Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w13 15/7 32 ф.
  • «Диссаджы нывтӕ!»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Диссаджы нывтӕ!»
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ӕмбырды чиныгахуыркӕнынад ахъаз у ахуыр кӕнынӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
  • «Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
  • Ӕмбырдты кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • Нывты фӕрцы цы вӕййы базонӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
w13 15/7 32 ф.

«Диссаджы нывтӕ!»

Ӕвӕццӕгӕн, ног журнал куы райсыс, уӕд дӕхицӕн кӕнӕ иннӕтӕн ацы ныхӕстӕ арӕх фӕзӕгъыс. Нӕ журналты цы рӕсугъд нывтӕ ӕмӕ къамтӕ вӕййы, уыдоныл бирӕ бафыдӕбон кӕнынц ӕмӕ дзы алы нывӕн дӕр вӕййы йӕхи нысан. Нывты фӕрцы нын ӕнцондӕр вӕййы хъуыды кӕнын, стӕй, статьяйы кӕй кой цӕуы, нӕхи уыдоны бынаты сӕвӕрын дӕр. Уӕлдай стыр ӕххуыс та нын вӕййынц, нӕхи «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуырмӕ куы фӕцӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ статья ӕмбырды куы февзарӕм, уӕд.

Зӕгъӕм, иу гыццыл-ма ахъуыды кӕн, алы ахуыргӕнӕн статьяйы дӕр райдианы цы ныв вӕййы, ууыл. Цӕуыл дзурӕг у? Куыд баст у статьяйы номимӕ ӕмӕ сӕйраг стихимӕ? Цы зӕгъӕн ис иннӕ нывтӕй та: куыд баст сты, статьяйы дзырд цӕуыл цӕуы, уыимӕ, стӕй дӕ цардимӕ дӕр?

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыр чи уадза, уый-иу ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн фадат ратдзӕн, цӕмӕй-иу алы нывы тыххӕй дӕр сӕ хъуыды зӕгъой, бамбарын-иу кӕной, цы дзы ис зондӕн райсӕн кӕнӕ сыл куыд бандӕвта. Иуӕй-иу нывтӕн сӕ бынмӕ фыст вӕййы, кӕцы абзацмӕ хауынц, уый. Иннӕ нывты тыххӕй та, ахуыр чи уадза, уыцы ӕфсымӕр аскъуыддзаг кӕндзӕн, алкӕцыйыл дӕр дзы хуыздӕр кӕд уыдзӕн аныхас кӕнын. Уӕд алкӕмӕн дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн, Хуыцауы Ныхасы цӕй кой цӕуы, уый йӕ цӕстытыл ауайын кӕнын ӕмӕ дзы йӕхицӕн зонд райсын.

Иу ӕфсымӕр нывты тыххӕй ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Нӕ журналты цы диссаджы статьятӕ вӕййы, уыдон нывты фӕрцы рафидауынц, адджинаг кремӕй куыд рафидауы, афтӕ».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын