68 ЗАРӔГ
Тауӕм Паддзахады мыггаг
1. Чырысти нӕ стыр куыстмӕ хоны.
Йӕ фарсмӕ ӕрбалӕуу ды дӕр!
Дӕтдзӕни дын разамынд алкӕд,
Цӕмӕй дын ӕнтыса фылдӕр.
Рӕстдзинад куы тауай де ’ппӕт тыхтӕй,
Уӕд хорз зӕрдӕ ратдзӕн тыллӕг.
Дӕ куысты зынгзӕрдӕ, фӕразон куы уай,
Уӕд уыдзынӕ ӕнтыстджын ӕцӕг.
2. Дӕ фыдӕбон цас тыллӕг ратдзӕн,
Уый арӕх дӕуыл баст вӕййы.
Рӕстдзинадмӕ чи хъусы, уымӕн
Ӕххуыс кӕнын дарддӕр хъӕуы.
Йӕ фарсмӕ-иу балӕуу, фидар ӕй кӕн,–
Цард алкӕд нӕ уыдзӕн ӕнцон.
Рӕстдзинад йӕ зӕрдӕйы рӕздзӕни уӕд,
’Мӕ дӕ цинӕн нӕ уыдзӕн кӕрон.
(Ноджыдӕр кӕс Матф. 13:19–23; 22:37.)