Телефонӕй куы хъусын кӕнӕм, уӕд нын бирӕ бантысдзӕн
1. Телефонӕй хъусын кӕнынмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсын цӕуылнӕ хъӕуы?
1 Цӕмӕн хъӕуы телефонӕй хъусын кӕнын? Уымӕн ӕмӕ уый руаджы дӕр нӕ бон у адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой (2 Пет. 3:9). Кӕд сӕйраджыдӕр хӕдзарӕй хӕдзармӕ фӕхъусын кӕнӕм, уӕддӕр зӕрдиагӕй фӕагурӕм фадӕттӕ, цӕмӕй, хӕдзары кӕй нӕ баййӕфтам, уыдонимӕ аныхас кӕнӕм (Матф. 24:14; Лук. 10:1–7; Рарг. 14:6).
2. Телефонӕй хъусын кӕныны размӕ нӕ цы хъӕуы ӕрцӕттӕ кӕнын?
2 Цы хъӕуы ӕрцӕттӕ кӕнын? Цӕмӕй хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй нын ис участоктӕ. Телефонӕй хъусын кӕнынӕн дӕр ис участоктӕ. Нӕ бон у иунӕгӕй хъусын кӕнын кӕнӕ та гыццыл къордӕй – дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ адӕймагӕй. Кӕм уыдзыстӕм, уыцы уаты хъуамӕ уа сабыр, цӕмӕй нӕ мачи хъыгдара. Иуӕй-иутӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, хорз вӕййы стъолы фарсмӕ ӕрбадын ӕмӕ дӕ разы ӕрӕвӕрын, уацамынды дӕм цы вӕййы, уыдӕттӕ.
3. Телефонӕй хъусын кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?
3 Куыд хъӕуы телефонӕй хъусын кӕнын? Телефонӕй куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд хъуамӕ нӕ ныхас уа хуымӕтӕг. Раздӕр телефонӕй чи нӕ хъусын кодта, уымӕн йӕ бон у йӕ ныхӕстӕ бакӕсын, фӕлӕ, цыма, ӕнӕуи ныхас кӕны, афтӕ. Ныхас райдайынӕн нын хорз ӕххуыс сты чиныг «Рассуждение», «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг» ӕмӕ трактат «Рӕстдзинад базонын дӕ фӕнды?». Кӕд дӕхи фӕнды ӕрхъуыды кӕнын, дӕ ныхас цӕмӕй райдайдзынӕ, уый, уӕд равзар, цы темӕйыл дзурдзынӕ, цавӕр фарста ратдзынӕ ӕмӕ дӕ фарстайӕн дзуапп кӕм ис, иу цалдӕр ахӕм стихы Библийӕ. Телефонӕй хъусын кӕнгӕйӕ дӕ бон у пайда кӕнын, хӕдзарӕй хӕдзармӕ цы литературӕ фӕдӕттӕм, уымӕй. Ма-иу тыхс ӕмӕ-иу дзургӕ-дзурын тагъд ма кӕн, у уӕздан ӕмӕ фӕразон, стӕй афтӕ ныхас кӕн, цыма, дӕ зонгӕимӕ дзурыс. Кӕд телефонӕй ныхас кӕныс, уӕддӕр адӕймаг бамбардзӕн, цы зӕрдӕйы уагыл дӕ, уый. Адӕймаг йӕ хъуыды куы зӕгъа, уӕд-иу ӕм байхъус ӕмӕ йын бузныг зӕгъ. Мысайнӕгты тыххӕй дзурын нӕ хъӕуы, кӕннод ӕм афтӕ фӕкӕсдзӕн, ӕмӕ дзы ӕхца курыс.
4. Телефонӕй куы хъусын кӕнӕм, уӕд нын цы бантысдзӕн?
4 Телефонӕй кӕимӕ ныхас кӕнай, уыцы адӕймаг, чи зоны, рынчын у кӕнӕ, ӕдзух кусгӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй йӕ хӕдзары баййӕфын зын у. Иннӕтӕ та, чи зоны, цӕрынц, хъахъӕнджытӕ кӕм ис, кӕнӕ алы хатт дӕр ӕхгӕд чи вӕййы, ахӕм хӕдзӕртты. Уӕдӕ, цӕмӕй хорз хабар бӕстон хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй ахъуыды кӕнӕм телефонӕй хъусын кӕныны тыххӕй, ӕмӕ нын, чи зоны, бирӕ бантыса.