29 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
«Ацӕут ӕмӕ... цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ»
«Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» (МАТФ. 28:19).
60 ЗАРӔГ Сӕ цард ууыл баст у
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫa
1, 2. а) Матфейы 28:18–20 стихты фыст ныхӕстӕм гӕсгӕ чырыстон ӕмбырдӕн йӕ сӕйраг хӕс цы у? б) Ацы статьяйы цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?
ЙЕСО ЧЫРЫСТИ куы райгас, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй ӕрӕмбырд уыдаиккой Галилейӕйы иу хохыл. Хъуамӕ уым семӕ фембӕлдаид. Ӕмӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд ӕм, ӕвӕццӕгӕн, тынг зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты (Матф. 28:16). Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «уыцы иу рӕстӕг фӕзынд фондзсӕдӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕрмӕ», ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хабар гъеуӕд ӕрцыд (1 Кор. 15:6). Цымӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты цӕмӕн ӕрӕмбырд кодта? Бахӕс сын кодта диссаджы хъуыддаг. Йесо сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ». (Бакӕс Матфейы 28:18–20.)
2 Фӕстӕдӕр чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕд, Йесойы ныхӕстӕ чи фехъуыста, уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр уыцы ӕмбырды уыдысты. Уыцы ӕмбырдӕн йӕ сӕйраг хӕс уыд Чырыстийӕн ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынb. Абон ӕгас зӕххыл дӕр чырыстон ӕмбырдтӕ сты дӕсгай минтӕ, ӕмӕ уыдонӕн дӕр сӕ сӕйраг хӕс у ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм цыппар фарстайыл: ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у? Уымӕ цы хауы? Чырыстӕттӕй алкӕмӕй дӕр ис зӕгъӕн, ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕны? Ӕмӕ уыцы хъуыддаг аразынӕн фӕразондзинад цӕмӕн хъӕуы?
АХУЫРГӔНИНӔГТӔ ЦӔТТӔ КӔНЫН АФТӔ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У?
3. Иоанны 14:6 ӕмӕ 17:3 стихтӕй куыд зыны, ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын тынг ахсджиаг кӕй у?
3 Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Чырыстийы ахуыргӕнинагӕн у йӕ бон, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар суа. Уымӕй уӕлдай ма, Чырыстийы фӕдыл чи цӕуы, уыдонӕн сӕ цард ныр дӕр хуыздӕрырдӕм фӕивы, стӕй сын ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс. (Бакӕс Иоанны 14:6; 17:3.) Уӕдӕ нын Йесо цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый ӕцӕгдӕр тынг ахсджиаг у. Фӕлӕ ацы хъуыддаг иунӕгӕй нӕ аразӕм. Апостол Павел йӕхи тыххӕй ӕмӕ йе ’мбӕлттӕй кӕйдӕрты тыххӕй загъта: «Мах стӕм Хуыцауы ӕмкусджытӕ» (1 Кор. 3:9). Йегъовӕ ӕмӕ Чырысти ӕнӕххӕст адӕмы цӕй стыр кады аккаг скодтой!
4. Иван ӕмӕ Матилдӕйы хабар цӕуыл дзурӕг у?
4 Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг адӕймагӕн стыр циндзинад хӕссы. Ӕркӕсӕм, Колумбийы иу бинонтыл, Иван ӕмӕ Матилдӕйыл, цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Уыдон хъусын кодтой иу ӕрыгон нӕлгоймагӕн, Давьерӕн. Ӕмӕ сын уый загъта: «Фӕнды мӕ мӕ цард фӕивын, фӕлӕ мын нӕ уайы». Давьер уыд боксёр, уымӕй уӕлдай ма кодта наркотиктӕ ӕмӕ тынг нызта. Стӕй цард йӕ уарзонимӕ, Эрикӕимӕ, лӕг ӕмӕ ус нӕ уыдысты, афтӕмӕй. Иван радзырдта: «Мах ӕм цӕуын райдыдтам. Цӕргӕ дард кодта, иу хъӕуы, ӕмӕ-иу нӕ бахъуыд велосипедтыл цалдӕр сахаты цӕуын, уымӕй дӕр цъыф фӕндӕгтыл. Давьер куыд ивы, уый уынгӕйӕ Эрикӕ дӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдта». Ӕппынфӕстаг Давьер ныууагъта йӕ нозт, наркотиктӕ ӕмӕ бокс. Стӕй Эрикӕимӕ сӕ цард баиу кодтой. Матилдӕ зӕгъы: «2016 азы Давьер ӕмӕ Эрикӕ донаргъуыд куы райстой, уӕд нӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыдысты Давьеры ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, дам, мӕ фӕнды аивын, фӕлӕ, дам, мын нӕ уайы. Ӕмӕ фырцинӕй нӕ цӕссыгтӕ нал баурӕдтам». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Библи кӕимӕ фӕахуыр кӕнӕм, уыдон Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ куы свӕййынц, уӕд ма нӕ цинӕн кӕрон кӕм вӕййы!
АХУЫРГӔНИНӔГТӔ ЦӔТТӔ КӔНЫНМӔ ЦЫ ХАУЫ?
5. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын цӕмӕй райдайӕм?
5 Фыццаджыдӕр цы хъӕуы, цӕмӕй нӕ бон уа ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын? Хъӕуы, Йегъовӕйы тыххӕй базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмы агурын (Матф. 10:11). Куы архайӕм, цӕмӕй-иу нӕ территорийы алкӕмӕн дӕр Йегъовӕйы тыххӕй радзурӕм, ӕмӕ Чырыстийы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ хорз хабар куы хъусын кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй ӕвдисдзыстӕм, кӕй стӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ.
6. Цы хъӕуы, цӕмӕй уацамынды ӕнтыстджын уӕм?
6 Кӕйдӕрты тынг фӕфӕнды, Библийы цы фыст ис, уый базонын. Фӕлӕ бирӕтӕй фыццаг афтӕ зӕгъӕн вӕййы, ӕмӕ сӕ ӕппындӕр ницы хъӕуы. Ӕмӕ ахӕм адӕмӕн, чи зоны, хъӕуа, сӕ зӕрдӕ сын цы бацагайа, ахӕм исты зӕгъын. Цӕмӕй уацамынды ӕнтыстджын уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы нӕхи хорз цӕттӕ кӕнын. Дзӕбӕх ахъуыды кӕн, адӕмы цавӕр фарстатыл бафӕндид аныхас кӕнын ӕмӕ алы фарстайыл дӕр ныхас кӕнын куыд райдайдзынӕ, ууыл.
7. Куыд ис адӕймагимӕ ныхас райдайӕн? Ахсджиаг цӕмӕн у адӕймагмӕ лӕмбынӕг хъусын ӕмӕ йын йӕ хъуыдыйӕн аргъ кӕнын?
7 Зӕгъӕм, адӕймагӕн ис зӕгъӕн: «Иу цӕмӕйдӕр дӕ бафӕрсон? Абон мах цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, ахӕм зындзинӕдтыл адӕм ӕмбӕлынц ӕнӕхъӕн дунейы дӕр. Ӕмӕ дӕм куыд кӕсы, ӕнӕхъӕн зӕххӕн дӕр иу хицауад куы уаид, уӕд уыцы зындзинӕдтӕн кӕрон не скӕнид?» Уый фӕстӕ ис Данелы 2:44 стихыл аныхас кӕнӕн. Кӕнӕ та афтӕ ис ныхас райдайӕн: «Куыд хъуыды кӕныс, ныййарджытӕн цы баххуыс кӕндзӕн сӕ сывӕллӕтты афтӕ хъомыл кӕнынӕн, цӕмӕй уӕздан ӕмӕ коммӕгӕс уой?» Ӕмӕ уый фӕстӕ аныхас кӕн Дыккаг закъоны 6:6, 7 стихтыл. Цавӕрфӕнды фарста ма равзарай,– хъуыды кӕн, кӕимӕ ныхас кӕндзынӕ, уыцы адӕмыл. Ахъуыды-иу кӕн, Библи цы дзуры, уый куы базоной, уӕд сын уый цы пайда фӕуыдзӕн. Искӕимӕ куы ныхас кӕнай, уӕд-иу ӕм лӕмбынӕг хъус ӕмӕ йын йӕ хъуыдыйӕн аргъ кӕн. Афтӕмӕй-иу хуыздӕр бамбардзынӕ, цавӕр адӕймӕгтӕ сты, уый, ӕмӕ-иу дӕм уыдон дӕр хуыздӕр байхъусдзысты.
8. Кӕйдӕрты цалдӕр хатты бабӕрӕг кӕнын цӕмӕн фӕхъӕуы, цалынмӕ семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕм, уӕдмӕ?
8 Цӕмӕй адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай, уый тыххӕй йӕ, чи зоны, хъӕуа цалдӕр хатты дӕр бабӕрӕг кӕнын, ӕмӕ-иу уымӕн дӕ рӕстӕг ма ’вгъау кӕн. Цӕмӕн бахъӕуы афтӕ кӕнын? Адӕймагмӕ дыккаг хатт куы бацӕуӕм, уӕд ӕй, гӕнӕн ис, хӕдзары ма баййафӕм кӕнӕ йӕ немӕ ныхас кӕнынмӕ ма равдӕла. Кӕмӕдӕр та хъӕудзӕн цалдӕр хатты бацӕуын, цӕмӕй ныл гыццыл ацахуыр уа. Ӕмӕ уӕд, гӕнӕн ис, сразы уа Библи ахуыр кӕныныл. Зӕгъӕм, дидинӕгыл дон арӕх куы кӕнай, уӕд хуыздӕр зайдзӕн. Уыйау мах дӕр адӕймагимӕ Хуыцауы Ныхасыл арӕх куы дзурӕм, уӕд бонӕй-бонмӕ Йегъовӕйы ӕмӕ Чырыстийы тынгдӕр уарздзӕн.
ЧЫРЫСТӔТТӔЙ АЛКӔМӔЙ ДӔР ИС ЗӔГЪӔН, ӔМӔ АХУЫРГӔНИНӔГТӔ ЦӔТТӔ КӔНЫ?
Ӕгас зӕххыл дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ агурынц, аккаг чи у, ахӕм адӕмы (кӕс 9, 10 абзацтӕ)c
9, 10. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ чырыстӕттӕй алчидӕр ӕххуыс кӕны сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгты ссарынӕн?
9 Чырыстӕттӕй алчидӕр ӕххуыс кӕны сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгты ссарынӕн. Уыцы куыст абарӕн ис, чи фесӕфт, ахӕм сывӕллоны куыд агурай, уыимӕ. Ӕркӕсӕм, ӕцӕгӕй чи ’рцыд, ахӕм хабармӕ. Иу 3-аздзыд лӕппу уыди йӕ хӕдзары цур, фӕлӕ стӕй кӕдӕмдӕр адзӕгъӕл ӕмӕ фесӕфт. Йӕ агурӕг рацыд 500 адӕймаджы бӕрц, ӕмӕ йӕ иу-20 сахаты фӕстӕ уыдонӕй чидӕр нартхоры хуымы ссардта. Фӕлӕ уыцы адӕймаг йӕхицӕй нӕ ныббуц. Уый загъта: «Цалдӕр сӕдӕ адӕймаджы йӕ агуырдтой, ӕмӕ йӕ уый фӕрцы ссардтам».
10 Абон бирӕтӕ сты уыцы сывӕллоны хуызӕн – афтӕ сӕм кӕсы, цыма фӕдзӕгъӕл сты. Ныфс сӕ ницӕмӕй ис, ӕмӕ сын хъӕуы баххуыс кӕнын (Еф. 2:12). Мах стӕм 8 милуанӕй фылдӕр, ӕмӕ иууылдӕр иумӕ уыцы адӕмы агурӕм. Чи зоны, Библи ахуыр кӕнын кӕй фӕнды, ахӕм адӕймаджы дӕхӕдӕг нӕма ссардтай. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, уе ’мбырды хъусынгӕнджытӕй исчи уӕ территорийы ссара, Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый базонын кӕй бафӕнда, ахӕм адӕймаджы. Ӕмӕ ахӕм адӕймаг Чырыстийы ахуыргӕнинаг куы суа, уӕд нӕ алчидӕр цин кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр архайдтам уыцы хъуыддаджы.
11. Кӕд дӕхӕдӕг Библи никӕимӕ ахуыр кӕныс, уӕддӕр дӕ бон куыд у ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы архайын?
11 Кӕд ныртӕккӕ дӕхӕдӕг Библи никӕимӕ ахуыр кӕныс, уӕддӕр дӕ бон у ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы архайын. Зӕгъӕм, ногтӕ Паддзахады залмӕ куы ’рбацӕуынц, уӕд-иу сыл бацин кӕн ӕмӕ-иу сӕм, цӕмӕй хъӕуы, уымӕй фӕкӕс. Алчидӕр нӕ ахӕм уарзондзинад куы ’вдиса, уӕд бамбардзысты, ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм (Иоан. 13:34, 35). Ӕмбырды дзуапп куыд фӕдӕттыс, уымӕй дӕр дӕ бон у ногты цӕуылдӕр ахуыр кӕнын. Гӕнӕн ис, дӕ дзуаппытӕ цыбыр уой. Фӕлӕ дӕхи ныхӕстӕй куы дзурай ӕмӕ дӕ дзуаппытӕй бӕрӕг куы уа, иннӕты ӕнкъарӕнтыл кӕй хъуыды кӕныс, уӕд уымӕй ногтӕн фӕзминаг уыдзынӕ. Дӕ бон ма у ног хъусынгӕнӕгимӕ уацамынды ацӕуын ӕмӕ йын баххуыс кӕнын, цӕмӕй сахуыр уа адӕмимӕ ныхасгӕнгӕйӕ Библийӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссын. Афтӕмӕй йын ӕххуыс кӕндзынӕ, цӕмӕй Чырыстийы фӕзма (Лук. 10:25–28).
12. Цӕуылнӕ ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм, уый тыххӕй тынг курдиатджын хъуамӕ уӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
12 Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм, уый тыххӕй тынг курдиатджын хъуамӕ уӕм. Ӕркӕсӕм Фаустинӕйы цӕвиттонмӕ. Уый цӕры Боливийы. Фаустинӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ куы базонгӕ, уӕд кӕсын ӕппындӕр нӕ зыдта. Фӕлӕ йын гыццылгай цыдӕртӕ ӕнтысын байдыдта. Фӕстӕдӕр Фаустинӕ донаргъуыд райста. Иннӕтӕн рӕстдзинад амонын йӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы. Арӕхдӕр афтӕ вӕййы, ӕмӕ алы къуыри дӕр ауадзы фондз Библийы ахуыры. Кӕимӕ ахуыр кӕны, уыдонӕн сӕ фылдӕр хорз кӕсынц. Ӕмӕ кӕд Фаустинӕ уыдонау хорз кӕсын нӕма зоны, уӕддӕр ӕхсӕз адӕймагӕн баххуыс кодта донаргъуыд райсынӕн (Лук. 10:21).
13. Бирӕ хӕстӕ ныл куы уа, фӕлӕ уӕддӕр ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы куы архайӕм, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм?
13 Чырыстӕттӕй бирӕтыл сӕ лӕггадӕй уӕлдай уыйбӕрц хӕстӕ ис, ӕмӕ сӕ сӕрыл куырой фӕзилы. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ рӕстӕгӕй рахицӕн кӕнынц, цӕмӕй адӕмимӕ Библи ахуыр кӕной. Ӕмӕ сын уый хӕссы стыр циндзинад. Ӕркӕсӕм-ма, Аляскӕйы иу хойыл, Меланийыл, цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Йӕ чызгыл уӕд цыди 8 азы, ӕмӕ йӕ иунӕгӕй хъомыл кодта. Меланийы кусын дӕр хъуыд – къуыри фондз боны куыста. Стӕй йӕ фыд ракӕй рынчын уыд, ӕмӕ йӕм кӕсын хъуыди. Мелани кӕм цард, уыцы горӕт иннӕ горӕттӕй дард уыд ӕмӕ дзы уый йеддӕмӕ Ӕвдисӕнтӕ нӕ уыди. Уый-иу куывта, цӕмӕй-иу, кӕд уазал уыд, уӕддӕр йӕ бон уацамынды цӕуын уыдаид. Тынг ӕй фӕндыд, Библи кӕимӕ ахуыр кодтаид, ахӕм искӕй ссарын. Иу бон фембӕлд иу сылгоймагыл, Сарӕйыл. Сарӕ куы базыдта, Хуыцауӕн ном кӕй ис, уӕд йӕ дисӕн ӕмӕ йӕ цинӕн кӕрон нал уыд. Цасдӕры фӕстӕ сразы Библи ахуыр кӕныныл. Мелани загъта: «Кӕд-иу саубыны фӕллад уыдтӕн, уӕддӕр-иу алы майрӕмбоны дӕр изӕрӕй мӕ чызгимӕ Сарӕмӕ ацыдыстӕм, ӕмӕ-иу йемӕ Библи ахуыр кодтон. Ӕмӕ-иу нӕхи уырнындзинад дӕр бафидар. Сарӕмӕ-иу цы фарстатӕ фӕзынд, уыдонӕн-иу дзуаппытӕ ссарынӕн хъуыди ӕрмӕг раиртасын, ӕмӕ уый дӕр нӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд. Сарӕ Йегъовӕйы хӕлар куы сси, уӕд ууыл тынг цин кодтам». Кӕд Сарӕйӕн йе ’мбӕлттӕ ӕмӕ йӕ бинонтӕ йӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр уый фидар фӕлӕууыд, йӕ аргъуан ныууагъта ӕмӕ донаргъуыд райста.
АХУЫРГӔНИНӔГТӔ ЦӔТТӔ КӔНЫНӔН ФӔРАЗОНДЗИНАД ЦӔМӔН ХЪӔУЫ?
14. а) Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг кӕсаг ахсынимӕ цӕмӕн ис абарӕн? б) 2 Тимофеймӕ 4:1, 2 стихты Павел цы ныхӕстӕ загъта, уыдон дӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнынц?
14 Кӕд дын нырма нӕ бантыст, Библи ахуыр кӕнын кӕй фӕнды, ахӕм адӕймаджы ссарын, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Ӕрхъуыды-ма кӕн, Йесо ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг кӕсаг ахсынимӕ кӕй абарста. Кӕсагахсӕг цалдӕр сахаты дӕр фенхъӕлмӕ кӕсы, цалынмӕ кӕсаг ӕрцахсы, уӕдмӕ. Арӕх кӕсаг ахсынмӕ ацӕуы ӕхсӕвы кӕнӕ райсомӕй раджы, ӕмӕ йӕ хатгай бахъӕуы бӕлӕгъыл арфдӕр баленк кӕнын дӕр (Лук. 5:5). Раст афтӕ иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ дӕр адӕмы фӕразонӕй фӕагурынц алы афон ӕмӕ алы рӕтты. Афтӕмӕй сӕ бон вӕййы фылдӕр адӕмыл фембӕлын. Ӕмӕ уыцы хъуыддаджы ӕнӕзивӕгӕй чи архайы, уыдон арӕх ссарынц, хорз хабармӕ чи байхъусы, ахӕм адӕмы. Ды дӕр бафӕлвар ӕндӕр афон ӕмӕ ӕндӕр рӕтты хъусын кӕнын, цӕмӕй-иу дӕ бон уа фылдӕр адӕмимӕ аныхас кӕнын. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 4:1, 2.)
Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдонӕн фӕразонӕй ӕххуыс кӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы базоной, бауарзой йӕ ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсой (кӕс 15, 16 абзацтӕ)d
15. Искӕимӕ Библи куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд нӕ фӕразондзинад цӕмӕн фӕхъӕуы?
15 Искӕимӕ Библи куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд нӕ фӕразондзинад цӕмӕн фӕхъӕуы? Адӕймагӕн фӕхъӕуы баххуыс кӕнын, цӕмӕй Библийы ахуырӕдтӕ базона ӕмӕ сӕ бауарза. Фӕлӕ ма йын уымӕй уӕлдай хъуамӕ баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй базона Библийы Авторы, Йегъовӕйы, ӕмӕ йӕ бауарза. Стӕй ахуыргӕнинаг, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы бафӕдзӕхста, уый куы базона, уӕд ма хъуамӕ сахуыр уа уыцы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын дӕр. Ӕмӕ йын цӕмӕй уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы фӕразондзинад. Иуӕй-иутӕ сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ цард цалдӕр мӕймӕ дӕр аивынц. Кӕйдӕрты та уымӕн фылдӕр рӕстӕг бахъӕуы.
16. Раулы хабарӕй дӕхицӕн зондӕн цы райстай?
16 Перуйы иу миссионерыл цы хабар ӕрцыд, уымӕй дӕр бӕрӕг у, фӕразондзинад куыд ахсджиаг у, уый. Уыцы миссионер радзырдта: «Иу нӕлгоймагимӕ Библи ахуыр кодтон, йӕ ном Рауль хуынди, ӕмӕ рацыдыстӕм дыууӕ чиныджы. Фӕлӕ йын уӕддӕр нырма зын уыд, Библийӕ цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ цӕрын. Йӕ бинойнагимӕ ӕвзӕр цардысты, стӕй ӕвзӕр дзыхӕй дзырдта, ӕмӕ, ахӕм кӕй уыд, уый тыххӕй йӕ йӕ сывӕллӕттӕ ницӕмӕ дардтой. Фӕлӕ Рауль уӕдмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдта, ӕмӕ йӕм ӕз дӕр дарддӕр цыдтӕн, цӕмӕй йын йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕн дӕр баххуыс кодтаин. Ӕмӕ нӕ фыццаг фембӕлдӕй ӕртӕ азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд донаргъуыд райста».
17. Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?
17 Йесо нын бафӕдзӕхста, «ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ», зӕгъгӕ. Уыцы хӕслӕвӕрд ӕххӕстгӕнгӕйӕ нӕ арӕх бахъӕуы, бынтон ӕндӕр хъуыдыйыл хӕст чи вӕййы, ахӕм адӕмимӕ ныхас кӕнын. Иуӕй-иутӕ дзы никӕцы диныл хӕст вӕййынц кӕнӕ та сӕ Хуыцау ӕппындӕр нӕ фӕуырны. Ӕмӕ иннӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн, ахӕм адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнӕн куыд ис, ууыл.
68 ЗАРӔГ Тауӕм Паддзахады мыггаг
a Чырыстон ӕмбырдӕн йӕ сӕйраг хӕс у адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой. Ацы статьяйы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон нын баххуыс кӕндзысты уыцы хӕс ӕххӕст кӕнынӕн.
b АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ фӕархайынц, Чырысти цы амыдта, уый базоныныл. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай, цы базонынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ цард дӕр фӕаразынц. Уыдон ӕппӕт тыхтӕй фӕархайынц Йесойы къахвӕдтыл цӕуыныл, ома, уый куыд цард, афтӕ цӕрыныл (1 Пет. 2:21).
c НЫВ. Иу нӕлгоймаг цӕуы улӕфынмӕ ӕмӕ аэропорты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй литературӕ райста. Фӕстӕдӕр ӕндӕр бӕстӕйы горӕт уынынмӕ куы рацыд, уӕд федта, уым дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ стендимӕ кӕй хъусын кӕнынц. Сӕхимӕ куы ’рыздӕхт, уӕд ӕм хъусынгӕнджытӕ хӕдзармӕ ӕрбацыдысты.
d НЫВ. Уыцы нӕлгоймаг сразы Библи ахуыр кӕныныл. Ӕппынфӕстаг донаргъуыд райста.