтӕн, хӕстӕг нӕм чи цард, уыцы бинонтӕм. Ӕцӕг мӕ уӕддӕр мӕ фыд иу ран нӕ уагъта, ӕмӕ мӕ бахъуыд нӕхицӕй иу-95 километры дарддӕр горӕт Девентеры (провинци Оверэйсселы) ӕмбырдмӕ ахизын. Фӕлӕ гыццыл кӕй уыдтӕн, уый тыххӕй мӕ фыды хицауад хъыгдардта, дӕ чызджы хӕдзарӕй цӕмӕн арвыстай, зӕгъгӕ. Ӕмӕ мӕ уӕд фӕстӕмӕ ӕрбахуыдта. Кӕд мӕ фыд йӕхӕдӕг рӕстдзинады фӕндагыл не слӕууыд, уӕддӕр мын иуцасдӕры фӕстӕ уый бар радта, цӕмӕй алы ӕмбырдмӕ дӕр, стӕй хъусын кӕнынмӕ дӕр цыдаин.
Янни (рахизырдыгӕй кӕройнаг) каникулты рӕстӕджы пионерӕй лӕггад кӕны, 1952 аз
Хӕдзармӕ куы ’рыздӕхтӕн, уӕд иуцасдӕры фӕстӕ мӕ мад тынг фӕрынчын, ӕмӕ хӕдзары куыстытӕ иууылдӕр ме ’ккой уыдысты. Фӕлӕ уӕддӕр мӕ уырнындзинад фидар кодтон, ӕмӕ 1951 азы 17-аздзыдӕй донаргъуыд райстон. 1952 азы мӕ мадӕн йе ’нӕниздзинад фӕхуыздӕр, ӕмӕ ӕртӕ хоимӕ, пионертимӕ, каникулты рӕстӕджы дыууӕ мӕйы дӕргъы лӕггад кодтон пионерӕй (ома ӕххуысгӕнӕг пионерӕй). Цардыстӕм, хӕдзары хуызӕн конд чи уыд, ахӕм лодкӕйыл ӕмӕ афтӕмӕй провинци Дрентейы дыууӕ горӕты хъусын кодтам. Ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон 1953 азы. Уымӕй иу аз фӕстӕдӕр не ’мбырд бӕрӕг кодта иу ӕрыгон районон цӕстдарӕг. Уый уыд Маркус. Бамбӕрстам ӕй, иумӕ нын фылдӕр кӕй бантысдзӕн Йегъовӕйы хъуыддаджы, ӕмӕ 1955 азы майы нӕ цард баиу кодтам (Еккл. 4:9–12).
Нӕ чындзӕхсӕвы бон, 1955 аз
Маркус: Нӕ чындзӕхсӕвы фӕстӕ нӕ фыццаг пионертӕй снысан кодтой Вендаммӕ (провинци Гронинген). Цардыстӕм иу гыццыл къуымы, 2 метры иуырдӕм уыди, 3 метры та – иннӕрдӕм. Фӕлӕ уӕддӕр Янни нӕ гыццыл къуым бадзӕбӕхтӕ кодта. Нӕ сынтӕг уыди, къулыл бафӕлдахӕн кӕй уыд, ахӕм, ӕмӕ-иу нӕ алы изӕр дӕр хъуыди не стъол ӕмӕ нӕ дыууӕ гыццыл бандоны иуварс айсын, цӕмӕй-иу сынтӕг ӕруагътаиккам.
Ӕхсӕз мӕйы фӕстӕ мӕ Бельгимӕ районон цӕстдарӕгӕй снысан кодтой. 1955 азы дзы хъусынгӕнджытӕ уыди ӕрмӕстдӕр 4 000 бӕрц. Ныр та сӕ нымӕц у 24 000 фылдӕр! Фландрийы, Бельгийы цӕгат хайы, адӕм дзурынц, Нидерландты цы ӕвзагыл дзурынц, уыцы ӕвзагыл. Фӕлӕ сӕ ныхасыхъӕд бынтон ӕндӕрхуызон у, ӕмӕ сӕ райдианты зынтӕй ӕмбӕрстам.
Янни: Ӕмбырдтӕ чи бӕрӕг кӕны, уыдон хъуамӕ зындзинӕдтӕм цӕттӕ уой ӕмӕ сӕхиуыл ма ауӕрдой. Ӕмбырдтӕм-иу ацыдыстӕм велосипедтыл. Цӕргӕ та-иу кодтам ӕфсымӕртӕм ӕмӕ хотӕм. Нӕхи цӕрӕнбынат нын кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ-иу къуырисӕры дӕр уыдонмӕ ӕрлӕууыдыстӕм ӕмӕ-иу дыццӕджы ӕндӕр ӕмбырдмӕ ацыдыстӕм. Ӕмӕ кӕд бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлдыстӕм, уӕддӕр нӕ лӕггад нымадтам стыр арфӕдзинадыл.
Маркус: Фыццаг рӕстӕг ӕмбырдты ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй никӕй зыдтам, фӕлӕ нӕм уыдон тынг хӕларзӕрдӕ ӕмӕ уазӕгуарзон уыдысты (Дзут. 13:2). Цалдӕр азмӕ, Бельгийы голландиаг ӕвзагыл цы ӕмбырдтӕ дзырдтой, уыдонӕй алкӕцы дӕр цалдӕр хатты бабӕрӕг кодтам. Уый нын ӕрхаста бирӕ арфӕдзинӕдтӕ. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ, уыцы ӕмбырдты цы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ уыд, уыдонимӕ се ’ппӕтимӕ дӕр базонгӕ стӕм ӕмӕ сӕ тынг бауарзтам. Нӕ цӕстыты раз кӕстӕртӕй бирӕтӕ байрӕзтысты ӕмӕ сӕ уырнындзинад сфидар. Уыдон сӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодтой ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг сӕ царды фыццаг бынаты сӕвӕрдтой. Бирӕтӕ сӕ Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынц (3 Иоан. 4). Уыдон-иу мах бафидар кодтой сӕ уырнындзинадӕй, мах та – уыдоны, ӕмӕ нын уый ӕххуыс кодта дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынӕн (Ром. 1:12).
СТЫР ЗЫНДЗИНАД ӔМӔ СТЫР АРФӔДЗИНАД
Маркус: Нӕ цард куы баиу кодтам, уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕ тынг фӕндыд Галаады скъоламӕ бахауын. Алы бон дӕр англисаг ӕвзаг ахуыр кодтам ӕппынкъаддӕр иу сахат. Фӕлӕ ӕвзаг чингуытӕй ахуыр кӕнын ӕнцон нӕу, ӕмӕ отпусчы рӕстӕджы Англимӕ ацыдыстӕм, цӕмӕй уым хъусын кодтаиккам ӕмӕ, адӕм куыд дзурынц, уый хъуыстаиккам. Ӕппынфӕстаг 1963 азы Бруклинӕй, сӕйраг хайадӕй, райстам къонверт. Уыди дзы дыууӕ писмойы: иу – мӕнӕн, иннӕ та – Яннийӕн. Мӕ писмойы фыст уыди, дӕс мӕймӕ мӕ Галаады скъоламӕ кӕй фӕхуыдтой. Иннӕ кълӕстӕй уӕлдай ацы къласӕн йӕ сӕйрагдӕр нысан уыди, цӕмӕй ӕфсымӕрты сахуыр кодтаиккой, хъусын кӕныны хъуыддаг куыд пълан кӕнын хъӕуы, ууыл. Гъемӕ уыцы къласмӕ цы 100 студенты фӕхуыдтой, уыдонӕй 82 уыдысты ӕфсымӕртӕ.
Янни: Ӕз цы писмо райстон, уым та фыст уыди, зӕгъгӕ, скув ӕмӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕн, цӕттӕ дӕ, цалынмӕ Маркус Галаады ахуыр кӕна, уӕдмӕ Бельгийы баззайын. Раст зӕгъгӕйӕ, фыццаг ӕрӕнкъард дӕн. Афтӕ мӕм касти, ӕмӕ мын Йегъовӕ мӕ фыдӕбӕттӕн нӕ арфӕ кӕны. Фӕлӕ уӕддӕр мӕ зӕрдыл дардтон, Галаады скъолайӕн йӕ нысан цы у, уый – цӕмӕй дзы чи ахуыр кӕны, уыдоны бацӕттӕ кӕна хорз хабар ӕнӕхъӕн зӕххыл хъусын кӕнынмӕ. Уыйадыл сразы дӕн Бельгийы баззайыныл, ӕмӕ мӕ горӕт Гентмӕ сӕрмагонд пионерӕй снысан кодтой. Уым лӕггад кодтон дыууӕ фӕлтӕрд сӕрмагонд пионеримӕ, Аннӕ ӕмӕ Марийӕ Колпартимӕ.
Маркус: Бруклинмӕ мӕ фӕхуыдтой, Скъола куы хъуамӕ райдыдтаид, уымӕй фондз мӕйы раздӕр, цӕмӕй англисаг ӕвзаг хуыздӕр сахуыр кодтаин. Куыстон литературӕ ӕрвитынӕн дзуапдӕттӕг хайады ӕмӕ уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайады. Нӕ организацийы сӕйраг хайады кӕй лӕггад кодтон, уый мын стыр ӕххуыс фӕци. Литературӕ-иу сӕмбырд кодтам ӕмӕ-иу ӕй арвыстам Азимӕ, Европӕмӕ ӕмӕ Хуссар Америкӕмӕ, ӕмӕ уый фӕрцы тынгдӕр райдыдтон аргъ кӕнын, ӕгас дунейы дӕр нын цы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ ис, уыдонӕн. Ӕппӕты тынгдӕр дзы мӕ зӕрдыл бадардтон ӕфсымӕр Макмилланы. Расселы рӕстӕджы уыди пилигрим (ома цӕуӕг цӕстдарӕг). Ӕз уым куы уыдтӕн, уӕдмӕ йыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой ӕмӕ хъусӕй тынг ӕвзӕр хъуыста, фӕлӕ-иу уӕддӕр иу ӕмбырд дӕр никуы фӕцух кодта. Йӕ цӕвиттон мыл тынг бандӕвта, ӕмӕ бамбӕрстон, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ нын хотимӕ ӕмбӕлыны фадат кӕй ис, уымӕн аргъ кӕнын кӕй хъӕуы (Дзут. 10:24, 25).
Янни: Маркусимӕ-иу къуыри цалдӕр хатты кӕрӕдзимӕ фыстӕджытӕ фыстам. Тынг мысыдыстӕм нӕ кӕрӕдзи. Фӕлӕ Маркусӕн йӕ зӕрдӕмӕ цыди Галаады ахуыр кӕнын, мӕнӕн та стыр циндзинад хаста хъусын кӕнын. Маркус Америкӕйӕ куы ’рыздӕхт, уӕдмӕ Библи ахуыр кодтон 17 адӕймагимӕ! Кӕрӕдзи афӕдз ӕмӕ ӕртӕ мӕйы нӕ федтам, ӕмӕ нын уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг зын уыди. Фӕлӕ нӕхиуыл нӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ нын уый тыххӕй Йегъовӕ арфӕ кодта. Маркус фӕстӕмӕ куы здӕхт, уӕд йӕ хӕдтӕхӕг цалдӕр сахаты байрӕджы кодта. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг куы ’ртахт, уӕд кӕрӕдзийӕн ныхъхъӕбыс кодтам ӕмӕ дыууӕйӕ дӕр ныккуыдтам. Уӕдӕй фӕстӕмӕ кӕрӕдзийӕ никуыуал фӕхицӕн стӕм.
БУЗНЫГ СТӔМ АЛЫ ХӔСЛӔВӔРДЫ ТЫХХӔЙ ДӔР
Маркус: 1964 азы декабры Галаадӕй куы ’рыздӕхтӕн, уӕд нӕ фӕхуыдтой Вефилмӕ. Ӕцӕг ӕй уӕд нӕма зыдтам, рӕстӕгмӕ нӕ кӕй фӕхуыдтой. Ӕртӕ мӕйы фӕстӕ мӕ Фландримӕ облӕстон цӕстдарӕгӕй снысан кодтой. Фӕлӕ уӕдмӕ Бельгимӕ миссионертӕй ӕрӕрвыстой Альзен ӕмӕ Элс Векерсмейы. Ӕмӕ Альзены снысан кодтой облӕстон цӕстдарӕгӕй, мах та фӕстӕмӕ Вефилмӕ ӕрыздӕхтыстӕм. Ӕмӕ ӕз лӕггад кодтон уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайады. 1968 азӕй 1980 азмӕ нын нӕ хӕслӕвӕрдтӕ цалдӕр хатты аивтой: куы-иу Вефилы лӕггад кодтам, куы та-иу ӕмбырдтӕ бӕрӕг кодтам. 1980 азӕй та суанг 2005 азмӕ раздӕрау лӕггад кодтон облӕстон цӕстдарӕгӕй.
Кӕд-иу нын нӕ бӕрны алыхуызон хӕстӕ бакодтой ӕмӕ-иу нӕ куы иу ранмӕ арвыстой, куы – иннӕ ранмӕ, уӕддӕр нӕ рох никуы уыд, нӕ цард Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтам, цӕмӕй йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм. Ӕмӕ-иу нын алы хӕслӕвӕрд дӕр хаста циндзинад, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдтам, нӕ лӕггады цыфӕнды ма фӕива, уӕддӕр уый Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн ӕххуыс кӕй уыдзӕн.
Янни: Ахӕм стыр кад мӕм ӕрхауд, ӕмӕ Маркусимӕ 1977 азы ацыдтӕн Бруклинмӕ, стӕй 1997 азы та – Паттерсонмӕ. Уым Маркус ахуыр кодта, филиалы комитеты уӕнгты сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын куыд хъӕуы, ууыл.
ЙЕГЪОВӔ ЗОНЫ, ЦЫ НӔ ХЪӔУЫ, УЫЙ
Маркус: 1982 азы Яннийӕн скодтой операци, фӕлӕ йӕ йӕ къахыл слӕууынӕн бирӕ нӕ бахъуыд. Ӕртӕ азы фӕстӕ нын горӕт Лёвены ӕмбырд сӕ Паддзахады залы сӕрмӕ цӕрӕн бынат рахицӕн кодтой. Кӕдӕй-уӕдӕй нын 30 азы фӕстӕ нӕхи къуым фӕзынд. Алы дыццӕджы дӕр-иу ног ӕмбырд бӕрӕг кӕнын куы райдыдтам, уӕд-иу мӕ асинтыл 54 къӕпхӕныл цалдӕр хатты бахъуыди ӕрхизын ӕмӕ схизын, цӕмӕй-иу нӕ хӕссинӕгтӕ бынмӕ ӕрхастаин. 2002 азы нын фыццаг уӕладзыджы радтой квартирӕ, ӕмӕ нын бирӕ фенцондӕр. 78 азы мыл куы цыди, уӕд нӕ горӕт Локеренмӕ сӕрмагонд пионертӕй снысан кодтой. Тынг ӕхсызгон нын у, афтӕ кӕй лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ ныр дӕр алы бон дӕр хъусын кӕнынмӕ кӕй фӕцӕуӕм, уый.
«Мах ӕмбарӕм, ахсджиаг кӕй нӕу, цавӕр хӕстӕ дыл ис ӕмӕ кӕм лӕггад кӕныс – сӕйраг у, кӕмӕн лӕггад кӕныс, уый»
Янни: Маркусимӕ ӕххӕстрӕстӕг цал азы лӕггад кӕнӕм, уыдон куы баиу кӕнай, уӕд рауайдзысты 120 азы бӕрц! Йегъовӕ загъта, кӕй никуы нӕ ныууадздзӕн, ӕмӕ йын иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд ӕппындӕр кӕй ницы хъуаг ӕййафдзыстӕм. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый мах нӕхиуыл бавзӕрстам (Дзут. 13:5; Дык. з. 2:7).
Маркус: Ӕрыгонӕй нӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтам. Мах стыр цӕмӕдӕрты никуы бӕллыдыстӕм. Алкӕддӕр цӕттӕ уыдыстӕм цавӕрфӕнды хӕслӕвӕрдмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ йӕ мах ӕмбарӕм, ахсджиаг кӕй нӕу, цавӕр хӕстӕ дыл ис ӕмӕ кӕм лӕггад кӕныс – сӕйраг у, кӕмӕн лӕггад кӕныс, уый.
a Фӕстӕдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ систы мӕ фыд ӕмӕ мӕ мад дӕр, стӕй мӕ хистӕр хо ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ дыууӕйӕ.