16 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Мӕрдты тыххӕй цы рӕстдзинад зонут, ууыл фидар хӕцут
«Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ... афтид ахуырӕдтӕй мачи асайа ӕмӕ уӕ ма ӕрцахса. Уыдӕттӕ Чырыстийы ахуырадыл не ’нцайынц, фӕлӕ адӕймаджы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттыл» (КОЛ. 2:8).
73 ЗАРӔГ Баххуыс нын кӕн, цӕмӕй ныфсджынӕй дзурӕм
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫa
Кӕд дӕ хӕстӕджытӕй искӕуыл зиан ӕрцыд, уӕд, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕныны бӕсты фӕлтау бацархай, цӕмӕй дзы ныфс бауадзай (кӕс 1, 2 абзацтӕ)b
1, 2. а) Хӕйрӕг адӕмы куыд сайы? б) Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕуы?
ХӔЙРӔГ у «мӕнгдзинады фыд» (Иоан. 8:44). Уый адӕмы сайы, фыццаг дыууӕ адӕймаджы куы фӕзындысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Йӕ мӕнг ныхӕстӕм хауынц, адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы уавӕры вӕййы, уыимӕ баст мӕнг ахуырӕдтӕ. Адӕм цы ӕгъдӕуттыл хӕст сты, уыдонӕй бирӕтӕ баст сты уыцы ахуырӕдтимӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй кӕйдӕрты фӕхъӕуы «[сӕ] уырнындзинады... сӕрвӕлтау ӕппӕт хъарутӕй тох кӕнын», сӕ хиуӕттӕй кӕнӕ сӕ сыхӕгтӕй исчи куы амӕлы, уӕд (Иуд. 3).
2 Кӕд ды дӕр ахӕм уавӕры дӕ, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, Библийы мӕлӕты тыххӕй цы фыст ис, ууыл фидар хӕцай? (Еф. 6:11). Кӕд де ’мчырыстӕттӕй искӕуыл зиан ӕрцыд ӕмӕ йын иннӕтӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнын кӕнынц, уӕд ӕй дӕ бон куыд у бафидар кӕнын? Ацы статьяйы дзырд цӕуы, Йегъовӕ нын ахӕм уавӕры куыд баххуыс кӕны, ууыл. Фыццаг уал ӕркӕсӕм, Библийы мӕлӕты тыххӕй цы фыст ис, уымӕ.
МӔРДТӔ ЦЫ УАВӔРЫ СТЫ?
3. Фыццаг мӕнг ныхас цӕмӕ ӕркодта?
3 Хуыцауы фӕнд уый нӕ уыд, цӕмӕй адӕм мардаиккой. Уый сӕ сфӕлдыста ӕнустӕм цӕрынӕн. Фӕлӕ цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ ӕнустӕм цардаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди Йегъовӕйы ныхасмӕ хъусын. Уый сын радта, зынӕххӕстгӕнӕн чи нӕ уыд, ахӕм фӕдзӕхст: «Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй ма бахӕр. Цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон амӕлдзынӕ» (Райд. 2:16, 17). Фӕлӕ сыл фӕстӕдӕр Хӕйрӕг хинӕй рацыд. Уый калмы уылты Евӕйӕн загъта: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут». Хъыгагӕн, Евӕ уыцы мӕнг ныхасыл баууӕндыд ӕмӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласы дыргътӕй бахордта. Стӕй дзы йӕ сӕрыхицау дӕр бахордта (Райд. 3:4, 6). Ӕмӕ уыдоны аххосӕй тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт ӕппӕт адӕмыл дӕр ахӕлиу сты (Ром. 5:12).
4, 5. Хӕйрӕг адӕмы абоны онг куыд сайы?
4 Адам ӕмӕ Евӕ амардысты, ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст, Хуыцауы цы загъта, уый. Фӕлӕ Хӕйрӕг дарддӕр мӕлӕты тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ парахат кодта. Ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ фӕзынд бирӕ алыхуызон мӕнг ахуырӕдтӕ. Уыцы мӕнг ахуырӕдтӕй иу ахӕм у, зӕгъгӕ, дам, адӕймаг куы амӕлы, уӕд, дам, йӕ уд цӕргӕйӕ баззайы ӕмӕ уӕлӕрвтӕм ацӕуы. Ӕмӕ Хӕйрӕг мӕлӕтимӕ баст мӕнг ахуырӕдты руаджы абоны онг бирӕ адӕмы сайы (1 Тим. 4:1).
5 Цымӕ уыйбӕрц адӕмыл сайд цӕмӕн ӕрцыд? Хӕйрӕг зоны, адӕммӕ мӕлӕты тыххӕй цавӕр хъуыдытӕ ӕмӕ цавӕр ӕнкъарӕнтӕ вӕййы, уый, ӕмӕ уымӕй фӕпайда кӕны, цӕмӕй сӕ сайа. Хуыцау нӕ ӕнустӕм цӕрынӕн сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ мӕлын нӕ фӕнды (Еккл. 3:11). Мӕлӕт у не знаг (1 Кор. 15:26).
6, 7. а) Хӕйрӕгӕн бантыст мӕрдты тыххӕй рӕстдзинад басусӕг кӕнын? Бамбарын ӕй кӕн. б) Библи нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй мӕрдтӕй ма тӕрсӕм?
6 Кӕд Хӕйрӕг афтӕ архайы, уӕддӕр ын нӕ бантыст мӕлӕты тыххӕй рӕстдзинад басусӕг кӕнын. Мӕрдтӕ цы уавӕры сты ӕмӕ сын цавӕр ныфс ис, уый тыххӕй Библи цы дзуры, уый абон цас адӕм зонынц, уыйбӕрц никуыма, ӕмӕ уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзурынц (Еккл. 9:5, 10; Хъуыд. 24:15). Уыцы рӕстдзинад кӕй зонӕм, уый нын хӕссы удӕнцой. Стӕй мӕрдтӕй нӕ тӕрсӕм ӕмӕ нын чи амард, уыдон цы бауыдзысты, ууыл дӕр нӕ мӕт кӕнӕм. Мах зонӕм, мӕрдтӕ кӕй никуы цӕрынц ӕмӕ сӕ бон кӕй нӕу удӕгӕстӕн знаггад кӕнын. Уыдон раст цыма тарффынӕй кӕнынц, ахӕм уавӕры сты (Иоан. 11:11–14). Зонӕм уый дӕр, ӕмӕ мӕрдтӕ, рӕстӕг куыд цӕуы, уый не ’мбарынц. Уӕдӕ, чи райгас уа, уыдонӕн,– суанг ӕнусты дӕргъы мард чи уыд, уыдонӕн дӕр,– ивгъуыд рӕстӕджытӕ цӕстыфӕныкъуылдӕй уӕлдай нӕ уыдзысты.
7 Мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый тыххӕй цы рӕстдзинад зонӕм, уый у хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн. Уый тынг хицӕн кӕны, Хӕйрӕг цы ахуырӕдтӕ ӕрымысыд, уыдонӕй! Уыцы ахуырӕдтӕй адӕмы кӕй сайы, уымӕй уӕлдай ма йӕ мӕнг ныхӕстӕй не Сфӕлдисӕгыл цъыф калы. Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕ цы зиан хӕссынц, уый хуыздӕр бамбарыны тыххӕй аныхас кӕндзыстӕм ӕртӕ фарстайыл. 1) Хӕйрӕг йӕ мӕнг ныхӕстӕй Йегъовӕйы номыл цъыф куыд калы? 2) Йӕ мӕнг ныхӕсты тыххӕй афтӕ куыд рауад, ӕмӕ бирӕтӕ Чырыстийы нывондыл не ’ууӕндынц? 3) Йӕ мӕнг ныхӕсты тыххӕй адӕмы мастыл ӕмӕ хъизӕмӕрттыл ноджы фылдӕр куыд бафты?
ХӔЙРӔДЖЫ МӔНГ НЫХӔСТӔ ХӔССЫНЦ СТЫР ЗИАН
8. Йеремийы 19:5 стихмӕ гӕсгӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый тыххӕй Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕй парахат кӕны, уымӕй Йегъовӕйы номыл цъыф калы?
8 Мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый тыххӕй Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕй парахат кӕны, уымӕй Йегъовӕйы номыл цъыф калы. Уыцы мӕнг ныхӕстӕй иу у, зӕгъгӕ, дам, чи амӕлы, уыдонӕй кӕйдӕрты Хуыцау зындоны арты хъизӕмарӕй мары. Ахӕм мӕнг ныхӕстӕй Хӕйрӕг Хуыцауы номыл цъыф калы! Ома куыд? Хуыцау у уарзондзинад, фӕлӕ уыцы ахуырӕдты тыххӕй афтӕ уайы, цыма Хуыцау ӕгъатыр у, Хӕйрӕг йӕхӕдӕг куыд у, раст афтӕ (1 Иоан. 4:8). Уый махӕн тынг зын у. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн дӕр уый зын у, уымӕн ӕмӕ уый ӕгъатырдзинадӕй йе сӕфт уыны. (Бакӕс Йеремийы 19:5.)
9. Иоанны 3-аг сӕры 16-ӕм стихы ӕмӕ 15-ӕм сӕры 13-ӕм стихы цӕй кой цӕуы? Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕсты тыххӕй бирӕтӕ Чырыстийы нывондмӕ цы цӕстӕй кӕсынц?
9 Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕсты тыххӕй бирӕтӕ Чырыстийы нывондыл не ’ууӕндынц (Матф. 20:28). Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕй ма иу ахӕм у, ӕмӕ, дам, адӕймагӕн ис ӕнӕмӕлгӕ уд. Ӕцӕгдӕр афтӕ куы уаид, уӕд алкӕмӕн дӕр йӕ бон уаид ӕнустӕм цӕрын. Ӕмӕ Чырыстийы дӕр нӕ хъуыдаид мах тыххӕй йӕ цард дӕттын, цӕмӕй ӕнусон цардӕй схайджын уыдаиккам. Рох нӕ ма уӕд, Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй радта, уымӕй йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ Йегъовӕ дӕр адӕммӕ равдыстой стыр уарзондзинад – уымӕй стырдӕр уарзондзинад никуы ничи равдыста. (Бакӕс Иоанны 3:16; 15:13.) Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕйӕн ӕмӕ Йесойӕн куыд зын у, мӕлӕтимӕ баст мӕнг ахуырӕдты тыххӕй бирӕтӕ Чырыстийы нывондыл кӕй не ’ууӕндынц, уый!
10. Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕсты тыххӕй адӕмы мастыл ӕмӕ хъизӕмӕрттыл ноджы фылдӕр куыд бафты?
10 Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕсты тыххӕй адӕмы мастыл ӕмӕ хъизӕмӕрттыл ноджы фылдӕр бафты. Зӕгъӕм, йӕ сывӕллон кӕмӕн амӕлы, ахӕм ныййарджытӕн чидӕртӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, ӕй Хуыцау йӕхимӕ айста, цӕмӕй уӕлӕрвты зӕд суа. Цымӕ уыцы ныхӕстӕй сӕ зӕрдӕйы рыст фӕсабырдӕр вӕййы ӕви ноджы тынгдӕр фӕмаст кӕнынц? Зындоны тыххӕй ахуырад куы райсӕм, уӕд уый та дины разамонджытӕн ӕфсон уыд, цӕмӕй-иу фыдмитӕ кодтаиккой, аргъуаны ахуырӕдты ныхмӕ чи уыд, уыдонӕн. Зӕгъӕм, кӕйдӕрты-иу хъӕдыл басыгътой. Чиныджы «Испанская инквизиция» куыд фыст ис, афтӕмӕй, уыцы ӕгъатыр митӕ чи кодта, уыдонӕй чидӕртӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, афтӕмӕй еретиктӕн (ома аргъуаны знӕгтӕн) фадат дӕттӕм, зындоны арт цыхуызӕн у, уый бамбарынӕн, цӕмӕй сӕ бон уа сӕ мӕлӕты размӕ ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ зындонӕй фервӕзын. Иуӕй-иу бӕстӕты адӕмы фӕфӕнды, чи сын амард, уыдоны хорзӕх ссарын ӕмӕ сын скад кӕнын, ӕмӕ уый тыххӕй марды кӕндтӕ фӕкӕнынц. Ӕндӕр бӕстӕты та марды кӕндтӕ фӕкӕнынц, цӕмӕй сӕ мӕрдты фыдӕх ма баййафа. Хъыгагӕн, мӕлӕтимӕ баст мӕнг ахуырӕдтӕ адӕмӕн ӕцӕг удӕнцой нӕ хӕссынц, фӕлӕ сӕ мӕты ӕмӕ ма суанг тасы дӕр бафтауынц.
БИБЛИЙЫ РӔСТДЗИНАДЫЛ ФИДАР ХӔЦУТ
11. Нӕ хӕстӕджытӕ кӕнӕ не ’мбӕлттӕ, гӕнӕн ис, куыд архайой, цӕмӕй, Библимӕ гӕсгӕ раст чи не сты, ахӕм зианы ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнӕм?
11 Чи зоны, ахӕм уавӕры бахауӕм, ӕмӕ нын нӕ хӕстӕджытӕ кӕнӕ не ’мбӕлттӕ ӕххӕст кӕнын кӕной, Библимӕ гӕсгӕ раст чи не сты, ахӕм зианы ӕгъдӕуттӕ. Чи зоны нын ахӕм исты дзурой, цӕмӕй нӕм худинаг ӕркӕса, зӕгъӕм, чи амард, уый кӕй нӕ уарзтам ӕмӕ йын кӕй нӕ аргъ кодтам. Кӕнӕ та, гӕнӕн ис, дзурой мардӕн йӕ уд мах тыххӕй искӕмӕн кӕй разнаггад кӕндзӕн. Фӕлӕ Хуыцауы ӕмӕ йын йӕ Ныхас куы уарзӕм, уӕд фидар фӕлӕудзыстӕм ӕмӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдты сӕрты нӕ ахиздзыстӕм. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ахӕм уавӕрты Библийы рӕстдзинадыл фидар хӕцӕм? Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм Библийы уагӕвӕрдтӕй цалдӕрмӕ ӕмӕ фендзыстӕм, нӕ бон куыд у уыдонмӕ гӕсгӕ архайын.
12. Библимӕ гӕсгӕ раст чи не сты, уыцы ахуырӕдтӕй ӕмӕ ӕгъдӕуттӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты?
12 Библимӕ гӕсгӕ раст чи не сты, уыцы ахуырӕдтӕй ӕмӕ ӕгъдӕуттӕй «уӕхи фӕхицӕн кӕнут» (2 Кор. 6:17). Карибы сакъадӕхты цӕрджытӕй бирӕты уырны, мардӕн йӕ уд се ’хсӕн кӕй вӕййы ӕмӕ йын удӕгасӕй ӕвзӕр чи уыд, уыдоны кӕй бафхӕры. Иу ран куыд фыст уыд, афтӕмӕй, дам, мардӕн йӕ уд адӕмы ӕлгъысты хай дӕр бакӕны. Африкӕйы та ахӕм ӕгъдау ис, ӕмӕ зианджын хӕдзары кӕсӕнтӕ бамбӕрзынц ӕмӕ, чи амард, уымӕн йӕ къамтӕ къулырдӕм азилынц. Цымӕ цӕмӕн? Цӕмӕй, дам, йӕхи ма фена! Фӕлӕ мах, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстимӕ баст чи сты, ахӕм ахуырӕдтыл не ’ууӕндӕм ӕмӕ ахӕм ӕгъдӕуттӕй нӕхи хизӕм (1 Кор. 10:21, 22).
Зианимӕ баст фарстатӕ нӕ публикациты фӕрцы куы раиртасай ӕмӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чи не сты, уыцы хӕстӕджытимӕ ӕргом куы аныхас кӕнай, уӕд дӕхи зындзинӕдтӕй бахиздзынӕ (кӕс 13, 14 абзацтӕ)c
13. Кӕд, цавӕрдӕр ӕгъдау Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ у ӕви нӕ, ууыл дызӕрдыг кӕныс, уӕд, Иаковы 1:5 стихмӕ гӕсгӕ, цы хъуамӕ саразай?
13 Кӕд, цавӕрдӕр ӕгъдау Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ у ӕви нӕ, ууыл дызӕрдыг кӕныс, уӕд Йегъовӕмӕ скув ӕмӕ дзы зонд ракур. (Бакӕс Иаковы 1:5.) Стӕй-иу нӕ публикациты уыцы фарстайы фӕдыл ӕрмӕг ссар. Куы хъӕуа, уӕд-иу де ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕн. Уыдон дын, куыд бакӕнай, уый нӕ зӕгъдзысты, фӕлӕ дын дӕ хъус ӕрдардзысты, дӕ уавӕрмӕ чи хауы, ахӕм уагӕвӕрдтӕм Библийӕ, зӕгъӕм, ацы статьяйы цы уагӕвӕрдтыл цӕуы дзырд, уыдонӕй искӕцымӕ. Афтӕ куы архайай, уӕд «[дӕ] зонд, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын... сахуыр кӕндзынӕ» (Дзут. 5:14).
14. Нӕ бон куыд у архайын, цӕмӕй къуылымпыйы хос макӕмӕн суӕм?
14 «Алцыдӕр аразут Хуыцауы кадӕн. Къуылымпыйы хос... [макӕмӕн] ут» (1 Кор. 10:31, 32). Цавӕрдӕр ӕгъдау ӕххӕст кӕндзыстӕм ӕви нӕ, уый скъуыддзаг кӕнгӕйӕ-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, нӕ уынаффӕ иннӕты ӕфсармыл, уӕлдайдӕр та не ’мчырыстӕтты ӕфсармыл, куыд фӕзындзӕн, ууыл. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй искӕмӕн къуылымпыйы хос уӕм! (Мар. 9:42). Стӕй нӕ нӕ фӕнды, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдоны истӕмӕй фӕхъыг кӕнын. Раст нӕ уаид, семӕ куы быцӕу кӕниккам ӕмӕ сын се ’гъдӕуттыл куы худиккам. Рох нӕ ма уӕд: уарзондзинадӕн ис стыр тых! Уый нӕ разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй семӕ уӕзданӕй дзурӕм ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйӕн кад хӕссӕм. Нӕ ныхмӕ чи у, уыдонмӕ уарзондзинад куы ’вдисӕм, уӕд сын, чи зоны, сӕ зӕрдӕтӕ ӕрфӕлмӕн кӕнӕм.
15, 16. а) Цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй иннӕтӕн рагацау зӕгъын зондыл дзурӕг цӕмӕн уаид? б) Ромӕгтӕм 1:16 стихы фыст ныхӕстӕ махмӕ куыд хауынц?
15 Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ, уый тыххӕй иннӕтӕн рагацау зӕгъ (Ис. 43:10). Дӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ дӕ сыхӕгтӕ куы зоной, Йегъовӕ Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕныс, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн, раст куыд у, афтӕ бакӕнын. Мозамбикы чи цӕры, иу ахӕм ӕфсымӕр, Франсишку, ныффыста: «Мӕ бинойнагимӕ, Каролинӕимӕ, рӕстдзинад куы базыдтам, уӕд нӕ бинонтӕн загътам, марды кӕндтӕ кӕй нал кӕндзыстӕм. Цасдӕры фӕстӕ Каролинӕйы хо фӕзиан, ӕмӕ уӕд фӕлварӕны бахаудыстӕм. Бынӕттон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, марды ныннайынц ӕмӕ, стӕй, уыцы дон кӕм акалынц, уыцы бынаты йе ’ввахсдӕр хӕстӕг хъуамӕ ӕртӕ ӕхсӕвы фынӕй кӕна. Уыцы ӕгъдау фӕкӕнынц, цӕмӕй марды уд ӕрӕнцайа. Ӕмӕ Каролинӕйы бинонты фӕндыд, цӕмӕй дзы уый бафынӕй кодтаид».
16 Франсишку ӕмӕ йӕ бинойнаг куыд бакодтой? Франсишку загъта: «Мах Йегъовӕйы уарзӕм ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыцы ӕгъдау ӕххӕст кӕныныл не сразы стӕм. Уый тыххӕй нӕм Каролинӕйы бинонтӕ тынг смӕсты сты. Бафидис нын кодтой, сымах, дам, чи фӕзиан, уый ницӕмӕ дарут, стӕй нын загътой, кӕй никуыуал нӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ нын ӕххуыс дӕр кӕй никуыуал бакӕндзысты. Цӕуыл ӕууӕндӕм, уый сын уый размӕ кӕй бамбарын кодтам, уымӕ гӕсгӕ семӕ уыцы хабарыл нал ныхас кодтам, цалынмӕ мӕсты уыдысты, уӕдмӕ. Фӕлӕ хӕстӕджытӕй чидӕртӕ нӕ сӕрыл рахӕцыдысты, зӕгъгӕ, дам, уыдон рагацау загътой, ахӕм хабӕрттӕ кӕй нӕ кӕндзысты. Рӕстӕг куы рацыд, уӕд Каролинӕйы бинонтӕн сӕ маст ссыд, ӕмӕ та нӕм раздӕры зӕрдӕ дарын райдыдтой. Чидӕртӕ ма нӕм цӕугӕ дӕр ӕрбакодтой ӕмӕ нӕ литературӕ ракуырдтой». Цӕй ӕмӕ мах дӕр, мӕлӕты тыххӕй цы рӕстдзинад зонӕм, уый сӕрыл фидарӕй дзурӕм. (Бакӕс Ромӕгтӕм 1:16.)
ЗИАН КӔУЫЛ ӔРЦӔУЫ, УЫДОНЫ НЫФС УАДЗУТ ӔМӔ СЫН ӔХХУЫС КӔНУТ
Ӕцӕг ӕмбӕлттӕ, зиан кӕуыл ӕрцӕуы, уыдоны ныфс бауадзынц ӕмӕ сын баххуыс кӕнынц (кӕс 17–19 абзацтӕ)d
17. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, зиан кӕуыл ӕрцӕуы, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕцӕг ӕмбӕлттӕ уӕм?
17 Де ’мчырыстӕттӕй искӕуыл зиан куы ’рцӕуы, уӕд-иу, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый араз, цӕмӕй йын уай ӕцӕг ӕмбал – «зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр» (Ӕмб. 17:17). Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕцӕг ӕмбӕлттӕ уӕм, уӕлдайдӕр та сын кӕд иннӕтӕ, Библимӕ гӕсгӕ раст чи нӕу, ахӕм ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнын кӕной, уӕд? Ӕркӕсӕм, Библийӕ нын цавӕр дыууӕ уагӕвӕрды баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй сӕ ныфс уадзӕм.
18. Лазӕр куы амард, уӕд Йесойӕн йӕ цӕссыгтӕ кӕй ӕркалдысты, уый цӕуыл дзурӕг уыд ӕмӕ йӕ цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
18 «Кӕугӕ чи кӕны, уыдонимӕ... кӕут» (Ром. 12:15). Чи зоны, афтӕ дӕр уа, ӕмӕ, зианджын адӕймагӕн цы зӕгъӕм, уый ма зонӕм. Фӕлӕ нын нӕ цӕссыг куы фена, уӕд ӕй зондзӕн, йӕ рыст ын нӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстам. Йесойы ӕмбал Лазӕр куы амард, уӕд йӕ хотӕ, Марфӕ ӕмӕ Марийӕ, стӕй иннӕтӕ дӕр тынг маст кодтой. Йесо цыппар боны фӕстӕ уырдӕм куы ’рбацыд ӕмӕ адӕмы кӕугӕ куы федта, уӕд «йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты», кӕд ӕмӕ йӕ зыдта, Лазӕры кӕй райгас кӕндзӕн, уӕддӕр (Иоан. 11:17, 33–35). Йесо йӕ цӕссыг кӕй нӕ баурӕдта, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Лазӕр кӕй амард, уый Йегъовӕйӕн дӕр зын уыд. Стӕй Йесойы цӕссыгтӕ ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ уыцы бинонты бирӕ уарзта, ӕмӕ уый Марфӕ ӕмӕ Марийӕйӕн стыр ныфсы хос куыннӕ уыдаид. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ дӕр куы уыной, кӕй сӕ уарзӕм ӕмӕ сыл кӕй тыхсӕм, уӕд ӕй зондзысты, иунӕг кӕй не сты, фӕлӕ сын кӕй ис, сӕ фарсмӕ чи балӕууа, ахӕм ӕмбӕлттӕ.
19. Не ’мчырыстӕттӕй зиан кӕуыл ӕрцӕуы, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ныфс куы уадзӕм, уӕд нӕ бон куыд у Екклесиасты 3:7 стихы фыст уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ архайын?
19 «Ис рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн ӕмӕ рӕстӕг дзурынӕн» (Еккл. 3:7). Зиан кӕуыл ӕрцыд, ахӕм хо кӕнӕ ӕфсымӕрмӕ лӕмбынӕг куы байхъусӕм, уӕд дзы афтӕмӕй дӕр ныфс бауадздзыстӕм. Йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый дзурын-иу ӕй бауадз ӕмӕ, исты «ӕнӕзонд ныхӕстӕ» куы кӕна, уӕд-иу ӕм ма смӕсты у (Иов 6:2, 3). Кӕй маст кӕны, уымӕй уӕлдай ма, чи зоны, тыхст дӕр у, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чи не сты, уыцы хӕстӕджытӕ йын цыдӕр кӕй аразын кӕнынц, уый тыххӕй. Хорз уаид, йемӕ иумӕ куы скувис. Йегъовӕйӕн-иу балӕгъстӕ кӕн, цӕмӕй йын хъарутӕ ратта ӕмӕ йын баххуыс кӕна зондӕй архайынӕн (Пс. 65:2). Кӕд уавӕр амона, уӕд-иу иумӕ Библи бакӕсут. Кӕнӕ та-иу ын нӕ публикацитӕй исты статья бакӕс, зӕгъӕм, ныфс дзы чи бауадза, ахӕм биографи.
20. Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?
20 Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, мӕрдтӕ цы уавӕры сты ӕмӕ сын цы диссаджы ныфс ис, уый кӕй зонӕм, уый тыххӕй! (Иоан. 5:28, 29). Уӕдӕ нӕ ныхӕстӕй дӕр ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр бӕрӕг уӕд, Библийы рӕстдзинадыл фидар кӕй хӕцӕм. Цӕй ӕмӕ алы фадатӕй дӕр пайда кӕнӕм, цӕмӕй иннӕтӕн дӕр рӕстдзинад амонӕм. Иннӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн, Хӕйрӕг ма ноджыдӕр адӕмӕй рӕстдзинад басусӕг кӕныны тыххӕй цы мадзалӕй пайда кӕны, ууыл – спиритизмыл. Мах базондзыстӕм, спиритизмимӕ баст хъуыддӕгтӕй ӕмӕ ирхӕфсӕнтӕй нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм, уый.
24 ЗАРӔГ Ссӕуӕм Йегъовӕйы хохмӕ!
a Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ, мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый фӕдыл мӕнг ныхӕстӕ парахат кӕнынц ӕмӕ афтӕмӕй адӕмы сайынц. Уыцы мӕнг ныхӕсты тыххӕй адӕм хӕст сты, Библимӕ гӕсгӕ раст чи не сты, бирӕ ахӕм ӕгъдӕуттыл. Иннӕтӕ дын ахӕм ӕгъдӕуттӕ куы ’ххӕст кӕнын кӕной, уӕд дын ацы статья баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайай.
b НЫВ. Зианджын сылгоймаг кӕуы, ӕмӕ дзы йӕ хӕстӕджытӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ныфс уадзынц.
c НЫВ. Ӕфсымӕр зианимӕ баст фарстаты фӕдыл ӕрмӕг иртасы, ӕмӕ стӕй йӕ хӕстӕджытӕн фӕлмӕнӕй ӕмбарын кӕны, цӕуыл ӕууӕнды, уый.
d НЫВ. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, зиан кӕуыл ӕрцыд, уыцы ӕфсымӕры ныфс уадзынц.