Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын
1. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕныны тыххӕй цавӕр фарст ӕвзӕры ӕмӕ цӕмӕн?
1 «Ӕцӕгад алыхуызон мадзӕлтты фӕрцы чи хъусын кӕны, уыдон сразы уыдзысты, чиныг «МИНАЗЫ БОНИВАЙӔН» парахат кӕнынӕн абон ӕппӕты хуыздӕр мадзал кӕй у хӕдзарӕй-хӕдзармӕ цӕуын». Ахӕм ныхӕстӕ фыст уыд 1893 азы 1 июлы «Сионы Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын куыд ахсджиаг у, уый тыххӕй. Зӕххы къорийыл кӕмфӕнды дӕр уымӕй базонынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты. Кӕд иуӕй-иу бӕстӕты адӕмы хӕдзары баййафын фӕзын, уӕд ма афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ ацы мадзал хорз у?
2. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын Библимӕ гӕсгӕ кӕй у, уый кӕцӕй зонӕм?
2 Фыстадмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ахсджиаг. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын у Библимӕ гӕсгӕ. Йесо йӕ 70 ахуыргӕнинагӕн загъта, цӕмӕй адӕммӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ дыгӕйттӕй цӕуой (Лук. 10:5–7). Йесойы мӕлӕты фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куыд лӕггад кодтой, уый тыххӕй Библийы кӕсӕм: «Алы бон дӕр кувӕндоны ӕмӕ хӕдзарӕй хӕдзармӕ ӕнӕрынцойӕ амыдтой ӕмӕ хъусын кодтой... хорз хабар» (Ап. к. 5:42, НД). Апостол Павел дӕр зынгзӕрдӕйӕ ахуыр кодта хӕдзарӕй-хӕдзармӕ (Ап. к. 20:20).
3. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын хорз цӕмӕй у?
3 Хорз хабар хӕдзарӕй-хӕдзармӕ парахат кӕнын абон дӕр тынг ахсджиаг мадзал у. Афтӕмӕй нӕ бон у ӕдзух ӕмӕ бӕлвырд фӕткмӕ гӕсгӕ хъусын кӕнын, цӕмӕй аккаг адӕмы «ссарӕм» (Матф. 10:11). Адӕймагӕн хӕдзары ныхас кӕнын ӕнцондӕр вӕййы. Стӕй йын нӕхӕдӕг дӕр хъусӕм йӕ хъӕлӕс, уынӕм ын йӕ цӕсгом ӕмӕ цы уавӕрты цӕры, уый. Афтӕмӕй бамбарӕм, цы йӕ цымыдис кӕны ӕмӕ йӕ цы тыхсын кӕны. Уый фӕрцы нӕ бон вӕййы адӕймагимӕ зӕрдиагдӕрӕй аныхас кӕнын.
4. Цы саразӕн ис, цӕмӕй ӕнтыстджындӕрӕй хъусын кӕнӕм хӕдзарӕй-хӕдзармӕ?
4 Цы нӕ хъӕуы фӕивын. «Хорз хабары тыххӕй» апостол Павел цӕттӕ уыд йӕ пълӕнттӕ фӕивынмӕ (1 Кор. 9:23, НД). Чи зоны, мах дӕр хъусын кӕныны рӕстӕг афтӕ спълан кӕнын хъӕуы, цӕмӕй фылдӕр адӕмы баййафӕм хъӕдзары, зӕгъӕм, изӕрырдӕм, улӕфгӕ бонты кӕнӕ бӕрӕгбӕтты рӕстӕг. Хӕдзары кӕй нӕ баййафӕм, уыдон нӕхимӕ афыссӕм ӕмӕ бацархайӕм, цӕмӕй сӕм ӕндӕр бон йе та уыцы бон ӕндӕр афон бацӕуӕм.
5. Йе ’нӕниздзинад ӕвзӕр кӕмӕн у, уыдонӕн куыд ис ӕххуыс кӕнӕн, цӕмӕй сӕ бон уа хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын?
5 Йе ’нӕниздзинад ӕвзӕр кӕмӕн у, суанг уыдонӕн дӕр сӕ бон у хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын. Чи зоны, нӕ бон у нӕ уацамынд афтӕ пълан кӕнын, уыцы хъусынгӕнджытӕн ӕнцондӕр куыд уа хӕдзарӕй-хӕдзармӕ цӕуын. Иу хойӕн-иу йӕ низы аххосӕй улӕфт нал фаг кодта, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ бон уыд алы сахаты ’рдӕг дӕр ӕрмӕст иу хӕдзармӕ цӕуын. Фӕлӕ-иу куыд амондджын ӕмӕ райгонд уыд уацамынды фӕстӕ!
6. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ ӕдзух цӕмӕн хъуамӕ хъусын кӕнӕм?
6 Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ ныр дӕр ма бирӕ сӕрныллӕг адӕм ссарӕм. Иу хъусынгӕнӕг хӕдзармӕ бахоста ӕмӕ йӕм мидӕгӕй радзырдтой: «Мидӕмӕ. Ӕз ӕй зонын, чи дӕ. Куы ’рбахостай, уый хӕдразмӕ Хуыцаумӕ куывтон, цӕмӕй мӕм искӕй ӕххуысмӕ ӕрбарвита. Хуыцау мӕ фехъуыста ӕмӕ мӕм дӕу ӕрбарвыста». Бӕрӕг у, Иегъовӕ кӕй арфӕ кӕны хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн (Матф. 11:19). Цӕй уӕдӕ, ӕдзух дӕр хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнӕм.