Ӕппынӕдзух хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнӕм
1 Рагон Израилы нывӕндтӕ хастой алы бон дӕр (Рац. 29:38–42). Нывондхӕссӕныл ӕдзухдӕр сыгъди арт ӕмӕ нывӕндтӕй цы тӕф цыди, уый Йегъовӕйӕн уыд ӕхсызгон (Рац. 29:18). Абон та «Хуыцауӕн... хӕссӕм кады нывонд, ома йын нӕ дзыхыныхасӕй адӕмы ’хсӕн йӕ ном кадджын кӕнӕм» (Дзут. 13:15). Хуыцауы закъонмӕ гӕсгӕ цы нывӕндтӕ хӕссын хъуыд, уыдоны бӕсты мах Йегъовӕйӕн ӕппынӕдзух хъусын кӕнӕм йӕ кады тыххӕй (Ис. 43:21; Ап. хъ. 5:42).
2 Зӕххыл чи цард, уыдонӕй ӕппӕты кадджындӕр Ӕвдисӕн, Йесо Чырысти, нӕ сахуыр кодта, куыд хъуамӕ лӕггад кӕнӕм Йегъовӕйӕн, ома йын куыд хӕссӕм кады нывӕндтӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта, цы хабар хъуамӕ хъусын кӕной, ууыл фӕстиат кӕнӕн кӕй нӕй. Йесо зыдта, цӕмӕй адӕм иууылдӕр хорз хабар фехъусой, уый тыххӕй ӕппӕтӕй хуыздӕр кӕй у хӕдзарӕй-хӕдзармӕ цӕуын (Матф. 10:7, 12). Бӕрӕг у, апостолтӕ кӕй байхъуыстой, Йесо сын Хуыцауы фӕндӕй цы бахӕс кодта, уымӕ (Ап. хъ. 20:20).
3 Абон дӕр Йесойы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ сӕ ахуыргӕнӕгау хорз хабар хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынц. Кӕд сӕ ныхмӕ цӕуынц ӕмӕ сӕ ӕфхӕрынц, уӕддӕр милуантӕн баххуыс кодтой Хуыцауы ныхас базонынӕн ӕмӕ алы аз дӕр сӕдӕгай минтӕ ӕрбаиу вӕййынц «тынг бирӕ адӕммӕ». Уымӕй бӕлвырд кӕны, хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕрцы Йегъовӕ йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кӕны, уый. Уымӕ гӕсгӕ дзурӕм мах дӕр фӕндфидарӕй.
4 Хорз цӕмӕй у хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын. «Хуыцау... никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ дзы чи тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, уый... йын адджын у» (Ап. хъ. 10:34, 35). Нӕ участоккы алы хӕдзармӕ дӕр кӕй бацӕуӕм, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ мах никӕй хъулон кӕнӕм. Афтӕмӕй алы адӕймагӕн дӕр вӕййы фадат, цӕмӕй хорз хабармӕ ӕппынӕдзух хъуса. Уымӕй уӕлдай, фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн нӕ бон вӕййы хуыздӕр баххуыс кӕнын.
5 Алкӕмӕндӕр, хистӕртӕн, кӕстӕртӕн ӕмӕ ма суанг, ӕрӕджы чи райдыдта хъусын кӕнын, уыдонӕн дӕр сӕ бон у хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын. Афтӕмӕй «йӕ уырнындзинады тыххӕй ӕргом [чи] дзуры», уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон у «фервӕзын» (Ром. 10:10). Иннӕтимӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕй фӕхъусӕн кӕнӕм, уый руаджы нӕ уарзондзинад ӕмӕ нӕ иудзинад кӕны фидардӕр. Стӕй адӕм нӕ хабармӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй куы фӕкӕсынц кӕнӕ нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд та нын вӕййы фадат, цӕмӕй равдисӕм нӕ фӕразондзинад. Нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕргом кӕй дзурӕм, уый тыххӕй нӕм адӕм фӕкӕсынц «диссагмӕ кӕсӕгау» (1 Кор. 4:9). Афтӕмӕй сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм базонынц, цы куыст кӕнӕм, уый ӕмӕ сӕ бон вӕййы Библи ахуыр кӕнын райдайын. Уӕдӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕны ацы хъуыддагӕн ӕмӕ уый руаджы йӕ «хӕдзармӕ» ӕмбырд кӕны тынг бирӕ адӕмы (Ис. 2:2–4).
6 Абон адӕмы Хуыцауы Паддзахады хабар куыд хъӕуы фехъусын, афтӕ никуы. Цӕй уӕдӕ дарддӕр ӕппынӕдзух хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнӕм, цӕлынмӕ Йегъовӕ ӕгъгъӕд у нӕ зӕгъа, уӕдмӕ (Ис. 6:11). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ рухс кӕндзӕн, ацы дунейы кӕрон ахӕм ахсджиаг куыст кӕй кӕнӕм, уымӕй (1 Кор. 15:58).